Методичка АБЕТÆ

Дзытиаты Эммæ
Сидахъаты Анжелæ

МЕТОДИКОН АМЫНДТЫТÆ
«АБЕТÆ» -йы чиныгмæ

Мыхуыргонд цæуы республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы
ахуырад æмæ наукæйы министрады барлæвæрдæй

Дзæуджыхъæу
2019

1

Разныхас
«Абетæ» - йы чиныг арæзт у ног федералон паддзахадон стандарты (ФПАС – ы), ирон
æвзаджы грамматикæйы æмæ методикæйы æгъдæутты домæнтæм гæсгæ. Йæ бындуры ис
лингвистикæ, педагогикæ æмæ методикæйы наукæты миниуджытæ чи хынцы, ахæм мырон-уæнгон
аналитикон-синтетикон метод. Ацы методы сæйраг бæрæггæнæн у йæ хъомыладон æмæ
рæзынгæнæн миниуæг. Йæ сæйрагдæр нысантæ сты сывæллæтты æмбаргæ кастыл сахуыр кæнын,
сæ ныхасы рæзтыл кусын, ирон аив дзырд дарддæр чи хæсдзæн, уыдон кæй сты, уый сын æмбарын
кæнын.
«Абетæ»-йы сæйраг хæстæй иу у сывæллæттæн зонындзинæдтæ дæттын æмæ сæ
фылдæрæй-фылдæр кæнын. Уый тыххæй чиныджы ис уæрæх гæнæнтæ: дзырдуат
хъæздыгдæргæнæн æрмæджытæ, ныхасы рæзтыл кусыны фæлтæрæнтæ (алыхуызон хъæзтытæ,
ребустæ), адæмон сфæлдыстады чысыл хуызтæ (уыци-уыцитæ, тагъддзуринæгтæ, æмбисæндтæ)
æмæ а. д.
Абеты чиныджы структурон арæзт æмæ йæ хицæндзинæдтæ.
Абеты чиныг арæзт у фыццагкъласонтæн, кæсын чи нæма зоны, уыдонæн. Фæлæ дзы, йæ
методикон мадзæлттæм гæсгæ, ахуыргæнæн ис, рæвдауæндæттæй алыхуызон цæттæдзинадимæ чи
æрбацыд, уыцы сывæллæтты сеппæты дæр.
Афтæ, кæсын чи нæма зоны, уыцы сывæллæттæ зонгæ кæнынц ног дамгъæимæ. Дамгъæ цы
фарсыл ис, зæгъæм, хъæлæсон Аа, уым æй сывæллæттæ уынынц мыхуыры хуызы дæр æмæ
къухфысты хуызы дæр. Йæ бынмæ та – хъæлæсон кæй у, уый бæрæггонд цæуы. Уу-мæ куы
æрбахæццæ уой, уæд чиныджы фарсыл фендзысты рацыд дамгъæты рæнхъ, уый фæстæ та –
цæджындз. Уыдоны фæрцы фæлхатгонд цæуы раздæр кæй базыдтой, уыцы æрмæг. Афтæ, куыдфæстæмæ, алы рацыд дæмгъæ дæр уыцы рæнхъы, кæнæ цæджындзы æвæрд æрцæуы. Сывæллæттæ
уыцы иумæ зонгæ кæнынц ног дамгъæимæ æмæ фæлхат кæнынц рацыд æрмæг. Æмхъæлæсонтæ
ахуыр кæнын кæм райдайынц, уым цæджындзты фæзынынц уæнгтæ, чиныджы фарсыл та ма –
иугай дзырдтæ уæнгтыл дихгондæй. Дарддæр дзы ис нысангонд тексттæ, кæсын цы сабитæ зонынц,
уыдонæн. Уæдæ, Абеты чиныджы æрмæг ахæм сабитæн дæр фадат дæтты, кæсын чи нæма зоны,
уыдонимæ æмархайд кæнынæн.
Кæсын ахуыр кæнынимæ Абеты чиныджы нысан у ирон æвзаджы хицæндзинæдтæ базонын:
- ирон графикæ æмæ орфографийы æгъдæуттæ;
- фонетикон хицæндзинæдтæ;
- дзырдты лексикон нысаниуæг, сæ арæзт æмæ сæ ивддзинад;
- дзырдты мырон арæзты бастдзинад йæ лексикон нысаниуæгимæ, цавдимæ æмæ а. д.;
- ныхас æмæ æвзагæй пайда кæныны культурæ;
- практикон æгъдауæй ныхасы архайды алыхуызтæй пайда кæнын (дзурын æмæ хъусын,
кæсын æмæ фыссын).
Бæрæггонд куыд у, афтæмæй кæсын-фыссынæн цы рæстæг лæвæрд ис, уый дихгонд цæуы 3

2

хайыл (периодыл): бацæттæгæнæн, сæйраг (дамгъæтæ ахуыргæнæн) æмæ кæронбæттæн
(фæсдамгъон). Ацы фæткæвæрд «Абетæ»-йы чиныджы хæлд не 'рцыд, фæлæ ма дзы ноджыдæр ис
дыууæ хайы: Кæсыны уроктæ æмæ Ирон æвзаг.
І. Бацæттæгæнæн хай. (дамгъæтæ ахуыр кæныны агъæммæйы рæстæг). Лæвæрд ын ис 9
сахаты. Уыцы рæстæг æххæстгонд цæуынц тынг ахсджиаг фарстатæ: сабитæ хъуамæ базонгæ уой
ныхас, текст, хъуыдыйад æмæ дзырд цы сты, уыимæ; текст, хъуыдыйад æмæ дзырды арæзтимæ,
ныхасы дыууæ хуызимæ (дзургæ æмæ фысгæ); сахуыр уой схемæтимæ кусын, схемæтæм гæсгæ
иртасой хъæлæсон мыртæ æмхъæлæсонтæй æмæ а.д.
Бацæттæгæнæн рæстæджы сывæллæтты кæсынмæ цæттæ кæны Абеты чиныджы æрмæг,
фыссынмæ та – къухфыстытæ. Уыимæ уыцы дыууæ куысты хуызы дæр конд цæуынц уыцы иу
урочы. Ома, Абетæ ахуыр кæныны уроктæ сты интеграцигонд. Фыццаг дыууæ урочы сабитæ
къухфыстыты нæма кусынц, фæлæ 3-аг урокæй фæстæмæ, сæ къухты æнгуылдзтæ цæмæй
фыссынмæ цæттæ кæной, уый тыххæй уал райдайдзысты раздæр ахорынæй, уый фæстæ лæвæрд
нывты дыккаг хæйттæ æххæст кæнынæй æмæ дамгъæты элементтæ фыссынæй. 7-аздзыд сабиты
æнгуылдзты нуæрттæ лæмæгъ кæй сты, уымæ гæсгæ фысгæ куыстытæн райдайæны 1-10минуты онг
йеддæмæ лавæрд хъуамæ ма цæуа. Ахуыры азы кæронмæ йын фылдæргæнгæйæ 20 минутмæ
схæццæгæнæн ис
Бацæттæгæнæн рæстæджы, сывæллæттæ фыссын куы райдайынц (3-аг урочы), уæд уал
сын фаг у 1-2 рæнхъы куы баххæст кæной, уæд; уый фæстæ 2-3 рæнхъы бæрц. Ацы рæстæджы
райдайæны фылдæр кусын хъæуы ныхасы рæзтыл, чиныджы тæмæмæ гæсгæ. Зæгъæм, 3-аг урок:
«Нæ хæдзар». Къухфысты æрмæг дæр баст у ацы темæимæ. Чиныг дæр æмæ къухфыст дæр фидар
кæнынц сывæллæтты арæхстдзинæдтæ уæнгон-мырон анализ кæнынæй, схемæтæм гæсгæ дзырдтæ
æмæ хъыдыйæдтæ кæсынæй. Уыцы иу урочы сабитæ хъуамæ базоной дамгъæты сæйрагдæр
элементтæ фыссын æмæ схæмæтæм гæсгæ кæсын.
Бацæттæгæнæн рæстæджы кæсын-фыссын ахуыр кæныны тематикон пълан
1-аг урок – Фыццаг хатт скъоламæ! Ныхас. Дзургæ æмæ фысгæ ныхас.
2-аг урок – Ахуыргæнæн дзауматæ. Ныхас. Хъуыдыйад. Дзырд.
3-аг урок – Нæ хæдзар. Ныхас. Хъуыдыйад. Дзырд.
4-æм урок – Уæлæдарæс æмæ къахыдарæс. Ныхас. Хъуыдыйад. Дзырд.
5-æм урок – Хæдзарон фос. Цæрæгойтæ æмæ мæргътæ. Мыр.
6-æм урок – Хъæддаг сырдтæ æмæ цæрæгойтæ. Хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мыртæ.
7-8-æм уроктæ – Халсартæ. Дыргътæ. Уæнг
9-æм урок – Мæ райгуырæн бæстæ. Дзæуджыхъæу. Æмхæст уæнг.
Абетæ – сабийы иронау кæсын-фыссын чи сахуыр кæндзæн, уыцы фыццаг чиныг.
Абеты чиныг у ирон сывæллæтты ахуыры фыццаг чиныг. Уый сæ ахондзæн
зонындзинæдты бæстæмæ, æххуыс сын кæндзæн сæ бирæ фæрстытæн дзуаппытæ ссарынмæ.
Сахуыр сæ кæндзæн иронау раст дзурын, кæсын æмæ фыссын. Абеты фæрцы базонгæ уыдзысты
3

æвзаджы сусæгдзинæдтимæ, феххуыс сын кæндзæн фæллойуарзаг æмæ æцæг Адæймæгтæ
суæвынмæ. Фыццаг хатт иронау базондзысты æппæты зынаргъдæр дзырдтæ – Мад ,Фыд,
Фыдыбæстæ, Ирыстон, Уæрæсе.
Сывæллон сындæггай хибарæй чиныгимæ кусыныл куы фæцалх уа, уæд куыдфæстæмæ
æмбарын райдайдзæн чиныг æрмæст рæсугъд нывтæй арæзт кæй нæу, фæлæ ма дзы дзырдтæ,
хъуыдыйæдтæ, тексттæ дæр кæй ис æмæ уыдоныл та кусын кæй хъæуы – кæсын æмæ фыссын, сæ
хæслæвæрдтæ сын æххæст кæнын. Чиныджы фæрстыл дарддæр цы æрмæджытæ уыдзæн, уыдон
базонынмæ йæ цы орфографион зонинæгтæ бахъæудзæн, уый дæр скъоладзау куыдфæстæмæ
æмбарын райдайдзæн. Уæдæ, ранымад элементтæ сывæллонæн йæ дарддæры ахуыры фæндагыл
æххуыс уыдзысты чиныг бауарзынмæ æмæ хибарæй кусынмæ.
Абетæйы методикон системæ арæзт у предметон арæхстдзинæдтæ фылдæр кæнынмæ,
сабийы удгоймагон рæзтмæ æмæ метапредметон ахуырадон архæйдтыты комплекс саразынмæ:
1. Сывæллæтты удгоймагон миниуджытæ рæзын кæныны тыххæй автортæ, алыхуызон
методикон мадзæлтты руаджы, бацархайдтой, цæмæй:
- чиныджы æрмæг скъоладзаутæм цымыдисдзинад гуырын кæна;
- ногдзинæдтæ базонынмæ сæм тырнындзинад уа. Уый тыххæй та хорз ахуыр кæнын, чиныг
уарзын кæй хъæуы, уый æмбарой;
- сæ ног социалон бынатмæ, ома ныр ахуырдзаутæ кæй сты, уымæ бæрнон цæстæй кæсой;
- моралон-этикон нормæтæ æххæст кæной: хистæртæ æмæ ныййарджыты куыстæн аргъ
кæнын; æмгары хорздзинадыл цин кæнын, искæйы зындзинад æмбарын æмæ йын,
бахъуаджы сахат, баххуыс кæнынмæ цæттæ уæвын æмæ а.д.
2.
«Абетæ»-йы бындур æвæрд æрцыд метапредметон ахуырадон архæйдтыты
рацарæзтæн:
1. Регулятивон ахуырадон архайд у сабитæ сæхиæмæ сæкæрæдзийы зонындзинæдтæ кæм
фæбæрæг кæнынц, ахæм архайд: нысан æвæрын, проблемæ агурын (урокæн, проектæн)
ахуыргæнæгимæ æмæ хибарæй; нысан сæххæст кæныны фæрæзтæ агурын къордты кусгæйæ
ахуыргæнæджы æххуысæй кæнæ хибарæй; архайдæн пълан аразын; пъланмæ гæсгæ кусын,
нысанимæ йæ барын; рæдыдтæ агурын æмæ сæ раст кæнын; критеритæм гæсгæ нысан
сæххæст кæныны къæпхæн бæрæг кæнын. Зæгъæм, текст кæсгæйæ сабитæ сæ кæрæдзийæн
аргъ кæнынц – раст æй бакастысты æви нæ. Уый фæстæ алчи йæхи зонындзинæдтæ бæрæг
кæны, цы рæдыдтæ æруагъта, уыдон æвзары. Уыцы ахуырадон хæс сæххæст кæнынæн та
сывæллæттимæ иумæ арæзт цæуы тексты рæдыдтæ ссарынæн зонинаг – алгоритм.
2. Зонындзинæдтæ райсыныл архайд (познавательные) у сабиты хибарæй урочы хæстæ
базоныныл архайд: сæргондимæ кусгæйæ тексты мидис æмбарын; проблемон фарстæн
хибарæй дзуапп агурын; информаци агурын тексты, таблицæты, иллюстрациты, схемæты,
компьютеры; кæсыны алыхуызтæй пайда кæнын (фактуалон, æмбæхст хъуыдытæ); фактты
бындурыл анализ æмæ хатдзæгтæ кæнын зонын; фæзындтæ æмæ факттæ къордтыл дих
кæнын æмæ сæ кæрæдзиимæ барын; аххосæгтæ агурын æмæ сын хатдзæгтæ кæнын;
ахуыргæнæджы æххуысæй, кæнæ хибарæй ассоциацитæ агурын, модельтæ аразын; уæрæх
æмæ цыбыр информаци аразын (пъланы, тексты, таблицæйы, схемæйы хуызы).
4

3. Коммуникативон архайд у æмгуыстад: искæйы ныхасмæ хъусын, фехъусын æй, æмæ йæ
бамбарын; пъланмæ гæсгæ иумæйагæй архайын; рольтæ байуарын æмæ кæрæдзийы куыст
бæрæг кæнын; кæрæдзиимæ баныхас кæнын зонын, дискусситæ аразын, хи хъуыдытæ раст
дзурын зонын; бахъуаджы заман кæрæдзийæн æххуыс кæнын; ахуыргæнæг æмæ
æмгæрттимæ эффективонæй æмгуыстад кæнын. Хи хъуыдытæ дзурын, аргументтæ æмæ сæ
факттæй æххæст кæнын. Хи хъуыдытæ аивынмæ цæттæ уæвын, контраргумент
тыхджындæр куы рауайа, уæд. Критикон цæстæнгас химæ. Диалогы архайын: Искæмæ
хъусын æмæ йæ фехъусын. Æндæр искæйы позиции æмбарын(тексты авторимæ диалогы
цæуын). Алыхуызон хæстæ сæххæст кæныны тыххæй фысгæ æмæ дзургæ тексттæ аразын
(хибарæй æмæ ахуыргæнæгимæ). Коммуникативон хæстæ сæххæст кæнынæн алыхуызы
ныхасы ситуацитæ аразын. Къæйтты, къордты кусын (лидеры, критикы, æххæстгæнæджы
ролы). Конфликттæ мынæг кæнын, баныхас кæнын æмæ барын зонын.
4. Удгоймагон архайд (личностныеУУД) у алыварсы дунейы хи позици равзарын: сабийы
архайд царды хорздзинæдтæ бамбарынмæ, удварны нормæтæ базонынмæ аразын;
адæймаджы раконд хъуыддаг адæймагæй хицæн кæнын зонын, алыхуызон ситуациты йын
аргъ кæнын зонын; адæймаджы раконд хъуыддæгтæй хорз кæнæ æвзæр рахонæн кæцыйæн
ис, уый æмбарын (афтæ хи хъуыддæгтæн дæр); Райгуырæн бæстæимæ, Уæрæсеимæ сабийы
цы бæтты, уыцы миниуджытæ зонын æмæ сæ дзурын; дæхи хуызæн чи нæу, ахæм адæмимæ
дзурын зонын, æндæр адæмы хæттыты минæвæрттæн аргъ кæнын; иумæйаг хи дарыны
æгъдæуттæй пайда кæнын зонын, конфликттæй хи хъахъхъæнын; алыхуызон ситуациты хи
дарыны æгъдæуттæ æвзарын зонын; хи æвзæр миниуджытæ зонын æмæ сын дзуапп дæттын
(хи æфхæрын зонын, искæйы æфхæрд æмбарын дæ раконд æвзæр хъуыддаджы тыххæй).
ІІ. Дамгъæтæ ахуыр кæныны рæстæг (сæйраг хай). Лæвæрд ын ис 41 сахат.Ам сабитæ базонгæ
вæййынц дамгъæтимæ æмæ райдайынц кæсыны фыццаг фæлварæнтæ. Бацæттæгæнæн рæстæджы
куыд уыдис, афтæ кæсын æмæ фыссын дæр цæуынц уыцы иу урочы, æмæ сæ журналы дæр афтæ
фыссын хъæуы: «Мыр [а]æмæ дамгъæ Аа». Дамгъæтæ ахуыр кæнынæн лæвæрд цæуы 63 сахаты,
уыдонæй 40 алфавиты цы 43 дамгъæйы ис, уыдонимæ зонгæ кæнынæн. Иннæ 23 сахаты дæр
дамгъæтæ ахуыр кæнынæн лæвæрд сты, фæлæ уырыссаг æвзагимæ æмхуызон чи у, уыдоныл,
авторты хъуыдымæ гæсгæ, рæстæг хардз кæнын нал хъæуы. Уый хыгъд, ирон æвзаджы ис
зындзурæн æмæ зынæмбарæн мыртæ æмæ дамгъæтæ, æмæ, уыдоныл хуыздæр бакусыны тыххæй,
сахæттæ уырдæм хаст æрцыдысты. Зæгъæм, а, æ, ы сабитæ дзургæйæ дæр æмæ фысгæйæ дæр
кæрæдзийæ зынтæй фæиртасынц, хъ æмæ къ хæццæ фæкæнынц, дыууæнысанон дамгъæтæ дæр сын
зындзурæн вæййынц. Уымæ гæсгæ, цæмæй уыдоныл лæмбынæгдæр куыст цæуа, уый тыххæй ахæм
ногдзинад хаст æрцыд Абетæм.
Абеты чиныджы дамгъæтæ лæвæрд цæуынц сæ арæхадмæ гæсгæ. Алфавиты фыццаг дамгъæ – Аайæ райдайынц; дарддæр иннæ хъæлæсонтæ, чи дзы куыд арæхдæр æмбæлы, афтæ. Хъæлæсонты
'хсæн нæй æрмæст Ее, уымæн æмæ ацы дамгъæйæ райдайы æрмæст 12 ирон дзырды. Уымæ гæсгæ
æвæрд æрцыд æмхъæлæсонтимæ, Вв-йы размæ.
Дамгъæты ахæм равæрд алфавиты фадат дæтты скъоладзауты лексикæ хъæздыгдæр æмæ уæрæхдæр
кæнынæн. Зæгъæм, æмхъæлæсонты рæнхъæвæрд райдыдта Нн-йæ (16-æм урок). Сывæллæттæ уал
зонынц хъæлæсонты рæнхъæвæрд, базыдтой æмхæст уæнг цы у, уый дæр, æмæ ныр сæ бон у
æмхъæлæсон Нн æмæ рацыд хъæлæсонтæй æмхæст уæнгтæ аразын æмæ кæсын: на, ни, но, ну, нæ,

5

ны. Базонгæ ма уыдзысты ацы уæнгтæй арæзт цалдæр дзырдимæ æмæ чиныджы фæрстыл цы
хъуыдыйæдты схемæтæ ис, уыдонимæ дæр. Сывæллæттæ нывтæм æмæ схемæты чырæгты
нымæцмæ гæсгæ хъуамæ æрхъуыды кæной хъуыдыйæдтæ. Дарддæр дæр афтæ цæуы куыст. Цы
дамгъæимæ базонгæ вæййынц, уымæй хъæлæсонимæ раздæр уæнгтæ саразынц; уый фæстæ
æмхъæлæсон кæй у, уый сбæрæг кæнынц æмæ уæнгтæй дзырдтæ аразынц. Дарддæр – хъуыдыйæдтæ
æмæ схемæтимæ куыст. Куыдфæстæмæ æрмæг фылдæрæй-фылдæр æмæ зындæрæй-зындæр кæны.
Сывæллæттæ ахуыр кæнынц мыртæ дамгъæтæй бæрæг кæнын, дамгъæтæй æмæ уæнгтæй дзырдтæ
аразын æмæ кæсын. Ацы куысты стыр ахадындзинад ис уæнгон-мырон анализæн. Уымæ гæсгæ йын
чиныджы лæвæрд цæуы бирæ æрмæг. Зæгъæм,Дд ахуыргæнгæйæ, сывæллæттæн лæвæрд цæуынц
ахæм дзырдтæ, æнцонæй уæнгтылкæй дих кæнынц: да-да, да-ры, Ди-нæ, фæлæ ма дзы ис ахæм
дзырдтæ дæр, Дд иугонд уæнджы фæстæ кæм лæууы, зæгъæм, ра-д, ма-д, мы-д. Хъæлæсон мыртæ та
хицæнгод цæуынц иугонд уæнгæй нæ, фæлæ хъæлæсон йæхæдæг уæнг кæм аразы, ахæм дзырдæй,
зæгъæм:а-рынг, и-ту, æ-ри, о-бау, у-зын æмæ а. д. Уæдæ, цæмæй сывæллæттæ дамгъæгай ма кæсой,
фæлæ тагъддæр сахуыр уой уæнггай кæсын, уый тыххæй сын раст бацамонын хъæуы ирон æвзаджы
ацы æгъдæуттæ.
Ирон æвзаджы дамгъуат (алфавит).
Ирон дамгъуат арæзт у уырыссаг графикæйы бындурыл æмæ дзы ис 43 дамгъæйы: а, æ, б, в, г,
гъ, д, дж, дз, е, ё, ж, з, и, й, к, къ, л, м, н, о, п, пъ, р, с, т, тъ, у, ф, х, хъ, ц, цъ, ч, чъ, ш, щ, ы, ъ, ь, э, ю,
я. Уыдонæй 11 сты хъæлæсонтæ: а, æ, е, ё, и, о, у, ы, э, ю, я, 4 дзы æмбæлынц æрмæст уырыссаг
æвзагæй æрбайсгæ дзырдты: ё, э, ю, я; æмхъæлæсонтæ сты 30: б, в, г, гъ, д, дж, дз ж, з, к, къ, л, м, н,
п, пъ, р, с, т, тъ, ф, х, хъ, ц, цъ, ч, чъ, ш, щ, у (бæрæг кæны дыууæ ирон фонемæйы – хъæлæсон у
æмæ æмхъæлæсон у) æмæ 2 нысаны: ь, ъ. Адон хицæнæй мыртæ нæ дæттынц, æрмæст сын сæ
фæлмæндзинад (январь) æмæ хъæбæрдзинад (къаба) бæрæг кæнынц. Æмхъæлæсонтæй дæр иутæ
æмбæлынц æрмæст уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты (ж, ш, щ).
Ирон алфавиты 9 дамгъæйы нысангонд цæуынц 2 дамгъæйæ æмæ сæ хонæм дыууæнысанонтæ.
Алчидæр дзы бæрæг кæны сæрмагонд фонемæ: гъ, дж, дз, къ, пъ, тъ, хъ, цъ,чъ. Уыдонæй дыууæ дж
æмæ дз нымад стыаффрикатæтыл (кæрæдзийыл ныхæст). Хъæлæсæй уыцы иу ранæй чи ссæуы, æмæ
зæгъгæйæ иу мыр чи дæтты, ахæм дыууæ дамгъæйы.
Ирон æвзаджы фонемæтæ.
1.Хъæлæсонтæ:
Ирон æвзаджы ис 7 хъæлæсоны: а, æ, е, и, о, у, ы. Уыдонæй 5 сты тыхджын: а, е, и, о, у, дыууæ
та – лæмæгъ: æ, ы. Ам зæрдыл бадарын хъæуы: формалон æгъдауæй цавд хауы фыццаг кæнæ
дыккаг уæнгыл, уымæ гæсгæ, дзырды мидæг фыццаг æмæ дыккаг уæнгты тыхджын хъæлæсон дæр
куы уа æмæ лæмæгъ дæр, уæд цавд хаудзæн тыхджын хъæлæсоныл; æрмæст тыхджынтæ дзы куы
уа, уæд та – фылдæр хатт дыккаг уæнгыл, фæлæ ам цавдон æмæ æнæцавдон уæнг сæрмагонд куыст
нæ домынц, уымæн æмæ хъæлæсонтæ ирон æвзаджы æнæцавдон позицийы дæр сыгъдæгæй
хъуысынц. Ирон æвзаджы ис фразон цавд, уымæ гæсгæ алы дзырдыл нæ хауы, фæлæ хъуыдыйады

6

дзырдтæй иуыл.
Дзырдбасты мидæг тыхджын æмæ лæмæгъ хъæлæсонтæ куы фембæлынц, уæд лæмæгъ
хъæлæсон ахауы æмæ йын йæ бæсты æвæрын фæхъæуы апострофы нысан: мæ авдæн – м 'авдæн,
ничи æрцыди – ничи 'рцыди æмæ а.д.
Ирон фонемæты 'хсæн хицæн бынат ахсы у. Бæрæггонд дзы цæуы дыууæ хицæн мыры:
хъæлæсон у æмæ æмхъæлæсон у
Кæсын-фыссын ахуыргæнгæйæ ахджиаг у хъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсонтæ кæрæдзийæ
иртасыны куыст æмæ сын сæ ахастдзинæдтæ æмбарын, уымæн æмæ, цæмæй дзырд раст бакæсай,
уый тыххæй зонын хъæуы, цал æмæ дзы цавæр уæнгтæ ис, уый. Хъæлæсон дамгъæ у уæнг
бакæсыны сæйраг бæрæггæнæн, æмхъæлæсон та каст цæуы хъæлæсонмæ гæсгæ. Зæгъæм, а-зар, изæр, æ-на, ба-ба æмæ а. д.
1. Æмхъæлæсонтæ:
Ирон æвзаджы æмхъæлæсон мыртæ (фонемæтæ) дихгонд цæуынц зылангонтæ: б, в, г, гъ, д, дж,
дз, з æмæ æзылангонтыл: к, къ, п, пъ, с, т, тъ, ф, х, хъ, ц, цъ, ч, чъ. Авд зылангон мырæн ис
æмкъай æзылангоны: б-п, д-т, г-к, в-ф, з-с, дз-ц, дж-ч.
Зылангон мыр дзырды кæрон куы фæлæууы, уæд дзургæйæ хорз фæхъуысы æмæ уæлæмхасæн
куыст нæ фæдомы, зæгъæм: æхсæв, Тиб, суг, рæгъ, род, дзедз.
Дзырды мидæг зылангон æмæ æзылангон кæрæдзийы фарсмæ куы фæлæууынц, уæд æзылангон
мыр зылангоны йæхи хуызæн скæны: хъазтæ, мæргътæ, æхсæвтæ, родтæ æмæ а. д. Цæмæй сæ
сывæллæттæ иртасой æмæ сæ раст фыссын сахуыр уой, уый тыххæй дзырдтæ аивын хъæуы
афтæ: æвзæр цы æмхъæлæсон хъуысы, уый фæстæ хъæлæсон куыд уа, афтæмæй йæ зæгъын
кæнын. Зæгъæм, хъазтæ-хъазимæ, мæргътæ-маргъы, æхсæвтæ-æхсæвыгон, родтæ-родæн æмæ
а. д.
Абеты чиныджы дамгъæтæ ахуыр кæныны куыст фæвæййы уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты
кæмæй пайда кæнæм, уыдонæй: э, ю, я,ё, ж, ш, щ, ь. Ацы дамгъæтæ цы дзырдты æмбæлынц, уыдон
уырыссаг æвзаджы куыд фыссæм, ирон æвзаджы дæр афтæ (Юля, жираф, январь). Æрмæст, иуæйиу дзырдтæн сæ кæрæтты, ирон æвзаджы æгъдаумæ гæсгæ, а ивд æрцæуы æ-йæ (щёткæ, ёлкæ,
Янæ);ия-йæ ахауы я (экскурси, хими, Белоруси) æмæ а. д.
Сывæллæттæ фысгæйæ дæр, æмæ дзургæйæ дæр, арæх уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ ж æмæ
шфæхæццæ кæнынц иронзæмæс-имæ. Цæмæй ма рæдиой, уый тыххæй дамгъæтæ ахуыргæнгæйæ
ахуыргæнæг хъуамæ раст бамбарын кæна, куыд сæ дзурын хъæуы, уый, æмæ сæ кæрæдзиимæ
абарæн цы дзырдты ис, ахæмтимæ фылдæр фæлтæрæнтæ кæна. Зæгъæм:
морж – хорз;
æмæ а. д.

Жаннæ – Замирæт;

зети – жетон;

жираф – зивæг; иваз – манеж

ІІІ. Фæсдамгъон рæстæг. Лавæрд ын цæуы 21 сахат. Ацы хайы сæйраг нысан у мыртæ æмæ
дамгъæты растдзурынад æмæ растфыссынад ныффидар кæнын. Уыимæ, уæлдæр дæр æй загътам,
чиныгмæ хаст æрцыд ахæм ногдзинад: уырыссаг æвзагимæ æмхуызон цы мыртæ дзурæм, уыдоныл
7

сахæттæ нал хардз кæнæм, фæлæ иронау зындзурæн чи сты, æмæ фысгæйæ хæццæ кæй кæнынц,
уыцы мыртæ æмæ дамгъæтыл цæуы фылдæр куыст. Ацы хай райдыдта хъæлæсонтæ а, æ, æмæ ыйæ. Ацы æртæ хъæлæсоны сабитæ фысгæйæ дæр, æмæ дзургæйæ дæр кæрæдзийæ зынтæй
фæиртасынц. Уымæ гæсгæ сын дæттæм уæлæмхасæн дыууæ сахаты, алыхуызон фæлтæрæнтимæ,
цæмæй сыл фылдæр бакусой, уый тыххæй: нывтимæ куыстытæ, ребустæ, схемæтæ, нымайынæгтæ,
тагъддзуринæгтæ, тексттæ æмæ æнд. Зæгъæм, ахуыргæнæг сабитæн уæнггай зæгъын кодта дзырдтæ:
ха-ла-мæр-зæн, хар-быз, сæ хъус сын æрдардта, сæ растдзурынадмæ. А дзургæйæ дзых иу чысыл
бахæлиу кæнæм, æфсæртæ кæрæдзийæ фæхицæнгæнгæйæ; æ хъæлæсæй куы ссæуы, уæд былтæ иу
чысыл фæрсæрдæм аивазæм, ы дзургæйæ та былтæ ноджы каддæр байгом вæййынц, фылдæр
архайы хъæлæс, мыр цыма, дæлдæр ранæй ссæуы, афтæ. Дарддæр, æмхъæлæсонтæ зæмæ с лæвæрд
цæуынц таблицæйы хъæлæсонтимæ. Сабитæ сæ зæрдыл æрлæууын кæндзысты, æмхæст уæнгты
мидæг куыд дзургæ сты, уый. Уый фæстæ та сæ дзырдты абардзысты кæрæдзиимæ, æмæ схемæтæм
гæсгæ, цы уæнгты æмбæлынц, уыдонæй дзырдтæ сараздзысты. Уыцы куыстытæ куы сæххæст
кæной, уæд та кæндзысты ахæм фæлтæрæнтæ: алы жанрты тексттæ кæсынц; тагъддзуринæгтæ,
уыци-уыцитæ æмæ æмбисæндтыл кусынц; хъуыдыйæдтæ æххæст кæнынц, з æмæ с-йæ цы дзырдтæ
райдайынц, уыдон къæйттæй кæрæдзийыл барынц.
Иннæ зындзурæн æмхъæлæсонтимæ дæр цæуы ахæм куыст. Чиныгаразджытæм ахуыргæнджытæй
ахæм курдиат рагæй уыдис æмæ ныр æххæстгонд æрцыд.
Æппæтæй зындæрдзурæн сабитæн сты æмхъæлæсонтæ къ æмæ хъ, уымæ гæсгæ сын, дамгъæтæ
ахуыргæнгæйæ дæр, лæвæрд ис фылдæр сахæтттæ, ацы хайы дæр ма – фæйнæ дыууæ, цæмæй сæ
сабитæ раст дзурын сахуыр уой, уый тыххæй.
ІV. Кæсыны уроктæ. 12 сахаты. «Абетæ»-йы чиныгмæ хицæн хайæ хаст æрцыдысты кæсыны
уроктæ. Сæ сæйрагдæр нысантæ сты:
1. сабийыхъуыдыгæнгæ æмæ расткæсынахуыркæнын;
2. ирон, уырыссаг æмæ æппæтдунеонлитературæ хуымæтæгхуызы æмбарын;
3. кæсыны фæлтæрддзинад уæрæхдæр кæнын
4. раздæр цы æрмæг ахуыр кодтой, уый ныффидар кæнын.
Ис дзы алы жанрты тексттæ: радзырдтæ, æмдзæвгæтæ, таурæгътæ, аргъæуттæ, æмбисæндтæ,
Ирыстоны герб æмæ тырысайы тыххæй зонинаг æмæ а. д.
V- æм хай у «Ирон æвзаг». Уымæн дæр лæвæрд ис 12 сахаты. Æрмæг дихгонд цæуы хицæн
уроктыл æмæ сæ сæйрагдæр хæстæ сты:
1. сабиты хуымæтæг хуызы æвзаджы наукæйы сайрагдæр уагæвæрдтимæ базонгæ кæнын;
2. скъоладзауты 'хсæн коммуникативон ахастдзинæдтæ фидар кæнын: дзургæ æмæ фысгæ
ныхасы рæзты, монологон æмæ диалогон ныхасы, растфыссынады хуызы;
3. удварнон æмæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын;
4. сфæлдыстадон курдиат рæзын кæнын.
Ирон æвзаджы программæйы бæрæггонд сты йæ практикон хæстæ дæр. Уыдоныл раст куыст куы
æрцæуа, уæд æххæстгонд æрцæудзысты йæ сæйраг нысантæ дæр. Ома бакусын хъæуы:
1. ныхасырæзтыл, сывæллæттыхъуыдыкæнынадуæрæхдæркæныныл;

8

2. фыццагкъласонтæнхуымæтæгхуызыбамбарынкæнынхъæуыирон
æвзаджысистемæ
æмæ
структурæ: лексикæ, фонетикæ, графикæ, орфоэпи, морфемикæ, морфологи æмæ
синтаксисцысты,уый;
3. ныхасыкультурæйылкусын: фысгæ æмæ дзургæ ныхасы, диалогтыархайын, чысылмонологтæ
аразын æмæ фысгæ тексттылкусын;
4. Сабитæммадæлон æвзагмæ уарзондзинадгуырынкæнын, йæ рæзт æмæ бахъахъхъæнынмæ
тырнындзинадрæзынкæнын.
Чиныджыисдзырдуат.
Хаст
æм
æрцыдыстызынæмбарæндзырдтæ
Дзырдуатыфæстæ – æмхæстуæнгтытаблицæтæ.
Автортыфæндид, цæмæйахуыргæнджытæмцыфиппаинæгтæ, кæнæ
уыдонкуыфехъусынкæниккой, уый. Æхсызгонæй сын дзуапп ратдзысты.

тæлмацгондæй.

фæрстытæ

фæзына,

1-æмурок
Урочытемæ:Фыццагхаттскъоламæ.(Ныхас. Дзургæ æмæ фысгæ ныхас)
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
–сывæллæттæ базонгæ уыдзысты скъолайы æгъдæуттимæ: урочы хи дарын, раст бадын,
ахуыргæнæгмæ лæмбынæг хъусын, фæрстытæн дзуапп дæттын;
9

– базондзысты, ныхас цы у, уый;
– ныхас дзургæ æмæ фысгæ кæй вæййы;
– ахуыр кæндзысты нывтыл кусын:
– базонгæ уыдзысты Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстадимæ;
– базонгæ уыдзысты, кæстæр æмæ хистæры 'хсæн цы ахастытæ хъуамæ уа, уыимæ.
Урочы цыд
1. Мотиваци.
Ахуыргæнæджы ныхас:
– Нæ чысыл хуртæ! «Уæ бон хорз!» (Афтæ фæзæгъы, уазæгуаты кæнæ къласмæчи æрбацæуы,
уый). Дзуапп та вæййы: «Æгас цу!»
Абонæй фæстæмæ сымах ахуыр кæндзыстут мадæлон æвзаг, базонгæ йын уыдзыстут йæ
сусæгдзинæдтимæ. Сахуыр уыдзыстут иронау раст дзурын, кæсын æмæ фыссын. Уымæн уын
æххуыс кæндзæн «Абеты чиныг». Фыццаг хатт иронау ныффысдзыстут Мад, Фыд, Фыдыбæстæ,
Ирыстон, Уæрæсе æмæ æндæр дзырдтæ.
Абеты чиныг у уæ ахуыры фыццаг чиныг. Уый уæ ахондзæн зонындзинæдты бæстæмæ,
æххуыс уын кæндзæн уæ бирæ фæрстытæн дзуаппытæ ссарынмæ.
Арфæ уын кæнын æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй уæ ахуыры фыццаг къахдзæф амондимæ
уа.
– Сывæллæттæ, куыд уæм кæсы, абонæй фæстæмæ сымах скъоладзаутæ кæй стут, уый тыххæй
уæ царды исты ивддзинæдтæ æрцæудзæн? Куыд хъуыды кæнут, цы аивдзæн? Уæ кæрæдзиимæ-ма
аныхас кæнут.
2. Ног æрмæг амонын. Нывыл куыст.
–Цы равдыста нывгæнæг йæ нывы?
– Чи сты ацы адæм æмæ кæм цæуы архайд?
– Сывæллæттæн сæ къухты цы ис?
– Кæмæн дæттынц дидинджытæ?
– Кæм лæууынц ахуыргæнæг æмæ сывæллæттæ?
– Нывы ма цы уынут?
– Чи бафæлвардзæн нывмæ гæсгæ цыбыр радзырд æрхъуыды кæнын?
3. Улæфты рæстæг (15 минуты куы рацæуа, уæд).
Сывæллæтты фæстæ ахуыргæнæг йæхæдæг дзуры:
– Ацы нывы мах уынæм, сывæллæттæ дидинджытимæ сæ фыццаг ахуыргæнæгимæ куыд
фембæлдысты, уый. Лæппутæй иу æрбацыд йæ фыдимæ. Лæууынц скъолайы кæрты. Дарддæр дада
йæ сабийы скъоламæ фæкæны. Скъолайы кæрт у аив, сыгъдæг, ис дзы бæлæстæ дæр.
4. Дзырдуатон куыст: скъола, кълас, дуар, рудзынг, фыссæн фæйнæг, стъол, скъапп,
интерактивон фæйнæг, проектор, компьютер, ныв, мел.
5. Нывыл куыст:5-æм фарсыл.
– Кæй уынут нывы? (Ахуырдзауты.)
– Цæмæй бæрæг у ахуырдзаутæ сты, уый?
– Цавæр предметты фæрцы сбæлвырд кодтат уæ дзуапп?(Ахуыргæнæн дзауматы фæрцы.)
–Цы нысан кæны ахæм фæлыст? (Бæрæгбон.)
–Цавæр бæрæгбон у?(1-æм сентябрь.)
– Сывæллæттæ, нывмæ æркæсут æмæ бафæлварут алчи йæхимæ гæсгæ радзырд
саразыныл(скъолайы, ахуыргæнæджы, ахуырдзауы тыххæй).
– Ныр та-ма, сабитæ, ахъуыды кæнут æмæ мæ фарстæн дзуапп раттут: «Мах ныртæккæ цы
кусæм?» (Дзурæм, ныхас кæнæм.)
– Æмæ нæ цымæ цæмæн бахъуыдис кæрæдзиимæ дзурын?(Фыццаджыдæр, цæмæй базонгæ
10

уæм, нæ хъуыдытæ кæрæдзийæн зæгъæм.)
– Исчи-ма уæ æмдзæвгæ радзурæд. (Сывæллæттæм байхъусын.) Уыйфæстæ сын бамбарын
кæнын, ныхас цы у, уый. Дзургæ æмæ фысгæ кæй вæййы, хъуыдыйæдтыл кæй дих кæны. Дарддæр,
5-æм фарсыл хъуыдыйады бын цы схемæ ис, уый бацамонын. Сывæллæтæн хæс раттын: нывмæ
гæсгæ дыууæ хъуыдыйады æрхъуыды кæнын.
6. Улæфты рæстæг.
7.Æмдзæвгæ «Скъолайы лæппу» зæрдывæрдæй ахуыр кæнын:
– Кæй фырт дæ?
– Толайы.
– Кæм уыдтæ?
– Скъолайы,
Алыбон дæр дзы вæййын.
Фæкæсын
А-бе-тæ,
Фæфыссын
Бе-бе-тæ, Ахуыр кæнынмæ бæллын.
– Уæдæ мах сымахимæ цы ми кодтам? (æмдзæвгæ ахуыр кодтам). Уый дæр у ныхас.
– Ныр та-ма мæнмæ байхъусут, æз уын бакæсдзынæн радзырд уæхи хуызæн гыццыл сабиты
тыххæй.
Скъоладзауты æххуыс
Урокты фæстæ Мурат æмæ Таму фæцæйцыдысты сæхимæ. Уынджы фембæлдысты зæронд
Сонайыл. Уый дуканийæ хаста уæззау дзæкъул. Лæппутæ райстой зæронд усы дзæкъул. Сæхимæ йæ
бахæццæ кодтой. Сона бирæ арфæтæ ракодта лæппутæн. (Ахуыргæнæг æмбарын кæны, ацы текст
дæр ныхас кæй у, уый.)
5. Тексты мидисыл беседæ саразын.
6. Урочы кæронбæттæн.
– Радзурут-ма, сывæллæттæ, сымах та абоны бон уæ зæрдыл куыдæй бадардзыстут?
(Сывæллæттæм байхъусын.)
7. Хатдзæгтæ:
– Абоны урочы цæуыл дзырдтам? (Скъолайы æгъдæуттыл.)
– Скъола уæ зæрдæмæ фæцыд?
– Æппæтæй хуыздæр уæм цы фæкаст?
– Хорз ахуыр кæндзыстут?
– Мæ зæрдæмæ тынг фæцыдыстут! Уæдæ абонæй фæстæмæ иумæ ахуыры асиныл уæлæмæ
хиздзыстæм.
2-аг урок
Урочы темæ:Ахуыргæнæн дзауматæ. (Ныхас. Хъуыдыйад. Дзырд.)
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
- сывæллæттæ базондзысты ахуыргæнæн дзауматы нæмттæ;
- ахуыр кæндзысты нывтимæ кусын;
- сæ зæрдыл бадардзысты, ныхас хъуыдыйæдтæй арæзт кæй у, хъуыдыйад та – дзырдтæй;
11

- ног æмдзæвгæ æмæ авторимæ базонгæ уыдзысты.
Урочы цыд
1.Зонындзинæдты актуализаци.
– Сабитæ, абон дарддæр дзурдзыстæм, скъолайы ахуыр кæнынмæ нын цы предметтæ æххуыс
кæндзысты, уыдоны тыххæй. Ранымайæм-ма иумæ, нæ фыццаг урочы цы къласы дзауматимæ
базонгæ стæм, уыдон.
– Цы ауыгъд ис къулыл? (Фæйнæг.)
– Æз ныртæккæ мæ амонæн лæдзæгæй æвдисдзынæн предметтæ, сымах сæ кæд бахъуыды
кодтат, уæд сын сæ нæмттæ дзурут (дидинæг, шар, глобус, фæйнæг, скъапп, рудзынг, партæ, стъол,
компьютер, интерактивон фæйнæг æмæ а.д.)
– Чи æрхъуыды кæндзæн, цавæр æмдзæвгæ ахуыр кодтам нæ амæйразмæйы урочы?
(«Скъолайы лæппу»).
– Чи зæгъдзæн, йæ авторы ном æмæ мыггаг куыд сты?
– Иумæ-ма йæ нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм.
Сывæллæттæй кæй фæнды, уый ма æмдзæвгæ хибарæй дæр дзуры. Ахуыргæнæг йæ хъус дары
ахуырдзауты ныхасмæ.
2. Мотиваци.
Уæдæ иучысылахъазæм: Æркæсут-ма лæмбынæг уæ ахуыргæнæн дзауматæм æмæ мæм сæ
æвдисут. (Ахуыргæнæг дзуры предметты нæмттæ æмæ сæ сабитæ æвдисынц.)
3. Ног æрмæгыл куыст.
Нывыл куыст.
– Цы уынут нывы? (Кълас.)
–Цæмæй бæрæг у? (Ахуырдзаутæ дзурынц сæ фиппаинæгтæ.)
– Цы дзауматæ ранымадтат, уыдонæй чи пайда кæны æмæ кæм? (Скъоладзау скъолайы.)
– Уæдæ сæ иумæйаг номæй куыд хонæм? (Ахуыргæнæн дзауматæ.)
– Сымахæй алкæмæдæр ис уыцы дзауматæ?
–Чи цы дзаумайы ном бахъуыды кодта, уый дзуры (ахорæнтæ, растхахгæнæн, кърандæстæ,
фыстхалæн, фламастертæ, кисточка, ручка, чиныг, пенал, пъартфел).
– Алы нывы бынмæ дæр ис схемæ. Афтæ нæ чиныджы бæрæг кæнынц дзырд. Дзырдтæй
аразæм хъуыдыйæдтæ. Афæлварæм уæдæ хъуыдыйæдтæ æрхъуыды кæнын.
4. Улæфты рæстæг.
Ахуыргæнæг ныхас афтæ аразы, æмæ, ахуырдзаутæ цы хъуыдыйæдтæ хъуыды кæнынц,
уыдонæй цыбыр, фæлææххæст текст куыд рауайа.
–Уæдæ абон æз дæр æмæ сымах дæр цы дзырдтат, уый дæрхуыйны ныхас. Ныхас дих кæны
хæйттыл. Уыцы хæйттæ та сты хъуыдыйæдтæ. Хъуыдыйæдтæ та аразæм дзырдтæй.
–Алы предметæн дæр ис йæхи ном æмæ уыцы ном у дзырд.
– Сывæллæттæ, уæ зæрдыл бадарут дзырды æмæ хъуыдыйады схемæтæ.
5.Æмдзæвгæйыл куыст.
– Иууылдæр иумæ дзурæм æмдзæвгæ (зæрдывæрдæй йæ ахуыр кæнын):
Скъоламæ
Тагъддæр уайут уе скъоламæ,
Уасæг зарджытæ кæны.
Цырддæр акæнут уæ дарæс,
Хур уæм рудзынгæй кæсы.
Æмбалты Цоцко
12

6. Улæфты рæстæг.
7. Æмдзæвгæйыл куыстдарддæр.
– Сывæллæттæ, банымайæм-ма ацы æмдзæвгæйы цал дзырды ис? (15, сеппæт нымайын нæма
зонынцæмæ чи зоны, ахæм сывæллæтты бафæрсын.)
– Бакæсут-ма фыццаг хъуыдыйад. Цал дзырды дзы ис? (7).
– Уæдæ нæ схемæйы цал цыппаркъуымоны уыдзæн? (7).
– Хъуыдыйæдтæ та дзы цал ис?(2).
Фæйнæгыл схемæтæ скæнын.
8. Хъазт « Фæрстытæ – дзуаппытæ».
– Дзæнгæрæг куы ныццæгъды, уæд цы ми кæнын фæхъæуы? (Къласмæ цæуын æмæ бынаты
сбадын.)
–Партæйыл куыд бадын хъæуы? (Раст.)
– Ахуыргæнæджы бафæрсын дæ куы хъæуа, уæд куыд хъуамæ бакæнай? (Къух хъуамæ
сдарай.)
– Уæдæ мах бирæ цыдæртæ базыдтам æмæ ныр нæ бон у зæгъын хуымæтæджы сывæллæттæ
кæй нал стæм, фæлæ стæм чи? (Скъоладзаутæ.)
–Раст дзуаппытæ раттат, мæ зæрдæ та уæ барухс. Фæлæ нырма ахуыры асины къæпхæнмæ нæ
бон нæма у схизын. Цæуылнæ, уый уæхæдæг фæстæдæр бамбардзыстут.
9. Рефлекси:
– Абоны урокæй уæхимæ цы зонд хæссут, цы радзурдзыстут уæ ныййарджытæн?
(Базыдтамахуыргæнæн дзауматы нæмттæ, хидарыны æгъдæуттæ, ног æмдзæвгæ.)
– Цы хонæм ныхас, цæмæй арæзт у?(Цы дзурæм, уый; хъуыдыйæдтæй.)
– Цæмæй арæзт у хъуыдыйад та? (Дзырдтæй.)
– Æмдзæвгæ ма иу хатт радзурæм. Йæ автор чи у? (Æмбалты Цоцко).
– Уæхæдæг уæ дзуаппытæй разы стут?
– Хорз, нæ урок фæци.
3-аг урок
Урочы темæ:Нæ хæдзар. (Ныхас. Хъуыдыйад. Дзырд.)
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
̶ сывæллæттæ базондзысты, бинонтæм чи хауы, уый;
̶ базонгæ уыдзысты хорз бинонты миниуджытимæ;
̶ ног æмдзæвгæтæ сахуыр кæндзысты;
̶ сывæллæттæ сæ зæрдыл бадардзысты ныхас, хъуыдыйад æмæ дзырд кæрæдзийыл цæмæй
баст сты,уый;
̶ базонгæ уыдзысты къухфыстыты куыд кусын хъæуы, уыимæ.
Урочы цыд
1.Зонындзинæдты актуализаци.
̶ Сывæллæттæ, мах ныртæккæ сымахимæ цы кусæм? (Ныхас кæнæм.)
̶ Цæмæй арæзт у нæ ныхас? (Хъуыдыйæдтæй.)
̶ Ныхасы цавæр хуызтæ базыдтам? (Дзургæ æмæ фысгæ).
̶ Нæ зæрдыл-ма æрлæууын кæнæм, цы æмдзæвгæтæ ахуыр кодтам, уыдон.(«Скъолайы лæппу»,
«Скъола»).
̶ Зæгъут-ма сын сæ авторты. (Хетæгкаты Къоста æмæ Æмбалты Цоцко.)

13

2. Мотиваци.
Афтæ чи сахуырста
Арвы?
Мæйы чи ыстылдта
Царвы?
Хур цæмæн фæлгæсы
Дардыл?
Космосæн кæм и
Йæ кæрон?
Уыдон базондзынæ ды
Ахуыр, цин æмæ куысты.
Баситы Мысост
– Сывæллæттæ, поэт Баситы Мысост йæ æмдзæвгæйы цы фæрстытæ сæвæрдта, уыдоныл алы
адæймаг дæр фæхъуыды кæны. Йæхæдæг сын цы дзуапп радта, уый раст у. Æрмæстдæр бирæ чи
куса æмæ ахуыр чи кæна, уый базондзæн алцыдæр.
– Сымах фæнды алцы зонын?
– Уæдæ та абон дæр базонгæ уыдзыстæм ног темæимæ, бинонты цардимæ.
3.Ног æрмæгыл куыст.
Нывыл куыст.
– Бакæнут чингуытæ æмæ æркæсут нывтæм. Цы уынут фыццаг нывы? (Хæдзар, бæлас, мад
æмæ чызг, кæрчытæ, гогыз, куыдз, дидинджытæ.)
– Нывы бынмæ та? (Схемæтæ.) Цæй схемæтæ сты? (Хъуыдыйады.)
– Алыхуызæн цæмæн сты? (Фыццаджы –дзырдты нымæц бæрæг нæу, дыккаг арæзт у 3
дзырдæй.) Сывæллæттæ ахуыргæнæджы æххуысæй аразынц схемæтæм хъуыдыйæдтæ.
4. Улæфты рæстæг.
5. Æмбисондыл куыст:«Æнгом бинонтæ цард арынц».
Беседæ саразын бинонты тыххæй. Ахуырдзаутæ дзурынц сæ бинонты тыххæй. Куыд хæларæй
цæрынц. Кæстæртæ хистæртыл куыд аудынц, хистæртæ та кæстæртæн зонд æмæ æгъдау куыд
амонынц.
6.8-9-æм фæрсты нывтыл куыст.
̶ Цы уынут нывты? Чи дзы базыдта йæхи хæдзары цæрæгойтæ æмæ дзауматæ.
̶ Уæдæ-ма мын зæгъут, цы у хæдзар? Чи дзы цæры?
̶ Радзурут-ма уæхи хæдзæртты тыххæй. Нывы хæдзаримæ дзы исты иухуызонæй ис?
̶ Уæдæ, цæмæй хæдзары цæрын æнцон æмæ зæрдæрухс уа, уый тыххæй йæ куыд дарын
хъæуы? (Сыгъдæг.)
«Нывы мад йæ чызджы скъоламæ æрвиты æмæ йын фæдзæхсы, цæмæй йæхи хорз дара æмæ
ахуыр кæна. Сæ кæрты ма цы хæдзары цæрæгойтæ уынæм, уыдоны нæмттæ ма иу хатт ранымайæм:
гогыз, кæрчытæ, куыдз. Кæрт у хæрзæфснайд, ис дзы дидинджытæ, бæлас». (Ахуыргæнæг æмбарын
кæны, уый у дзургæ ныхас.)
Дарддæр сын æмбарын кæны: (Нывмæ гæсгæ цы радзырдтам æмæ цыдæриддæр адæм
дзурынц, уый у дзургæ ныхас. Дзургæ ныхасы руаджы адæм æргом кæнынц сæ мидхъуыдытæ, сæ
зæрдæйы æнкъарæнтæ).
Уыйфæстæ сын хæс дæтты: лæмбынæг байхъусут уе 'мбæлттæм æмæ сын сæ ныхас бахъуыды
кæнут.
Иугай стын кæны скъоладзауты æмæ сын дзурын кæны, сæхимæ цы фæкусынц, сæ
ныййарджытæн куыд феххуыс кæнынц, цавæр уарзондæр хъазæнтæ сæм ис æмæ сæ куыд
фæхъазынц. Чиныджы нывмæ гæсгæ сывæллæттæ дзурынц сæхи хæдзæртты тыххæй.

14

7. Улæфты рæстæг.
8. Æмдзæвгæйыл куыст:
Нæ бинонтæ
Бирæ сты нæ бинонтæ,
Мах цæрæм фæрнæй.
Семæ, уарзон сабитæ,
Базонгæ ут, цæй!
– Бинонтæм чи хауы, ууыл ахъуыды кæнут æмæ йæ зæгъут.
– Куыд уæм кæсы, ацы нывы бинонтæ хæларæй цæрынц?
– Цæмæй бæрæг у?
– Æрхъуыды кæнæм иумæ нывтæм гæсгæ хъуыдыйæдтæ.
– Ныр та бинонты цард æнæхъæнæй радзурæм.
Ахуыргæнæг дзуры: «Махæн ис стыр хæдзар, уымæн æмæ нæ бинонтæ сты бирæ. Мæ
фыдымад, фыдыфыд, мæ мад Ирæ, мæ фыд Æхсар, мæ хо Зæринæ æмæ ме 'фсымæр Сослан. Мах нæ
хæдзар сыгъдæгæй дарæм. Цæрæм дзы хæларæй».
Урочы кæронбæттæн:
– Сымах дзуаппытæ лæвæрдтат мæ фæрстытæн – уый уыд ныхас, дзырдтат нывтæм гæсгæ,
уый дæр у ныхас. Уæдæ цавæрфæнды радзырд дæр у ныхас. Кæсыны урокты пайда кæндзыстут раст
дзургæ ныхасы хуызæй.
Ахуыргæнæг фæлдахын кæны «Абеты» чиныг æмæ фæрсы сывæллæтты, чиныджы ма
иллюстрацитæй фæстæмæ цы уынынц, уымæй. Æмæ сын амоны, чиныджы ма нысантæ дæр кæй ис.
Уыцы нысантæ сты дамгъæтæ æмæ уыдоны фæрцы фыст кæй æрцыдысты радзырдтæ, æмдзæвгæтæ,
аргъæуттæ, уыци-уыцитæ æмæ а.д. Уый дæр ныхас кæй у, фæлæ у фысгæ ныхас. Цæмæй фыстытæ
кæсын базонат, уый тыххæй та ахуыр кæндзыстæм дамгъæтæ фыссын дæр æмæ кæсын дæр.
Ахуыргæнæджы каст:
Мæ нана
Нæу мæнæн мæ бон зæгъын,
Цас уарзын нанайы.
Фыны дæр йæ фæлмæн худт
Цæстытыл фæуайы…
Цæгæраты Гиго
Æмдзæвгæ кæсы ахуыргæнæг æмæ зæрдыл лæууын кæны, ныхас хицæн хъуыдыйæдтæй арæзт
кæй у, æмæ дзы алкæмæндæр хицæн хъуыды кæй ис.
Скъоладзаутæ хатдзæгтæ кæнынц, урочы цы базыдтой, уый тыххæй.
̶ Ныхас арæзт у хицæн хъуыдыйæдтæй;
̶ Алкæцыйæн дæр дзы ис хицæн хъуыды;
̶ Алы хъуыдыйады фæстæ дæр кæнын хъæуы паузæ.
Ахуыргæнæг амоны, хъуыдыйад схемæйы хуызы равдисæн дæр кæй ис æмæ йæ ныффыссæн
дæр. (Хъуыдыйады схемæты хуызтæ, хъуыдыйады райдайæн бæрæггонд цæуы вертикалон хаххæй
разæй, йæ кæрон та – стъæлфæй.)
Сывæллæттæ хъуамæ бацамоной хъуыдыйады схемæтæ чиныджы.
Ахуыргæнæг кæсы текст, сывæллæттæ хъуыдыйæдты нымæц бæрæг кæнынц хъусгæйæ.
Радзырды текст, зæгъæм, у: «Фæскуыст нæ бинонтæ æрæмбырд сты. Æхсæвæр бахордтой.
Уыйфæстæ алчи йæхи куыст кодта. Æз нанаимæ кодтон мæ уроктæ».
Ахуыргæнæг текст цалдæр хатты кæсы, хъуыдыйæдты 'хсæн паузæтæ кæнгæйæ. Фæйнæджы
цур цы скъоладзау кусы, уый схемæ ныв кæны, кæнæ та рагацау цæттæгонд карточкæтæ фæйнæгыл
ауындзы. Скъоладзаутæ сбæрæг кодтой, тексты 4 хъуыдыйады кæй ис, уый.
Ахæм хуымæтæг хæстæ хæдзармæ раттæн дæр ис, рацыд æрмæг ныффидар кæныны тыххæй.
Ам зæгъын хъæуы, ног стандартты домæнтæм гæсгæ хæдзармæ куыст дæттæн нæй, фæлæ ахæм

15

хуымæтæг хæслæвæрдтæй скъоладзау не стыхсдзæн. Тыхсгæ уæд скæндзæн, ахуыргæнæг йæхæдæг
урочы цы хъуамæ бакуыстаид, уый хæдзармæ куы ратта.
Ахуыргæнæг, бахъуыды кæн! Хæдзармæ куыст хъуамæ уа хæрз хуымæтæг, къласы цы
бакуыстат æмæ сабитæ кæй бамбæрстой, ахæм! Æрмæг ныффидар кæныны тыххæй!!!
9. Къухфысты куыст: хуызджын кърандæстæй сахорын нывтæ.
Ныффыссын цыбыр раст, зулаив, тымбыл хæххытæ.
4-æм урок
Урочы темæ:Уæлæдарæс æмæ къахыдарæс. (Ныхас. Хъуыдыйад. Дзырд.)
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
̶ сывæллæттæ нывмæ гæсгæ кусыныл фæлтæрдзысты;
̶ уæлæдарæс æмæ къахыдарæсы хуызтæ базондзысты;
̶ сывæллæттæн дарддæр ныхас, хъуыдыйад æмæ дзырды бастдзинады тыххæй
сæ зонындзинæдтæ фидардæр кæндзысты;
̶ къухфысты кусын ахуыр кæндзысты.
Урочы цыд
1.Зонындзинæдты актуализаци.
– Амæй размæ урочы базонгæ стæм бинонты цардимæ. (Чи цы бахъуыды кодта, уымæй
фæрсы ахуыргæнæг.)
– Æмдзæвгæ иумæ радзурæм. («Нæ бинонтæ»)
– Æнгом бинонты тыххæй ма цы ахуыр кодтам? (Æмбисонд.) Зæгъæм-ма йæ.
2. Мотиваци.
– Абон мах ахуыр кæндзыстæм иронау раст дзурын.
– Араздзыстæм тексттæ, хъуыдыйæдтæ, кæрæдзийыл баст чи уа, ахæмтæ.
– Цæттæ стут?
3. Ног æрмæгыл куыст.Чиныджы 10-æм фарс.Нывмæ гæсгæ куыст.
– Сывæллæттæ æркæсут нывмæ æмæ зæгъут, цыдзы уынут.(Сывæллæттæ хъуамæ ранымайой,
ауындзæныл цы дзаумæттæ ис, уыдоны нæмттæ æмæ, зæххыл цы уынынц, уыцы предметтæн
се'ппæты нæмттæ дæр).
– Иумæйаг дзырдтæй та сын куыд схонæн ис? (Уæлæдарæс æмæ къахыдарæс.)
–Лæвæрд схемæтæм гæсгæ аразæм чысыл текст.(Зæгъæм: «Нæ бахизæны ис ауындзæн.
Æрбацæугæйæ нæ уæлæдарæс уым æрцауындзæм. Къахыдарæс ныууадзæм къæсæрыл».)
Скъоладзаутæ хибарæй аразынц æмæ дзурынц хъуыдыйæдтæ темæмæ гæсгæ. Сывæллæттæ
хъуамæ бамбарой, уæлæдарæс афæдзы афонтæм гæсгæ даргæ кæй у,уый.
4. Улæфты рæстæг.
̶ 11-æм фарсыл нывы сывæллæттæ сæ мадимæ хъарм уæлæдарæсы хърихъуппыты балмæ
кæсынц. Уый цавæр афæдзы афон у?(Фæззæг.)
Ахуыргæнæджы æххуысæй скъоладзаутæ радзырд аразынц. (Зæгъæм: «Хетæг, Æхсар æмæ
Зæлинæ сæ мадимæ дуканимæ цыдысты. Уалынмæ сывæллæттæ айхъуыстой хърихъуппыты
уасын. Æрлæууыдысты æмæ арвмæ кæсынц. Мад сын радзырдта хърихъуппыты тыххæй».)
Ахуыргæнæг хæс дæтты: 2-аг æмæ 3-аг хъуыдыйæдтæн скæнут схемæтæ.
Фæйнæгыл конд схемæтæм гæсгæ радзырд аразын. Дарддæр сын дзурын кæны, сæ сæрд куыд
арвыстой, уый тыххæй. Ногæй цы федтой, цымыдисагæй цы базыдтой, кæмыты уыдысты. Амоны
сын фæйнæгмæ (уым цал таблицæ-схемæйы ис, уал хъуыдыйады хъуамæ саразой).(Зæгъæм: «Æз

16

сæрды уазæгуаты уыдтæн хъæуы мæ фыдыфсымæрмæ. Уым ахстам кæсаг», кæнæ: «Сæрды нæ
бинонтимæ ацыдыстæм денджызмæ. Мæ зæрдæмæ дзы тынг фæцыд».)
Чиныджы схемæтæм гæсгæ хъуыдыйæдтæ саразын.
Сывæллæттæ хъазынц ахæм хъазтæй: «Чи фылдæр». 11-æм фарсыл цы ныв ис, уымæ гæсгæ
хъуыдыйæдтæ хъуыды кæнынц æмæ сын карточкæтыл кæнæ фæйнæгыл схемæтæ аразынц. Алы ног
хъуыдыйады тыххæй дæр алы скъоладзау дæр ног карточкæ исы. Хъазты кæрон нымайынц сæ
карточкæтæ, цал хъуыдыйады æрхъуыды кодта кълас æдæппæтæй, уый банымайыны тыххæй.
(Зæгъæм: «Мах стæм дзаумæтты дуканийы. Æз балхæдтон сырх къурткæ. Викæйан йæ мад
райста дзабыртæ» æмæ а.д.)
5. Улæфты рæстæг.
–Нывы ма ис разгæмттæ æмæ цухъхъа.
– Чи фæдары ахæм дарæс та?(Уыдон дарынц кафджытæ. Разгæмттæ ма вæййы чындзыл
дæр.)
– Мæнæ хицæнæй ацы формæ та цы у? Чи йæ фæдары? (Скъоладзауы формæ.)
6. Ног æрмæг фидар кæнын.
– Цы хонæм ныхас?
–Цавæр ныхасы хуызтæ базыдтам? (Дзургæ æмæ фысгæ.)
– Цæмæй арæзт у ныхас? (Хъуыдыйæдтæй.)
– Цы у хъуыдыйад та? Цæмæй арæзт у? (Дзырдтæй.)
–Цы хонæм къахыдарæс æмæ уæлæдарæс?
7. Къухфысты куыст.
̶ Цæй нывтæ ис къухфысты? (Уæлæдарæс, къахыдарæс æмæ хæдзарон цæрæгойтæ.)
̶ Дзаумæттæн сæ кæцы хæйттæ сты бæрæггонд?(Галиу, рахиз.)
̶ Баххæст кæнын кæцы хай хъæуы?
̶ Хуызджын кърандæстæй сахорут нывтæ.
̶ Кусæн нарæг рæнхъыты ныффыссут цыбыр æмæ даргъ, раст æмæ зулаив хæххытæ; даргъ
зулаив хахх уæле ауындзæнимæ.
8. Рефлекси.
̶ Цы базыдтам абоны урочы? (Уæлæдарæс, къахыдарæс афæдзы афонтæм гæсгæ хицæн
кæнын.)
̶ Уæ ныййарджытæн цы радзурдзыстут?
̶ Урок уæ зæрдæмæ фæцыд? Цæмæй?
̶ Уæхицæн бæрæггæнæтæ сæвæриккат?
̶ Мæнæн мæ зæрдæмæ тынг цæуы (Кæнæ нæ цæуы, æмæ цæй тыххæй), дзуаппытæ дæттынмæ
куыд арæхсут, уый.
̶ Бузныг уын!
5-æм урок
Урочы темæ: Хæдзарон фос. Цæрæгойтæ æмæ мæргътæ.(Мыр.)
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
̶ сывæллæттæ базондзысты, мыр цы у, уый;
̶ сахуыр уыдзысты æрдзон мыртæ æмæ ныхасы мыртæ кæрæдзийæ иртасын;
̶ базонгæ уыдзысты хæдзарон цæрæгойтæ æмæ мæргътимæ;
̶ ахуыр кæндзысты беседæйы архайын;
̶ архайдзысты къухфысты кусыныл.
Урочы цыд
17

1.Зонындзинæдты актуализаци.
̶ Амæй размæйы урокæй уæ зæрдыл цы бадардтат?
̶ Уæлæдарæс цæвæр вæййы? (Сæрдыгон, фæззыгон, зымæгон.)
̶ Ноджыдæр ма цавæр? (Нæ фыдæлты рагон дарæс, скъолайы кæй фæдарынц, ахæм.)
Ног æрмæгыл куыст.
1. Мотиваци.
– Бакæсут фæйнæгыл конд нывтæм æмæ уæ хъустыл ауайын кæнут, цавæр мыртæ дæттынц.
(Машинæ – вын-вын, гæды – миау-миау, калм – с-с-с, мит– хъыс-хъыс, хъæдхой бæласыл – къуппкъупп.)
2. – Уæдæ-ма ныр мæнмæ байхъусут. Æз уын мыртæ дзурдзынæн, сымах мын зæгъут, ахæм
мыртæ та кæмæй фехъусæн ис?А,æ, о, и, у, ы, е (адæймагæй,дзырдты).
–А у зонды цъупмæ асин. Уый у – аргъау, авдæн, амонд;
–И – Ирыстон, иунæг, исбон;
– О – обау, охх, офф;
–Æ – æвзаг, æгъдау,æртæ;
– У –уд урс, улæфт;
– ы -йæ иу дзырд дæр нæ райдайы, фæлæ – фыд, фых, фыс;
–Е у ехс, егар, егъау.
3. Чиныджы æрмæгимæ куыст:
̶ Цы уынут нывы? (Сывæллæттæ дзурынц сæ хъуыдытæ.)
̶ Куыд адих кæнæн ис ацы нывы цæрæгойты? (Стыртæ æмæ гыццылтæ, гыццылтæ
стыстырты лæппынтæ.)
̶ Кæм цæрынц ацы цæрæгойтæ? (Хæдзарон цæрæгойтæ сты.)
̶ Цы пайда хæссынц адæймагæн?
̶ Ацы мыртæ дзургæйæ уæлдæф хъæлæсæй æнцонæй рацæуы, ницы къуылымпыйыл
сæмбæлы? (Ницы.Загъд æрцæуынц æрмæст хъæлæсы фæрцы) Уымæ гæсгæ хуыйнынц хъæлæсонтæ.
4. Улæфты рæстæг.
–Ногæй ма сæ иу хатт зæгъæм (сывæллæттæ ногæй дзурынц хъæлæсон мыртæ).
Ахуыргæнæг дзуры дзырдтæ: адæм, æнгуз, тæбæгъ, орден, рон, иту, ерыс, дæндаг(хъæлæсон
мыртæй цы дзырдтæ райдайы, уыдон дзургæйæ сывæллæттæ сæ рахиз къухтæ сдарынц,
æмхъæлæсонтæ дзургæйæ – æнцад бадынц).
5. 13-æм фарсы нывыл куыст.
– Схемæтæм гæсгæ аразæм хъуыдыйæдтæ.(Зæгъæм: «Хæдзарон мæргътæн хæринаг
рахастой». «Уасæг кауыл бады».).
– Чиныджы нывмæ гæсгæ дзурæм,хæдзарон мæргътæ куыд хъæр кæнынц, уый (Хъаз, бабыз,
гогыз, карк, уасæг.) Хъаз – с-с-с. Бабыз– бапп-бапп-бапп. Карк – хъуыдатт. Гогыз – къуыр-къуыркъуыр. Уасæг – хъо-хъо-хъо.
Бабыз
Раппар-баппар –
Бапп-бапп-бапп,
Узгæ-узгæ –
Сæпп-сæпп-сæпп.

Гогыз
Сау базыртæ
Рахафы:
Хъæугæрæтты
Ракафы!

Уасæг
Кауы сæрæй
– Хъо-хъо-хъо!
Бахызтæ та?
– О, о, о!

Ахуырдзаутæн æмбарын кæнын, цæрæгойты мыртæй ныхас саразæн кæй нæй, ныхас аразæн
ис æрмæст, адæймаг кæй дзуры, уыцы мыртæй.

18

Дзырдтимæ хъуыдыйæдтæ аразын (бабыз, гогыз, уасæг). Хъуыдыйæдтæм схемæтæ саразын.
(Мæ нанамæ ис уасæг. Бабыз йæ цъиуты кæртмæ ракодта. Ме 'фсымæрæн дада радта гогыз.)
6. Беседæ саразын: «Адæймаг æмæ йæ ахаст, йæ алыварс цы цæрæгойтæ ис, уыдонмæ».
– Уæдæ мыртæ кæнæм дзургæ æмæ хъусгæ. Уыдон сты алыхуызон. Базыдтам уал хъæлæсон
мыртæ. Сæ нысаниуæг у дзырдтæ аразын. Фæлæ афтид хъæлæсонтæй дзырдтæ аразæн нæй.
7. Улæфты минут.
– Иумæ дзурæм мыртæ: б,в, г, гъ, д, дж, дз, к, къ, л, м, н, п, р, с, з, р, т, тъ, х, хъ, ц, цъ, ч, чъ.
– Ацы мыртæ дзургæйæ цы бафиппайдтат?
– Хъæлæсæй цæугæйæ цавæр цæлхдурыл сæмбæлынц, уый ма иу хатт зæгъæм(былтæ, æвзаг,
дæндæгтæ).
– Дзурæм дзырдтæ: кæрдо, къабуска, хæдон, хъæдур, фæткъуы, дзидза, джитъри, цалх,
цъында, чылауи, чъыр.
Æмхъæлæсон мырты тыххæй хуымæтæг хуызы радзурын.
8. Къухфысты куыст.
Сахорын хуызджын кърандæстæй цæрæгойты нывтæ. Нарæг æмæ уæрæх рæнхъытыл
элементтæ фыссын.
9. Рефлекси:
– Уæдæ-ма ,сывæллæттæ, зæгъут, нæ ныхасы бындуры цы æвæрд ис? Цæмæй райдайы ныхас?
(Мырæй.)
– Мыр, уæнг, дзырд, хъуыдыйад, ныхас сты кæрæдзийыл æнгом баст. Мыртыл кусгæйæ мах
ахуыр кæнæм грамматикон æгъдауæй раст æмæ рæсугъд ныхас кæныныл, уыйфæстæ та раст
фыссыныл.
–Мах абон цы куыстам? (Сывæллæтты дзуаппытæм байхъусын.)
– Цы базыдтат урочы?
–Сывæллæттæ, стыр бузныг! Тынг хорз бакуыстам.
6-æм урок
Урочы темæ: Хъæддаг сырдтæ æмæ цæрæгойтæ.
(Хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мыртæ.)
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
̶ сывæллæттæ базонгæ уыдзысты хъæддæаг сырдтæ æмæ цæрæгойтимæ, сæ миниуджытимæ;
̶ сывæллæттæ дарддæр ахуыр кæндзысты хъæлæсон мыртæ æмхъæлæсонтæй иртасын;
̶ дарддæр зонгæ кæндзысты чиныджы æрмæгимæ;
̶ нывтыл кусыны фæлтæрддзинад фылдæр кæндзæн.
Урочы цыд
1.Зонындзинæдты актуализаци. Ахуырдзаутæн сæ зæрдыл æрлæууын кæнын, рацыд урочы
цæуыл ныхас кодтам, уый(хæдзарон фос æмæ мæргътæ).
̶ Уæдæ-ма зæгъут, цавæр цæрæгойты зонут? (Хæдзарон.)
̶ Цæмæн сæ афтæ хонæм? (Уымæн æмæ хæдзары цæрынц.)
̶ Цавæр хæдзарон цæрæгойты нæмттæ бахъуыды кодтат?
̶ Зæгъут-ма, хæдзарон фос æмæ цæрæгойтæ цæмæй хицæн кæнынц?(Сæ дыууæтæ дæр сты
цæрæгойтæ, фæлæ, скъæты цы цæрæгойтæ цæры, уыдоны ма адæймаг фос дæр хоны.)
2.Мотиваци.
– Уыци-уыцитæн-ма дзуаппытæ раттут:
19

Нæу цыма фыдгæнæг
Уыйау йæхи дары.
Афтæмæй нæ уадзы
Иунæг карк хæдзары. (Рувас)
Уарзы мыд, цæры хъæды, зымæг фынæй кæны. (Арс)
Цъиу нæу, афтæмæй – цæрдæг,
Къалиуæй-къалиумæ гæппытæ кæны. (Æхсæрсæттæг)
Нæу мыстулæг, нæу цъæх уыры,
Хуынкъæй сусæгæй ысбыры.
Хоры гагатæй цы ссары,
Уыдон бамбæхсы нæ цары. (Мыст).
Фосмæ цыргъ йæ дæндаг дары,
У зыдгæнæг 'мæ хъæхъхъаг. (Бирæгъ)
3.Ног темæйыл куыст.
Чиныджы æрмæгимæ куыст. Ныв равзарын.
̶ 14-æм фарсыл нывы цавæр цæрæгойты уынут?(Тæрхъус, рувас, арс, æхсæрæг, саг,
як.)(Ахуырдзаутæнрадзурын кæнын, алы цæрæгойы тыххæй дæр цы зонынц, уый.)
̶ Бафæлварут æмæ-ма фæйнæ хъуыдыйады æрхъуыды кæнут цæрæгойты нæмттимæ.
4. Улæфты рæстæг.
̶ Фæйнæгыл цы схемæтæ ис, уыдонæй кæцы у хъуыдыйады схемæ?
̶ Нывы бынмæ схемæтæм гæсгæ аразæм хъуыдыйæдтæ.
̶ Иу хъуыдыйадæн анализ скæнæм. (Зæгъæм: «Саг бæласы цур лæууы»).
̶ Дзырд саг дзурæмиумæ, стæй та радыгай,.
̶ Сбæрæг-ма кæнæм, цавæр мырæй райдайы дзырд? ([С]-йæ.)Дзырды кæрон та ис мыр [г].
̶ Цавæр мыр ма дзы хъусæм? ([а]).
Ахуырдзаутæ мыртæ ивазгæйæ дзурынц дзырд саг, бæрæг кæнынц, æртæ мыры дзы кæй ис,
уый.
Фæйнæгыл ын йæ схемæ равдисын æмæсывæллæттæн бамбарын кæнын,дзырды цал дамгъæйы
ис, уал кълеткæйæ арæзт у схемæ.
–Хъæлæсон мыр дзургæйæ хъус дарын хъæуы артикуляцимæ [а] – хъæлæс у уæгъд,
сæрибарæй цæуы уæлдæф. Абарын æй мыр [c]-имæ. Мыр [c] дзургæйæ хъæлæс у æхгæд, дæндæгтæ
– æнгом кæрæдзимæ, былтæ та – чысыл зыхъхъыр.
Хатдзæг: 1) мыр дзургæйæ хъæлæс уæгъд, сæрибар куы уа, уæд уыцы мыр хонæм хъæлæсон
(а, о, у); 2) хъæлæс æхгæд куы уа, уæд мыр у æмхъæлæсон.
Хæслæвæрдтæ: (ахуыргæнæг хицæн скъоладзауты фæрсы).
–Зæгъ, дæ ном (мыггаг) хъæлæсонæй райдайы æви æмхъæлæсонæй?
– Дæ номы кæройнаг мыр та цавæр у?
– Зæгъут-ма, хъуыдыйады та цал дзырды ис?(Цыппар). Хъуыдыйадæн дæр схемæ саразын,
дзырдты нымæц дзы бæрæг куыд уа, ахæм.
5. Аргъаумæ байхъусын:
Хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мырты цард.(Майрæмыхъуаты Ф.)
Раджы кæддæр иу алæмæттаг бæстæйы цардысты Мыртæ. Уыцы бæстæ уыд хæрз чысыл, æмæ
дзы цæрджытæ дæр бирæ нæ уыд. Никуы сыл ничи фембæлд, уымæн æмæ сæ цæстæй фенæн нæ

20

уыд, æрмæст сæ уыд фехъусæн.
Мыртæй 7 уарзтой зарын. Алкæмæн дæр сæ уыд аив æмæ рæсугъд хъæлæс. Байхъусут-ма сæм:
А, Æ, Е, И, О, У, Ы. Зарынмæ дæсны кæй уыдысты, уый тыххæй сæ рахуыдтой ХЪÆЛÆСОНТÆ.
Иннæтæ дæр уыдысты хæларзæрдæ, фæлæ уыдон зарын нæ зыдтой: Б, В, Г, Гъ, Д, Дж, Дз,З, Й,
К, Къ, Л, М, Н, П, Пъ, Р, С, Т, Тъ, Ф, Х, Хъ, Ц, Цъ, Ч, Чъ.
Бирæ уарзтой кæрæдзийы ацы мыртæ. Хъæлæсонтимæ хæларæй кæй цардысты, уый тыххæй
сæ схуыдтой ÆМХЪЛÆСОНТÆ. Мыртæ иууылдæр цæрынц хæларæй, дардмæ хъуысынц сæ
диссаджы зарджытæ. Сымах дæр сæ, сывæллæттæ, арæх фехъусут. Тагъд, тынг тагъд, фæцалх
уыдзыстут семæ зарыныл дæр. Æрмæст сæ уый тыххæй хъæуы базонын, кæрæдзийæ хицæн кæнын.
Афæлварут-ма!(«[а]»-«[б]»-«[æ]»-«[в]»…)
– Ныр та ма нывтæ æмæсхемæтæмгæсгæсырдты нæмттæ радзурут.
– Ахъазæм-ма ахæм хъазтæй «Кæцы у уæлдай?». Нывты фыццаг рæнхъы уæлдай
кæцы у?(Куыдз.)
–Цæмæн у уæлдай ацы рæнхъы куыдзы ныв? (Уый хæдзарон цæрæгой у.)
– Дыккаг рæнхъы та? (Хъуг.)
– Æртыккаджы? (Гæды.)
– Цавæр мыртæй райдыдтой, рæнхъыты цы уæлдай цæрæгойтæ уыд, уыдон?
(Æмхъæлæсонтæй.)
6. Улæфты рæстæг.
– Байхъусут-ма дарддæр аргъаумæ: «Иубон уыцы бæстæмæ æрцыд уазæг. Сæ зарджытæ сын
куы фехъуыста, уæд сын сфæнд кодта дзаумæттæ балæвар кæнын. Фыццаг хæдон æрхаудта «[а]»мæ. Афтæ фæзынд дамгъæ «Аа». Уыйфæстæиннæ мыртæн дæр байуæрста йæ лæвæрттæ. Уæдæй
фæстæмæ мыртæ æнæуынгæ нал уыдысты – сæ дарæсæй сæ иууылдæр базыдтой.
̶ Уæдæ,сабитæ, ныр бамбæрстат, мыртæ дамгъæтæй цæмæй хицæн кæнынц, уый?
̶ Мæ фарстæн дзуапп раттут æмæмырты тыххæй иумæ хъуыдыйад саразæм.
̶
Мыртæ дзургæ æмæ хъусгæ кæнæм æви уынгæ æмæ фысгæ? Раттут æххæст дзуапп. (Мах
мыртæ дзурæм æмæ хъусæм).
̶ Дамгъæтæ та цы кæнæм? (Уынгæ æмæ фысгæ.)
̶ Хорз, раст зæгъут.
7. Къухфысты куыст.8-æм фарсы хæслæвæрдтæй цы бантыса, уыдон сæххæст кæнын.
8. Рефлекси.
̶ Сывæллæттæ, абоны урочы ногæй цы базыдтат?(Хъæддаг цæрæгойты миниуджытæ, мыр
æмæ дамгъæ цæмæй хицæн кæнынц, уый; мыртæ æмæ дамгъæты тыххæй аргъау.)
̶ Абоны урочы уæм цымыдисагдæр цы фæкастис?
̶ Цавæр дыууæ къордыл дих кæнынц мыртæ? (Хъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсонтыл.)
̶ Куыд дзурæм хъæлæсон мыртæ? (Уæлдæф æнæкъуылымпыйæ хъæлæсæй рацæуы.)
Æмхъæлæсонтæ та? (Былтæ, дæндæгтæ, æвзаджы æххуысæй.)
̶ Куыд уæм кæсы, иууылдæр хорз архайдтат абоны урочы?
̶ Чи цавæр бæрæггæнæн сæвæрид йæхицæн?
̶ Абон йæ къухы кæмæн нæ бафтыди активонæй архайын, уыдон та иннæ хатт бакусдзысты.
7-8-æм уроктæ
Урочы темæ: Халсартæ. Дыргътæ.(Уæнг.)
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
̶ сывæллæттæ базондзысты дыргътæ æмæ халсарты нæмттæ иронау, сæ хицæндзинæдтæ;
̶ дыргътæ æмæ халсарты тыххæй æмдзæвгæ сахуыр кæндзысты, аргъаумæ байхъусдзысты;
̶ сахуыр уыдзысты дзырдтæ уæнгтыл дих кæнын;
̶ базондзысты, дзырдты мидæг хъæлæсонтæ цал вæййы, уал дзы уæнгтæ дæр кæй вæййы, уый;
21

̶ сæ дзырдуат ног дзырдтæй фæхъæздыгдæр кæндзысты.
Урочы цыд
1.Зонындзинæдты актуализаци.
̶ Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм рацыд æрмæг. Ахуыргæнæг сабиты зæрдыл лæууын кæны
уыци-уыцитæ.
̶ Цавæр хъæддæг цæрæгойтæ æмæ мæргъты нæмттæ базыдтам? Ранымайут æрмæст, нырмæ
кæй нæ зыдтам, ахæмты (дзæбидыр, зыгъарæг, уæрцц, хуыргарк, саугарк).
̶ Цавæр мыртæ базыдтам? (Æрдзон æмæ адæймаджы загъд мыртæ.)
̶ Зæгъут иу цалдæр æрдзон мыры (му-у-у, миау-у-у, тъупп-тъупп).
̶ Куыд дих кæнынц адæймаджы загъд мыртæ? (Хъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсонтыл.)
̶ Ирон æвзаджы цал хъæлæсон мыры ис? (7, уырыссаг æвзагæй æрбайсгæтимæ та – 10.)
2.Мотиваци.Æмбисондыл куыст:«Зæхх нæ дарæг у, нæ мад».
̶ Куыд æмбарут ацы æмбисонд? (Сывæллæтты дзуаппытæм байхъусыны фæстæ ахуыргæнæг
æмбарын кæны æмбисонды мидис.)
̶ Зæгъут-ма, сывæллæттæ, ныртæккæ цавæр афæдзы афон у? (Фæззæг.)
̶ Цавæр фæзындтæй бæрæг у фæззæг? (Скъоладзаутæ скъоламæ цæуынц, цъиутæ хъарм
бæстæм сæхи цæттæ кæнынц, адæм æфснайынц тыллæг.)
̶ Уæдæ тыллæг цы у? Ацы дзырд искуы фехъуыстат? (Дыргътæ, халсартæ.)
̶ Кæмæ уæ ис цæхæрадон? Цытæ уын дзы зайы? (Нас, джитъри, хъæдындз, фæткъуытæ,
чылауитæ.)
̶ Адих-ма сæ кæнæм дыууæ къордыл: халсартæ (ранымайын сæ) æмæ дыргътæ (ранымайын
сæ).
3. Улæфты рæстæг.
4. Чиныджы 16-æм фарсыл нывтæм гæсгæ куыст.
̶ Цы уынут фыццаг нывы? (Къабуска, картоф, нас, джитъри, цæхæра, хъæдындз, уырыдзы).
– Цы у къабуска? (Халсар.), – Цы у нас? (Халсар.)
̶ Дзырд халсар-æн скæнæм мырон-дамгъон анализ. (6 мыры æмæ 6 дамгъæйы.)
̶ Бирæон нымæцы-ма йæ сæвæрæм. (Халсартæ).
5. Схемæтимæ куыст.
̶ Æркæсут-ма нывты бын схемæтæм æмæ дзырдтæ хæйттыл адих кæнæм.
̶ Фыццаг дзырдæн адихгæнæнис? (Нæй.) Цæуылнæ? (Уымæн æмæ иу хайæ арæзт у.)
̶ Иннæ дзырдтæ: кар-тоф, къа-бус-ка, джитъ-ри, цæ-хæ-ра æмæ а.д.Дзырдтæ цы хæйттыл
адих кодтам, уыдон сты уæнгтæ.
̶ Цавæр фæззыгон миниуджытæ базыдтат?
̶ Уæдæ адæм дæр æмæ цæрæгойтæ дæр сæхи фæцæттæ кæнынц зымæгмæ, уымæн æмæ æрдз
фынæй фæкæны. Цæмæй цæрæгойтæ æххормаг ма уой, уый тыххæй æвæрæнтæ скæнынц. Адæм дæр
афтæ. Сæ цæхæрадæтты æмæ дыргъдæтты цы 'рзайы, уыдон бавæрынц. Цæуыл фæкусынц, цы
æрзайы æмæ цы æрæмбырд кæнынц фæззæг адæм, уый та, уæлдæр куыд загътам, афтæмæй хонынц
тыллæг.
̶ Уæдæ-ма æрхъуыды кæнæм схемæтæм гæсгæ хъуыдыйæдтæ, цы ног дзырд базыдтам,
уымæйспайда кæнæм, афтæмæй. Зæгъæм:
. . Ралæууыд фæззæг.
. Æрзад бæркадджын тыллæг.
̶ Халсартæ кæм зайынц? (Зæххы.)

22

̶ Сывæллæттæ, бамбæрстат, алцыдæр зæххæй кæй цæуы, уый.
̶ Уæдæ, урочы райдайæны цы æмбисонд æрхастон, уый абоны урокимæ баст у æви нæ?
̶ 17-æм фарсыл нывтæм гæсгæ кусæм.
̶ Цы уынæм нывы? (Фæткъуы, кæрдо, чылауи, алтъами, бал, балтæ, сæнæфсиры пуцал.)
̶ Цы уынæм чыргъæды та? (Фæткъуытæ, кæрдотæ, чылауитæ, алтъамитæ, сæнæфсиртæ.)
̶ Кæд фæзæгъæм фæткъуы æмæ фæткъуытæ? (Ахуырдзаутæ дзуапп дæттынц: фæткъуы иу
у, фæткъуытæ та сты бирæ.)
̶ Кæм зайынц фæткъуытæ, кæрдотæ, чылауитæ? (Бæлæстыл.)
̶ Куыд сæ хонæм иу дзырдæй? (Дыргътæ.)
Нывтæм гæсгæ халсарты æмæ дыргъты нæмттæ дзурын æмæ сæ уæнгтыл дих кæнын(уы-рыдзы, хъæ-дындз, сæ-нæф-сир, чы –ла уи, ал-тъа-ми).
̶ Цавæр мыр ис дзырд «Сæнæфсир»-ы райдайæны? Йæ кæроны та? Дзырд «Алтъами»-йы
райдайæн æмæ кæроны та? Хъæлæсон мыр уæнгаразæг кæй у, уый сывæллæттæн бамбарын кæнын.
6. Улæфты рæстæг.
7. Къухфысты куыст.Хуызджын кърандæстæй халсарты нывтæсахорын. (Ахуыр-гæнæг йæ
хъус дары, цæмæй ахуыргæнинæгтæ ахорæнты хуызтæй раст пайда кæной.) Нывты бын нарæг
рæнхъытыл амынд цæуынц алыхуызон элементтæ. Уыдонæй алкæцы дæр у, нывы цы предмет
æвдыст æрцыд, уый формæ кæнæ йæ хай.
Раст фыссыныл фæлтæрын: ручкæ рæнхъы уæллаг хаххыл сæвæрын æмæ уæлейæ бынмæ
æрцæуын. Бинаг кусæн хахмæ нæ бахæццæ уæвгæйæ, хахх фæтымбыл кæнын. Дарддæр та – уæллаг
хаххы онг ссæуын æмæ а. д.
8. Тагъддзуринаг:
Сырхфарс фæткъуы, кæрдотæй –
Сæ тæккæ дзаг нæ гонтæ!
– Ацы темæйыл ма дзурдзыстæм иннæ урочы дæр, уымæ гæсгæ рефлекси дæр уæд
скæндзыстæм.
9. Æмдзæвгæйыл куыст.
– Сывæллæттæ, абон мах дарддæр дзурдзыстæм халсартæ æмæ дыргътыл;базонгæ уыдзыстæм
Дауыраты Зояйы æмдзæвгæимæ. Йæ сæргонд ын ныффыстам схемæйæ (схемæйыл бакусын).
Æмдзæвгæ хуыйны:
Ныв
Лæппу сныв кодта бæлас,
Сауыгъта йыл неси, нас,
Джитъритæ, æнгуз, хъæдур,
Кæрдо, фæткъуы дарынц бур.
(Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй ахуыр кæнын.)
̶ 19 фарсыл цы ныв ис, уымæ-ма æркæсут, æмдзæвгæйы лæппу кæй сныв кодта, уыцы бæлас
у? Уæдæ бæласыл цы фæзайы? Ранымайут-ма сæ?
̶ Æмæ, цымæ, лæппу афтæ цæмæн сныв кодта?
̶ Цы базонын æй фæндыд?
̶ Æркæсут-ма иннæ нывтæм дæр æмæ хъуыдыйæдтæ æрхъуыды кæнæм. Ахуыргæнæг бахæс
кæны сывæллæттæн, цæмæй хъуыдыйæдтæ æрхъуыды кæной. Уыйфæстæ сæ текст аразынц æмæ сæ
зæрдыл лæууын кæнынц, ныхас цавæр хæйттæй арæзт цæуы, уый. (Мах ацыдыстæм дадайы
дыргъдонмæ. Æртыдтам дзы фæткъуытæ. Фæстæмæ рацыдыстæм.)
̶ Радзырды фыццаг хъуыдыйадæн схемæ саразæм. Хъуыдыйады цыппæрæм дзырд уæнгтыл
адих кæнæм.
23

̶ Дзырд сывæллæттæ-имæ æрхъуыды кæнæм хъуыдыйад. Хъуыдыйадæн схемæ саразæм.
̶ Ныр та бакусæм схемæтимæ (ахуыргæнæг дæтты схемæтæ).
̶ 19-æм фарсыл нывмæ æркæсут, схемæмæ гæсгæ хъуыдыйад саразут.
10. Аргъауыл куыст.
̶ Аргъаумæ байхъусæм:
Бæласы аргъау
Царди-уыди иу бæлас. Задис ыл диссаджы дыргътæ. Иуæрдыгæй – сырх фæткъуытæ,
иннæрдыгæй – бур-бурид кæрдотæ. Йæ цъуппыл та зади цъæх сæнæфсир. Фæткъуытæ, кæрдотæ
æмæ сæнæфсиртæ цардысты хæларæй. Фæлæ фæззæг ралæууыд æмæ сæ адæм æртыдтой.
Бафснайдтой сæ. Кæрдотæ æмæ фæткъуытæ бахаудтой иу ранмæ. Сæнæфсиры та æндæр ран
бафснайдтой. Иухатт сæнæфсиры цупал фын федта: кæрдотæ æмæ фæткъуыты дард ранмæ аластой.
Сæнæфсир куы райхъал, уæд æнкъард кæнын райдыдта…
(Æрхъуыды кæнут аргъауæн кæрон.)
̶ Сывæллæттæ, зæгъут-ма, аргъау радзырдæй истæмæй хицæн кæны?
̶ Иу бæласыл искуы федтат кæрдо,фæткъуы æмæ сæнæфсир иумæ?
̶ Уæдæ аргъауы вæййы æрымысæггаг хабæрттæ.
̶ Дзырд сæнæфсир уæнгтыл адих кæнæм (сæ-нæф-сир).
11. Къухфысты куыст.
Хуызджын кърандæстæй дыргъты нывтæсахорын. (Ахуыргæнæг йæ хъус дары, цæмæй
ахуыргæнинæгтæ ахорæнты хуызтæй раст пайда кæной.)Нывты бын нарæг рæнхъытыл амынд
цæуынц алыхуызон элементтæ. Ахуыргæнæджы хъус дарын хъæуы , цæмæй хаххæй нæдæр
дæлæмæ хизой, нæдæр уæлæмæ. Уæрæх рæнхъытыл цы элементтæ ис, уыдонæн кърандасæй
ныффыссæн дæр ис.
12. Рефлекси.
̶ Хорз бакуыстам, фæлæ ма нæ зæрдыл иу хатт æрлæууын кæнæм уæнг цы у,уый. (Дзырды
хай.)
̶ Зæгъут-ма, цы у ныхас та?
̶ Цы у хъуыдыйад æмæ цæмæй арæзт у?
̶ Цы у дзырд?
̶ Абоны урочы ногæй цы базыдтат? (Æмдзæвгæ æмæ аргъауы диссæгтæ.)
̶ Уæхимæ сæ радзурдзыстут?
̶ Дыргътæ æмæ халсарты нæмттæ дæр бахъуыды кæндзыстут?
̶ Абон дæр та мæ зæрдæмæ тынг фæцыд уæ куыст, æмæ мæ зæрдæ барухс.
̶ Уæдæ сахуыр стæм хъуыдыйæдтæ æмæ чысыл радзырдтæ аразын. Æрхъуыды кæнæм æмæ
ма ноджыдæр иу хатт радзурæм фæйнæ хъуыдыйады.
̶ Кæд сымах дæр зæрдæрухсæй баззадыстут, уæд-ма йæ равдисут.
9-æм урок
Урочы темæ:Мæ райгуырæн бæстæ. Дзæуджыхъæу.(Æмхæст уæнг.)
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
̶ сывæллæттæ хуымæтæг хуызы базондзысты нæ горæты равзæрды тыххæй;
̶ базонгæ уыдзысты нæ иумæйаг Райгуырæн бæстæйы сæйраг горæтимæ;
̶ адæймаг йæ ныхасы цы мыртæй пайда кæны, уыдон раст дзурыны æгъдæуттæ бафидар
кæндзысты;
̶ хъæлæсон æмæ æмхæлæсонмыртæ æмхæст уæнг кæй аразынц,уый базондзысты.
24

Урочы цыд
1. Зонындзинæдты актуализаци.
̶ Ныхас, хъуыдыйад æмæ дзырдты тыххæй мах бирæ цыдæртæ базыдтам. Абоны урочы нæ
зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм, дзырдтæ цы мыртæй арæзт сты æмæ æрдзы цы мыртæ ис,
уыдон кæрæдзийæ цæмæй хицæн кæнынц, уый.
̶ Зæгъут-ма уæдæ, къогъо цы у, уый зонут? Куы фæтæхы, уæд куыд фæзары? (Дзы-дзы-дзы.)
̶ Хъуг та куыд фæуасы? (Ммууу.)
̶ Гæды та кæны (миау).
̶ Сахат куыд кæны? (Цъыкк-цъыкк.)
̶ Хъæд куы фæхырхынц, уæд хырх куыд кæны? (Дзин-дзин.)
Ног æрмæгыл куыст.
1.Мотиваци. Æмбисондыл куыст. «Райгуырæн бæстæ ныййарæг мадау адджын у».
2. Нывтыл куыст.Æркæсут-ма, 20-æм фарсыл цы ныв ис, уымæ? Цы дзы базыдтат? (Нæ
горæты зонгæ бынæттæ.)
̶ Кæй уынут фыццаг нывы? (Быгъуылты Дзæуг.)
̶ Кæцы ран ис ацы цыртдзæвæн? (Штыбы фæзы.)
̶ Ацы нывы ма цы уынут? (Дзæуг лæууы дурыл, къул, бæлас, дидинджытæ.)
̶ Уæдæ иннæ нывы та кæй базыдтат? (Плиты Иссæйы.)
̶ Дарддæр нывты та цавæр бынæттæ базыдтат? (Мæзджыт æмæ йæ алыварс нæзы бæлæстæ,
бирæуæладзыгон хæдзар, Терчы дон, хæхтæ.)
̶ Нывты бынмæ схемæтæ уынут?
̶ Нырмæ ахæм схемæтимæ куыстам?
̶ Æркæсæм-ма сæм. Мыртæ схемæты хуызы лæвæрд цæуынц, фæлæ, цымæ, алы хуызтæй
ахуырст цæмæн сты?
̶ Фыццаг схемæ – 3 дамгъæйæ. Чи базыдта дзырд? (Фæз.)(Схемæ скæнын æмæ æмхæст уæнг
бацамонын.)
3. Улæфты рæстæг.
4. Ныхасы рæзт.
– 21-æм фарсыл цы нывтæ ис, уыдоны та цы базыдтат? (Мæскуы.)
̶ Нæ горæты ном цы хуыйны? (Дзæуджыхъæу.) Куыд зонут, афтæмæй алцæмæн дæр æмæ
алкæмæн дæр ис йæхи ном.
̶ Уæдæ нæ горæты ном афтæ цæмæн хуыйны, уымæ байъусæм.
Æппæты фыццыг ацы ран æрцард Быгъуылты Дзæуг. Уый уыди раджы. Уымæ гæсгæ йæ
фæстæдæр схуыдтой Дзæуджыхъæу.
Дзæуджыхъæу у тынг рæсугъд. Цæры дзы бирæ адæмыхæттытæ. Ис дзы музейтæ,
библиотекæтæ, скъолатæ, дуканитæ. Зындгонд адæмæн та дзы ис цыртдзæвæнтæ.
– Дзæуджыхъæу у нæ республикæйы культурон центр. Ацы горæтимæ æнгом баст уыдысты
ирон номдзыд фысджытæ: Хетæгкаты Къоста, Брытъиаты Елбыздыхъо, Гæдиаты Секъа, Коцойты
Арсен (фæстæдæр семæ базонгæ уыдзыстут). Уырыссаг фысджытæй дæр бирæтæ уыдысты ам:
А.С.Пушкин, М.Ю.Лермонтов, А.С.Грибоедов, Л.Н.Толстой æмæ иннæтæ (уыдоны дæр фæстæдæр
базондзыстут). Дзæуджыхъæуæн лæвæрд æрцыд «Историон горæт» æмæ «Хæстон намысы горæт»ы ном. Уыцы хорзæхтæ стыр кады нысантæ сты, уымæн æмæ Дзæуджыхъæуæн ис хъæздыг истори.
̶ Нæ горæтæн ма ис уырыссаг ном дæр – Владикавказ. Уый та йын радтой, Ирыстон
Уæрæсеимæ куы баиу, уæд.
̶ Махæн, ирæттæн, нæ райгуырæн бæстæ у Ирыстон, Дзæуджыхъæу та у Ирыстоны сæйраг
горæт. Ис ын йæхи символикæ – тырыса, герб æмæ гимн (ахуыргæнæг сæ æвдисы).
̶ Не стыр Райгуырæн бæстæ та у Уæрæсе. Уæрæсейы сæйраг горæт у Мæскуы. Ацы горæтæн
бындур сæвæрдта Юрий Долгорукий. Мæскуыйы бирæ диссаджы культурон æмæ историон

25

бынæттæ ис. Йæ сæйрагдæр у Кремль. Уым кусынц нæ бæстæйы президент æмæ хицауад. (Абарын
Уæрæсейы æмæ Ирыстоны тырысатæ.)
5. Схемæтæм гæсгæ хæслæвæрдтæ:Нывты бынмæ цы схемæтæ ис, уыдонмæ гæсгæ хъæлæсон
æмæ æмхъæлæсон мыртæ бамбарын кæнын, æмхæст уæнгтæ кæд аразынц, уый сын бацамонын.
̶ Уæдæ-ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, сывæллæттæ, æрдзы цы мыртæ ис, уыдонæй цы
бамбарæн ис? (Хъуг «му» – кæй кæны, æмæ а.д)
̶ Дзурын та сахуыр вæййæм, æрмæст адæймаг цы мыртæ фæзæгъы, уыдоны фæрцы.
̶ Мыртæ вæййынц хъæлæсонтæ (сæ зæгъыны процессы архайы æрмæст хъæлæс) æмæ
æмхъæлæсонтæ (сæ зæгъыны процессы архайынц былтæ, хъæлæс, æвзаг, дæндæгтæ, комы арынг
æмæ иннæ дзурæн оргæнтæ). Дæнцæгтæ æрхæссын. Хъæлæсон æмæ æмхъæлæсонты бастдзинад
схемæтыл равдисын (нывты бынмæ чи ис, уыдоныл æмæ уæлæмхасæн æрмæгыл).
6.Улæфты рæстæг.
7.Дзырдуат:
Тырыса, уæладзыгон, Кремль, бæхтæ, цыртдзæвæн, фæз, хæхтæ, проспект.
8. Къухфысты куыст. Хуызджын кърандæстæй нывтæсахорын.
Раст фыссыны навыктæ ахуыр кæнын: ручкæ рæнхъы дæллаг хаххыл сæвæрын æмæ уæлæмæ
зулаив хахх скæнын, фæстæмæ бынмæ иннæрдæм зулаив хахгæнгæ æрцæуын æмæ а. д.
Хъус дарын хъæуы, цæмæй, элементтæ фысгæйæ, ахуырдзау йæ къух ма иса, куыстæй, фæлæ
архайа уыцы иу хаххæй элементаразыныл.
Уæрæх рæнхъытылкусæн ис кърандасæй кæнæ ручкæйæ.
9. Рефлекси.
̶ Урок уæ зæрдæмæ фæцыд? Цæмæй?
̶ Цы ногдзинад базыдтат абоны урочы?
̶ Зæгъут-ма, цы у Райгуырæн бæстæ?
̶ Цы хуыйны, ирæттæ кæм райгуырдысты, уыцы бæстæ? (Ирыстон.)
̶ Не стыр Райгуырæн бæстæ та куыд хуыйны? (Уæрæсе.)
̶ Иу хатт ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм ныхас, хъуыдыйад,дзырд, уæнг æмæ мыры
бастдзинад (ныхас арæзт у хъуыдыйæдтæй, хъуыдыйад – дзырдтæй, дзырд – уæнгтæй, уæнг та мыртæй).
̶ Уæдæ мыр у ныхасы бындур. Цæмæй аив æмæ раст дзурын сахуыр уæм, уый тыххæй нæ
базонын хъæуы ныхасы мыртæ раст дзурын базонын æмæ сæ цы дамгъæтæй нысан кæнæм, уыдон
раст фыссын сахуыр кæнын.
̶ Иннæ урочы райдайдзыстæм ирон дамгъуатыл кусын – мыртæ æмæ дамгъæтыл.
10-æм урок. Урочы темæ: Дамгъæ Аа.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
̶ сывæллæттæ базондзысты мыр [а] дзырды райдиан, астæу æмæ кæроны хицæн кæнын;
̶ нывтæм гæсгæ схемæтæ аразын сахуыр уыдзысты;
̶ фæлтæрдзысты æмхæст уæнгтæ хицæн кæныныл æмæ сæ раст дзурыныл;
̶ базондзысты, хъæлæсон мыртæ уæнгаразæг кæй сты, уый;
̶ базондзысты ног дзырдтæ (арт, авдæн, аг, арвæрдын, сасир, аг).
̶ къухфысты дамгъæ Аа фыссын сахуыр уыдзысты.
Урочы цыд
1.Зонындзинæдты актуализаци.
– Ивгъуыд урокты мах базонгæ стæм ирон æвзаджы мыртимæ .Характеристикæ дæттын сын

26

базыдтам.
– Нæ зæрдыл-ма сæ æрлæууын кæнæм (хъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсонтæ).
2. Мотиваци Ахуыргæнæг дзуры дзырды лексикон нысаниуæг, сывæллæттæ йын дзурынц йæ
ном, дзырдæн кæнынц схемæ æмæ йæ дих кæнынц уæнгтыл:
ахуырдзауты кусæн стъол – партæ;
алыхуызон халсартæ кæм зайынц, уыцы бынат – цæхæрадон;
с
къоламæ цы сывæллæттæ цæуынц, уыдон – ахуырдзаутæ;
3.Ног æрмæгыл куыст.
Абон базонгæ уыдзыстæм Ирон дамгъуаты фыццаг мыримæ æмæ йæ дамгъæтимæ.
̶ Æз уын ныртæккæ дзурдзынæн уæнгтæ, сымах та уыцы уæнгтæй æрмæст хъæлæсонтæ
хицæн кæнут æмæ сæ хъæрæй дзурут: (мА, рО, сÆ, лУ, кИ…).
̶ Цавæр мыр у [а]? (Хъæлæсон.)
Æрхъуыды-ма кæнут ацы мыримæ дзырдтæ. (АдæймАг, скъолА, пАртæ, Асин, Арв,
кърАндАс…)
– Иумæ дзурæм дыууæрæнхъоны æмæ йын йæ мидис æвзарæм.
А-йæ чи цæра, гъе уымæн
Амонд бауыдзæн йæ лымæн.
Дзырд амонд-ы нысаниуæг бамбарын кæнын, бабæттын æй сабиты ахуыримæ, цæмæй
амондджын уæвынмæ тырной. Амондджын та уæд уыдзысты, æмæ бирæ куы зоной, хæлар æмæ
кæрæдзийы æмбаргæйæ куы цæрой.
- А-имæ цы дзырдтæ æрхъуыды кодтам, уыдонæн схемæтæ аразæм.
4.Улæфты рæстæг.
5.Чиныджы æрмæгимæ куыст.22 – 23 фарс.
– Нывтæ æмæ схемæтæм гæсгæ кæсæм дзырдтæ æмæ аразæм хъуыдыйæдтæ.
– Мырон-дамгъон анализ сын кæнæм.
6.Сюжетон нывмæ гæсгæ куыст. 22-æм фарс.
̶ Кæй уынут нывы?
̶ Цы ми кæны чысыл нывгæнæг?
̶ Цы ныв кæны?
̶ Кæм цæуы архайд?
̶ Цавæр хуызтæй пайда кæны нывгæнæг?
̶ Ахуыр кæнæм тагъддзуринаг:
Арс йæ лæппынтимæ хъазы,
Атылд портийау сæ разы.(Зæрдывæрдæй йæ ахуыр кæнæм.)
7.23-æм фарсы нывтыл æмæ схемæтыл куыст:
̶ Цы ми кæны мад?
̶ Исчи уæ хъуыды кæны, хæрз гыццылæй кæм фынæй кодта, уыцы бынат?
̶ Сывæллоны кæм узынц, уыцы предмет цы хуыйны? (Авдæн.)
̶ Чи дзы уарзта хуыссын? Цæмæн? (Цæуылнæ?)
̶ Нывты бынмæ цы схемæтæ ис, уыдонмæ гæсгæ кæсæм дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ аразæм.
̶ Чи хъуыды кæны, цавæр зарджытæ-иу ын кодта йæ мад? (А-а-а-аааа.)
̶ Ацы зарæг уæ никуы ничи фехъуыста?

27

А-ло-ла
Ло-ло, ло-ло, а-ло-ла!
Лæппу фынæй акæна!
Æцитт, Гино, ма та уас,
Йæ баппа йын ма алас.
Бауадз фынæй чысылы –
Фена дæ уый йæ фыны.
Ацы æмдзæвгæ у адæмон сфæлдыстадæй. У зарæг. Зары йæ мад, йæ сывæллон
фынæйгæнгæйæ. (Ахуыргæнæгæн дæр æй йæ бон у азарын.)
Ахуыргæнæг кæсгæ-кæсын мыр [а] хъæлæсы уагæй хицæн кæны.
̶ Дзырд а-кæ-на-йы цал уæнджы ис? (3) Йæ схемæ йын аразæм.
̶ Фыццаг æмæ фæстаг мыр хъæлæсы уагæй хицæнгæнгæйæ, дзурæм. А-а-а-кæ-на-а-а. Цавæр
мыр рахицæн кодтам? [а].
̶ Цы зонæм ацы мыры тыххæй? (Хъæлæсон.) Нæ бон æй у ивазын. «А» дзургæйæ архайæм
æрмæст хъæлæсæй.
̶ Хъæлæсонтæ сты уæнгаразæг.
̶ Йæ схемæ куыд уыдзæн? (Сырх чырæг.)
̶ «А» дзырдæн йæ кæцы хæйтты хъуысы (райдайæны æмæ кæронæй).
̶ Чи зæгъдзæн, цавæр дамгъæйæ нысангонд цæуы мыр [а]? (А, а)
Сывæллæттæ, уæ хъус æрдарут: мыр [а] у иу, йæ нысангæнæг дамгъæтæ та сты 2 (Аа). Чи
зæгъдзæн, афтæ цæмæн у? (А фыссæм хъуыдыйады райдайæны, адæймаджы, горæтты, хъæуты,
фосы нæмтты.)
Поэт Уырымты Петя мæнæ цы æмдзæвгæ ныффыста:
Арс йæ лæппынимæ хъазы,
Атылд портийау йæ разы.
– Цавæр дзырдтæ ис ацы æмдзæвгæйы мыр [а]-имæ? (Арс, хъазы, атылд, разы.)
8.Улæфты рæстæг.
9.Къухфысты куыст.Фатæгтæм гæсгæдамгъæйы элементтæ кæрæдзиимæ иугæнгæйæ дамгъæ
Аа фыссын. Нывтæ хуызджын кърандæстæй сахорын.(кæд ма рæстæг уа, уæд; куынæ уа, уæд та сæ
хæдзармæ куыстæн раттын).
10. Рефлекси.
̶ Сывæллæттæ, абон нæ урочы, нырмæ цы нæма кодтам, ахæмæй цы бакуыстам? (Чиныджы
кастыстæм.)
̶ Цавæр дамгъæ кæсын сахуыр стæм? (Аа)
̶ Уæдæ ма ноджыдæр цы базыдтам, цавæр мыримæ базонгæ стæм? (Мыр [а]-имæ.)
̶ Сабитæ, зæгъут-ма, дамгъæ бакæс цы нысан кæны? (Дамгъæ у мыры графикон нысан æмæ
йæ хъæрæй зæгъын хъæуы.)
̶ Нæ къласы йæ ном А-йæ кæмæн райдайы? Схемæ-ма йын скæнæм (кæд дзы ис, уæд).
̶ Цавæр дзырдты фембæлдыстæм ацы рæсугъд зараг мыримæ? (АдæймАг, скъолА, пАртæ,
Асин, Арв, кърАндАс, Арт, Арвæрдын, Арс, Авдæн, сАсир,сАг…).
̶ Урок уæ зæрдæмæ фæцыд æви нæ?Цæмæй?
̶ Уæхицæн цавæр бæрæггæнæнтæ сæвæриккат?
̶ Хъуыды ма кæнут, дамгъæты асины кой уын куы кодтон. Уæдæ абон уыцы асины фыццаг
къæпхæныл нæ фыццаг дамгъæ æрæвæрдзыстæм.
̶ Æз зæрдæрухс æмæ хъæлдзæгæй скодтон ацы урок. Сымах та дзы куыдæй цæут?
Зæрдылдаринаг ахуыргæнæгæн:
Ахуыргæнæджы архайын хъæуы, цæмæй алы скъоладзау дæр мыртæ раст дзура. Уый тыххæй
арæхдæр хъæуы мырон æвзæрстытæ кæнын, ахæм фæткмæ гæсгæ:
28

1) дзырдмæ байхъусын кæнын, уыйфæстæ йæ зæгъын кæнын;
2) дзырд уæнггай зæгъын кæнын;
3) куыст цы мырыл цæудзæн, уый хъæлæсы уагæй рахицæн кæнын дзырдымидæг. Мыр дзурын
æмæ йын характеристикæ дæттын.
4) Мырон схемæ саразын (искæцы дзырды), зæгъæм, а-ло-ла-йы.
Куыст цы текстыл цæуы, уый рæнхъгай кæсын æмæ йæ сывæллæттæн дзурын кæнын,алыран
дæр ахъæлæсы уагæй хицæнгæнгæ (зæгъæм, «Хасан»,а – ивазгæ дзырд кæнынц).
11-æм урок. Урочы темæ: Дамгъæ И и.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
̶ сывæллæттæ базонгæ уыдзысты мыр [и]-имæ, дзырдты мидæг æй сæ бон уыдзæн рахицæн
кæнын;
̶ базондзысты, стыр æмæ йæ гыццыл дамгъæйæ кæд фыссæм, уый;
̶ базонгæ уыдзысты,хъæлæсон мыр [и], æмхъæлæсонтимæ æмхæст уæнг аразгæйæ,куыд
дзургæ у, уыимæ. (Уырыссаг æвзаджы хуызæн æмхъæлæсонты фæлмæн кæй нæ кæны.)
̶ дарддæр ахуыр кæндзысты дзырдтæн мырон-уæнгон анализ кæнын;
̶ ахуыр кæндзысты чысыл тексттæ хи ныхæстæй дзурын.
Урочы цыд
1. Зонындзинæдты актуализаци.
̶
Цавæр мыримæ базонгæ стæм раззаг урочы? ([и]-имæ).
̶ Уый цавæр мыр у? (Хъæлæсон.)
̶ Уæдæ абон дæр базонгæ уыдзыстæм ног мыримæ. Мырты кæцы къордмæ бахаудзæн, уый
уæхæдæг зæгъдзыстут.
Ног æрмæгыл куыст.
2. Мотиваци.
̶ Байхъусут-ма æмбисондмæ: «Чингуытæ куы кæсай, уæд алцыдæр зондзынæ».
̶ Мах алы урочы дæр тынг зæрдиагæй кусæм. Уымæ гæсгæ мæ фæнды сымахæн бирæ
цымыдисаг, хъæлдзæг, зондджын æмæ хорз хабæрттæ ракæнын.
̶ Уæдæ та фæлварæм æмхуызонæй активонæй архайын, нæ къухтæ дарын, нæ зонындзинæдтæ
кæрæдзийæн дзурын. Фæнды мæ, цæмæй кæддæриддæр уат куыстмæ разæнгард.
–Абон мах араст уыдзыстæм аргъæутты бæстæмæ æмæ базонгæ уыдзыстæм
«Зæронд бирæгъ»-имæ, æмæ йыл йæ зыды тыххæй цы фыдбылыз æрцыд, уыимæ.
Иу бирæгъ бынтондæр базæронд ис æмæ иубон йæхицæн загъта афтæ: «Бирæ фос фæцагътон,
бирæ зиан фæхастон адæмæн, ныр хъуамæ дзуары бынмæ фæцæуон æмæ мæ фыдмитæ ссыгъдæг
кæнон».
Араст и фæндагыл. Бирæ фæцыд æви гыццыл, уый ничи зоны, фæлæ иуахæмы бахæццæ иу
æрдузмæ. Уым хызти иу къуылых бæх. Бирæгъ æм йæхи хæстæг баласта æмæ йæм дзуры:
– Мæнæ бæх, хæрдзынæн дæ!
– Уаих фæуай, бирæгъ, æмæ мæ куыд хæрыс? Мæллæг куы дæн, стæй мæ къах дæрхъæдгом
куы у.Хæстæгдæр-ма æрбацу æмæ йæ фен.
Бирæгъ бæхы къах уынынмæ куыд фæци, афтæ йæ бæх рариуыгъта. Бирæгъ ма иу лæгæтмæ
кæуылдæрты бабырыд æмæ иуцасдæр фæсад.
(Ахуыргæнæг кæсы,и цы дзырдты ис, уыдон ивазгæйæ.)
3.Улæфты рæстæг.
29

4. Беседæ аргъауы фæдыл.
- Чи у аргъауы сæйраг архайæг? (бирæгъ).
- Кæуыл фембæлд бирæгъ фæндагыл?
- Цы загъта бирæгъ бæхæн?
- Бæх та цы дзуапп ратта бирæгъæн?
- Дзырд «бирæгъ» ма уæнгтыл адих кæнæм (би-рæгъ).
- Ныр та фыццаг уæнг хицæнæй зæгъæм (би-и-и).
- Ивæзгæ дзы цавæр мыр кæны? (и).
- Уæдæ абон цавæр ног мыримæ базонгæ стæм? (и)
5. Чиныгимæ куыст.
- Ныр та-ма байгом кæнут уæ чингуытæ.
- Цавæр хуызæй фыст у дамгъæ И? (Сырхæй.)
- Уæдæ сырхæй фыст дамгъæтæ цавæр мыртæ бæрæг кæнынц? (Хъæлæсонтæ.)
- Æркæсæм нывтæм æмæ фыстытæм. (Нывты бынмæ фыстытæ кæсынц схемæтæм гæсгæ
ахуыргæнæджы амындæй).
4. Сюжетон нывыл куыст:1) Лæппу рудзынг ахоры.
- Ацы нывы цы уынут? (Хъусы уал сывæллæтты дзуаппытæм. Уыйфæстæ йæхæдæг дзуры
нывы сюжет.)
- Ахоргæ цы лæппу кæны, уымæн йæ ном Ирбег у. Æххуыс ын чи кæны, уый та уИрыстон.
(Æмбарын кæны сывæллæттæн, ахæм ном кæй ис, уый.)
Ирбег æмæ Ирыстон æфсымæртæ сты. Уыдон сфæнд кодтой сæ мадæн баххуыс кæнын. Ирбег
асиныл схызт æмæ рудзынг ахоры. Ирыстон та йын æххуыс кæны.
- Ирбег æмæ Ирыстон цавæр лæппутæ сты? (Куыстуарзаг, хорз...)
- Сæ мады уарзынц? (Бирæ уарзынц сæ мады.)
- Иннæ ныв:
- Сывæллæттæ, ацы нывы та цы уынут?
- Чызгæн-ма ахæм ном раттут, йæ фыццаг дамгъæ И-йæ куыд райдайа. (Ирæ, Ингæ, Инессæ,
Идæ,...)
- Цы ми кæны Ирæ? (Йæ куклайы къаба ивы.)
- И-имæ дзырдтæ агурын æмæ сæ кæсын.
- Мыр [и] цавæр дамгъæйæ нысангонд цæуы? (Ии).
- Стыр дамгъæ кæд фæфыссæм? (Хъуыдыйады райдайæн, адæймæгты, хъæуты, горæтты
нæмтты...)
Уырыссаг æвзаджы мыр [и], йæ разæй цы æмхъæлæсон вæййы, уый фæлмæн кæны, ирон
æвзаджы афтæ нæу. Сымах бахъуыды кæнут æмæ раст кæсут,зæгъæм, тигъ, тьигъ нæ, фæлæ; Тиб,
Тьиб нæ фæлæ.
Ахуыргæнæг дзуры,и цы дзырдты ис, ахæмтæ. Скъоладзаутæ дзы уæнгтæ хицæн кæнынц æмæ
сæ раст дзурынц.
асин – а-син
судзин – су-дзин
синаг – си-наг
иту – и-ту
5.Улæфты рæстæг.
–
Чиныджы
нывтæм
ма
иу
хатт
æркæсут(24–
25ф.).Зæгъутма,нывтыпредметтæйцыбакусиккат? (Асиныл быргæ, судзинæй хуыйгæ, синагæй бæтгæ, итуйæ иту
æвæрын, уисойæ мæрзгæ).
6.–
дзырд и.

Байхъусут-маиуæмдзæвгæмææмæзæгъут,кæцыхъуыдыйадыхъуысыæппæты

30

цыбырдæр

Ныззарыд цъиу йæ зарæг,
Фырцинæй зары уый.
Тæхудиаг, нæ уалдзæг!
Дæуæй хуыздæр кæм и?!
Гæдиаты Цомахъ
7. Къухфысты куыст.
И-йы элементтæ фыссын(фатæгтæ куыд амонынц, уымæ гæсгæ).
8. Урочы хатдзæгтæ:
- Сабитæ, абон цавæр мыр базыдтам? ([и])
- Цавæр дамгъæтæй йæ бæрæг кæнæм? (Ии)
- Стыр дамгъæ кæд фыссæм? (Хъуыдыйады райдæйæн, сæрмагонд нæмтты.)
- Цыхуызæн чырæгæй йæ фæнысан кæндзыстæм?
- Хи ныхæстæй радзурын-ма бафæлварæм аргъау «Зæронд бирæгъ».
Уæдæурочырайдианцыæмбисондбакастæн,уыйкуыдбамбæрстат?(Чингуыты руаджы ис бирæ
хабæрттæ базонæн. Алы бон дæр цы базонæм, уый чиныджы вæййы.)
– Ахуыры асины кæцы къæпхæныл сæвæрдзыстæм нæ абоны дамгъæ? (2-аг.)
12-æм урок. Дамгъæ О о.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
- базондзысты хъæлæсон мыр [о] раст дзурын æмæ йын дзырды мидæг йæ бынат агурын;
- базонгæ уыдзысты, графикон æгъдауæй дамгъæ (О о) куыд фысгæ у, уыимæ;
- ахуыр кæндзысты логикон æгъдауæй сæ хъуыдытæ раст дзурыныл.
- таурæгъон, фарстон æмæ хъæрон хъуыдыйæдтæ кæрæдзийæ иртасын базондзысты.
Урочы цыд
1. Зонындзинæдты актуализаци.
– Амæй размæ урокты мах цавæр дамгъæтимæ базонгæ стæм? (а, и). Цавæр хъæлæсон мырты
нысан кæнынц ([а], [и]).
– Уæдæ та абон дæр базонгæ уыдзыстæм ног дамгъæимæ. Мырты кæцы къордмæ бахаудзæн,
уый фæстæдæр сбæрæг уыдзæн.
1.Мотиваци.
«Кусаджы мад – нæ куыдта, магусайы мад – куыдта». Куыд æмбарут ацы æмбисонд. Цавæр
адæймæгты тыххæй у? Магуса чи у? Йæ мад цæмæн куыдта? Мах æхсæн ахæмтæ ис? Кусаджы мад
та куыд фæцæры? (Æнæмæтæй, сæрыстырæй, йæ хъæбул зивæггæнаг кæй нæу, уый тыххæй.)
2. Зонындзинæдты актуализаци. Фæйнæгыл куыст. дзырд ги-но.
- Ссарут, мыр [и] цы дамгъæйæ нысангонд цæуы, уый.
- Бахахх кæнут,[и]æмхæст уæнг цы дамгъæимæ аразы, уый. Иумæ зæгъут дзырдгино. Цавæр
хъæлæсон мыртæ уæм хъуысы ацы дзырды? ([и], [о]).
3.
–Нæ зæрдыл-ма æрлæууын кæнæм, амæй размæ урочы цы мыртæ рацыдыстæм, уыдон.
([а],[и])
– Æрхъуыды-ма кæнæм, ацы мыртæ кæм ис, ахæм дзырдтæ. (Арс, хъаз, алола, гида, Барис,
Ирæ, Ирбег.)

31

Ног æрмæг
Абон дарддæр хизæм дамъæты асинтыл, æмбæлæм дамгъæ Оо-имæ.
4. Предметон нывтæм гæсгæ куыст:
– Цы уынут нывты? (Гогыз,хос, кæрдо,къодах, сагой; обау– ахуырдзаутæ дзурдзысты
«къуыбыр», уымæ гæсгæ сын ног дзырдты нысаниуæг бамбарын кæнын.)
 Сывæллæттæ, мæ фæрстытæн-ма мын цыбыр дзуапп раттут.
 Скъолайы ахуыр кæнын уæ зæрдæмæ цæуы? ( О!)
 Уе 'ппæты дæр фæнды хорз бæрæггæнæтæ райсын? (О!)
 Уæ ныййарджыты уарзут? (О!)
 Мæ алы фарстæн дæр йæ дзуапп цавæр уыдис? (О!)
 Уæдæ абон цавæр ног мыримæ базонгæ уыдзыстæм?(Ног мыр [о]-имæ.)
5. Улæфты рæстæг.
Фæйнæгыл ауыгъд нывтæ: орден, род, къомси, къогъо, зокъо, боныг.
–Сывæллæттæ, бакæсæм-ма, нывтæ цы нысан кæнынц, уыцы дзырдтæ. Фыццаг дзырды кæцы
ран ис нæ ног мыр? (Райдианы.)Сывæллæттæ дзырдтæ радыгай кæсынц æмæ о-йы бынат бæрæг
кæнынц (астæуæй, кæронæй).
– Дзырдтæ «орден» æмæ «къогъо» уæнгтыл адих кæнæм: къо-гъо, ор-ден (мыр [о]-ивазгæ
дзурын).
– Сывæллæттæ, цы уæ бон у зæгъын ацы мыры тыххæй? (Хъæлæсон, дзургæйæ ивæзы,
хъæлæсæй æнæкъуылымпыйæ рацæуы, у уæнгаразæг.)
– Схемæ аразгæйæ йæ куыд фæнысан кæндзыстæм? (Сырх хуызæй.)
–Уæнгтыл цы дзырдтæ адих кодтам, уыдоны йæ кæцы ран фехъуыстам? (Райдианы, астæуæй
æмæ кæроны.)
6. Сюжетон нывтимæ куыст.
Чиныджы 26-æм æмæ 27-æм фарс.
 26-æм фарс. Лæппутæн нæмттæ раттут æмæ хъуыдыйад саразут. (Тотыр æмæ Толик хос
кæрдынц.)
 27-æм фарс. Æркæсут нывмæ æмæ дзы йæ зæрдæмæ кæмæн цы цæуы, уый радзурæд.
(Зæгъæм, «Мæ дада цæры хохы. Каникулты йæм ме 'фсымæртимæ ацыдыстæм. Дадамæ ис бирæ
фос. Уый сын хос ныккарста».)
 Нывы бын цы схемæтæ ис, уыдонмæ гæсгæ-ма радзырд саразæм. («Мах ацыдыстæм хохмæ.
Уым цæры дада. Куыд расугъд у хохы!)
 Фæстаг хъуыдыйады фæстæ цавæр æрхæцæн нысан сæвæрдтам? Цæмæн? (Уымæн æмæ йæ
дисы хъæлæсы уагæй загътам.) Ам сывæллæттæн бацамонын, хъуыдыйæдтæ хъæлæсы уагмæ гæсгæ
алыхуызæттæ кæй вæййынц,уый.
 Дзырдты ссарут æмхæст уæнгтæ: То-ты-р, То-ли-к, хо-х-мæ.
 О-йæ фæстæмæ ма цавæр хъæлæсонтæ ис ацы дзырдты (ы, и, æ).
7. Сывæллæттæ, сахуыр-ма кæнæм Цæрукъаты Валодяйы дыууæрæнхъон:
О-йы ратулдзыстæм мах,
Уый кæд у уæрдоны цалх.
8.Улæфты рæстæг.
9. Къухфысты куыст.
Дамгъæ О о фыссын.Дамгъæтæ Ии, А а æмæ О о баиу кæнын.
10. Урочы хатдзæгтæ:

32


имæ.)






Цавæр мыр æмæ дамгъæимæ базонгæ стæм? (Хъæлæсон мыр [о]-имæ æмæ дамгъæ О оУрок уæ зæрдæмæ фæцыд? Цæмæй?
Мæнæн ацы урок мæ зæрдæмæ уæ дзуаппытæй фæцыд, уæ зæрдиаг куыстæй.
Зæгъут-ма, абон искæйы мад кæудзæн? (Алчидæр дзуры йæхи куысты тыххæй.)
Æмæ уæ афтæ та цæмæн фæрсын? (Æмбисонды мидисы тыххæй.)
Нæ асины кæцы къæпхæнмæ схæццæ стæм? (3-аг.)

13-æм урок.
Урочы темæ:Дамгъæ Уу.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 базонгæ уыдзысты хъæлæсон мыр [у]æмæ, цы дамгъæйæ нысангонд цæуы (Уу), уыимæ;
 ахуыр кæндзысты мырон-дамгъон анализ кæнын;
 базонгæ уыдзысты æппæты цыбырдæр дзырд «у»-имæ;
 проблемон фарст цы у, уый базондзысты æмæ йын дзуапп дæттыныл ахуыр кæндзысты;
 къухфысты кусын ахуыр кæндзысты.
Урочы цыд
1. Зонындзинæдты актуализаци.
 Сывæллæттæ, зæгъут-ма, амæй размæ урочы нæ зонындзинæдты асиныл цавæр дамгъæ
æвæрд æрцыд? (0).
 Характеристикæ-ма йын раттут (Хъæлæсон, уæнгаразæг, вæййы дзырдты райдайæны,
астæуæй æмæ кæроны).
 Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут,О-имæ цы ног дзырдтæ базыдтат, уыдонæй иу цалдæр, кæнæ
та уæхæдæг кæй зонут, ахæмтæ.
2. Мотиваци.
 Байхъусут-ма æмбисондмæ: «Кусгæ чи кæны, уый хæдзар сойджын у».
 Куыд æмбарут æмбисонды дыккаг хай? Хæдзар сойæ ахуырст у? (Нæ. Фæлæ кусгæ чи кæны,
уымæ алцыдæр вæййы. )
3. Ног æрмæгыл куыст.
Нæ абоны урочы нæм æнхъæлмæ кæсынц цымыдисаг куыстытæ, ног цыдæртæ базондзыстæм
æмæ мæ фæнды, цæмæй иууылдæр лæмбынæг хъусат.
- Сывæллæттæ, дымгæ куы фæкæны, уæд цавæр мыртæ фæуайы нæ хъустыл? (У-у-у.)
- Раст бафиппайдтат.
- Нæ зæрдыл-ма æрлæууын кæнæм, æрдзон мыртæ уæнгаразæг кæнæ дзырдаразæг сты? (Не
сты, уæнгаразæг сты æрмæст адæймаджы загъд мыртæ.)
- Уæдæ уæм куыд кæсы, абон цавæр мыримæ базонгæ уыдзыстæм?
- Раст, мыр [у]-имæ.
- Чиныджы 28-æм фарсыл-ма æркæсут, цавæр мыр у, уымæ. (Хъæлæсон.)
- Кæсæм хъæлæсон мыртæ (а,и,о).
- Хъæлæсонты бынмæ цы ныв ис, уым цы уынæм? (Дымгæйы ныв).
- Иу хатт-ма зæгъæм, куыд кæны дымгæ? (У-у-у.)
- Схемæтæм гæсгæ дзурæм предметты нæмттæ (дур, дурын, къус, цугун, иту).
- Сюжетон нывтæ æмæ схемæтæм гæсгæ аразæм хъуыдыйæдтæ (зæгъæм, «Нана авдæн узы»,
«Чызг хисæрфæн æмпъузы»).

33

- Хъуыдыйæдты-ма алы дзырд дæр уæнгтыл адих кæнæм (на-на, ав-дæн, у-зы, чызг, хи-сæрфæн, æм-пъу-зы). Алы дзырды дæр уæнгты нымæц нымайынц æмæ сæ хъæрæй дзурынц.
4. Улæфты рæстæг.
5. Æмдзæвгæйыл куыст.
Байхъусут æмдзæвгæмæ:
Булæ, булæ, гæбулæ,
Ратæх тагъддæр мæ цурмæ.
Рахæсс-ма мын дæ зарæг,
Мæ хуры тын, мæ зынаргъ!
– Нæ зæрдыл лæууын кæнæм æмхæст уæнг.(Сывæллæттæ фæйнæгыл ахуыргæнæджы
лæвæрддзырдтæм схемæтæ кæнынц æмæ æмхæст уæнгтæ æвдисынц. Дзырдтæн кæнынц мырондамгъон анализ.)
Ахуыргæнæг цалдæр хатты кæсы æмдзæвгæ æмæ хæслæвæрдтæ дæтты сывæллæттæн:
- Агурæм æмдзæвгæйы æмхæст уæнгтæ мыр [у]-имæ (фыццаг рæнхъы бу-, дыккаг рæнхъы цу-,
æртыккаджы – нæй, цыппæрæмы–ху-). Цыппæрæм рæнхъы макæцы дзырды ис уæнгаразæг у(у- дыл).
- Дзырд «хуры»-йæн кæнæм мырон схемæ.
6.Проблемонхæслæвæрд.
- Æркæсут 29-æм фарсыл схемæмæ æмæ фарстæн дзуапп раттут– иу схемæ цæмæн ис нывтæм?
(Нывты цы'вдыст ис, уыцы дзырдтæ арæзт сты æртæ дамгъæйæ: хур, худ, хъуг, суг, уымæ
гæсгæ сын ис иухуызон схемæ. Алы дзырды дæр хъуысы мыр [у].)
- Сæ фарсмæ иннæ дыууæ нывæн та цæмæн ис иу схемæ?Коляскæ æмæ гамак кæрæдзимæ цы
бар дарынц? (Сæ дыууæйы дæр фæкæнынц узгæ.)
- Иннæ схемæтæм-ма уæхæдæг ссарут дзырдтæ (ус, урс, Умар, худын, улæфын).
6.Сюжетон нывыл куыст.
- Сюжетон нывмæ гæсгæ чысыл радзырд æрхъуыды кæнæм. (Зæгъæм, «Мæ мадимæ улæфæм
денджызы был. Ам ис бирæ адæм. Дудар дæр йæ фыдимæ æрцыд. Хурмæ нæхи фæсудзæм.
Уыйфæстæ футболæй фæхъазæм. Тынг хъæлдзæг дзы у».)
- Иу хатт ма байхъусут æмбисондмæ: «Кусгæ чи кæны, уый хæдзар сойджын у». Йæ мидис ын
равзæрстам, фæлæ-ма йын æркæсæм йæ арæзтмæ, йæ дыккаг хай цал дзырдæй арæзт у? (4
дзырдæй.)
- Йæ фæстаг дзырд-ма йын зæгъут (У).
- Мах та абон цавæр мыр æмæ дамгъæ ахуыр кодтам? ([у], Уу.)
- Æмæ уæм куыд кæсы, У мыр у, дамгъæ æви дзырд? (Сывæллæтты хъуыдытæм байхъусын.)
7.Аргъауыл куыст.
- Аргъаумæ байхъусут:
«Иуахæмы дамгъæты бæстæйы паддзах йæ хæдзарæй рацыд. Йæ алывæрстæм акаст æмæ
дарддæр фæцæуы. Цæуы, цæуы æмæдурыл йæ къах скъуырдта. Æнæнхъæлæджы фæфæлдæхт.
Ныхъхъæр ма кодта: «Кæм стут? Баххуыс мын кæнут!» Йæ хъæрмæ А, И, О æмæ У разгъордтой.
Уайтагъд сæ паддзахы уæлхъус алæууыдысты. Паддзах сæ фæрсы: «Баххуыс мын кæндзыстут?».
О, зæгъгæ, йын загътаО. А йæм дзуры: А, лæдзæджы кæроныл хæц æмæ дæ сисон. Паддзах æм
байхъуыста æмæ уайтагъд йæ къæхтыл алæууыд. Арфæ сын ракодта, фæлæ И дард лæууыд æмæ
йæ нæ бамбæрста. И? – зæгъгæ, йæ афарста. Паддзах ын ногæй раарфæ кодта. «Æнæфыдбылыз
у», – æфсæрмхуызæй йæм бадзырдта дамгъæ У дæр».
Паддзахы зæрдæмæ тынг фæцыдысты ацы дамгъæтæ. Радта ахæм бар, цæмæй хъæлæсонтæ

34

А, И, О æмæ У хибарæй нысан кæной æнæхъæн дзырдтæ дæр.(Майрæмыхъуаты Ф.)
–Уæдæ уæлдæр цы фарст сæвæрдтон: «Умыр у, дамгъæ æви дзырд?», уымæн нæм цы дзуапп
ис? (Дамгъæ дæр, мыр дæр æмæ дзырд дæр.)
8.Къухфысты куыст. Дамгъæ Уу æмæ йæ элементтæ фыссын. Хуызджын кърандæстæй нывтæ
сахорын.
9. Рефлекси.
- Цавæр дамгъæимæ базонгæ стæм?
- Цы уæм фæкаст цымыдисаг нæ урочы?
- Цы радзурдзыстут уæхимæ нæ абоны урочы тыххæй?
- Цавæр цымыдисаг хабæрттæ базыдтам, цы хъæлæсон мыртæ рацыдыстæм, уыдоны тыххæй?
(А,О,И,У ма мыртæ æмæ дамгъæтæй уæлдай дзырдтæ дæр кæй сты, уый.)
- Нæ ахуыры асины кæцы къæпхæныл æвæрд æрцæудзæн дамгъæ Уу? (4).
14-æм урок.
Урочы темæ: Дамгъæ Ææ.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
- сывæллæттæ базонгæ уыдзысты хъæлæсон мыр [æ] æмæ цы дамгъæйæ нысангонд цæуы
(Ææ), уыимæ;
- дамгъæ Ææ æрмæст ирон алфавиты кæй ис, уый базондзысты.
- ахуыр кæндзысты мырон-дамгъон анализ кæнын;
- сюжетон нывтæм гæсгæ радзырдтæ аразыныл архайдзысты.
- къухфысты кусыныл дарддæр фæлтæрдзысты.
Урочы цыд
1.Зонындзинæдты актуализаци.
- Сывæллæттæ, зæгъут-ма, амæй размæ урочы нæ зонындзинæдты асиныл цавæр дамгъæ
æвæрд æрцыд? (Уу.)
- Характеристикæма йын раттут (хъæлæсон, уæнгаразæг, вæййы дзырдты райдайæны,
астæуæй æмæ кæроны).
- Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут,У-имæ цы ног дзырдтæ базыдтат, уыдонæй иу цалдæр(цугун,
дурын, æмпъузын).
- У æмæ йæ размæ кæй базыдтам, уыцы хъæлæсонты тыххæй ма нæ бон цы зæгъын у?
(Вæййынц хибарæй дзырдтæ дæр.)
- Уæдæ та абоны хъæлæсонмæ дæр цыдæр æндæр миниуæг уыдзæн.
2. Мотиваци.
Базон-базон, уый та циу?
Гыццыл хъуынджын цæрæгой
Бæласыл фæбады.
Къæрцц кæны æхсæртæ,
Фæлæ зокъотæ дæр уарзы (æхсæрæг).
- Сывæллæттæ, уæнггай-ма зæгъæм ацы дзырд (æх-сæ-рæг).
- Цавæр хъæлæсон уæм дзы хъуысы? (æ).
3. Ног æрмæгыл куыст.
- Чиныджы агурæм, уыци-уыцийы цы гыццыл цæрæгойы кой кодтам, уый.

35

- Нывы бынмæ цы схемæтæ ис, уыдонмæ гæсгæ хъуыдыйæдтæ хъуыды кæнæм.(Бæласыл бады
æхсæрæг. Уый хæры зокъо. Куыд рæсугъд у æхсæрæг!)
- Фæстаг хъуыдыйады агурæм æппæты цыбырдæр дзырд (у).
- Тагъддзуринаг ахуыр кæнæм:
Æхсæрæг æхсæрыл æхсыны æхсæртæ,
Йæхæдæг нæ зыны.
- 30-æм фарсыл нывмæ гæсгæ хæслæвæрдтæ æххæст кæнæм:
- Цы уынут нывы? (Хæдзар, мæсыг, бæлас, хæхтæ.)
- Цавæр мыр хъуысы фыццаг уæнгты алы дзырды дæр? [æ]
- Рахицæн-ма кæнæм мыр [æ]. Цавæр мыр у, хъæлæсон æви æмхъæлæсон? Схемæйы
амонгæйæ цыхуызæн уыдзæн? (Бакусын йæ артикуляцийыл).
4. Предметоннывтылкуыст.
- Уæнгтыл ма адих кæнæм дзырдтæ, рахицæн дзы кæнæм мыр [æ].
4. Улæфты рæстæг.
- Тагъддзуринаджы дыууæ хъуыдыйадæн аразæм схемæтæ.
- Дзырд æнгузтæ-йæн мырон-дамгъон анализ скæнын.
5. Къухфысты куыст.Дамгъæ æ фыссын къухфысты. Фыссæм уæлейæ райдайгæйæ бынмæ,
дарддæр– уæлæмæ дæргъæццон тымбыл хахх. Тымбыл хаххы райдианы бæрзæндмæ æмраст хахх
хæццæ кæнæм, хаххыл цæуæм бынмæ æмæ йын аразæм бабæттыны тыххæй къах
рахизырдæм.Нывтæ хуызджынкърандæстæй сахорын.
6. Рефлекси.
- Цавæр мыр æмæ дамгъæимæ базонгæ стæм? (Хъæлæсон мыр [æ]-имæ æмæ дамгъæ Ææимæ.)
- Урок уæ зæрдæмæ фæцыд? Цæмæй?
- Мæнæн та ацы урок дæр мæ зæрдæмæ уæ дзуæппытæй фæцыд, уæ зæрдиаг куыстæй.
- Зæгъут-ма, абон уæхимæ цы радзурат, уый уын ис? (Алчидæр дзуры йæхи куысты тыххæй.
- Цымыдисаг æмæ ногæй цы базыдтат? (Ææрмæст ирон æвзаджы кæй ис, уый. Æхсæрæджы
царды тыххæй.)
- Нæ асины кæцы къæпхæнмæ схæццæ стæм? (5-æм).
15-æм урок. Урочы темæ: Дамгъæ ы.
1. Рагацау загъд фæстиуджытæ:
- сабитæ базондзысты, мыр [ы] дамгъæ ы-йæ нысангонд кæй цæуы, уый;
- дарддæр ахуыр кæндзысты –раст мырон-дамгъон анализ кæнын, дзырдтæ уæнгтыл дих
кæнын;
- хъæлæсон мыртæ а, æ, ы кæрæдзийæ иртасын;
- ахуыргæнæг æмæ се 'мбæлттимæ диалогы цæуын;
- сæ кæрæдзийы ныхасмæ хъусын, искæйы хъуыдытæн аргъ кæнын.
Урочы цыд
1. Зонындзинæдты актуализаци.
- Цавæр мыртæ базыдтат раззаг урокты? ([а], [и], [о], [у], [æ])
Абон дæр та базонгæ уыдзыстæм иу мыримæ. Уый у тынг цымыдисаг мыр. Йæ дамгъæ дæр
ахæм.
2. Мотиваци.
- Нæ абоны девиз уыдзæн ахæм: «Сымахæн – æнтыстдзинад, мæнæн та –циндзинад!»
36

- Куыд æмбарут нæ девизы фыццаг хай?
- Æнтыстдзинæдтæ уæ къухы кæд бафты? (Æрмæг куы фæзонæм, уæд.)
- Скъолайы уын æнцон кæд вæййы? Уæхи хорз кæд фенкъарут? (Нæ уроктæ куы сахуыр
кæнæм, уæд.)
- Ахуыргæнæгæн та циндзинад цы æрхæссы? (махнæ уроктæ хорз куы сахуыр кæнæм, уæд.)
- Раззаг урокты кæй ахуыр кодтам, уыцы æмбисæндтæй уæ зæрдыл исты бадардтат? Зæгъут-ма
дзы иу.
Уæ хæдзары сæ хистæртæй искуы фехъуыстат?
3. Ног æрмæгыл куыст.
Фæйнæгыл куыст:хызын (ныв, схемæ); уызын (ныв, схемæ), кæнæ æндæр нывтæ
ахуыргæнæгмæ гæсгæ.Æмхæст уæнгтæ бахахх кæнын.
– Чиныджы 32 фарсыл цы нывтæ ис, уыдонмæ æркæсут.
– Æмхæст уæнгтæ дзы ссарут.
– Бынæй цы ныв ис, уым цы бафыссиккат? (Чызг ныв кæны.)
Ахуыргæнæг хъæлæсонтæ ивазгæйæ кæсы дзырдты рæнхъытæ.
Хæс: Абарын хъæлæсон мыртæ.
Нар – нæр – ныв, нас – нæрс – ныфс
Сывæллæттæн бамбарын кæнын,дзурæн оргæнтæ сæхи куыд дарынц уыцы мыртæ дзургæйæ,
уый.
а – ивазгæ
æ – цыбырдæр
ы – цыбыр
4. Улæфты рæстæг.
5.Нывтыл куыст. 33 фарсыл цы нывтæ ис, уыдонмæ кæсæм.
- Æрхъуыды-макæнутиухъуыдыйад фыццаг нывмæ.(ЛанææмæВерæстыкæсæндоны.)
- Схемæтæм гæсгæ аразæм чысыл текст. (Тæрхæгыл ис чингуытæ. Сты æфснайд. Æз сæ
фæкæсын.)
- Кæсæм2-агнывмæ.
- Цы дзы уынут?
- Аразæмдыууæ хъуыдыйады схемæтæм гæсгæ (фарстон æмæ таурæгъон).(Чызджытæ цы ми
кæнынц? Ритæ æмæ Зинæ райстой чингуытæ.)
- Бафæлварæм-манывмæ гæсгæ радзырд саразын.(Абон мæ хистæр хо Людæ ацыд
кæсæндонма. Уым фембæлд Лизæ æмæ Викæйыл. Уыдон æртæйæ дæр иумæ ахуыр
кæнынц.Сты æмбæлттæ. Сæ уроктæ арæх фæкæнынц иумæ. Чызджытæ сихормæ уым
фесты.).
- Нæ радзырдæн сæргонд дæр æрхъуыды кæнæм.(«Кæсæндоны», «Æмбæлттæ».)
6.Къухфысты куыст. Дамгъæ ы фыссын. Хуызджын кърандæстæй ахорын.
7. Уыци-уыцийыл куыст.
Дидинæджы былтæн
Уый фæкæны пъатæ.
Дунейыл йæ гуылтæй
Адджындæр нæма уыд. (Мыдыбындз.)
–Дзырд мыдыбындз-æн мырон-дамгъон анализ скæнæм. Мыр [ы] рахицæн
кæнæм, раттæм ын характеристикæ. (Хъæлæсон, уæнгаразæг, вæййы дзырдты райдайæны,
астæуæй æмæ кæроны; ирон æвзаджы нæй стыр дамгъæ ы, уымæн æмæ ы- йæ иу дзырд дæр нæ

37

райдайы.)
– Дзурæм дзырдтæ: цыхт, гæды, къæбыла, мыдыбындз, фыс (ыивазгæйæ дзурынц, дамгъæтæ:
а, æ, ыдзырдкъæ-бы-ла-йыкæрæдзийыл барынц æмæ сын сæ хицæндзинæдтæ бæрæг кæнынц).
8. Рефлекси.
 Мыр [ы]цавæр дамгъæйæ нысангонд цæуы? (ы-йæ)
 Иу хатт ма дзурæм мыртæ: [а][æ][ы] (сæ хицæндзинæдтæ сын бæрæггæнгæйæ).
 Иннæ хъæлæсон дамгъæтæйыцæмæй хицæн кæны? (ы-йæ иу дзырд дæр нæ райдайы æмæ
йын нæй стыр дамгъæ.)
 Уæдæ кæцы къæпхæныл æвæрæм нæ ацы дамгъæ та? (6-æмкъæпхæныл.)
 Абоны урочы уæм цымыдисаг исты фæкастис?
 Уæхицæн цавæр бæрæггæнæнтæ сæвæриккат?

16-æм урок.
Урочы темæ: Дамгъæ Нн.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 зонгæ кæнын æмхъæлæсон мыр [н]-имæ;
 мыр раст дзурыныл куыст;
 ныхасы рæзт;
 дзырд уæнгтыл дих кæнын;
 уæнгтæ аразын æмæ сæ кæсын;
 схемæтæм гæсгæ дзырд æмæ хъуыдыйад аразын;
 дамгъæ Нн фыссын.
Урочы цыд
1.Зонындзинæдты актуализаци.
- Хъæлæсон æмæ æмхъæлæсонты хицæндзинæдтæ ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм.
- Цы хъæлæсон мыртæ базыдтам, уыдонæн ма характеристикæ раттæм.
2. Мотиваци.
Нарты бæстæ – диссæгты бæстæ.Нæ абоны урочы абалц кæндзыстæм Нарты бæстæмæ. Уым
цæрынц диссаджы адæм. Базондзыстæм, куыд цардысты æмæ цы сгуыхтдзинæдтæ арæзтой Нарт.
3.Ног æрмæгыл куыст.
Нывмæ гæсгæ беседæ саразын. Радзурын ахуырдзаутæн, чи сты Нарт? Цы у Ныхас? Цавæр
дарæсы сты нæлгоймæгтæ?
– Уæдæ ма абарут дзырдтæ нарт – арт. Иу нысаниуæг сын ис?
– Уæ хъус лæмбынæг æрдарут алы дзырдмæ дæр, уымæн æмæ дзы иу мыр дæр раст куынæ
зæгъай, уæд дзырдæн йæ нысаниуæг бынтон аивы, æмæ, цы зæгъинаг дæ, уый ничиуал бамбардзæн.
– Æмхъæлæсон н-имæ уæнгтæ саразæм æмæ сæ бакæсæм. Хъæлæсонты растдзурынадмæ хъус
дарын.
Нывмæ гæсгæ Нарт Сосланы тыххæй беседæ саразын. Радзурын Сосланы сгуыхдзинæдты
тыххæй. Ахуырдзаутæн радзурын, Уацамонгæ цы у æмæ йын цы нысаниуæг уыд Нарты адæмы
'хсæн.
–Нывтæм гæсгæ схемæтæ саразæм, зонгæ дамгъæтæ байгом кæнæм.
– Ныр та бакæсæм дзырдтæ. Цæмæн сты стыр дамгъæйæ фыст? (Уыдон нæмттæсты.)

38

4. Улæфты рæстæг.
–Æрхъуыды ма кæнæм хъуыдыйæдтæ ацы нæмттимæ: Нинæ, Аннæ, Иннæ.(зæгъæм,Нинæ,
Аннæ æмæ Иннæ сты хотæ).Хъуыдыйадæн схемæсаразын.
5.Къухфысты куыст.Дамгъæ Нн фыссын:
 дзырд нуры-йæн мырон-дамгъон анализ скæнын;
 дамгъæ н фыссын къухфысты. Равзарын, дамгъæ цавæр элементтæй арæзт у;
 уæнгтæ на,нæ фыссын, се 'хсæн сын раст, цыбыр, зулаив хахх фысын;
 дзырд нана уæнггай фыссын;
 стыр дамгъæ Н фыссыны размæ равзарын, цавæр элементтæй арæзт у: раст,
 даргъ, зулаив хахх дæлæрдыгæй къæлæтимæ; раст , даргъ, зулаив хахх ауындзæгимæ
астæуæй.Абарын стыр æмæ гыццыл дамгъæтæ кæрæдзийыл;
 нæмттæ Нинæ, Аннæ, Иннæ уæнггай фыссын,дамгъæтæ раст иу кæнын.
6. Рефлекси:
– Ногæй цы базыдтат абоны урочы?(Дамгъæ Нн æмæ мыр [н], Нарты тыххæй.)
– Уæ зæрдæмæ тынгдæр цы фæцыд абон?
17-æм урок.
Урочы темæ:Дамгъæ Р, р.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 сывæллæттæ базондзысты æмхъæлæсон мыр [р] дзурын, дзырдты мидæг æй хицæн
кæнын;
 мыр [р] раст дзурын сахуыр уыдзысты;
 дзырдтæ уæнгтыл дих кæндзысты;
 схемæтæм гæсгæ дзырд æмæ хъуыдыйад аразыныл фæлтæрдзысты;
 уæнгтæй дзырдтæ аразын фæцалх уыдзысты;
 дамгъæ Рр фыссын базондзысты.
Урочы цыд
1. Зонындзинæдты актуализаци.
–Рацыд урочы базонгæ стæм мыр [н]-имæ.Цавæр дамгъæйæ нысангонд цæуы, уыимæ.(Н- имæ
иу цалдæр дзырды равзарын, мырон-дамгъон анализ сын скæнын. Нарты тыххæй сæ бафæрсын).
Абон дæр та базондзыстæм ног дамгъæ æмæ мыр;
2. Мотиваци.
«Æмбал æмбалæн æххуыс».
– Бамбарын-ма кæнут ацы æмбисонды мидис.(Иуæй-иу хатт тынг зын вæййы цавæрдæр
куыст сæххæст кæнын, фæлæ дæ хорз æмбал дæ фарсмæ куы æрбалæууа æмæ дын куы аххуыс кæна,
уæд æй æнцондæрæй сæххæст кæндзынæ).
3. Ног æрмæг.
Уæдæ ма мах дæр ныртæккæ кæрæдзийæн аххуыс кæнæм, къæйттæй акусæм. Æз уæ хонын нæ
цæхæрадонмæ. (Цæхæрадоны ныв, пъæмидор, цæхæра, нуры,картоф, уырыдзы, джитъри.
Интерактивон фæйнæг кæмæ ис, уый, фæйнæгыл.)
–Æркæсут-ма нывмæ æмæ, кæрæдзийæн æххуысгæнгæйæ, радзурут, цы дзы уынут, уый.
(Сывæллæттæй иу дзуры, иннæ йæ æххæст кæны.)
4.Фæйнæгыл куыст.Дзырдты схемæтæ: (цæхæра, нуры, уырыдзы).
39

–[р] цы уæнгты хъуысы, æрмæст уыцы уæнгтæ бахахх кæнут. (Æмхæст уæнг зæрдыл
æрлæууын кæнын). Схемæтæм æмæ нывтæм гæсгæ дзырдтæ бакæсын: рувæн, картæфтæ, цæхæра.
Бирæон нымæц зæрдыл æрлæууын кæнын.
5.Чиныджы æрмæгимæ куыст (37-æм фарс).
 Хъæлæсонтæй [р]-имæ уæнгтæ саразут æмæ сæ хъæрæй бакæсут.
 Нывмæ гæсгæ бафæлварæм 3 хъуыдыйады кæнын. (Хъуыдыйæдтæ сæ загъды нысанмæ
гæсгæ алыхуызæттæ кæй сты, уый зæрдыл æрлæууын кæнын).
 Лæппу æмæ чызгæн нæмттæ раттæм. (Зæгъæм, Ирæ æмæ Ирбег).
 Схемæтæ æмæ нывтæм гæсгæ дзырдтæ бакæсæм (бирæгъ, арв, арс).
 Тæрхъусы нывы бынмæ хъуыдыйад аразæм. (Тæрхъус уырыдзы хæры).
6. Æмдзæвгæйыл куыст.
Уарын
Уæрын, уарын, банцай, цæй! –
Кæрты хъазæн махæн нæй,
Уарыс, уарыс æмæ уарыс,
Дон лыстæг сасирæй луарыс…
Гусалты Замирæт
Æмдзæвгæйы [р]-цы дзырдты æмбæлы, уым сæ хъæлæсы уагæй хицæн кæнын, афтæмæй
æмдзæвгæ цалдæр хатты бакæсын. Уый фæстæ дзы сывæллæттæ цы рæнхъытæ бахъуыды
кодтой, уый сбæрæг кæнын
7. Сыгъдæгдзуринæгтæ аразын.
–Ацы æмхæст уæнгтæм сыгъдæгдзуринæгтæ саразын бафæлварæм:
Ра-ра-ра – уæртæ 'рбацæуы ... (Цæра).
Ры-ры-ры – калм йæ хуыккоммæ ... (быры).
Ру-ру-ру – не 'хсæн сарæзтам ... (быру).
Ри-ри-ри – скодтам картæфтæй ... (кæри).
8. Дзырдуатон куыст.
– Ног дзырдтыл бакусын. (быру, кæри). Сæ нысаниуæг сын бамбарын кæнын. Уæнгты нымæц
сбæрæг кæнын. Мырон- дамгъон анализ сын скæнын æмæ а. д.
9. Фæлхат кæнын æрмæг.
Зæрдыл æрлæууын кæнын хъуыдыйæдты хуызтæ сæ интонацимæ гæсгæ. (таурæгъон,
фарстон æмæ хъæрон). Ныв æмæ схемæтæм гæсгæ саразын хъуыдыйæдтæ. Зæгъæм,
?Ды ирон дæ?
! Рæсугъд у Ирыстон!
.Ирыстоны цæры алы адæмыхæттытæ.
10.Улæфты рæстæг.
11. Къухфысты куыст.
- дзырд рувас-æн мырон-дамгъон анализ скæнын;
- гыццыл дамгъæ р фыссыны æгъдæуттæ;
- дамгъæ р æндæр дамгъæтимæ иу кæнын æмæ уæнгтæ фыссын;
- р-имæ дзырдтæ фыссын;
- стыр дамгъæ Р фыссыны æгъдæуттæ;
40

12. Рефлекси:
- Цавæр дамгъæимæ базонгæ стæм абоны урочы?
- Цавæр дзырдтæ бахъуыды кодтат р-имæ?
- Сыгъдæгдзуринæгтæ радзурын.
- Абоны урочы уæ зæрдæмæ тынгдæр цы фæцыд?
- Уæхицæн-ма бæрæггæнæнтæ сæвæрут.
18-æм урок. Урочы темæ: Дамгъæ Мм.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 Сывæллæттæ базонгæ уыдзысты æмхъæлæсон мыр [м]-имæ;
 Мыр раст дзурыныл фæлтæрдзысты;
 Дзырд уæнгтыл дих кæныны æгъдæуттæ фидар кæндзысты;
 Уæнгтæ аразыныл æмæ сæ раст кæсыныл архайдзысты;
 Схемæмæ гæсгæ хъуыдыйæдтæ аразыныл фæлтæрдзысты.
Урочы цыд
1.Зонындзинæдты актуализаци.
 Амæй размæ урочы цавæр дамгъæ рацыдыстæм? (Рр).
 Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм Гусалты Замирæты æмдзæвгæ «Уарын».
 Цæуыл уыдис ацы æмдзæвгæ?
 Мыр [р]-имæ зæгъут 3 дзырды (р разæй, астæуæй æмæ кæронæй куыд уа, афтæмæй).
2. Мотиваци.
«Мады зæрдæ зонаг у».
– Æмбисонды хъуыды куыд æмбарут?Рахицæн-ма кæнæм æмбисондæй дзырд мадыæмæ йын
схемæ скæнæм. Уæнгтыл æй адих кæнæм. Фыццаг уæнджы райдайæны нæм цавæр мыр хъуысы?
([м]).
3.Ног æрмæг.
Фæйнæгыл æвдыст цæуынц нывтæ (машинæ, мæлдзыг).
– Цы уынут нывты?
– Цавæр мырæй райдайынц дзырдтæ? ([м]-йæ).
–Акæсут-ма уæ алыварс æмæ ма ссарут м-йæ чи райдайы, ахæм дзырдтæ (мел, магнит).
–Хорз, уæдæ мах абон цавæр ног мыримæ базонгæ стæм?
– Ныр та ахъуыды кæнут æмæ [м] кæм ис, ахæм дзырдтæ æрхъуыды кæнут. (æмбал, æмбис,
сом, комбайн, мæлдзыг).
–Дзырдтæн мырон-дамгъон анализ скæнæм, адих сæ кæнæм уæнгтыл
4.Чиныджы æрмæгимæ куыст.
– Æркæсут-ма нывтæм: машинæ, арм, мæй, маймулимæлдзыг, зымæг.
–Сæ фыццаг мыр [м] цы дзырдтæн у, уыдон ма бакæсæм (машинæ, мæй, маймули мæлдзыг).
Уæнгтыл сæ адих кæнæм.
– Искæйы бирæ рæстæджы фæстæ куы фенæм, кæнæ сывæллон йæ мадыл куы фæцин кæны,
уæд фыр цинæй куыд фæзæгъы? (Уæуу, мæнæ-ма…! Мæнæ ма…!) цавæр хъæлæсы уагæй? (цин
фæкæнæм). Уæдæ фысгæйæ та цин æвдыст цæуы мæнæ ацы нысанæй - !.
– Бакæсæм-ма нæ нывы фарсмæ цы фыстытæ ис, уыдон.
– Ссарут ма [м] дзырды кæроны (арм); астæуæй та кæм ис? (маймули, зымæг).
– 39-æм фарсыл кæсæм уæнгтæ.(Мырты растдзурынадмæхъус æрдарын). Хъæлæсонтæ æмæ

41

æмхъæлæсонты хицæндзинæдтæ зæрдыл æрлæууын кæнын.
5.Нывмæ гæсгæ куыст.
– Кæй уынут нывы?
–Чи сты? (Мад æмæ чызг).
– Цы ми кæнынц? (Кæрдæгыл бадынц).
Нывы бынмæ цы схемæтæ ис, уыдонмæ гæсгæ хъуыдыйæдтæ æрхъуыды кæнын. (Зæгъæм,
«Мад æмæ чызг бадынц», «Уыдон тонынц дидинджытæ».)
6.Улæфты рæстæг.
7.Уæнгтыл куыст.
Уæнгтæй дзырдтæ саразын: на-нана, ма-мамæ, ни-Нинæ, ми-мит, нæ-нæма, мæ-мæн, ну-нуры,
му-мур, ны-ныхас, мы-мыд, но-нотæ, мо – морæ…
8.Схемæмæ гæсгæ куыст: Ни – нæ – ма – мæ – нæ.
Дзырдтæй хъуыдыйæдтæ саразын. (Зæгъæм, «Нинæ цæуы скъоламæ», «Æз нæма зонын
фыссын»,«Мамæ у дохтыр»,«Мæнæ не скъола».)
9.Беседæ.
Алы хæдзары дæр ис альбомтæ бинонты къамтимæ. Уыдоны æвдыст цæуы алы цаутæ, баст
вæййынц цавæрдæр æхсызгон æнкъарæнтимæ. Искуы-иу хатт сæм бинонтæй исчи фæкомкоммæ
вæййы æмæ сæм фæкæсы. Уым фенæн вæййы нæ хистæрты æрыгонæй, ахуыр кæнгæйæ, кусгæйæ…
Нæ чиныджы дæр гыццыл чызг кæсы альбоммæ æмæ дзы сæ бинонтыбазоны æмæ дзуры:
– Мæнæ Аннæ.Мæнæ Нинæ.Мæнæ Æна. Мæнæ Нино. Мæнæ мамæ.
9.Къухфысты куыст: дамгъæ Мм фыссын.
 дзырд мыст-æн мырон-дамгъон анализ скæнын;
 дамгъæ м арæзт у æртæ элементæй;
 Дамгъæ м фыссæн ис, æртæйы онг нымайгæйæ.
 уæнгтæ ма, мæ, æм, ым, му фыссын, се 'хсæн сын раст, цыбыр, зулаив хаххкæнын;
 дзырд мæнæ уæнггай фыссын;
 хъуыдыйæдтæ фыссын. Хъуыдыйады кæрон æрхæцæн нысан раст æвæрын.
 абарын стыр æмæ гыццыл дамгъæтæ кæрæдзийыл Мм;
 уæнгтæ баиу кæнын, цæмæй сæ рауайа нæмттæ;
 дзырдты цухгонд бынæтты дамгъæтææвæрын æмæдзырдтæ бакæсын.
10. Рефлекси.
 Цавæр дамгъæ базыдтам абон нæ урочы?
 Ног дамгъæимæ уæнгтæ саразын.
 Куыд бакуыстат абоны урочы? Уæхицæй разы стут?
 Кæцы къæпхæныл æвæрæм нæ абоны дамгъæ?
 Алчи йæхи куыстæн бæрæггæнæн сæвæрæд
19-æм урок. Урочы темæ: Дамгъæ Тт.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 сывæллæттæ базонгæ уыдзысты ног æмхъæлæсон мыр [т] æмæ дамгъæ Т, т-имæ;
 мыр раст дзурын æмæ дамгъæ раст фыссын фæлтæрдзысты;
 ног мырæн дзырды йæ бынат базондзысты;
42

 дзырдтæй æндæр дзырдтæ аразын сахуыр уыдзысты;
 нывмæ гæсгæ чысыл радзырд кæнæ хъуыдыйæдтæ хъуыды кæнын сахуыр уыдзысты;
 ирон тырысайы хуызтæ цы нысан кæнынц, уый базондзысты.

Урочы цыд
1. Зонындзинæдты актуализаци.
 Цал æмхъæлæсон мыры базыдтат? (м, р, н). Ранымайут-ма сын сæ миниуджытæ.
 Абон дæр базонгæ уыдзыстæм ног æмхъæлæсонимæ.
2.Мотиваци.
Æмдзæвгæмæ байхъусут:
Мамазила акæнæм,
Мах нæ зилакк ахгæнæм.
Мемæ кафут, зарут.
Мæн уæ зæрдыл дарут.
Уырымты Петя
 Ацы æмдзæвгæйы алы рæнхъ дæр цавæр мырæй райдыдта? (м-йæ)
 зиллакк– ацы дзырд уæнтыл адих кæнæм – зил-лакк.
 Фыццаг уæнг цавæр мырæй фæци? Дыккаг та цавæр мырæй райдыдта? (л-йæ)
 Дзырдтæ зарут, зæрдыл уæнгтыл адих кæнут: за-рут, зæр-дыл.
 Фыццаг дзырды дыккаг уæнг цавæр мырæй райдыдта? (р-йæ) Дыккаг дзырды фыццаг уæнг
та цавæр мырæй фæци? (р-йæ).
3. Ног æрмæг:
 Байгом кæнут чиныджы 40-æм фарс. Цы уынæм æппæты разæй? Дамгъæ. Чи йæ зоны, куыд
дзургæ у, уый.?Т, т.Зæгъæм-ма йæ [т].
 Цавæр мыр у? (Æмхъæлæсон.)
 Цæмæй йæ базыдтат? (Цъæхæй бæрæггонд цæуы, «зарын» нæ зоны.)
 Т-йы фарсмæ та цы уынут? (Ирон тырыса.)
 Йæ хуызтæ йын нымайæм: урс, сырх, бур. (Урс – уды сыгъдæгдзинад, сырх –
хъæбатырдзинад, бур – бæркады нысаниуæг.)
 Схемæйы та цы бафиппайдтат? (Æртæ æмхæст уæнджы.)
4. Таблицæйы уæнгтимæкуыст. Семæ æрхъуыды кæнын дзырдтæ: та – талынг, ат – атæрын,
тæ – тæбæгъ, æт – мæт, ты – тырыса, ту – тута, то – тоны, ти – тигъ).
5.Уæнгтæй дзырдтæ аразын (нæмттæ: Томæ, Тотыр, Мурат, Марат, Тинæ, Ритæ).
– Кæй не сныв кодта нывгæнæг? (Тинæ æмæ Ринæйы.)
– Лæппутæй кæй ном нæй шарикты нæмттимæ? (Тамуйы.)
5. Нывтæ æмæ схемæтæм гæсгæ дзырдтæ бакæсын (тебæ, тути, тигр, тутатæ).
41-æм фарс.
6. Тагъддзуринагыл куыст:
Тута хордтон – сау, хæрзад,
Нал мæ базыдта мæ мад.
7. Дзырдтæй ног дзырдтæ аразын (иту, уат).
Фатæгтæм гæсгæ хъуыдыйад бакæсын. (Тимур тоны тутатæ.) Дзырд баххæст кæнын. (Арт.)
8. Нывмæ гæсгæ куыст.
–Чысыл радзырд æрхъуыды кæнæм. (Зæгъæм, Тимур бирæ уарзы тутатæ. Йæ уроктæ скодта.
43

Ацыд цæхæрадонмæ, тутатæ тоны æмæ хæры.)
9. Радзырдимæ куыст.
–Байхъусæм Хъæрджынты Симæйы радзырдмæ.
Сывæллæтты уарзон
Нæуынджы цардис иу куыдз. Йæ ном хуындис Мухтар. Хистæртæ дзы тæрсгæ
кодтой.Хæстæгæмнæцыдысты.Сывæллæттæтарайсомæйизæрмæйемæхъазыдысты. Куыдз-иусабиты
фæстæ ацыдис скъоламæ дæр. Сæрдыгонта-иу Мухтар цæугæдоны семæ йæхи надта. Портийæ
хъазыдис, тезгъо кодта. Мухтар сын уыдис зынаргъ æмæ хæларзæрдæ æмбал.
Дзырдтæн – хистæртæ, тæрсгæ, кодтой,Мухтар– схемæтæ саразын. Алы дзырды
дæртæмхæст уæнг цы хъæлæсонимæ аразы, уыдоны бын бахахх кæнын.
10. Къухфысты куыст:
 дамгъæ Тт-йы фыссыны æгъдæуттæ;
 дамгъæ т æндæр дамгъæтимæ иу кæнын;
 дзырдтæ фыссын;
 проблемон хæслæвæрд: стъæлфыты бæсты бавæрын дамгъæтæ, кæм æмбæлы, уыцы ран;
 уæнгтæ баиу кæнын, цæмæй сæ рауайа дзырдтæ;
 цæмæн сты стыр дамгъæйæ фыст? (Нæмттæ сты.)
11. Рефлекси.
 Абоны урочы ногæй исты базыдтам?
 Цавæр мыр у [т]? (Æмхъæлæсон.)
 Радзырд цæй тыххæй уыд? Чи дзы уыд сæйраг архайæг?
 Цæмæн дзы тарстысты хистæртæ?
 Куыд уарзта сабиты та?
 Уæ зæрдæмæ тынгдæр цы фæцыд?
 Цавæр бæрæггæнæнтæ сæвæриккат уæхицæн?
20-æм урок
Урочы темæ: Дамгъæ Дд.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 сывæллæттæ базонгæ уыдзысты æмхъæлæсон мыр [д]-имæ;
 мыр раст дзурын сахуыр уыдзысты;
 дзырд уæнгтыл дих кæныныл дарддæр кусдзысты;
 уæнгтæ аразын æмæ кæсыныл дарддæр фæлтæрдзысты;
 схемæмæ гæсгæ хъуыдыйадтæ аразыныл архайдзысты.
Урочы цыд
1.Зонындзинæдты актуализаци.
–Цавæр хъæлæсон мыртæ зонæм? Æмхъæлæсонтæ та? Ранымайæм сæ.
–Абон дæр базонгæ уыдзыстæм ног æмхъæлæсонимæ.
2.Мотиваци.
Хъуыдыйæдтæ баххæст кæнын:
Динæ цин кæны (цæуыл?)…(гæдыйыл)
Лæппу æрбадтис (цæуыл?)…(дурыл)
Дамир ацыдис (кæмæ?)…(дадамæ)
44

Ладемыр ныхас кæны (кæимæ?)…(Мæдинæимæ)
3. Ног æрмæг.
 Зæгъут-ма, сабитæ, фыццаг хъуыдыйад цавæр дзырдæй райдыдта? (Динæ).
 Дзырд «Динæ»-йы райдайæны цавæр мыр хъуысы? ([д]).
 Чи бамбæрста, абон цавæр мыр ахуыр кæндзыстæм? (Мыр [д]).
 Ацы дзырдæн ма скæнæм мырон-дамгъон анализ.
 Мыр æмæ дамгъæ д-имæ зонгæ кæнæм.
Сывæллæттæ, аххуыс та ма мын кæнут хъуыдыйæдтæ кæронмæ баххæст кæнынмæ:
 Кæрты зайы рæсугъд …(дидинæг).
 Дурыл бады зæронд …(дада).
 Уый зоны бирæ…(Аргъæуттæ æмæ уыци-уыцитæ.)
4.Чиныджы æрмæгимæ куыст.42-æм фарс.
 Цавæр дамгъæ уынæм ацы фарсыл? (Æмхъæлæсон Дд.)
 Цæмæй йæ базыдтат? (Хуызæй.)
 Уæнгтæ бакæсын.
 Схемæтæ æмæ нывтæм гæсгæ дзырдтæ бакæсын, сæ нысаниуджытыл сын æрдзурын.
Саразын семæ хъуыдыйæдтæ æмæ сæ схемæтæй фæйнæгылныффыссын.
5.Улæфты рæстæг.
6.Нывмæ гæсгæ куыст.
 42-æм фарсыл цы ныв ис, уым кæй равдыста нывгæнæг? Чи дзы цы ми кæны?
 Уæдæ ма бакæсæм текст, æмæ алы хъуыдыйадмæ гæсгæ дæр ныв бацамонæм, кæддæра
архайджыты нæмттæ базониккам.
7.Ахуыргæнæджы каст.
Ахуыргæнæг кæсы æмæ сывæллæттæ нывмæ гæсгæ агурыц Дудар æмæ Нодары.
Ахуыргæнæджы фæстæтексткæсынцсывæллæттæ.
 Чиныджы 43 фарсыл кæсæм дзырдтæ.
 Æрмæст иу дамгъæйæ цы дзырдтæ хицæн кæнынц кæрæдзийæ, уыдон барæм. (Сæ мидис
куыд раивта, уый сывæллæттæн бацамонын.)
 Сывæллæттæ зæгъут-ма чи дары мыдыбындзытæ? (Мыдгæс.)
 Цы дæттынц мыдыбындзытæ адæймагæн?
 Кæмæн ратта мыд дада? (Дамир, Мурат æмæ Маратæн.)
 Цæмæн сты хъуыдыйады астæу дзырдтæ стыр дамгъæйæ фыст? (Нæмттæ
сты.)Сывæллæттæ ахуыргæнæджы æххуысæй кæсынц текст «Дада».
 Иумæ кæсæм уæнгтыл дихгонд дзырдтæ. Шариктыл фыст уæнгтæй аразæм дзырдтæ (мыд,
мыр).
 Нывтæм гæсгæ схемæтæй аразæм хъуыдыйæдтæ (Зæгъæм, «Нывы уынæм дадайы»,
«Дадамæ ис бирæ мыдыбындзытæ», «Уый махæн фæдæтты мыд»).
 Иннæ нывмæ гæсгæ та цавæр хъуыдыйад саразиккат? («Домбай цæры сырддоны»).
8.Къухфысты куыст.
Дзырд дидинæг-ы мырон-дамгъон анализ зæрдыл æрлæууын кæнын. Хæслæвæрдтæ сæххæст
кæнын.
9. Рефлекси:
 Цы базыдтат абоны урочы?
 Цы фæцыд уæ зæрдæмæ тынгдæр?
45






Цавæр дамгъæйæ бæрæггонд цæуы мыр[д]?
Уæхимæ кæй радзурат, ахæм цымыдисаг хабарæй исты базыдтат?
Нæ зонындзинæдтæн ма аргъ скæнæм.
Анымайут-ма, кæцы къæпхæнмæ схæццæ стæм? (11-æм)

21-æм урок
Урочы темæ: Дамгъæ Сс.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 сывæллæттæ базонгæ уыдзысты мыр[с]-имæ;
 базондзысты , йæ дамгъæ куыд фысгæ у, уый;
 кæсыны арæхстдзинадыл дарддæр кусдзысты: мыртæ, уæнгтæ, дзырдтæ æмæ цыбыр
хъуыдыйæдтæ;
 ахуыр кæндзысты хъуыды кæныныл;
 сюжетон нывтæ æмæ иллюстрацитæм гæсгæ хъуыдыйæдтæ æмæ чысыл радзырдтæ
аразыныл дарддæр архайдзысты;
 ныхасы культурæ æмæ рæзтыл кусдзысты.
Урочы цыд
1.Зонындзинæдты актуализаци.
 Цавæр ног дамгъæ базыдтат амæй размæ урочы? (Дамгъæ Д, д.)
 Радзурæм-ма, дамгъæ д-йы тыххæй цы зонæм, уый. (У æмхъæлæсон, вæййы стыр æмæ
гыццыл. Стыр – хъуыдыйады райдайæны, нæмтты, хъæлæсонтимæ аразы уæнгтæ.)
Нодар, æрдын, родæн - дхъæлæсонимæ æмхæст уæнг кæм у, уым æй бахахх кæнын.
2. Мотиваци.
Хъазт «Дзырдтæ ныппырх сты». Даад, оНрад, орд, даДур.
Нæ дзырдтæ ныппырх сты, дамгъæтæ фæдзæгъæл сты. Æрæмбырд-ма сæ кæнæм. (Дада,
Нодар, род, Дудар.) (Ацы хæслæвæрд дзыхæйдзургæйæ дæр ис сæххæст кæнæн, дзырдты
къухфыстытæм дæр ис рафыссæн.)
Æрхъуыды кæнут сыгъдæгдзуринæгтæ:
Да-да-да – кæртмæ рацыдис ... (дада).
До-до-до – тынг адджын дыргъ у ... (кæрдо).
Ды-ды-ды – витаминтæ ис ... (мыды).
2. Ног æрмæг:
– Æз дзурын сыгъдæгдзуринæгтæ, сымах сæм бафтаут дзырдтæ.
Си-си-си – хæрзад дыргъ у ... (неси, къомси).
Ис-ис-ис – ныккодта худ нæхи ... (Барис).
Ас-ас-ас – цæхæрадоны зайы ... (нас).
 Цы дзырдтæ бафтыдтат, уыдон-ма иу хатт зæгъæм: неси, Барис, нас.
 Цавæр ног мыр уæм хъуысы? ([с])
 Тынг хорз. Ирон æвзаджы уыцы мыр бæрæг кæнæм дамгъæ С, с-йæ.
 Ацы дамгъæ уырыссаг æвзаджы та дæтты æндæр мыр.
 Уæдæ йæ бахъуыды кæнæм æмæ йæ раст дзурын сахуыр кæнæм.
3. Чиныгимæ куыст:
–Байгом кæнут чингуытæ. Æркæсут æмæ радзурут, [с]-йы тыххæй цы зонут, уый.
(Æмхъæлæсон мыр, бæрæггонд цæуы дамгъæ с-йæ, вæййы стыр æмæ гыццыл.)

46

4. Мырон-дамгъон анализ:
 Дамгъæйы фарсмæ нывы цы уынут? (Сахат.)
 Цы у сахат? (Рæстæгамонæн дзаума.)
 Таблицæйы уæнгтæ кæсæм, семæ дзырдтæ хъуыды кæнæм (са – сапон, ас – тас, сæ –
сæгуыт, æс – кæс, су – суг, ус –къус , со – сой, ос – хос, си – сихор, ис – сисын, сы – сыхаг, ыс –
мыст).
 Схемæтæм гæсгæ дзырдтæ кæсæм, амонæм сын сæ нысаниуæг.
 Дзырдбæстытæ кæсæм, нывтæй кæцыимæ баст сты, уый бæрæг кæнæм.
5. Улæфты рæстæг.
6.Сюжетон нывыл куыст.
«Сослан æмæ Ромæ сты сыхæгтæ. Скъоламæ дæр иумæ фæцæуынц...». Кæнæ та сывæллæттæ
сæхæдæг æрхъуыды кæнæнт 3– 4 хъуыдыйадæй радзырд, кæнæ та цæггай – алчидæр фæйнæ
хъуыдыйады æрхъуыды кæнæд.
7. Проблемон хæслæвæрд:
–Нысантимæ цы нывтæ ис, уым схемæтæ æмæ дзырдтæ сæ бынæтты сты æви нæ? (Фыццаг саг
æмæ сæгуыт раст у, дыккаджы – сæ бынæттæй ивд.)
8. Къухфысты куыст:
 дамгъæ с фыссын;
 с-имæ уæнгтæ фыссын, раст иу кæнын с æндæр дамгъæтимæ;
 стыр дамгъæ фыссын;
 нæмттæ æмæ хъуыдыйæдты растфыссынадыл куыст;
 проблемон хæслæвæрд æххæст кæнын: цухгонд дамгъæтæй баххæст кæнын дзырдтæ;
 нывтæ хуызджын кърандæстæй сахорын.
(Ахуыргæнæджы фæндонмæ гæсгæ, рæстæг хынцгæйæ, цы фыссинаг æрмæг ис, уый сæххæст
кæнын.)
12. Урочы хатдзæгтæ.
Уæдæ, сабитæ, ахуыры асинтыл фидар къахдзæфтæ кæнæм. Абон цы асиныл лæууæм, уый
куыд хуыйны? (Дамгъæ æмæ мыр [с].)
 Цавæр мыр у [с]? (Æмхъæлæсон.)
 Анымайæм-ма, йæ кæцы къæпхæн у нæ асинæн дамгъæ С, с. (12)
 Уыцы дыууадæсæй фылдæр кæцытæ сты хъæлæсонтæ æви æмхъæлæсонтæ? (Æмхуызон: 6 –
хъæл., 6 та – æмхъæлæсонтæ.)
 Иумæ ма дыууадæсы онг анымайæм.
 Радзырды лæппуты нæмттæ ма зæгъут. (Сослан æмæ Ромæ.)
 Цавæр лæппутæ сты? (Æмбæлттæ, æмкъласонтæ, хорз лæппутæ, хæларæй цæрынц...)

22-æм урок
Урочы темæ: Дамгъæ Хх.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 сывæллæттæ базонгæ уыдзысты мыр [х] æмæ дамгъæ Х, х-имæ;
 базондзысты ног мырдзырдты агурын,дзырдты мидæг ын йæ бынатбæрæг кæнын;
 дарддæр ахуыр кæндзысты мырон-дамгъон анализ кæнын;

47

 дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ раст кæсдзысты;
 базонгæ уыдзысты бинонты 'хсæн хæларæй цæрыны æгъдæуттимæ.
Урочы цыд
1. Зонындзинæдты актуализаци:
 Сывæллæттæ, афтæ кæд фæзæгъæм: «Хорз æмбал зын сахат сбæрæг вæййы»? (Царды мидæг
алцыдæр æрцæуы, æмæ зын сахат æмбал куы баххуыс кæны, уæд адæймагæн фенцондæр вæййы йæ
зындзинад.)
 Бафæлварут-ма æмæ ацы æмбисонды мидис бамбарын кæнут: «Хорз æмбал æфсымæрæй
уæлдай нæу». (Æцæгæйдæр,хорз æмбал кæмæн вæййы, уый æфсымæр нал фæхъæуы?)
Дзырдтæ фæйнæгыл: æфсымæр, сахат уæнгтыл адих кæнут, бахахх кæнут с-имæ æмхæст
уæнгтæ.
2.Мотиваци.
Хъазт «Сараз ног дзырдтæ» æмæ сæ ныффысс.
Фæйнæгыл:
САСИР
1 2 3 45
1 4 3
СÆРÆН
1 2 3 4 5

3 4 1

3.Дзырдуатон куыст: æлгъин, къаннæг, хих, хырх, рæс. (дзырдты нысаниуæг бамбарын
кæнын; уæнгтыл сæ адих кæнын, æмхæст уæнгтæ дзы ссарын, гом æви æхгæд сты, уый сбæрæг
кæнын; мырон-дамгъон анализ сын скæнын).
4. Æмдзæвгæйыл куыст.
Хозиты Макары æмдзæвгæйы фарстæн дзуапп раттын æмæ йæзæрдывæрдæй сахуыр кæныныл
бацархайын.
Хынцинаг
Уыд мæнмæ фæткъуытæ дæс
Амæй-ай хæрзаддæр.
Æз нæ дæн æлгъин – æхсæз
Къаннæг Нохæн радтон.
Рынчын Кирæйæн цыппар
Барвыстон сæхимæ.
Цæй, зæгъ-ма мын æй, хæлар,
Цал баззад мæхимæ?
 Æмдзæвгæйы кæцы дзырдты хъуысы мыр [х]? (Хæрзаддæр, æхсæз, Нох, сæхимæ, хæлар,
мæхимæ.) Дзырдтæ уæнгтыл адих кæнын æмæ сбæлвырд кæнын, [х]-йы бынат дзырдты мидæг.
 Уæдæ та абон дарддæр фæцæуæм нæ ахуыры асинылæмæ та хизæм иу къæпхæн уæлдæр.
Х – хæсгард, æрмæст æй цъусахæлиу хъæуы куыстхъус (фæйнæгыл хæсгарды ныв).
– Зæгъут-ма, сывæллæттæ, адæймаг куы фæхуды, уæд цавæр мыртæ фæхуысы? (Ха-ха-ха
кæнæ хи-хи-хи.)- Нæ абоны дамгъæ уæдæ у Х, х.
5.Чиныгимæ куыст.
 Байгом кæнут чингуытæ (46-æм фарс).
 Æркæсут-ма, цавæр мыр у [х].
48

 Цъæх æмæ сырх зиллаччы 'хсæн цæмæн ис фарсты нысан? (Равзарын хъæуы [х]цавæр мыр у
уый, хуызмæ гæсгæ.)
6. Нывмæ гæсгæ мырон-дамгъон анализ скæнын дзырд хох-æн.
7.Таблицæйыл куыст.
Уæнгтæ бакæсын æмæ семæ дзырдтæ æрхъуыды кæнын: ( ха – халон, ах – ахаудис, хæ – хæдон,
æх – æххуыс, ху – хур, ух – къух, хы – хырх, ых – сых).
Таблицæйы бын лæвæрд дзырдтимæиу-дыууæ хъуыдыйады æрхъуыды кæнын.
8. Нывтæ æмæ схемæтæм гæсгæ куыст (46 фарс).Дзырдтæн мырон-дамгъон анализ скæнын.
Семæ хъуыдыйæдтæ æрхъуыды кæнын. Бирæон нымæц цы у, уый зæрдыл æрлæууын кæнын.
9. Дзырдтимæ куыст.
Лæвæрд дзырдтæ бакæсын æмæ сывæллæттæн бамбарын кæнын иу дамгъæ дзырды
нысаниуæг куыд фæивы, уый.
ахорæн – аходæн, æхсыр – æхсæр–цавæр дамгъæтæ æрцыдысты ивд.
10. Сюжетон нывмæ гæсгæ куыст.
Схемæтæм гæсгæ аразæм хъуыдыйæдтæ:
– Бинонтæ цæлгæнæны бадынц.
– Мад хæринаг æвæры.
– Фыццаг тæбæгъ æвæры дадайæн.
Ацы нывимæ ма бакусæн ис къордгай. Сывæллæттæн сæхицæн радзурын кæнын сæхи
бинонты тыххæй.Стъолы алыварс чи бады, уыдонæн нæмттæ раттын, чи дзы кæцы у, уый
зæгъын.Цавæр бинонтæ сты, уый тыххæй радзурын.
Ахуыргæнæджы хатдзæгтæ:
– Уæдæ,сабитæ,мах нывы уынæм, хæларæй чи цæры, ахæм бинонтæ. Уый бæрæг у нывы дæр,
сæ цæсгæмттыл цы мидбылхудт ис, уымæ гæсгæ.(Мад хæринаг æвæрын дадайæ кæй райдыдта, æмæ
йæм дада дæр рæвдаугæ цæстæнгасæй кæй кæсы, уымæй.)
11.Къæйттæй куыст.
Таблицæты уæнгтæ баиу кæнын, æмæ бакæсын дзырдтæ.
12. Къухфысты куыст.
Дамгъæ Хх фыссын, дзырд хырх-æн мырон-дамгъон анализ скæнын.
13. Рефлекси:
- Цавæр мыр æмæ дамгъæимæ базонгæ стæм абоны урочы?
- Цы æмхъæлæсон мыртæ рацыдыстæм, уыдонмæ иумæйагæй цы ис? (Чиныджы цъæх
зиллаккæй бæрæггонд сты. Дзургæйæ цалдæр къуылымпыимæ рацæуынцхъæлæсæй.)
- Уæ зæрдæмæ цы фæцыд урочы?
- Нывмæ гæсгæ текст куыд аразын хъæуы? (Лæмбынæг хъæуы нывмæ æркæсын. Ахъуыды
кæнын, цы дзурдзынæ, ууыл. Хъуыдыйæдтæ раст аразын. Рæсугъд æвзагæй дзурын.)
- Алчи йæхицæн бæрæггæнæн сæвæрæд.
23-æм урок. Урочы темæ: Дамгъæ Гг.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
- сывæллæттæ базондзысты ног дамгъæ фыссын æмæ ног мыр дзурын;
- базондзысты ног мыр дзырдты мидæг агурын;
- ахуыр кæндзысты мырон схемæмæ гæсгæ дзырдтæ кæсын;

49

- базондзысты ног дамгъæимæ дзырдтæ аразын;
- ахуыр кæндзысты хъуыдыйæдтæ æмæ чысыл тексттæ æнæхъæн дзырдтæй кæсыныл;
- схемæтæм гæсгæ араздзысты, загъды нысанæй,алыхуызон хъуыдыйæдтæ.
Урочы цыд
1. Зонындзинæдты актуализаци.
– Цавæр дамгъæимæ базонгæ стæм амæйразмæ урочы? (х-имæ)
– Базонут-ма ацы уыци-уыци:
Арвыл куы ахуыссид йæ арт,
Дуне уæд фæуид æдзард. (Хур)
– Цы дзырд базыдтат, уый цавæр дамгъæйæ райдыдта? (х-йæ)
– Радзурут-ма,х-йы тыххæй цы зонут, уый,(æмхъæлæсон…).
– Цæмæй бæрæг у? (Дзургæйæ хъæлæсæй уæлдæф рацæуы къуылымпытимæ, чиныджы
бæрæггонд цæуы цъæх зиллаккæй.)
2.Мотиваци.
- Байхъусут æмбисондмæ: «Лæгæн зонд у фæндагамонæг».
- Куыд æй æмбарут? (Зондджын адæймаг никæцы фæндагыл фæдзæгъæл уыдзæн, кæмфæнды
куы уа, уæддæр.)
- Сабитæ, мах сымахимæ цæуыл архайæм? (Цæмæй зондджынтæ суæм.) Æмæ кæд уыдзыстæм
зондджын? (Ахуыр хорз куы кæнæм, уæд.)
- Уæдæ та нæ асиныл иу къæпхæн уæлæмæ хизæм? (Хизæм.)
- Мæнæн мæ зæрдæ сымахæй тынг рухс кæны, уе 'ппæты дæр ахуыр кæнын кæй фæнды, уый
тыххæй. Схызтыстæм асины ног къæпхæнмæ æмæ дзы цы федтам? (Ног дамгъæ Г г.)
3. Ног æрмæг.
- Сывæллæттæн гæдыбæласы тыххæй радзурын. Гæды канд цæрæгой кæй нæу,
фæлæ ма бæласæн дæр гæдыйы ном кæй ис, уый. Уырыссагау та у тополь. Радзурын сын
аргъау гæдыбæласы тыххæй.
Раджы кæддæр иу хъæды цардысты бæлæстæ. Цардысты хæларæй. Уалдзæг-иу сæ къабæзтæ
базмæлыдысты, сæ сыфтæр-иу уыцы рæсугъдæй разынд. Фæлæ иурæстæг хус аз скодта. Бæлæстæн
дон нал фаг кодта æмæ тынг тыхстысты. Фæлæ уæддæр кæрæдзийыл уыдысты æнувыд. Рахастой
уынаффæ, дон ауæрдгæйæ се 'ппæтæн дæр иухуызон дæтдзысты. Фæлæ се 'хсæн разынд иу
гæдыбæлас, æмæ-иу сусæгæй йæхицæн фылдæр дон фæуагъта. Бæлас тынг бæрзонд цæуын
райдыдта æмæ йыл иннæ бæлæстæ фæгуырысхо сты. Базыдтой йын йæ гæды ми æмæ йæ схуыдтой
гæдыбæлас.
– Сывæллæттæ, аргъау уæ зæрдæмæ фæцыд? Цæмæй?
 Гæды бæлас раст бакодта, йе мбæлтты сусæгæй йæхицæн дон фылдæр кæй уагъта, уымæй?
(Нæ бакодта).
 Абон базонгæ уыдзыстæм ног мыримæ. Куыд уæм кæсы, хъæлæсон у æви æмхъæлæсон?
(Æмхъæлæсон.)
4. Мырон-дамгъон анализ кæнын: Бакæсут-ма схемæмæ гæсгæ дзырд. (Гæды.)
–Таблицæйы уæнгтæ бакæсæм æмæ семæ саразæмдзырдтæ (гом, гон, гæс, гис) (ног, рог, саг, сæг,
рыг, суг).Дзырдты нысаниуæгыл бакусын. Кæй дзы нæ зонынц, уыдоны нысаниуæг бамбарын
кæнын. (Сæг, гæс, гон.)

50

5. Улæфты рæстæг.
6. Хъуыдыйæдтыл куыст.
– Кæсæм хъуыдыйæдтæ.
–Фарстон хъуыдыйад цы у, уый ма нæ зæрдал æрлæууын кæнæм.
– Сывæллæттæ бахъуыды кæнут Ирыстоны горæтты нæмттæй кæй базыдтат, уыдоны нæмттæ.
7. Къорды куыст: Ахуырдзаутæ къордтыл дихæй æххæст кæнынц таблицæ.
–Мырон схемæтæ æмæ нывтæм гæсгæ дзырдтæ кæсæм. Уæнгтыл сæ дих кæнæм.
8. Сфæлдыстадон куыстытæ.
1) Асинтыл ис дзырдтæ, бакæсут сæ.
нæг
гæ
ды
гæ
гуз

хуыр
а

гыз

æн
го
(æнгуз, гæды, гогыз, ахуыргæнæг)
2) Æрæмбырд кæнут дзырдтæ:
а
о
л А
и,
г Д иг
г
р
р
а
(Алагир, Дигора, горæт, барæг)

р

о
æ
т

а

б

æ
г
р

Ацы куыстытæ æххæстгæнгæйæ ахуыргæнæг нæ рох кæны,ныхас, хъуыдыйад, текст, дзырд,
уæнг, мыр, дамгъæ цы сты, уый фæлхат кæнын.
9.Къухфысты куыст.
Дамгъæ г фыссын.
10.Рефлекси:
 Цавæр мыр базыдтам?
 Цавæр дамгъæйæ йæ бæрæг кæнæм?
 Цæмæн хъæуы стыр дамгъæ? (Хъуыдыйады райдиан бæрæг кæнынмæ, сæрмагонд
нæмтты.)
 Зæгъут, цы у хъуыдыйад.
 Сабитæ, ут къæрцхъус! Дарддæр нын æмхъæлæсонтæ æнæнхъæлæджы сусæгдзинæдтæ
раргом кæндзысты! Æнхъæлмæ сæм кæсут!
24-æм урок
Урочы темæ: Мыр У (æмхъæлæсон).
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 сывæллæттæ базондзысты, [у] канд хъæлæсон кæй нæу, фæлæ ма æмхъæлæсон дæр кæй у,
уый;

 дзырдты мырон-дамгъон анализ кæнын ахуыр кæндзысты;
51

 мыр [у] дамгъæ У, у-йæ нысангонд кæй цæуы, уый базондзысты;
 кæсыны арæхстдзинад рæздзæн.
1.Зонындзинæдты актуализаци.
– Цавæр æмхъæлæсонтæ рацыдыстæм амæй размæ урокты? (г, х)
– Кæцы къордмæ хауынц, хъæлæсонтæм æви æмхъæлæсонтæм?
Урочы цыд
2.Мотиваци.
– Байхъусут æмдзæвгæтæм:
Гогыз йæ базыртæ хафы,
Гæдыйы рæзты æркафы.
Халон худы халоныл:
«Хорз ыссарыс уаллоны».
– Цавæр дамгъæйæ райдайынц фыццаг дыууæрæнхъоны, дыккаджы та? (гæмæ х-йæ)
– Уыцы дамгъæтимæ зонгæ стæм.
2.Ног æрмæг:
 Æркæсут-ма,сабитæ, цы бафиппайдтат? (Ногæй та дамгъæ У у.)
 Дамгъæ у-имæ зонгæ стæм?
 Хъуыды ма кæнут, амæй размæ урочы кæрон уын куыд загътон, уый? (Сабитæ, ут
къæрцхъус! Дарддæр нын æмхъæлæсонтæ æнæнхъæлæджы сусæгдзинæдтæ раргом кæндзысты,
зæгъгæ. Чи йæ бахъуыды кодта?)
 Уæдæ уал мæнæ иу сусæгдзинад ирон дамгъуатæй: у вæййы хъæлæсон дæр æмæ
æмхъæлæсон дæр.
 Абон базонгæ уыдзыстæм æмхъæлæсон у-имæ.
 Цы уынæм дамгъæйы фарсмæ нывы? (Уызын.)
 Абарæм-ма: урс – уырз (æнгуылдзы фæлмæнтæ), ус – уысм (хæрз гыццыл).
 Æмхуызон уæм хъуысынц?
 Ирон æвзаджы ис мыртæ [у] æмæ [у]; [у] – хъæлæсон æмæ [у] – æмхъæлæсон. – Кæд аивы
йæ «хуыз» у? Йæ фарсмæ æндæр хъæлæсон куы фæзыны, уæд [у] æмхъæлæсон вæййы, йæ фасрмæ
цы хъæлæсон ис, уый куы «фæзары», уæд[у] та «зарын» нал фæкомы.
 Таблицæйы уæнгтæ кæсæм(хъус дарын у-йы растдзурынадмæ).
 Мырон схемæтæ æмæ нывтæм гæсгæ дзырдтæ кæсæм. (Сæ нысаниуæг æмæ цы дзырдтæ
нæма зонынц, уыдон сын ахуыргæнæг æмбарын кæны).
3. Улæфты рæстæг.
–Хуыздæр чи арæхсы, уыцы ахуырдзаутæ кæсынц дзырдтæ цæджындзгай. У хъæлæсонимæ
æмхæст уæнг кæм аразы, уым сæ хъæлæсы уагæй хицæн кæнын.
4. Нывмæ гæсгæ куыст:
 Цы уынут нывы?
 Цыхуызæн у уасæг?
 Цы ми кæны?
 Бакæсæм-ма хъуыдыйæдтæ. Дзырд кау-æн йæ нысаниуæг бамбарын кæнын.
5. Лабиринтыл куыст: Гæды æмæ мыст.
52

6 Æмбисондыл куыст. Равзарын æмбисонды мидис: Уасаг гæды мыст нæ ахсы.
7. Къухфысты куыст.
Дамгъæ у фыссын; хъуыдыйæдты растфыссынадыл куыст; нывтæ хуызджын кърандасæй
ахорын.
8. Рефлекси:
 Цавæр сусæгдзинад базыдтам мах абон ирон дамгъуатæй? (У ма æмхъæлæсон дæр кæй
вæййы, уый.)
 Кæд вæййы у æмхъæлæсон? (йæ разæй, кæнæ йæ фæстæ хъæлæсон куы вæййы, уæд.)
 Дамгъæ У у цамæй цымыдисаг уыдис?
 Уæдæ-ма банымайæм, кæцы къæпхæныл лæууæм нæ зонындзинæдты асиныл. (16-æм
къæпхæныл.)
 Уыдонæй, сабитæ, 6 сты хъæлæсонтæ, 10 та – æмхъæлæсонтæ.
Уæдæ нæ фæндаг нырма дард у, æмæ нæхи хъуамæ хорз дарæм, зæрдиагæй ахуыр кæнæм,
цæмæй æппæты бæрзонддæр къæпхæнмæ схизæм.
25-æм урок
Урочы темæ: Дамгъæ Кк.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 сывæллæттæ базонгæ уыдзысты ног мыр æмæ дамгъæимæ;
 сахуыр уыдзысты ног мырдзырдты мидæг хицæн кæнын;
 базондзысты, ирон æвзаджы бирæнысаниуæг дзырдтæ кæй ис, уый;
 дамгъæ к-имæ уæнгтæ араздзысты æмæ кæсдзысты;
 дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ кæсын сахуыр уыдзысты;
 нывмæ гæсгæ радзырдтæ аразынмæ арæхсдзысты.
Урочы цыд
1.Зонындзинæдты актуализаци.
–Сывæллæттæ,махбазонгæстæмалыхуызонæмхъæлæсонмыртимæ.Ранымайут-ма сæ.
– Цавæр цымыдисаг миниуæг ис мыр [у]-мæ?
2.Мотиваци.
– Байхъусут-ма æмбисондмæ æмæ йын йæ хъуыды бамбарын кæнут: «Чиныг чи
кæсы,йæхъуыдыдæрынуыйæмбары».(Чиныгкæсынчиуарзы,уыйвæййызондджын,
йæбоналцыкæнындæрвæййы,алцыдæрфембары,цæрындæрынæнцондæрвæййы).
– 52-æм фарсыл цы нывтæ ис, уыдонмæ-ма æркæсут.
– Ацыæмбисондимæдзыкæцытæстыбаст.Иннæнывыцылæппуис,уыйтацавæру? (Фыдуаг).
– Цæмæй бæрæг у? (Къалиутæ сæтты, йæ дзаумæттæ сты чъизи)
– Сывæллæттæ, хи афтæ дарын хорз у? (Сывæллæтты дзуаппытæм байхъусын).
3. Ног æрмæгыл куыст.
Проблемон фарст:
– Нывты бынмæ цы фæрстытæ ис, уым 3 раны ис дзырд кæсы. Цæмæн?

53

 Дыууæ раны ставддæрæй фыст у. (Сæ дыууæ дæр бастстыцæстытæйкæсынимæ.)Уæдæ3агдзырдта– коммæнæкæсы–цæимæбасту?(Йæ хъуыды бынтон æндæр архайдимæ баст у.) Уый у
дзырдты бирæнысанондзинад.
 Ирон æвзаджы дзырдты фылдæр хай сты бирæнысанон.
 Уæдæ абон цы мыр ахуыр кæндзыстæм, уый цавæр мыр у? (Æмхъæлæсон.)
 Мырон схемæйы кæсæм (кæсаг). Мырон-дамгъон анализ скæнын.
 Таблицæйы уæнгтæ кæсæм. Аразæм сын семæ дзырдтæ: (ка – кафы, ак – акалд, кæ – кæсаг,
æк – æккой, ку – кусы…).
 Уæнгтыл дихгонд дзырдтæ кæсæм.(Сæ нысаниуæг сын æмбарын кæнгæйæ.) (52 – 53 ф.)
 Нывты бынмæ цы хъуыдыйæдтæ ис, уыдон кæсæм.
4. Улæфты рæстæг.
–Дзырдтæ бакæсын æмæ абарын мыртæ [к] æмæ [г] кæрæдзиуыл.
5. Нывмæ гæсгæ куыст.
– Кæй уынæм нывы?
– Кæм цæуы архайд?
– Цы ми кæнынц?
–Цæмæн лидзынц сывæллæттæ æмæ къæбыла?
Текстбакæсын,нывæмæсхемæтыбæстыхъæугæдзырдтæбавæргæйæ.(Уалынмæ«арв ныннæрыд»)
(«сæхимæ ралыгъдысты»).
6. Хъазт «Сырх–бур». Мыр [к] дзырды райдианы куы уа, уæд сырх карточкæ
равдисут;астæуæйкæнæфæстекуыуа,уæдта–бурсисут:дукани,кæсаг,кард,сæкæр, Ким, Никæ, урок.
Ахуыргæнæгнæрохкæны,ныхас,хъуыдыйад,дзырдцысты,уыйзæрдыллæууын кæнын.
7.Къухфысты куыст.
–2–3 фарсыл хæслæвæрдтæ æххæст кæнын (ахуыргæнæджы амындмæ гæсгæ).
8.Рефлекси:
 Цавæр мыр базыдтам абон? (Æмхъæлæсон [к].)
 Цавæр лæппутæ æмæ чызджытимæ базонгæ стæм? (Хорз æмæ æвзæр миниуджытæ кæмæ
ис, ахæмтимæ.)
 Сæ нæмттæ-ма сын радзурут. Фылдæр цавæр миниуджытимæ сты? (Хорз.)
 Ким, Хасан æмæ Мæдинæ цавæр сывæллæттæ сты?
 Æхсар та?
 Цы 'рцыди Ким, Никæ æмæ Милайыл æрдузы?
– Сывæллæттæ, къæрцъхъус ут! Дарддæр та нын æмхъæлæсон мыртæ ног сусæгдзинæдтæ
цæттæ кæнынц. Уæдæ та, сабитæ, иу къæпхæн фæуæлдæр стæм нæ ахуыры асиныл. Æз тынг разы
дæн сымахæй, урочы хорз кæй архайдтат, уый тыххæй.
26 –æм урок
Урочы темæ: Дамгъæ Лл.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 сывæллæттæ базонгæ уыдзысты мыр æмæ дамгъæ [л]-имæ;
 мырæн характеристикæ дæттын базондзысты;
 дзырдты иууон æмæ бирæон нымæцы формæ аразынмæ арæхсдзысты;
 рæздзæн сæм уæнгтæ аразын æмæ кæсыны навыктæ;
 сæ ныхас фæхъæздыгдæр уыдзæн;
54

 зæрдывæрдæй аив дзурын ахуыр кæндзысты.
Урочы цыд
1.Зонындзинæдты актуализаци.
–Сывæллæттæ,махбазонгæстæмалыхуызонæмхъæлæсонмыртимæ.Ранымайут-ма сæ.
– Цы базыдтат дзырдты тыххæй ногæй? Цавæр дзырдтæ фембæлы хатгай æвзаджы?
(Бирæнысанон дзырдтæ.)
2.Мотиваци.
Фæйнæгыл ныв: лæппу æмæ зæронд лæг лæдзæгимæ.
– Сывæллæттæ, зæгъут-ма, зæронд лæгæн йæ къухы цы ис? (Лæдзæг).
– Зæронд лæгимæ чи лæууы? (Лæппу).Ахуыргæнæг дзуры дзырдтæ.(Лæппу, лæдзæг)
–Зæгъут-ма, цавæр мыр уæм хъуысы дзырдты райдайæны? ([л]).
3.Ног æрмæг.
–Таблицæйы уæнгтæ бакæсын. Сбæлвырд кæнын – [л] хъæлæсон у æви æмхъæлæсон? Мырон
схемæмæ гæсгæ дзырд бакæсын чиныджы 54 фарсыл (Лæг).
–Бакæсын дзырдтæ, равзарын сын сæ нысаниуджытæ. Семæ хъуыдыйæдтæ
æрхъуыды кæнын,
4.Иууон æмæ бирæон нымæц.
–Цы нысан кæны дзырд бæлас (дур)? Цал? (иу).
–Дзырд бæлæстæ(дуртæ) та цал предметы амоны? (Дыууæ, бирæ).
5.Улæфты рæстæг.
–Уырымты Петяйы цыппаррæнхъонзæрдывæрдæй сахуыр кæнын:
Халас кæрты æртади,
Хал– хал..
Халон кауыл абадти,
Хал – хал…
6.Текстыл куыст.
«Гал æмæ хæрæг» кæсы хуыздæр чи зоны кæсын, ахæм ахуырдзау.
7. Дзырдуатон куыст:уæлхох, дæлхох, холлаг. Сæ нысаниуæг сын бамбарын кæнын, уæнгтыл
сæ адих кæнын; х хъæлæсонимæ æмхæст уæнг кæм у, уый бахахх кæнын; гом æмæ æхгæд уæнгтæ
зæрдыл æрлæууын кæнын.
8.Къухфысты куыст.
Дамгъæ Лл фыссын.
9.Рефлекси.
 Куыд уæм фæкаст абон урочы уæ архайд?
 Разы стут уæхицæй?
 Цы базыдтат ногæй?
 Цымыдисаг та уæм цы фæкаст?
 Уæхицæн бæрæггæнæнтæ сæвæрут.
27-æм урок
Урочы темæ: Дамгъæ Цц.
55

Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 сывæллæттæ базонгæ уыдзысты æмхъæлæсон мыр [ц]-имæ;
 мыр раст дзурдзысты æмæ йæ кæсдзысты;
 дзырд уæнгтыл дих кæндзысты;
 уæнгтæ араздзысты æмæ сæ кæсдзысты;
 схемæтæм гæсгæ хъуыдыйад араздзысты;
 кæсыны арæхстдзинад рæздзæн.
Урочы цыд
1. Зонындзинæдты актуализаци:.
-амæй размæ урочы цы тагъддзуринагахуыр кодтам, уый чи радзурдзæн;
–лæвæрд дзырдтæ иууон æмæ бирæон нымæцы сæвæрын (бæлон, лæппу, халон);
2.Мотиваци:
 Цавæр æнкъарæнтимæ æрбацыдыстут абоны урокмæ?
 Куыд сныв кæниккат уæ уавæр?
 Цавæр хуызæй йæ равдисиккат?
 Уæдæ мæ уырны, йæхи æвзæр чи æнкъары, уыдоны уавæр дæр нæ урочы фæстæ кæй
фæхуыздæр уыдзæн.
 Тагъддзуринагмæ байхъусут æмæ йæ уæ зæрдыл бадарут:
Дзылы – къаннæг цъиу фæтарсти,
Дзынга йæм цæргæс фæкасти.
3.Ног æрмæг.
Фæйнæгыл цæргæсы ныв.
 Чи зоны, цы у цæргæс? (Тæхгæ маргъ).
 Иумæ ма йæ уæнггай зæгъæм – цæр-гæс
 Цавæр уæнгтæ сты? (Æхгæд).
 Дзырды райдайæны та цавæр мыр хъуысы? (Ц)
4.Дзырдуатон куыст: дзылы – чиж, дзынга – овод, цæргæс – ястреб; дзырдты нысаниуæг
бамбарын кæнын, мырон-дамгъон анализ сын скæнын.
 Цæмæй фæтарст гыццыл цъиу?
 Цавæр мыр хъусут дзырд цæргæс-ы райдайæны? ([ц])
 Дзырд цæргæс-æн мырон-дамгъон анализ скæнæм.
 Уæдæ та нæ абоны урочы базонгæ стæм ног мыр [ц]-имæ, йæ миниуджытæ æмæ йын йæ
растдзурынадыл æрдзурдзыстæм.
 Ныв æмæ схемæмæ гæсгæ мырон-дамгъон анализ кæнæм дзырд цæвæг-æн. (Мыры
артикуляцийыл бакусын).
 Шариктыл фыст уæнгтæ кæсæм æмæ сæ агурæм 56-57 фæрстыл цы дзырдтæ ис, уыдоны.
 Мыр æмхъæлæсон кæй у, уый цæмæй базыдтат? (Йæ хуызæй.)
 Сбæлвырд ма кæнæм дамгъæ ц 56–57 фæрстыл цы дзырдтæ ис, уыдоны арæхдæр кæцы
бынат ахсы, уый – райдайæны, астæуæй æви кæроны.(Райдайæны.)
 Нывтæ æмæ схемæтæм гæсгæ предметты нæмттæ зæгъын.
5. Улæфты рæстæг.
6. Нывмæ гæсгæ куыст.
 Цы уынут нывы? (Гыццыл лæппу уæрдоны бады. Йæ къухы ис цæвæг æмæ халамæрзæн.)
 Текст «Хосгæрдæн» бакæсæм.
56

 Нывтæм гæсгæ предметты нæмттæ дзурæм: цæвæг, сагой.
 Цы сты цæвæг æмæ сагой? (Хосы куыстгæнæн дзауматæ).
Дзырдтæ бакæсын, кроссворд баххæст кæнын (цицыр – фæрсырдæм, цæргæс – дæлæрдæм) .
Скъоладзаутæй хуыздæр чи кæсы, уыдон тексттæ «Цад» æмæ «Цæргæс» кæсынц, уый фæстæ сæ
иумæ æвзарынц.
8.Къорды куыст:Лексикон хъазт: «Ссар дзырдтæ» чиныджы (57 фарс).
Таблицæйы уæнгтæ æмæ дзырдтæ кæсын,[ц] æмæ [с]-йы растдзурынадыл бакусын. Бакæсын
дзырдтæ, алы дзырды лексикон нысаниуæгыл дæр бакусын.(Цау – сау, цыд – сыд, цырд – сырд,
цæрæн – сæрæн, цæрдæг – сæрдæг). Ацы куыстæй хъуамæ ахуырдзаутæ сæ зæрдыл бадарой мырты
хицæндзинад.
9.Кæсыныл фæлтæрын. Ахуырдзаутæй хуыздæр чи арæхсы, уый кæсы текст. – Цавæр маргъ
базыдтам нывтæм гæсгæ куысты, нæ чиныджы 56 фарсыл (цæргæс).
10.Къухфысты куыст.
Дамгъæ Цц фыссыны æгъдæуттæ;гыццыл дамгъæ ц фыссын къухфысты, дамгъæц иу кæнын
æндæр дамгъæтимæ,дзырдтæ фыссын, хъуыдыйдтæ фыссын, нывтæ хуызджын кърандæстæй
сахорын.
11.Рефлекси.
 Цы базыдтат ногæй абон?
 Ацы дамгъæ иронау дæр æмæ уырыссагау дæр иухуызы фысгæ у? Дзургæ та йæ куыд
кæнæм?
 Абон цы тексттæ бакастыстæм уыдонæй уæ зæрдæмæ тынгдæр кæцы фæцыд? Цæмæй?
 Уæдæ уæ зæрдæйы уаг та куыд аивта, уæхи куыд æнкъарут?
 Равдисут-ма йæ.

28-æм урок
Урочы темæ: Дамгъæ З з.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 сывæллæттæ базонгæ уыдзысты ног дамгъæ æмæ мыр [з]-имæ;
 ахуыр кæндзысты раст, тагъд æмæ аив кæсын;
 нывтæм гæсгæ тексттæ, хъуыдыйæдтæ аразыныл фæлтæрдзысты;
 тагъддзуринæгтæ раст дзурын базондзысты.
Урочы цыд
1.Зонындзинæдты актуализаци.
– Цавæр мыр базыдтам амæй размæ урочы? ([ц])
– Цавæр сусæгдзинад нын раргом кодта ацы мыр? (Фыссæм ц, дзургæ та кæнæм куыд
уырыссаг – с.)
2.Мотиваци.
Чиныг чи уарзы зæрдæйæ,
Зондæй баивдзæн æртæйы.
 Куыдбамбæрстатацыæмдзæвгæйырæнхъытæ?(Бирæчингуытæчикæсы, уый зондæй æртæ
адæймагыл дæр фæуæлахиз уыдзæн.)
57

 Мах фæнды ахæм зондджынтæ суæвын? Уæдæ та уæд фæцæуæм дарддæр нæ асиныл. Ног
къæпхæнмæ та хизæм?
3. Ног æрмæг.. 58-æм фарсмæ кæсæм. Дамгъæ Зз æмæ мыр [з].
 Амæй размæ урочы кæрон уын куыд загътон, уый ма хъуыды кæнут? Къæрцхъус ут!
Цæмæн? Чи йæ зоны?
 Абоны дамгъæ дæр та нын цыдæр сусæгдзинад раргом кæнынмæ хъавы. Исчи йæ
бамбæрста?
 Кæсæм нывы бынмæ схæмæйы дзырд. (Заз).
 Куыд та дзурæм ацы дзырд дæр?(уырыссаг ж-йы хуызæн)
 Абоны дамгъæ дæр та фыссæм з, фæлæ йæ кæсгæ та кæнæм уырыссаг ж-йы хуызæн.
Бахъуыды йæ кæнут æмæ йæ раст дзурут.
 Мыр [з]. Дзырд «фæззæг»-æн мырон-дамгъон анализ скæнын. Хъус æрдарын ног мырмæ.
Сбæрæг кæнын, хъæлæсон у æви æмхъæлæсон чиныджыфарсыл схемæмæ гæсгæ. Абарын мыртæ
[ж] æмæ [ш],[з] æмæ [с].
 Абоныдамгъæдæртафыссæм з,фæлæйæдзургæтакæнæмкуыдуырыссаг[ж]. Бахъуыды кæнут
æмæ йæ раст дзурут.
 Нывы бынмæ схемæйы дзырд кæсæм (заз). Мырон-дамгъон анализ ын скæнын. Мыр [з]
хъæлæсон у æви æмхъæлæсон?
 Таблицæйы уæнгтæ кæсæм æмæ семæ дзырдтæаразæм: (за – зарæг, аз – аздæх, зи – зилын,
зо – зокъо, зæ – зæрдæ, æз – æзраздæронæй, зу – зулкъ, уз – узгæ, зы – зымæг).
 Нывтææмæсхемæтæмгæсгæдзырдтæкæсæм(зокъо,зырзыраг,бæрз,
залмысыф).
–Дзырдтимæ хъуыдыйæдтæ æрхъуыды кæнæм: (Зæгъæм, «Нæ рудзгуыты бын зайы бæрз
бæлас» æмæ а. д).
 Дзырдтæ кæсын æмæ сын сæ нысаниуæг æмбарын кæнын.
 Нывмæ гæсгæ куыст.
 Цы уынут нывы? (Хох, хæхтæ, дон, цæугæдон,...)
 Куыд уæм кæсы, цæугæдæттæ кæм гуырынц?
 Кæцæй уайынц? (Ахуыргæнæг дзуры ахуырдзаутæн цæугæдæтты равзæрды тыххæй.)
Нывмæ гæсгæ (Терчы тыххæй) текст бакæсын.Ахуырдзаутæ хъуамæ сæ зæрдыл бадарой, Ирыстоны
стырдæр цæугæдон Терк кæй у, уый. Гуыры хохы цъитийæ. Уыцы хох хуыйны Зилгæхох.
Цæугæдæттæ дуртæ фæфæлдахынц æмæ сæ уымæ гæсгæ фæзæгъынц «цæугæдон заргæ уайы».
4.Улæфты рæстæг.
5. Текстыл куыст.«Зарыныурок».Уæхъусæрдарут,дамгъæздзырдырайдиан
кæрдæгхуыз цæмæну?(Зуырыссагж-йыхуызæндзурæм,зæгъгæ,сынбацамыдтам,афтæмæй та йæ
иуæй-иу дзырдты уырыссаг з-йы хуызæн фæдзурæм, уæлдайдæр нæмтты. (Это как исключение из
правил.)
6.Нывмæ гæсгæ куыст.
 Цы ми кæнынц сывæллæттæ? (Зарынц.)
 Терчы кой куы кодтам, уæд загътам цæугæдæттæ заргæ кæй фæкæнынц адæймаджы
хуызæн.
 Кæмæй ма фæзæгъæм, зары, зæгъгæ? (Цъиутæй.)
 Кæд фæзары цъиу, адæймаг? (Хъæлдзæг куы вæййы, цин куы фæкæны, уæд.) – Зарæгмæ
хъусын æхцон у, æхсызгон, уæлдайдæр та рæсугъд зардмæ. Текстæн кæрон уæхæдæг æрхъуыды
кæнут.
Тагъддзуринæгтæкæсы,хорзчизоныкæсын,ахæмскъоладзау,æмæсæиууылдæр
иумæ
зæрдывæрдæй
ахуыр
58

кæнынц.Иууонæмæбирæоннымæцыномивджытимæ(номивджытæсты,уыйсывæллæттæн
дзурын
нæмахъæуы) цыбыр хъуыдыйæдтæ аразæм.
– Тагъддзуринæгты 'хсæн цы ныв ис, уымæ гæсгæ ма текст æрхъуыды кæнæм. (Сæргонд ын
ахуыргæнæджы æххуысæй иумæхъуыдыкæнынц.)Зæгъæм:
Парчы
Махабонуыдыстæмпарчы.Уымуыд бирæ адæм. Нæ фыд нæ бакодта «фæлгæсæн цалхмæ».
Балхæдта нын сæлдæджытæ. Ме'фсымæр æмæ мæ гыццыл хоимæ фæтезгъо кодтам. Нæ куыдз
Муртуз дæр уыд немæ.
Æмдзæвгæйыл куыст. Æмдзæвгæмæ байхъусын æмæз цы дзырдты ис, уыдон хицæнæй
зæгъын:
Бабыз
Бабыз уынгты райсом раджы
Узгæ, узгæ рараст балцы,
Бур-бурид бырынкъ фæдары
Доны цæсты, суанг ма малы.
Агуры та зулчъытæ,
Уаллæттæ 'мæ хъунцъытæ.
7. Къухфысты куыст: 9-æм фарсы хæслæвæрдтæ баххæст кæнын.
8. Рефлекси.
 Цавæр ног дамгъæ базыдтам? (з)
 Уæдæ та нæ ахуыры дард фæндаг иу къæпхæн фæцыбырдæр кодтам?
 Æмæ нæ ног дамгъæйæн йæ мыр та куыд дзургæ у?(уырыссаг [ж]-йы хуызæн).
 Кæмуыдыстæмабоннæурочы?(Нывысывæллæттимæпарчы.)Æмæдзыцы федтат? Ногæй цы
базыдтат?
 Ноджыдæр ма цы базыдтам? (Терк хохæй кæй цæуы, уый.)
 [з]-йы сусæгдзинад та цæй мидæг ис?
 Уæдæ абон цæуыл дзырдтам, уыдон бахъуыды кæнут æмæ уæхицæн бæрæггæнæнтæ
сæвæрут.
29-æм урок. Урочы темæ: Дамгъæ Фф.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 сывæллæттæ базондзысты ног мыр æмæ дамгъæ Ф ф;
 ахуыр кæндзысты раст æмæ аив кæсын;
 базондзысты поэтикон æмæ прозаикон тексты хицæндзинад;
 нывмæ гæсгæ хъуыдыйæдтæ араздзысты.
Урочы цыд
1.Зонындзинæдты актуализаци.
 Байхъусут æмбисондмæ: «Зивæггæнаг дардмæ нæ цæуы».
 Куыд æй æмбарут?
 Цавæр мырæй райдыдта фыццаг дзырд? ([з]-йæ)
 Радзурут-ма, мыр [з]-йы тыххæй цы зонут, уый.

59

2.Мотиваци:
– Дамгъæтæй масаразут уæнгтæ:
æ о
а з
ы
и
Хъæугæ дамгъæ бавæрут дзырдты: нæ...ы, мæр...ын, ...оны, за... (з).
3.Ног æрмæг.
–Абон та базонгæ уыдзыстæм ног дамгъæимæ.
Байхъусут æмбисондмæ: «Фыццаг мæкъуыл куы фæзыны, фæззæг уæд райдайы».
 Йæмидис-майыниумæравзарæм.Цызонутфæззæджытыххæй?(Фæуазалвæййы, бон фæцыбыр
вæййы, адæм хос кæрдын райдайынц.)
 Уæдæ мæкъуылы фæзынд у фæззæджы миниуджытæй иу.
 Зæгъут-ма, хус кæрдæг æртæ дамгъæйæ куыд схонæн ис? (Хос.)
 Уæдæ æхгæд цæстытæй цы фенæн ис? (Фын.)
 Дзырд фын-ы райдианы цавæр мыр хъусæм? ([ф]
 Уæдæ нæ абоны асины къæпхæн куыд хуыйны? (Мыр æмæ дамгъæ Ф, ф.)
4.Чиныгимæ куыст. 60-æм фарс.
– Æркæсут æмæ зæгъут, цавæр мыр у [ф]? (Æмхъæлæсон.)
– Бакæсут мырон схемæ. (Фæрдыг.)
5. Таблицæимæ куыст.
– Баххæст-ма кæнæм уæнгтæ æмæ сæ дзырдтæ саразæм: (фæ – фæрдыг, æф – æфсæрмы, фа –
фарон, аф – афтæ, фо – фос, оф – картоф, фы – фынг, ыф – сыф, фи – физонæг, иф – ифтындзын,
фу – футæг).
–
Зæгъутсыфтæртыхуызтæ(сырх,морæ,бур,кæрдæгхуыз)æмæмаиухаттсыфтыл
уæнгтæ
бакæсæм.
–Фæззæг–фæздæг.Куыдхъуыдыкæнут,ацыдыууæдзырдыцæмæнлæвæрдстыиумæ. (Абарын сæ
хæуы: æмхуызон цæмæй сты æмæ сæ хицæндзинад та цыу?) (Æмхуызон сты дамгъæты
нымæцæй, æсдзурын.Аивтам æрмæст 1дамгъæ æмæнæмрауад бынтон æндæр дзырд.) Хуыздæр
чи кæсы, кæнæ кæй фæнды, ахæм скъоладзау кæсы æмдзæвгæ «Фæззæг».
– Сывæллæттæ цы бафиппайдтат? (Æмдзæвгæйы алы рæнхъ дæр райдайы Ф-йæ.)
7. Улæфты рæстæг.
–Нывмæ гæсгæ фæззæджы миниуджытæ ранымайæм. Ахуырдзаутæн бацамонын æмдзæвгæ
(поэтикон уацмыс) цы у, уый хуымæтæг хуызы.
–Фатæгтæм гæсгæ хъуыдыйад бакæсын: «Фидар хизы фараст фысы».
8. Къухфысты куыст. 10-æм фарсыл цы хæслæвæрдтæ ис, уыдон сæххæст кæнын.
9.Текстыл куыст. Ахуыргæнæг кæсы текст мыр [ф] хъæлæсы уагæй хицæнгæнгæйæ æмæ
хуымæтæг
хуызы
амоны
прозаикон
уацмыс
кæй
у,
уый.
БалатыАльберты
æмдзæвгæ«Фидарæн»кæсы,хорз чи зоны кæсын,ахæмскъоладзау.
–Цавæр уацмыс у? (Поэтикон.)
10. Проблемон хæслæвæрд:
–Уæнгтæй дзырдтæ аразæм.(Сæ нысаниуæг сын амонын).

60

– Нывмæ гæсгæ хъуыдыйад саразын. (Лæппутæ футболæй хъазынц).
– Стыр дамгъæ дзырдты райдианы кæд фæфыссæм?(Нæмтты æмæ а. д.).
–Сыгъдæгдзуринæгтæ ма баххæст кæнæм:
Оф, оф, оф – цæхæрадоны зайы ... (картоф)
Фы, фы, фы – Мæдинæ тæбæгътæ ... (сæрфы)
Аф, аф, аф – скодтон мæ уæлæ ... (хæлаф)
11. Къухфысты хæслæвæрдтæ кæронмæ баххæст кæнын.11-æм фарс.
12. Рефлекси:
 Ф-йы тыххæй цы базыдтат, уый радзурут.
 Фæззæджы миниуджытæ ранымайут.
 Зæгъут, цæмæй хицæн кæны поэтикон текст прозаикон текстæй.
 Урокæй уæ зæрдыл цы бадардтат?
 Уæхимæ цы радзурдзыстут абоны урочы тыххæй?
 Уæ куыстæн ма аргъ скæнут.
30-æм урок
Урочы темæ: Дамгъæ Йй.
1.Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 сывæллæттæ базонгæ уыдзысты мыр æмæ дамгъæ [й]-имæ;
 мырæн характеристикæ дæттыныл дарддæр ахуыр кæндзысты;
 къордты кусыныл архайдзысты;
 æмдзæвгæ зæрдывæрдæй ахуыр кæныныл фæлтæрдзысты;
 проблемон хæслæвæрдтæ æххæст кæндзысты.
Урочы цыд
2.Зонындзинæдты актуализаци.
- Цавæр дыууæ къордыл дих кæнынц мыртæ? (Хъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсонтæ.)
– Радзурут-ма Ф-йы тыххæй цы зонут, уый.
– Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй радзурын;
–Цæмæй хицæн кæны поэтикон текст прозаикон текстæй?
3.Мотиваци.
Уыци-уыцитæ: «Нæ уæлхæдзар – гуыдыны æрдæг». (Мæй.)
«Сызгъæрин ацæуы, æмæ æвзист æрбацæуы». (Хур æмæ мæй.)
– Дыууæ æмбисонды дæр цавæр дзырд æмбæлы? (Мæй.)
– Цавæр мыр хъуысы дзырды кæрон? (й)
4.Ног æрмæг.
Абоны урочы базондзыстæм ног мыр [й]. Нывмæ гæсгæ дзырд йогурт мырон-дамгъон
æвзæрст кæнын.
 Таблицæйы ма ацы уæнгтæбакæсæм: йа – йо – йе æмæ сæ абарæм сæ мыртæ я – ё – е-имæ.
(Ахуырдзаутæн бацамонын ирон æвзаджы я – ё – ю æрмæст дæр уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ
дзырдты кæй пайда кæнæм, уый.)
 Ныр та ма таблицæйы уæнгтимæсаразæм дзырдтæ (йæхи, йарæби, йод йедзаг, мæй,
сайæгой, цай æмæ а.д.).

61

5. Къордты куыст. Сывæллæтты 3 къордыл адих кæнын æмæ сын хибар хæстæ раттын: 1-аг
къордæн: фыццаг рæнхъы уæнгтимæ дзырдтæ æрхъуыды кæнын (цай, рай, ай, дæн); 2-аг къордæн:
дыккаг рæнхъы дзырдтимæ (мæй, нæг, дан, сом); 3-аг къордæн: æртыккаг рæнхъы дзырдтимæ (фæй,
май, рухс, дан). Дзырдтæ иууылдæр сты таблицæйы, æрмæст сын ссарын хъæуы сæ хæйттæ.
 Цы ис иухуызонæй лæвæрд дзырдты? (Мыр [й].)(Цайдан, мæйрухс, фæйнæг, райсом,
майдан, айдæн.) Дзырдты нысаниуæг бацамонын.
 Æмдзæвгæ «Мæй» бакæсæм æмæ йæ бафæлварæм зæрдывæрдæй сахуыр кæнын.(Иу хай дзы
куы бахъуыды кæной, уæд иннæ хайæн ис хæдзармæ раттæн дæр.)
 Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм поэтикон æмæ прозаикон уацмысты хицæндзинад.
 Чиныджы 63 фарсыл фæстагмæ цы æмхъæлæсонтæ рацыдыстæм æмæ уыцы
æмхъæлæсонтæй цы нæлгоймаджы нæмттæ райдыдтой, уыдоны номхыгъд. Нæ зæрдыл сæ
æрлæууын кодтам æмæ сæ бахъуыды кæнæм.Иу-дыууæ хъуыдыйады семæ æрхъуыды кæнæм. («Мæ
фыды фыд хуындис Лади», «Цæра у нæ сыхаг», «Феликс æмæ Зелим æмбæлттæ сты»).
 Ныр та ма байхъусут ацы чысыл тексттæм: «Абон Георги æмæ Керым ацыдысты дуканимæ.
Керым дзуры Георгимæ: мæн хъæуы къафеттæ, дæу та?»; «Сывæллæттæ дыууæ командæйæ
футболæй хъазыдысты. Фыццаг командæ рамбылдта. Дыккаг – фæхæрд. Фыццаг командæйы
сывæллæттæ иннæтæм дзурынц: «Мах ацæудзыстæм экскурсийы, сымах та скъолайы
баззайдзыстут».
 Зæгъут-ма, сывæллæттæ, фыццаг хъуыдыйады Керым дæу, зæгъгæ кæмæ дзуры?
(Георгимæ.) Уæдæ ирон æвзаджы ис ахæм дзырдтæ нæмтты чи ивы. Уыдон сты: æз, ды, мæн, дæу.
Бирæ искæйты кой куы цæуа, уæд та – мах, сымах, уыдон, адон æмæ а. д.
 Бакæсæм-ма сæ. Уыдонмæ ма ис кæрæттæ æфтауæн дæр (Кæрæттимæ сæ кæсынц: мæнæй,
дæуæй, махæй, сымахæй, уыдонæй, адонæй).
 Саразæм-ма семæ хъуыдыйæдтæ дæр: (Зæгъæм, Ацæмæз мæнæй райста чиныг. Дæуæй
хуыздæр нæй æмæ а.д.).
6.Улæфты рæстæг.
Беседæ саразын, чи цы уынджы цæры, уый кæй номыл у, уый тыххæй?
- Чи зоны цæмæн æвæрынц адæм уынгтыл нæмттæ?
- Ирыстоны сгуыхт хъæбатыр Плиты Иссæйы тыххæй та уæ чи цы зоны? (Ахуыргæнæг
хъусы сывæллæтты дзуæппытæм). Уый фæстæ кæсынц текст.
7.Дзырдуатон куыст: инæлар, знæгтæ, кад.
8.Къухфысты куыст: Дамгъæ Йй фыссыны æгъдæуттæ.Нывтæ хуызджын кърандæстæй
сахорын.
9. Рефлекси
 Цавæр дамгъæ æмæ мыр базыдтам абоны урочы?
 Цымыдисаг уæм исты фæкаст?
 Кæцы куысты хуыз тынгдæр фæцыд уæ зæрдæмæ?
 Æмдзæвгæ чи бахъуыды кодта? Радзурæд-ма йæ.
 Мæнæн мæ зæрдæмæ тынг фæцыд уæ архайд, фæлæ мæ фæнды уæхæдæг ын аргъ куы
скæниккат, уый.
31-æм урок
Урочы темæ: Дамгъæ Бб.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 сывæллæттæ базонгæ уыдзысты мыр [б] æмæ дамгъæ Бб-имæ;
62

 мырæн характеристикæ дæтдзысты;
 базондзысты дзырдтæ уæнгтыл дих кæнын, уæнгтæй дзырдтæ аразын, нывмæ гæсгæ
хъуыдыйæдтæ аразын, дзырдтæ бирæон нымæцы æвæрын;
 рæздзæн сæ фæлтæрддзинад тексттæ хинымæры æмæ цæггæй кæсынæй;
 проблемон фæрстытæн дзуапп дæттын ахуыр кæндзысты.
Урочы цыд
1.Зонындзинæдты актуализаци :
 Цавæр дамгъæимæ базонгæ стæм фæстаг урочы? (Йй)
 Хъæлæсон у æви æмхъæлæсон? Иумæ ма йæ зæгъæм(æмхъæлæсон);
 Дзырдты иууон æмæ бирæон нымæцы формæ нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм;
 Уæнгтæ æмæ дзырдтæ кæсæм;
 Æмдзæвгæ мазæрдывæрдæй радзурæм;
 Плиты Исæйы тыххæй текст хи ныхæстæй радзурæм.
2.Мотиваци.
–Æрбакæсут-ма, абоны урокмæ нæм æрбатахт бæлон, йæ дзыхы – бæласы къалиу æд сыфтæ.
Диссæгтæ, сыфтыл фыстытæ. Цымæ сыл цы фыст ис? Уый фæстæдæр базондзыстæм. Ныр уал нæ
«бæлоны» кой бакæнæм.
3. Ног æрмæг:
 Байгом кæнæм чингуытæ 64 фарсыл. Ам дæр та дамгъæйы фарсмæ бæлон.
 Схемæмæ гæсгæ ма дзырдæн мырон-дамгъон анализ скæнæм.
 Цавæр мыр хъуысы дзырды райдайæны?([б]).(Чиныджы схемæмæ гæсгæ ахуырдзаутæ
хъуамæ сбæлвырд кæной хъæлæсон у æви æмхъæлæсон).
 Таблицæйы уæнгтæ бакæсæм æмæ сæ дзырдтæ саразæм (ба – бандон, аб – абхазаг, бæ –
бæлон, бу – булæмæргъ, бы – быдыр, би – бинонтæ æмæ а. д.).
 Бакæсæм-ма дзырдтæ æмæсын сæ нысаниуджытæ равзарæм.
 Текст «Бинонтæ» кæсæм. Уæ хъус æрдарут бинонтæй алчидæр цы ми кæны, уымæ. Уый
фæстæ сæ нæхи бинонтимæ абардзыстæм. Сбæрæг кæндзыстæм, алы бинонты царды дæр
иумæйагæй цы ис, æмæ дзы хицæндзинæдтæ та цавæртæ вæййы, уый.
Ахуыргæнæг текст кæсы йæхæдæг.
 Ныр та ма текст цæггæй бакæсæм.
 Куыд бамбæрстат тексты сæйраг хъуыды.
 Цы загъд цæуы бинонты тыххæй?
 Цы базыдтам фыды тыххæй?
 Мады тыххæй та?
 Чи ахуыр кæны Алайнаг гимназы? Цы у Алайнаг гимназ та? Кæм ис?
 Цы ми фæкæнынц бинонтæ изæры?
Скъоладзаутæ радыгай цæггæй кæсынц радзырд. Уый фæстæ йæ хинымæры кæсынц æмæ беседæмæ
рахызтысты: «Мæхи бинонтæ».
4.Проблемон фарст: «Цы ис иумæйагæй алы бинонты царды дæр? Хицæн та цæмæй
кæнынц?».
5.Улæфты рæстæг.
– Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм дзырдтæн иууон æмæ бирæон нымæцы формæ кæй вæййы,
уый.Чиныджы 65 фарсыл кæсæм дзырдтæ æмæ бæрæг кæнæм иууон нымæцы формæ дзы кæцы у
æмæ бирæон нымæцы формæ. (Хъæлæсонты ивынадмæ бирæон нымæцы формæйы хъус æрдарын.)

63

 Æркæсæм-ма, бæлон цы къалиу æрбахаста, уым та цавæр дзырдтæ фыст ис? (бæдул, байраг,
барæг, сабырдзинад).
 Фенæм-ма, чиныджы сты ацы дзырдтæ?(бæдул, байраг, барæг - сты; сабырдзинад - нæй).
6.Дзырдуатон куыст: бæдул, байраг, барæг, сабырдзинад. Дзырдты нысаниуæг æмбарын
кæнын, уæнгтыл сæ дих кæнын, мырон-дамгъон анализ сын скæнын.Ахуыргæнæг сывæллæттæн
æмбарын кæны бæлон сабырдзинады символ кæй у, уый.
7.Текстыл куыст: Ахуыргæнæг кæсы радзырд «Байраг» æмæ йæ æвзарынц:
 Цæуыл цæуы ныхас радзырды?
 Чи у Борик?
 Куыд зилы байрагмæ?
 Цæуыл нæ ахуыр кæны радзырд?
 Сывæллæттæ сымахмæ та цавæр цæрæгойтæ ис хæдзары?(Сывæллæтты дзуæппытæм
байхъусын).
8.Къухфысты куыст:Дамгъæ Бб фыссыны æгъдæуттæ.
9.Рефлекси:
 Цавæр хъуыдытæ уæм сæвзæрд нæ урочы кæронмæ?
 Куыд уæм кæсы, абоны урочы алчидæр хорз архайдта?
 Цы дзы бадардзыстут уæ зæрдыл?
 Урочы уæм исты зындзинад сæвзæрд? Цавæр?
 Уæдæ абон цы зонды ныхæстæ фехъуыстат, уыдон уæ зæрдыл бадарут æмæ уæхицæн
бæрæггæнæнтæ сæвæрут.
32-æм урок
Урочы темæ: Дамгъæ Ее.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 сывæллæттæ базонгæ уыдзысты мыр [е] æмæ дамгъæ Ее-имæ;
 архайдзысты мырæн характеристикæ дæттыныл;
 рæздзæн сæ арæхстдзинад тексттæ кæсынмæ;
 æмдзæвгæ зæрдывæрдæй ахуыр кæндзысты;
 нывты мидис радзурынмæ арæхсдзысты.
Урочы цыд
1.Зонындзинæдты актуализаци :
 Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм, цал хъæлæсон мыры ахуыр кодтам (6), æмхъæлæсонтæ
та? (12). Æмæ уæм куыд кастис, хъæлæсон мыртимæ сеппæтимæ дæр базонгæ стæм;
 Зæгъут-ма, амæй размæ урокмæ нæм цавæр маргъ æрбатахт? (Бæлон).
 Цавæр маргъ хонынц бæлоны? Цæй символ у? (Сабырдзинады).
 Чи радзурдзæнис бинонты тыххæй? Байраджы тыххæй та? (Сывæллæтты дзуæппытæм
байхъусын).
2.Мотиваци:
–Сывæллæттæ, уе 'хсæн ахæмтæ ис, сырддоны чи никуы уыдис?
– Цавæр цæрæгойты дзы бахъуыды кодтат?
– Уæдæ, нæ абоны урочы абалц кæндзыстæм сырддонмæ, цæрæгойты фенынмæ.
64

(Ам спайда кæнæн ис, цæрæгойты царды тыххæй ныхас кæм цæуы, ахæм кинонывы
скъуыддзагæй).
– Цалынмæ балцы нæ араст стæм, уæдмæ уал нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм хъæлæсон мыртæ
æмæ сæ миниуджытæ.(Зонынц зарын, загъд æрцæуынц æрмæст хъæлæсы руаджы, уæнгтæ аразæм
уыдоны фæрцы.)
3.Ног æрмæг.
–Абоны урочы дæр та базондзыстæм ног хъæлæсон мыр.
– Æркæсут-ма чиныджы нывмæ æмæ зæгъут, чи йæ зоны цы у? (Ехс.)
Ехс – лыстæг æмæ дзæбæх
Ехсæй тынг агайы бæх.
 Цæмæн хъæуы? Кæм федтат ацы предмет? (Ахуырдзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ: цирчы,
барджытæм…)
 Дзырды райдайæны цавæр мыр хъуысы? ([й'е]).
 Схемæмæ гæсгæ дзырдæн раздæр мырон, уый фæстæ мырон-дамгъон анализ скæнын.
Ахуырдзаутæ хъуамæ сæхæдæг скæной хатдзæг,[е] хъæлæсон мыр кæй у, уый тыххæй. (Чиныджы
схемæмæ гæсгæ).
 Цавæр дзырдтæ зонут [е] кæм хъуысы, ахæмтæ? (Фестад, Хетæг, мемæ, …)
4.Чиныджы æрмæгимæ куыст:
 Таблицæйы уæнгтæ ма иумæ бакæсæм.
 Ныр та кæсæм дзырдтæ уæнггай. Уый фæстæ, шариктыл фыст уæнгтæй аразæм дзырдтæ.
5.Дзырдуатон куыст:агайы (раздражается),еуу (просо), зети (подсолнечное масло) тыллæг
(урожай), теуа (верблюд), реуа (качаться из стороны в сторону).
– Сывæллæттæ, ацы дзырдтæ уæ искуы исчи фæхъуыста? (Кæд нæ, уæд сын сæ ратæлмац
кæнын, сæ мидис сын бамбарын кæнын, уæнгтыл сæ адих кæнын, мырон анализ сын скæнын.
Цæмæй сæхуыздæр бамбарой æмæ сæ практикæйы раст пайда кæной, уый тыххæйсын дзырдтимæ
хъуыдыйæдтæ æрхъуыды кæнын кæнын. Зæгъæм, «Мæ мад зети балхæдта», «Еуу тауынц
хуымты», «Фæззæджы хъæздыг тыллæг æрзад», «Теуа йæ сæрæй реуа кодта»).
 Абон кæй фæнды радзырд бакæсын? (Скъоладзауты бакасты фæстæ текст иумæ
равзарын).
 Уæдæ еууæй адæймаг куыд пайда кæны, уый бамбæрстат?
 Радзурут-ма, зетийæ та алчи йæ хæдзары куыд фæпайда кæны.
 Æмдзæвгæ «Реуа» кæсæм иумæ.
 Зæгъут-ма, чи ныффыста æмдзæвгæ? (Фæрниаты Бечырбег).
 Зæрдывæрдæй йæ ахуыр кæнæм? (Кæд «О» зæгъой, уæд æй сахуыр кæнын).
 Уæдæ ныр, абондæргъы цы балцмæ æнхъæлмæ кæсæм, уырдæм цæуæм?
 Балцы размæ уал нæ фæллад суадзæм.
6.Улæфты рæстæг.
7.Къордты куыст (67-æм фарсыл цы ныв ис, уымæ гæсгæ). Цæмæй балцы ацæуæм, уый
тыххæй нæ цы хъæуы? (Транспорт – алчидæр йæхицæн æвзары фæйнæгыл конд нывтæй – трамвай,
маршруткæ, автобус).
1-аг къорд:Трамвайыл схæццæ сты (фæндагыл цытæ федтой, уый дзурынц). Агурынц
мæргъты æмæ сын сæ нæмттæ дзурынц, хæдзарон сты æви хъæддæг, сæ миниуджытæ. Мырондамгъон анализ иу маргъы номæн кæнынц;
2-аг къорд: Маршруткæйыл цыдысты (уыдон дæр дзурынц сæ фæндаджы тыххæй).

65

Бацыдысты тугдзых сырдты кълеткæмæ, дзурынц сын сæ нæмттæ, тугдзых сæ цæмæн хонынц,
сæ миниуджытæ, иу сырды номæн кæнынц уæнгон-мырон анализ;
3-аг къорд:Адон та автобусыл цыдысты (дзурынц сæ фæндаджы тыххæй). Бацыдысты
хъæддаг цæрæгойты кълеткæмæ æмæ дзурынц тугдзых сырдтæй цæмæй хицæн кæнынц, уый
тыххæй; сæ миниуджытæй сын цы зонынц, кæм цæрынц, иу цæрæгойы номæн уæнгон-мырон
анализ скæнын. Алы къордæй дæр иу скъоладзаурадзурдзæн сæ куысты тыххæй. Балцы тыххæй
хæтдзæг скæнын.
8.Аргъау стыр дамгъæ Е-йы тыххæй.
Дамгъæты бæстæйы иууылдæр цардысты хæларæй. Фæлæ иу хатт стыр дамгъæ Е йæхицæй
ныббузныг, иннæтæй рæсугъддæр æмæ хуыздæр дæн, зæгъгæ. Йæ къухтæ фæстæрдыгæй амбæхста
æмæ сси дамгъæ З-йы хуызæн.
Дамгъæтæ сæмхæццæ сты, дзырдтæ ныззыгъуыммæтæ сты. Егар сси Згар, Еугæф сси Зугæф,
Егъау та Згъау. Тынг смæсты сты иннæ дамгъæтæЕ-мæ. Фæхæрам æм сты æмæ йæ сфæнд кодтой
æрцахуыр кæнын.
Йе 'ргом ын сæхимæ раздæхтой. Уæдæй фæстæмæ стыр дамгъæ Е, иннæ стыр дамгъæтæй
уæлдай, кæсы, йæ фæстæ цы дамгъæтæ лæууы, уыдоны 'рдæм.
8.Улæфты рæстæг.
9.Текстыл куыст.
«Сырддоны» ахуырдзаутæ кæсынц хинымæры. Хи ныхæстæй дзурын æй фæлварынц.
10.Къухфысты куыст.
16-17 фæрстыл цы хæслæвæрдтæ ис, уыдон æххæст кæнын.(Ахуыргæнæджы амындмæ гæсгæ).
11. Рефлекси.
 Цавæр ног дамгъæимæ базонгæ стæм?
 Хъæлæсон у æви æмхъæлæсон? (Хъæлæсон)
 Цавæр хоры мыггаг у еуу? (Рагон)
 Цавæр бæстæты цæры теуа? (Африка æмæ Азийы)
 Кæдæм абалц кодтам абон нæ урочы? (Сырддонмæ)
 Цавæр цæрæгойты федтат сырддоны? (Теуа, саг, домбай…)
 Уæ зæрдæмæ тынгдæр цавæр куыст фæцыд?
 Уæхицæн бæрæггæнæнтæ сæвæрдзыстут?
33-æм урок
Урочы темæ. Дамгъæ В, в, мыр [в]
Фæстиуджытæ:
 сывæллæттæ дарддæр зонгæ кæндзысты æмхъæлæсон мыртимæ;
 базонгæ уыдзысты мыр [в] æмæ дамгъæ Вв-имæ;
 сæ зонындзинæдтæ фидардæр кæндзысты: дзырдтæ уæнгтыл дих кæндзысты;уæнгтæй
араздзысты дзырдтæ, дыууæ æмæ æртæуæнгон дзырдтæ раст дзурдзысты;
 иу дамгъæйæн цы тых ис, уый базондзысты;
 текстæн хуымæтæг анализ кæнынмæ арæхсдзысты.
Урочы цыд
1. Зонындзинæдты актуализаци.

66

 Байхъусут æмбисондмæ: «Дæсныйæ ничи райгуыры». (Алцы зонгæйæ ничи райгуыры, фæлæ
алчидæр ахуыр кæны æмæ бирæ зонындзинæдтæ райсы.)
 Зæгъут-ма, е æмхъæлæсонты 'хсæн цæмæн фæдзæгъæл? (Уымæн æмæ,е цы
æмхъæлæсонтимæ æмбæлы дзырдты мидæг, уыдон хъæлæсонтæ ахуыргæнгæйæ нæма фæзонут,
æмæ уый тыххæй æмхъæлæсонтимæ æвæрд æрцыд.) Уый дæр та у ирон дамгъæты иу сусæгдзинад!
 Цы æмбисонд уын бакастæн, уый ардæм исты бар дары? (Дары. Ног зонындзинад
райстам.)
 Нæ зæрдыл-ма æрлæууын кæнæм Фæрниаты Бечырбеджы æмдзæвгæ «Реуа».
2. Мотиваци.
– Байхъусут-ма мæнæ ацы æмдзæвгæтæм:
«В» нæу иннæты æмуæз,
«В»-йæ райдайынц æрмæст:
«Вазыгджын», «вæййы», стæй «вæзн».
«В» дæр йæ дыууæ къæлæты
'Взаргæдæр лæгау куы дары.
'Васт дын æрзылди уæлæты:
- Витяйыл скодтон æз зарæг.
Витяйы куы зонут, –
Витя бирæ уарзы
Вафлитæ, мæнау.
3. Ног æрмæг.
 Цавæр мыр хъусут ацы æмдзæвгæты алы рæнхъы райдианы дæр? [в]
 Уæдæ абон нæ асины цавæр къæпхæнмæ схæццæ стæм? (в-мæ)
 [в] цавæр мыр у, уый ныртæккæ базондзыстæм.
 Байгом кæнут чингуытæ 68-æм фарсыл.
 В дзырдты райдианы фылдæр æмбæлы уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты.
 Кæсæм мырон схемæмæ гæсгæ дзырд. (Веер.)
 Уæнгты фæстæ кæсæм текст «Иу дамгъæ». (Текст кæсы хуыздæр чи арæхсы, ахæм.)
 Куыд бамбæрстат Вовæйы диалог йæ дадимæ?
 Урочы райдиан цы æмбисонд бакастæн, уый уæ зæрдыл æрлæууын кæнут æмæ зæгъут: ацы
текстмæ исты бар дары? (Дары. Вовæ нæ зыдта иу дамгъæйæн цы тых ис, уый. Йæ дада йын æй
арæхстджынæй бацамыдта. Вовæ йæ бамбæрста. Уæдæ алцыдæр ахуырæй у.)
 Ныв æмæ текст абарын.
4.Къухфысты куыст.
18-19 фæрстыл хæслæвæрдтæ сæххæст кæнын. (Ахуыргæнæджы амындмæ гæсгæ.)
5. Чиныгимæ куыст.
 Дзырдтæй ног дзырдтæ саразын. (ахсын, рæхсы). Сæ мидис сын бацамонын.
 Уæнгтыл дихгонд дзырдтæ кæсын, æмхæст уæнгтæ амонгæйæ.
 Уæнгтæй дзырдтæ саразын. (Вертолет, ветеран, витамин.)
 Текст «Вагзал» кæсын æмæ æвзарын.
 Кæцы ран ис вагзал?
 Сымахæй искуы исчи вагзалæй искæдæм цыди? Искæйы дзы фæндараст дæр
кодтат?Фæйнæгыл дзырдтæ: арв, вилкæ, витамин, вирус, велосипед.
 Бахахх кæнут дзырдты в-йы бын æмæ йын раттут характеристикæ.
 Нæ горæты цавæр бынатимæ базонгæ стут? (Вагзалимæ).
Нæ урочы кæронбæттæны ма байхъусут дамгъæ В-йы тыххæй аргъаумæ:
Диссаджы бæллæхтæ æрцыд дамгъæ В-йыл дæр. Æгæр хивæнд кæй уыд, уый тыххæй йæ иннæ
67

дамгъæтæ нал бауагътой дзырды разæй лæууын. Æрмæст ын дамгъæ А æмæ Æ фæтæригъæд кодтой
æмæ йæ æртæ дзырды: вазыгджын, вæййы æмæ вæзн-ы бауагътой сæ разæй. Уæдæй фæстæмæ
æмбисондæн баззад, не 'взаджы дамгъæ В-йæ æрмæст æртæ дзырды райдайы, зæгъгæ. Сабитæ,
сымах дæр сæ бахъуыды кæнут: вазыгджын, вæйййы æмæ вæзн.
6.Рефлекси.
 Цы базыдтат ногæй абоны урочы? (Ног мыр [в].)
 Иу дамгъæ тыхджын кæй у, уый куыд раиртæстат.
 Вовæ æмæ дадайы диалогæй цы бафиппайдтат? (Дада зондджын кæй у, Вовæ та –
коммæгæс.).
34-æм урок
Урочы темæ: Дамгъæ ъ.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 сывæллæттæ базонгæ уыдзысты ъ-имæ, йæ функцитæ цæй мидæг сты ирон æвзаджы,
уыимæ;
 базондзысты, цæмæн хъæуыъ нысан, мыр куы нæ дæтты, уæд?
Урочы цыд
1.Зонындзинæдты актуализаци.
 Амæй размæ урочы базыдтам цыдæр цымыдисаг хабар дамгъæ Вв-йы тыххæй. Нæ зæрдыл
ма йæ æрлæууын кæнæм. (æрмæстдæр 3 дзырды кæй райдайы В-йæ).
 Ноджыдæр ма цыдæр ногдзинад базыдтам, æрхъуыды-ма йæ кæнæм. (Иу дамгъæйы тых).
 Нæ горæты цавæр бынатимæ базонгæ стæм? (Вагзалимæ).
2.Мотиваци.
Аргъау: Хъæбæр нысаны тыххæй.
Иухатт дамгъæты 'хсæн ныхасрацыд æмгардзинад æмæ хæлардзинады тыххæй. Алчидæр дзы
æппæлы йæ хорз æмбалæй. Æрмæст фынджы кæрон бады æнкъардæй иу нысан. Хæлæг кæны зараг
хъæлæсонтæм, «хъæлдзæг æмбæлттæм» - дывæргонд дамгъæтæм.
Иубон сфæнд кодта уыцы нысан дæр йæхицæн аккаг æмбæлттæ ссарын.
Зилы фынджы алыварс. Иу дамгъæйæ иннæмæ цæуы, хаты сæм. Фæлæ йæм уыдон
æнæрвæссон каст кæнынц.
Абады З-йы фарсмæ, уый йæхи фæтызмæг кæны. Бакъул кæны С-мæ, уый дæр ыл мæсты
хъазау йæхи андзары. Афтæмæй рахау-бахау кæны иу дамгъæйæ иннæмæ.
Æрмæст ын дамгъæ Ц фæтæригъæд кодта æмæ йæ йæ цуры æрбадын кодта. Бады æнцад. Иу
афон банцой кодта йæхи Ц-йыл. Афтæ балымæн сты æмæ æнæ кæрæдзи нал фидыдтой
Сæ лымæндзинадмæ сын бахæлæг кодтой иннæтæ дæр: Г, К, П, Т, Х, Ч.
Ныр уыдон не 'взаджы бирæ дзырдты æнæ уыцы нысан фидаугæ дæр нал кæнынц. Ахæм хорз
æмбал разынд Ъ.
– Ирон æвзаджы ис 42 дамгъæйы. Уырыссаг алфавиты та сты 32. Ирон алфавиты дамгъæты
'хсæн ис, уырыссаг алфавиты чи нæй, ахæм дамгъæтæ. Уыдон арæзт сты дыгай нысантæй, сæ
фылдæр хай ъ нысаны фæрцы. Æркæсæм-ма нæ чингуыты схемæмæ æмæ хуыздæр бамбарат,
æцæгæйдæр афтæ кæй у.
3.Ног æрмæг. Фонетикон куыст:

68

к

к+ъ = къ
п
т
п+ъ = пъ
ц
Ъч
т+ъ = тъ
х
г
ц+ъ=цъ
ч+ъ=чъ
х+ъ=хъ
г+ъ=гъ
Ахуыргæнæг дзуры мыртæ ахуырдзаутæ та – йæ фæстæ. Цæмæй æнцондæр уа сæ бахъуыды
кæнын, уый тыххæй лæвæрд мыртимæ дзурынц дзырдтæ дæр.
4.Чиныджы куыст.70-йæм фарс.
5.Дзырдуатон куыст.
Къалати, тъепа, хъама, фыркъа, цъай. Бакæсын дзырдтæ æмæ сын мырон-дамгъон анализ
скæнын. Абарын мыртæ: к – къ, г – гъ, т – тъ, ц – цъ, п – пъ, х – хъ. Саразын сæм схемæтæ.
6.Таблицæмæ гæсгæ куыст.
Уæнгтæ кæсын, хъус дарын мырты растдзурынадмæ.
-Тагъддзуринаг ахуыр кæнæм зæрдывæрдæй дзурын.
-Хъи-хъри-хъу! – ныууасыд уасæг!
-Хъи-хъри-хъу! – фæцæуы уазæг!
Абарын дзырдтæ уасæг – уазæг.
-Цæмæй хицæн кæнынц фысгæйæ?
– Цы нысан кæны алы дзырддæр?
7.Улæфты рæстæг.
8.Нывмæ гæсгæ куыст. Беседæ саразын.
– Цавæр маргъ у уасæг?
– Цыхуызæн у?
Ахуырдзаутæ кæсынц лæвæрд дзырдтæ. Зонгæ кæнынц ног мырты зæлынадимæ. Семæ
æрхъуыды кæнæн ис хъуыдыйæдтæ.
Ахуыргæнæг кæсы сыгъдæгдзуринæгтæ æмæ сæ ахуырдзаутæ сæ зæрдыл дарынц,сахуыр сæ
кæнын зæрдывæрдæй дзурын. Ацы куысты фæрцы хуыздæр бахъуыды кæндзысты мыртæ къ, гъ, хъ,
цъ, пъ тъ, чъ раст дзурын.
9. Къухфысты куыст.
– дамгъæ ъ фыссыны æгъдæуттæ;
– хъуыдыйады растфыссынад;
– нывтæ хуызджын кърандæстæй сахорын
10. Рефлекси.
– Цавæр дамгъæимæ базонгæ стæм? (Мыр чи нæ дæтты, ахæмимæ).
– Цавæр ног мыртæ арæзт цæуы дамгъæ ъ фæрцы? (Къ, тъ,пъ, гъ, цъ, чъ, хъ).
–Уæ зæрдæмæ цы фæцыд абоны урочы?
– Уæлдай цымыдисаг уæм исты фæкаст?
– Нæ ахуыры асин уæ рох ма кæнæд, кæцы къæпхæнымæ хизæм? (25)
35-36 æм уроктæ. Дамгъæ Хъхъ, мыр [хъ]
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 сывæллæттæ базондзысты ног дамгъæ Хъ хъæмæ мыр [хъ];
69







дыууæ нысанæй арæзт кæй у, уый сæ зæрдыл бадардзысты;
ъ руаджы ног дзырдтæ аразын базондзысты;
дарддæркусдзыстыпоэтиконæмæпрозаиконтексттимæ,сæхицæндзинæдтæсын æмбардзысты;
уæнгтæй дзырдтæ араздзысты;
арæхсдзысты къæйттæй кусынмæ.
Урочы цыд

1. Зонындзинæдты актуализаци.
–Куыдхъуыдыкæнутдамгъæтыкæцыкъордмæхауыънысан?(Уыйдамгъæнæу, у нысан.)
2.Мотиваци.
Сыгъдæгдзуринæгтæ æххæст кæнæм:
Хо-хо-хо – нæхимæ ис æрмæст мæ ... (хо).
Хъо-хъо-хъо – кауы сæрмæ стахт ... (Хъохъо).
Хы-хы-хы – атылдтон картоф ... (цæххы).
Хъы-хъы-хъы – фæцæйхаудтæн арф ... (дзыхъхъы).
– Цавæр нысаниуæг ис ъ нысанæн? (Мырты хъæбæр кæнын, х-йæ рауади хъ.)
–Куыд уасы уасæг. – Хъи-хъри-хъу!
3. Ног æрмæгыл куыст:
 Цал хъæлæсон мыры базыдтам? (7) (а, æ, и, у, о, ы, е)
 Æмхъæлæсонтæ та цал зонæм? (17)
 Цæмæй хицæн кæнынц кæрæдзийæ? (Хъæлæсонтæ дзурæм æрмæст хъæлæсы
фæрцы,æмхъæлæсонтæта–хъæлæс,былтæ,æвзагæмææндæрдзурæноргæнтыфæрцы.)
 Куыд загътам – ирон æвзаджы дамгъæтæм ис цы? (Сусæгдзинæдтæ.) Уæлдайдæр та
æмхъæлæсонтæм.
 Цавæртæдзыбазыдтам.Фысгæсæкæнæмуырыссагдамгъæтыхуызæн,дзургæ та – æндæр
хуызы. (Зæгъæм, з-ж, с-ц, с-ш.)
 Уæдæ абонцыдамгъæимæ базонгæстæм, уыйтадыууæ нысанæйарæзту,фæлæ дæтты иу мыр.
4. Чиныджы куыст. 72 фарс.
– Цавæр дамгъæ уынут? (Хæмæ ъ нысан.) Зындзурæн мыр у, фæлæ нæ дамгъæты асиныл
лæууы æмæ йæ раст дзурын сахуыр кæнæм.Хъ (Дзурæм æй хъæлæс, æвзаг æмæ комарынджы
æххуысæй.)
Мырон схемæйы кæсæм дзырд хъаз.Уæнгты цæджындзы фæстæ кæсæм шариктыл фыст
фæстæрдæм кæсгæ уæнгтæ.Х-йæ райдайгæ дзырдтæй ъ нысаны фæрцы аразæм ног дзырдтæ.
5.Тексттыл куыст. Кæсæм æмæ æвзарæм тексттæ «Хъæдгæрон» æмæ «Хъазæнтæ».
Ахуыргæнæг кæсы текст «Хъæдгæрон», æмдзæвгæ та – кæсын чи зоны, ахæм сывæллон.
 Дыууæ тексты кæрæдзийыл абарæм æмæ сын сæ хицæндзинад сбæрæг кæнæм. (Прозаикон
уацмыс у ныхасы хуызæн,æмдзæвгæйы та ис ритм æмæ рифмæ, хъуыдыйæдтæ сты цыбыр).
 Куыд бамбæрстат, цæмæн хуыйны ацы хъæу Хъæдгæрон? (Хъæды кæрон кæй æрбынат
кодта, уый тыххæй).
 Цавæр адæм дзы цæры? (Хæларзæрдæ æмæ фæллойуарзаг).
 Æмдзæвгæйы та цавæр хъазæнтæ ис Бæппумæ? (Саг, сæгуыт, тæрхъус).
 Ацы хъæддаг цæрæгойтимæ зонгæ стæм?
 Ныр та ма æмдзæвгæйы бынмæ иууæнгон дзырдтæ хъ-имæ бакæсæм.
 Уæнгтæй дзырдтæ саразæм фатæгтæм гæсгæ.
 Дзырдты хæйттæ баиу кæнæм.

70

 Дзырдтæ уæнгтыл дихгондæй бакæсæм, æмхæст уæнгтæ рахицæн кæнæм æмæ сæ амонæм.
7.
Къæйттæй
куыст:
Ахуыргæнæгкарточкæтæуары.Иутыдзы,хъæбæрæмæфæлмæнчиу,ахæмпредметтыномхыгъд.(Хъæбæр
предметтæиуагуры,фæлмæнтæ–
иннæ.)Иннæкарточкæтæта,гыццылæмæстырчиу,ахæмпредметтæ(амдæргыццылтæиуагуры,стырпред
меттæ– иннæ),æртыккагрæнхъычибады,уыдонæнтаисраттæнфæтæнæмæнарæгпредметты номхыгъд
(иу агуры фæтæн предметты номхыгъд, иннæ – нарæг предметтæ).
9. Къухфыстыкуыст. 22-æм фарс.Хæслæвæрдтæ æххæст кæнын. (Ахуыргæнæджы æвзæрст
æрмæгмæ гæсгæ.)
Ахуыргæнæг скъоладзаутæн зæгъы, иннæ урочы кæронмæ кæй ахæццæ кæндзысты ацы куыст.
10. Рефлекси.
 Цавæр дамгъæимæ базонгæ стæм? (Хъ-имæ)
 Характеристикæ йын раттын.
 ъ нысан цæмæн хъæуы? (Дамгъæтæ хъæбæр кæнынмæ.)
 Цымыдисагæй цы базыдтат урочы? (Иронæвзаджы кæй ис дыууæ нысанæй арæзт
æмхъæлæсон дамгъæтæ, фæлæ иу мыр йеддæмæ кæй нæ дæттынц, уый.)
 Текстыфæрцы цавæр хъæуимæ базонгæ стут? (Хъæдгæронимæ.) Бахъуыды кæнут,
дамгъæкуыд дзургæ æмæ фысгæу, уый.
36-æм урок
Дамгъæ Хъхъ, мыр [хъ].(дарддæр).
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 сывæллæттæ дарддæр ахуыр кæндзысты дамгъæ мыр [хъ] раст дзурын.
 змæлгæ хъазтæй хъазыныл фæлтæрдзысты;
 къæйттæй кусыныл дарддæр архайдзысты;
 уыци-уыцитæ æмæ тагъддзуринæгтыл кусын ахуыр кæндзысты;
 мырон схемæтæ æмæ дзырдтæм гæсгæ дзырдтæ кæсыныл дарддæр кусдзысты;
 бирæон нымæц аразыныл архæйдзысты.
Урочы цыд
1. Зонындзинæдты актуализаци.
Байхъусут-ма тагъддзуринагмæ.
Хъулон хъыбыл
Хъæмпыл хъазыд.
Хъæмпыл хъуыстис
Хъыбылы хъыллист.





Алы дзырды райдианы дæр уæмцавæр мыр хъуысы?
Хъæлæсон у æви æмхъæлæсон?
Иумæ ма йæ иу хатт зæгъæм.
Тагъддзуринаг ма зæрдывæрдæй ацахуыр кæнæм.

2. Мотиваци. Ахуыргæнæг æвдисы ныв «Хъæд».
 Сывæллæттæ, цы уынут нывы? (Хъæд, бæлæстæ).

71

 Куыд уæм кæсы, хъæды ныв уæм цæмæн æрбахастон? (Уымæн æмæ ахуыр кæнæм мыр [хъ]
æмæ дзырд хъæд дæр райдыдта хъ- йæ).
 Нывмæ гæсгæ ма иу-æртæ хъуыдыйады æрхъуыды кæнут.
3.Ног æрмæгыл куыст. 74-æм фарс.
 Къæйттæй ма бакусæм. Хъазт «Хъазтæ».
 Къæйттæй бакæсæм хъазты текст. (Ахуыргæнæг текст скъоладзаутæн сеппæтæн дæр
кæсын кæны дыгæйттæй, цæмæй йæ бахъуыды кæной æмæ хъазынмæ рахизой).
 Сывæллæттæ, цæмæн хуыйны ацы хъазт «Хъазтæ». (Йæ сæйраг архайджытæ сты
хъазтæ).
 Æмæ бирæгъ архайæг нæу? (У, фæлæ мах хъазтæн тæрсæм, цæмæй сæ бирæгъ ма бахæра,
уый тыххæй).
4.Улæфты рæстæг.
5.Уыци-уыцийыл куыст. Уыци-уыцийæн дзуапп ссарын æмæ йæ бахъуыды кæнын.
 75-æм фарсыл ма бакæсæм текст «Хъæды».
 Кæимæ базонгæ стæм хъæды? (Хъази æмæ Лизæимæ).
 Цæй къутæр ссардтой сывæллæттæ? (Æхсæры).
 Цæмæй фæтарстысты сывæллæттæ? (Тæрхъусæй).
 Цавæр кæрон скæниккат ацы радзырдæн? (Зæгъæм, сывæллæттæ фæтарстысты, уый
тæрхъус куы бамбæрста, уæд сæм йæхи баласта. Сывæллæттæ йыл фæцин кодтой. Уæдæй
фæстæмæ тæрхъус сывæллæттимæ хæларæй цæры».)
6. Тагъддзуринæгтыл куыст.Тагъддзуринæгтæ рæвдз дзурын ахуыр кæнын.
– Схемæтæм гæсгæ ма дзырдтæ бакæсæм.
7. Дзырдтæй хъазт. Сывæллæттæ, ныр та ма дзырдтæй ахъазæм.
– Цавæр дзырдтæ ма бамбæхст ацы дзырдты мидæг.
т
р
у
(хъус, ус, рус, сæр, хъæр, тæрс, сур, рæс, стур, сурæт)
æ
хъ
с
Сывæллæттæн сæхи бон саразын цы нæ бауа, уый ахуыргæнæгимæ иумæ скæнын.
8. Рефлекси.
 Цымыдисаг уæм цы фæкаст абоны урочы?
 Мыр [хъ]-йæн характеристикæ раттын.
 Рафæлхат-ма кæнæм зæрдывæрдæй цы бахъуыды кодтам, уый.
 Уæхимæ цы радзурдзыстут абоны куысты тыххæй?
 Нæ куыстæн ма аргъ скæнæм.
37-æм урок
Урочы темæ:Æмхъæлæсон мыр [гъ]. Дамгъæ Гъгъ.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
–сывæллæттæ базонгæ уыдзысты мыр æмæ дамгъæ [гъ]-имæ,
–мырæн характеристикæ дæттын базондзысты;
–æмбисæндты мидис æмбарын сахуыр уыдзысты;
–кæсыны фæлтæрддзинад фæфылдæр уыдзæн;
– ног азы бæрæгбоны тыххæй зонындзинæдтæ райсдзысты.
72

Урочы цыд
1.Зонындзинæдты актуализаци.
–Дамгъæтыкæцыкъордмæхауыънысан?(Уыйдамгъæнæу, у нысан.)
– Цавæр дамгъæтæ базыдтат ъ-имæ?
2.Мотиваци.
Уыци-уыцитæ:
У тæрсаг æмæ къуыпрус,
Даргъ йæ рихи, даргъ йæ хъустæ.
Уæртæ хæмпæлты ныхъхъус!
Чи у, чи? Тæппуд… (Тæрхъус)
Фосмæ цыргъ йæ дæндаг дары,
У хъæхъхъаг æмæ фыд зыд. (Бирæгъ)
3.Ног æрмæг. Мыр [гъ], дамгъæ Гъгъ.
– Мырон-дамгъон анализ скæнын нывмæ гæсгæ дзырд бирæгъ-æн.
–Таблицæйыуæнгтæбакæсын.
– Дзырд аргъау-æн схемæсаразын, мырон-дамгъон анализ ын скæнын. Рахицæн кæнын мыр
[гъ]. Ахуырдзаутæн бацамонын, дамгъæ гъ дыууæ нысанæй арæзт кæй у г+ъ. Гъ нымад у иу
дамгъæйыл, алфавиты ахсы сæрмагондæй бынат æмæ дæтты иу мыр. Уыцы фиппаинаг ахсджиаг у.
Ахуырдзаутæ бæрæг кæнынц мыр [гъ] æмхъæлæсон кæй у, уый схемæмæ гæсгæ.
4.Тагъддзуринагыл куыст. Чиныджы 77 фарсыл:
Мигътæ, мигътæ!
Рæгътыл, тигътыл
Ма нымбæхсут.
– Кæцы дзырдты хъуысы мыр [гъ]?
–Цы нысан кæны алы дзырд дæр?
Гъ-имæ саразын уæнгтæ æмæ сæ бакæсын. Мыр раст дзурын цæмæй базоной ахуырдзаутæ,
уый тыххæй хъуамæ бакæсой ахуыргæнæджы фæстæ иууылдæр иумæ, стæй радыгай.
Мыр цæмæй раст дзурын базоной, уый тыххæй иу-цалдæр хатты скъоладзаутæн зæгъын
кæнын дзырдтæаргъау, бирæгъ, сæгъ, маргъ æмæ æнд.
5.Улæфты рæстæг.
 Бакæсæм-ма текст «Аргъау» (рольтæм гæсгæ).
 Чи сты йæ сæйраг архайджытæ? (Бæх æмæ бирæгъ).
 Цæй тыххæй æрцыд бирæгъыл ахæм бæллæх? (Йæ зыды тыххæй). Ахуыргæнæг
сывæллæттæн æмбарын кæны бирæгъы миниуджытæ æмæ сæ адæймагимæ бары.
6. Тагъддзуринаг æмæ æмбисондыл куыст.
 Сывæллæттæ, нывмæ æркæсут æмæ зæгъут, цы дзы уынут.
 Радзурут-ма Ног азы бæрæгбоны тыххæй.
 Ныр та ма бакæсæм текст «Ног аз».
 Зæгъут-ма, загъды нысанмæ гæсгæ, цавæр хъуыдыйæдтæ ис тексты? (Хъæрон, таурæгъон).
7. Къухфысты куыст.
Дамгъæ Гъгъ фыссыны æгъдæуттæ.
8. Рефлекси.
 Абоны урочы уæ зæрдæмæ тынгдæр цы фæцыд?
 Цавæр дамгъæ базыдтам?
 Цавæр ног æмбисонд базыдтам?
 Тагъддзуринаг ма иумæ радзурæм.
 Уыци-уыциты цавæр хъæддаг цæрæгойты базыдтам? (Тæрхъус æмæ бирæгъы).

73

 Цавæр бæрæггæнæнтæ сæвæриккат уæхицæн?
38-æм урок. Урочы темæ:Дамгъæтæ Дздз.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 сывæллæттæ базондзысты мыр æмæ дамгъæ [дз];
 мырæн характеристикæ дæттын сахуыр уыдзысты;
 кæсыны арæхстдзинад рæздзæн;
 æмдзæвгæ зæрдывæрдæй дзурынмæ арæхсдзысты;
 адæмон дзургæ сфæлдыстады чысыл уацмыстимæ зонгæ кæндзысты;
 текст хи ныхæстæй дзурыныл фæлтæрдзысты.
Зонындзинæдты актуализаци.
–Раттут-ма мыр [дз]-йæн характеристкæ;
–Амæй размæ урочы цы аргъау бакастыстæм, уый ма бафæлварæм хи ныхæстæй радзурын;
– Тагъддзуринаг зæрдывæрдæй чи радзурдзæн?
Урочы цыд
1. Мотиваци.
Æнгуырдар – дзывылдар,
Кæм хæтыс зымæг?
Цы бæсты, цы хæхты
Фæтæхыс зымæг?
– Цавæр маргъы кой цæуы ацы æмдзæвгæйы? (Дзывылдар.)
– Цымæ, цавæр цъиу у, цæмæн ыл фыссынц поэттæ æмдзæвгæтæ? Базонæм æй?
– Уæдæ цавæр мырæй райдайы ацы дзырд? Абон нæ урочы базонгæ уыдзыстæм ног мыримæ.
Уый у [дз].
- Нывмæ æмæ схемæмæ гæсгæ мырон-дамгъон анализ скæнæм дзырд «бирæгъ»-æн.
- Чи зæгъдзæн хъæлæсон æви æмхъæлæсон мыр у?
- Таблицæмæ гæсгæ ма бакæсæм уæнгтæ æмæ саразæм семæ дзырдтæ: (дза – дзабыр, адз –
ауадз, дзæ – дзæбуг, æдз – къæдз, дзо – дзоныгъ, дзи – дзидза, дзы – дзывылдар, ыдз – хуылыдз, дзу
– дзул, дзе – дзедыр). Дзырдты нысаниуæг бамбарын кæнын.
5. Улæфты рæстæг.
6. Къæйттæй куыст.Ирхæфсæн.
«Дзедз æмæ дзедз». Адæмон сфæлдыстадæй ирхæфсæн уацмыс. (Диалогы хуызы йæ бакæсын).
- Цавæр дамгъæйæ райдыдта фыццаг хъуыдыйады фыццаг дзырд? (Дз-йæ)
- Цæмæн у стыр дамгъæйæ фыст? (Хъуыдыйады райдайæны).
- Хъуыдыйæдты кæрон та цавæр æрхæцæн нысæнттæ ис? (Хъæры нысан, фарсты нысан æмæ
стъæлф). Ам æрхæцæн нысæнттæй кæй кæд æвæрын хъæуы, ууыл æрдзурын. Дарддæр «Дзыккайы
зарæг». Ахуырдзаутæн бамбарын кæнын дзыкка цавæр хæринаг у, уый, цæмæн-иу зарыдысты
сылгоймæгтæ дзыкка фыцгæйæ? Æрхæцæн нысæнтты æвæрд ам дæр бамбарын кæнын.
7. Текстыл куыст.«Дыгургомы». Ахуыргæнæг кæсы текст. Уый фæстæ йæ ахуырдзаутæн кæсын
кæны.Фæрстытæм гæсгæ текстæн анализ скæнын.
- Кæдæм ацыдысты Дзерассæ æмæ Дзæрæх? (Дыгургоммæ).
- Кæдæм сæ бакодта сæ фыд? (Хохрæбынмæ).
- Цы дзы федтой сывæллæттæ?(Дзæбидыртæ).
- Цавæр цæрæгой у дзæбидыр? (Рæсугъд).
Нывтæм æмæ схемæтæм гæсгæ дзырдтæ дзурын, хъус дарын мыр [дз]-йы растдзурынадмæ, йæ
позицийын бæрæг кæнын (дзул, хæдзар, дзабыртæ, дзæгъындзæг).
9. Уыци-уыцитыл куыст.
10. Къухфысты куыст: хæслæвæрдтæ баххæст кæнын. Нывтæ хуызджын кърандæстæй
сахорын.
74

11. Рефлекси.
- Цавæр мыр базыдтам абоны урочы?
- Цал дамгъæйæ арæзт у?
- Хъæлæсон у æви æмхъæлæсон?
- Цавæр зарæг æмæ ирхæфсæн базыдтам? Цы сты уыдон? (Адæмон сфæлдыстады уацмыстæ).
- Цавæр мæргътæ æмæ хъæддаг цæрæгой архайдтой абон нæ урочы? Цæмæй цымыдисаг сты?
(Дзывылдар, халон, дзæгъындзæг, дзæбидыр).
- Сныв-макæнут уæхимæ дзывылдар æмæ йæ иннæ урокмæ æрбахæссут.
39-æм урок
Урочы темæ: Æмхъæлæсон мыр [ж]. Дамгъæ Жж.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
- сывæллæттæ базонгæ уыдзысты мыр æмæ дамгъæ [ж]-имæ;
- мырæн хибарæй характеристикæ дæттыныл фæлтæрдзысты;
- базондзысты, дамгъæ ж æрмæст уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты кæй фыссæм, уый;
- кæсыны фæлтæрддзинад фылдæр кæндзæн;
- къорды кусынмæ хуыздæр арæхсдзысты.
Урочы цыд
1.Зонындзинæдты актуализаци.
- Мыр [дз]-йæн ма характеристкæ раттут;
- Ирхæфсæн «Дзедз æмæ дзедз» ма бафæлварæм диалогы хуызы хи ныхæстæй радзурын;
- Цавæр адæмон сфæлдыстады уацмыстæ ма уыд нæ амæй размæйы урочы?
- Уыци-уыцитæ исчи бахъуыды кодта?
- Дыгургомы тыххæй исчи радзурдзæн?
2. Мотиваци.
Дзывылдары нывтæй саразын равдыст, хуыздæр чи бацархайдта, уыдонæн аргъ скæнын
(дзывылдары ныв чи скодта уыцыахуырдзаутæн се 'ппæтæн дæр). Гæнæнкуы уа, уæд хуыздæр
куыстытæ журнал «Ногдзау»-ы редакцимæ арвитын.
3.Ног æрмæг.
- Æрбакæсут-ма, мæ къухы цы ис? (Журнал.)
- Цавæр журнал у?
- Цы фыст ыл ис, уый-ма бакæсæм иумæ. (Ногдзау.)
- Сывæллæттæ, исчи уæ искуы ацы журнал каст, сымахæн цæуы, уыйзонут? (Радзурын
ахуырдзаутæн журнал «Ногдзау»-ы тыххæй.)
- Цавæр журналтæ ма зонут?
- Хæдзары уæ бинонтæй исчи фæкæсы журнал? (дада фæкæсы «Мах дуг», …).
- Уæдæ, сабитæ, ныр мæнмæ байхъусут: дзырд «журнал» у францусаг дзырд æмæ нысан кæны
«æрвылбоны газет» (ежедневная газета).
Уырыссаг æвзагмæ æрбафтыд ХVIII æнусы кæрон æмæ дзы абоны онг пайда кæнынц. Ирон
æвзаджы дæр дзырд журнал-æн тæлмац кæй нæй, уымæ гæсгæ дзы мах дæр пайда кæнæм,
уырыссагау æй куыд фыссынц æмæ дзурынц, афтæмæй. Æркæсæм-ма йæм лæмбынæгдæр.
–Дзырд «журнал»-æн скæнæммырон-дамгъон анализ.
– Цавæр мыр хъуысы дзырды райдианы? [ж].
– Мах зонæм: ирон дзырдты мыр [ж] нысан кæнæм дамгъæ З-йæ, фæлæ ацы дзырд уырыссаг
æвзагæй æрбайсгæ кæй у, уымæ гæсгæ йæ нысан кæнæм уырыссаг Ж-йæ. Афтæмæй уæ зæрдыл
бадарут, уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдтæ фыссæм уырыссагау куыд сты, афтæ. (Зæгъæм,
морж, жираф, Жаннæ …).

75

– Цæмæй уыцы хицæндзинад хуыздæр бамбарат æмæ уæ ма рох кæна, уый тыххæй чингуытæ
райсут æмæ бакæсут уырыссаг «ж»-имæ, уый фæстæ ирон «з»-имæ таблицæйы фыст уæнгтæ æмæ
сæ абарут.Æмхуызон хъуысынц, æви нæ? (Æмхуызон). Ныр та сæ бынмæ цы дзырдтæ ис, уыдон.
Уый фæстæ ахуыргæнæг кæсы текст «Журнал «Ногдзау» æмæ йæ сывæллæттимæ æвзарынц.
4. Улæфты рæстæг.
–Хъодзаты Æхсары æмдзæвгæ «Жираф» иумæ бакæсæм.
– Цавæр мыр у [ж], хъæлæсон æви æмхъæлæсон? (Чиныджы схемæмæ гæсгæ йæ сбæлвырд
кæнын).
Текст «Морж» бакæсын. Беседæ саразын æндæр бæстæты цæрæгойты царды тыххæй.
– Зæгъут-ма, кæм цæры морж, цавæр бæстæты? (Фурды. Уазал рæтты. Уæрæсейы дæр ис).
– Цы уарзы хæрын? (Фурды цæрæг уаллæттæ, моллюсктæ, рактæ).
– Цыхуызæн у морж? (Бургонд, стыр, рихиджын).
– Цæмæй у морж цымыдисаг? (Йæ асæй, йе ссыртæй йын кæнынц алыхуызон дзауматæ).
Кæсыны ахадындзинады тыххæй аныхас кæнын;чиныджы чи кæсы, уыцы адæймаг фылдæр кæй
зоны, уый сын бамбарын кæнын.Зæгъæм, моржы тыххæй чиныджы куынæ бакастаиккам, уæд æй
нæ базыдтаиккам цавæр цæрæгой у, уый.
6. Нывимæ куыст.
- Сывæллæттæ, ранымайут-ма нывы цытæ уынут, уыдон. (Хæхтæ, бæлæстæ, хæдзæрттæ).
- Ацы дзырдты тыххæй цы нæ бон у зæгъын? (Сты бирæон нымæцы).
5. Тагъддзуринæгтыл куыст. Бацамонын дзырд жест-ы нысаниуæг.
- Сывæллæттæ, уæдæ дзырд «жест» дæр у уырыссаг дзырд æмæ йæ фыссæм уырыссаг
æвзаджы куыд у, афтæ.
7. Къухфысты куыст: дамгъæ Жж фыссыны æгъдæуттæ;
8.Рефлекси.
- Цавæр ног информаци фехъуыстат абоны урочы?
- Уæ зæрдыл дзы тынгдæр цы бадардзыстут?
- Цавæр цæрæгойты царды тыххæй бакастыстæм?
- Ацы цæрæгойты тыххæй уырыссаг Букварæй æндæр исты цымыдисагдæр информаци
фехъуыстат?
- Уæ зонындзинæдтæн уæхæдæг аргъ скæнут.
- Стыр бузныг уын абоны урочы тыххæй!
40-æм урок
Дамгъæ Дж дж. Мыр [дж].
1.Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 сывæллæттæ базондзысты ног дамгъæ Дж æмæ мыр [дж];
 дарддæр кусдзысты алыхуызы тексттимæ (поэтикон, прозаикон);
 ног дзырдтæ аразыныл фæлтæрдзысты;
 дзырдтæй бирæон нымæц аразын ахуыр кæндзысты;
 нывмæ гæсгæ хъуыдыйæдтæ æмæ чысыл тексттæ аразыныл архайдзысты.
2.Зонындзинæдты актуализаци.
– Амæй размæ урочы базонгæ стæм мыр [ж]-имæ. Цыдæриддæр зонут [ж]-йы
тыххæй,уыйрадзурут.(Уырыссагæвзагæйæрбайсгæ,æмхъæлæсон,дзурæмæйирон«з»йыхуызæн,æмбæлыæрмæстуырыссагæвзагæйæрбайсгæдзырдты,фысгæйæйæнысан кæнæм дамгъæ
Ж, ж-йæ.)
Урочы цыд
76

3.Мотиваци.
Хъазт:«Дзырдтæныппырх сты».
з
в
г
ж
ф
и
о
ж
а
æ
а
р
æ
р
Æрæмбырд-ма сæ кæнæм æмæ сæ дзырдтæ саразæм (æвзаг, жираф, Жорæ). Баххæст кæнут
сыгъдæгдзуринаг:
– Еж-еж-еж - сывæллонæн ис... (манеж).
4.Ног æрмæг.
–Махзагътам,зæгъгæ,иронæвзаджыдамгъæтæстытынгцымыдисаг,иссæмбирæ
сусæгдзинæдтæ.Уæдæта абон дæр цавæрдæр сусæгдзинаграргом кæндзыстæм нæ дамгъуатæй.
– Байгом кæнут чиныджы 82-æм фарс.
– Цавæр дамгъæ уынут? Исчи уæ йæ зоны? (д æмæ ж).
– Цавæр мыр у, хъæлæсон æви æмхъæлæсон?
–Уыйумыр[дж](Иумæйæдзурынц.)
– Мыронтаблицæйыкæсæмдзырд«джитъри». Йæ бынмæ –«джыджына».
– Таблицæйы уæнгтæ кæсæм иумæ.
5. Улæфты рæстæг.
6. Къæйттæй куыст. (83 фарс). Ам ма чиныджы дзырдтæй уæлдай ахуыргæнæгæн йæ бон у
йæхи уæлæмхасæн æрмæгæй спайда кæнын.
7.Тексттæ«Хæрисджын»,«Дзæуджыхъæу»æмææмдзæвгæ«Саг»-имæкъордтыкуыст
бакæнын
ис.Æртæкъордæйалкæмæндæрфæйнæтекстыкæсынмæраттын.«Хæрисджын»ыагурынцæппæтыдаргъдæрдзырдæмæйынмыронсхемæаразынц,æмхæстуæнгтæдзы
амонынц,афтæмæй;«Дзæуджыхъæу»-ы
агурынцæппæтыцыбырдæрдзырдæмæтекст
хиныхæстæйдзурынц;3-агкъордахуыркæнынцæмдзæвгæ«Саг» зæрдывæрдæй.(Чи цал рæнхъы
бахъуыды
кæна
къордæй,
уыдон
сæ
æмдзæвгæйырæнхъæвæрдмæ
гæсгæ
кæсынц.Къордтæйраздæрчифæуаæмæрастдæрчирадзурайæдзуапп,уый1-агбынат бацахсдзæн.)
8. Къухфысты куыст.Хæслæвæрдтæ баххæст кæнын.
9. Рефлекси.
– Ногæй цы базыдтат абоны урочы?
– Дамгъæтæ æмæ уæнгты фæрцы цы базыдтам?
–Цы базыдтат ногæй Дзæуджыхъæуы тыххæй?
– Цавæр ног хъæу æмæ цæрæгоимæ базонгæ стут?
– Уæхицæн бæрæггæнæнтæ сæвæрут.
41-æм урок
Урочы темæ: Æмхъæлæсон мыр [къ]. Дамгъæ Къкъ.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
- сывæллæттæ базонгæ уыдзысты мыр æмæ дамгъæ [къ]-имæ;
- мыр[къ]-йæн характеристикæ дæттын базондзысты;
- предметты иууон æмæ бирæон нымæцимæ дарддæр зонгæ кæндзысты;
- кæсыны фæлтæрддзинад рæздзæн;
Урочы цыд

77

1.Зонындзинæдты актуализаци.
–Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæмдамгъæ дж-йы арæзт;
– Мыр [дж]-йæн ма характеристикæ раттæм.
2.Мотиваци.
Хъазт «Чи фылдæр». Фæйнæгыл æртæ цæджындзмæ гæсгæ дзырдтæ æрхъуыды кæнын.
Ахуырдзаутæ кусынц æртæ къордæй.
бæлæстæ
мæргътæ
цæрæгойтæ
3.Ног æрмæг. Тагъддзуринагыл куыст.
Къозонты Къоста
Къодахы æнæкъуыхцыйæ
Къуырдта къæбæлтæ,
Аркъауæй сæ къахта æнкъардæй.
- Фылдæр дзырдтæ чи бахъуыдыкодта?
- Цавæр мыр хъуысы арæхдæр? (Алы дзырды дæр ис [къ].)
- Мыр [къ]-имæ уæнгтæ саразæм æмæ сæ бакæсæм. Уæнгтæй та дзырдтæ аразæм:(къа –
къабуска, къæ – къæдзил, къо – къопп, къу – къуди).
- Мыр [къ]-йы артикуляцимæ ма нæ хъус æрдарæм: къухтæй бахгæнут уæ хъустæ æмæ йæ
афтæмæй зæгъæм; ныр та мæ фæстæ дзурæм дзырдтæ: къогъо, къомси, къæдзил, къах, къух…
- Схемæмæ гæсгæ сбæрæг кæнæм,хъæлæсон у æви æмхъæлæсон.
5.Чиныджы æрмæгимæ куыст. Бакæсын уæнгтæ, дзырдтæ. Дзырдтæн сæ нысаниуджытыл
бакусын, куыд сæ æмбарынц ахуырдзаутæ. Саразын семæ хъуыдыйæдтæ: Махмæ ис урс къæбыла.
Ахуыргæнæг мын радта къухфыст. Къогъотæ уарзынц уымæл ран. Къанауы сæрты ис чысыл хид.
Лæвæрд дзырдтæн саразын бирæон нымæцы формæтæ схемæмæ гæсгæ: къабуска –
къабускатæ, къаба – къабатæ, ФÆЛÆ къанау – къанæуттæ.
Ахуырдзаутæн бацамонын, хатгай дзырд бирæон нымæцы формæйы ивд æрцæуы, æмæ
бирæон нымæцы формæ аразгæйæ хъус дарын хъæуы, цæмæй дзырдтæ раст дзурæм.
6.Текстыл куыст:
- Цавæр къæбыла ис Сæрмæтмæ? (Хъæлдзæг.)
- Цæмæй йæ базыдтат, хæлдзæг къæбыла у, уый? (Сæрмæтимæ фæхъазы, рахæссы къори,
къанауы сæрты фæгæпп кæны.)
- Цыхуызæн у Мила? (Сау, йæ къæдзил урс.)
Ахуырдзаутæ хъуамæ бамбарой фæрстытæ цавæр? цыхуызæн?-ы нысаниуæг æмæ сын базоной
раст дзуаппытæ дæттын. Дæнцæгтæ: дзырдтæм фæрстытæ раттын – сырх, хорз, бæрзонд, урс,
æрвхуыз, уæрæх…
7.Тагъддзуринаг ахуыр кæнын.
8.Улæфты рæстæг.
- Сараз ног дзырд фæрстытæн дзуаппытæ ратт, афтæмæй.
- Скъоламæ чи цæуы, уый хуыйны …скъоладзау.
- Хъæдмæ чи фæцæуы, уый хуыйны … хъæддзау.
- Дон хæссынмæ чи цæуы, уый у … дондзау.
- Хуын чи хæссы, уый у …хуындзау.
- Текст «Скъола»бакæсæм.
9.Къухфысты куыст: дамгъæ Къ къ фыссыны æгъдæуттæ.Нывтæ хуызджын кърандæстæй
сахорын.
10. Рефлекси.
 Цавæр дамгъæ базыдтам?
 Тагъддзуринаг-ма иу хатт радзурæм
 Абоны урокæй нæ зæрдыл цы бадардтам?
 Скъолайы тыххæй чиныджы цы радзырд бакастыстæм, уый нæхи скъолайы царды хуызæн
у?
 Уæ зæрдæмæ тынгдæр цы фæцыд абоны урочы?
78

 Уæхицæн-ма бæрæггæнæнтæ сæвæрут.
42-æм урок
Дамгъæ Цъ, цъ, мыр [цъ]
Рагзагъд фæстиуджытæ:
- сывæллæттæ базондзысты ног дамгъæ Цъ цъ æмæ мыр [цъ];
- дзырды мидæг ног мыртæ агурын дарддæр ахуыр кæндзысты;
- нывтæм гæсгæ дзырдты нæмттæ агурын базондзысты;
- уæнгтæй дзырдтæ аразын ахуыр кæндзысты;
- ребустыл кусын сахуыр уыдзысты;
- дзырдты мидæг æндæр дзырдтæ агурын сахуыр уыдзысты;
- мырфæзмæн дзырдтæ раст кæсдзысты.
Зонындзинæдты актуализаци:
Алыхуызонæмхъæлæсонмыртимæбазонгæстæм.Кæйдзыбахъуыдыкодтат,уыдон
ранымайут.

ма

Урочы цыд
1. Мотиваци.
-Сывæллæттæ,куыдуæмкæсы,цæмæнафтæлæмбынæгахуыркæнæмиронæвзаджы алы мыр дæр
æмæ дамгъæ дæр? (Цæмæй раст дзурæм æмæ раст фыссæм.)
- Байхъусут-маæмбисондмæ:«Лæгæнзондуфæндагамонæг».Йæмидис-майыниумæ равзарæм.
- Байхъусут-ма æмдзæвгæмæ
Митæн ралæууыд йæ рад,
Саби, хор дæ маргъæн ратт:
Стонг куыд нал æййафа, Æмæ дын фæкафа.
Альфред Кённер
- Цæуыл у ацы æмдзæвгæ? (Зымæгыл).
- Чи сты æмдзæвгæйы архайджытæ (Автор, саби æмæ цъиу).
- Дзырд «цъиу» цы у, уый зонæм?
- Цавæр мырæй райдыдта? ([цъ]-йæ).
- Уæдæ уæм куыд кæсы, абон цавæр мырыл дзурдзыстæм?
2. Ног æрмæг:
- Тагъддзуринагыл-ма бакусæм:
Цъыфы сæгъ ныддæргъ,
Тæх, цъæх бæх,
Сæфы сæгъ.
- Тагъддзуринагæй дзырд сæгъ райсæм. Мæнæ ма уын æндæр дамгъæтæ дæр. Дзырд æмæ ацы
дамгъæтæй саразут æндæр дзырдтæ:сæгъ –р, д, а, у (сæр, æгъдау, сау, дуар).Ацы дамгъæтæ мах
иууылдæр ахуыр кодтам, ныр сæ нæ зæрдыл æрлæууын кодтам. Уæдæ цы дамгъæтæ ахуыр кæнæм,
уыдон иууылдæр зæрдыл дарын хъæуы, цæмæй бирæ зонæм, уый тыххæй. Не 'мбисонд нын куыд
амоны, афтæмæй зонд у фæндагамонæг. Цæмæй нæ ахуыры фæндаг рæсугъд уа, уый тыххæй нæ
хъæуы цы? (Бирæ зонындзинæдтæ).
- Зæгъут-ма, сывæллæттæ, дзырдтæ «маргъ» æмæ «цъиу»-æй исты уæлдай ис? (Сывæллæтты
дзуæппытæм байхъусын. Уый фæстæ сын бамбарын Кæнын «маргъ» ма иумæйаг ном дæр кæй у,
уый, æндæр сæ ницы уæлдай ис).
4. Чиныгимæ куыст.
– Ныр та ма 86-æм фарсылныв æмæ схемæмæ гæсгæ дзырд цъиах-æн мырон-дамгъон анализ
скæнæм.
79

– Цавæр мыр у [цъ]. (Æмхъæлæсон)
- Уæнгтæ æмæ дзырдтæ кæсæм. Ц æмæ Цъ барæм. (86-87 ф.)
- Æмхæстуæнгтæмхъусдаргæйæдзырдтæкæсæм.Нывтыцыпредметтæис,уыдон сын се 'хсæн
агурæм.
3 Улæфты рæстæг.
- 87-æм фарсыл дзырдтæ бакæсæм, абарæм «Ц» æмæ «Цъ» дзургæйæ цæмæй хицæн кæнынц;
мырфæзмæн дзырдтæ раст бакæсæм.
- Ныр та ма дзырдты мидæг æндæр дзырдтæ ссарæм. (Цъиутæ - цъиу, иу; ирхæфсæн – Ир,
хæфс, сæн; цъиусур –цъиу, иу, ус, сур )
Текст«Цъуйбæлас»кæсын.Цъхъæлæсыуагæйхицæнкæнын.Нывимæйæиумæ æвзарын.
- Ныв æмæ текстмæ гæсгæ чи радзурдзæн Цъиахы тыххæй?
- Зæгъут-ма, сывæллæттæ, цъуй цы у , уый зонут? (Рябина).
- Цъуй бæлас искæйы хæдзары дуармæ зайы, кæнæ хæдзармæ хæстæг?
- Уæдæ-ма бафæлварæм цъуйы тыххæй радзурын.
- Цавæр дыргъ у цъуй? (Сырх гагадыргъ, зайы пуцæлттæй).
- Цы скæнæн ис зымæгмæ цъуйæ? (Компот, вареннæ).
- Байхъусут-ма мæм, сабитæ, æз уын ныртæккæ радзурдзынæн цъуйы тыххæй: «Цъуй дидинæг
ракалы майы мæйы. Фæлæ йе 'цæг рæсугъддзинад рабæрæг вæййы сæрды кæрон, фæззæджы
райдайæны. Уæд сырх-сырхид фестынц йæ гагатæ.
Дардмæ цæхæртæ фæкалынц. Уыцы рæстæг сæ тонæн нæмæ вæййы. Уазал сыл куынæ
сæмбæла, уæд маст ад фæкæнынц. Цъуй хъæздыг у витаминтæ А æмæ С-йæ». Бирæ йын уарзынц йæ
дыргъты цæрæгойтæ æмæ цъиутæ дæр.
9. Къухфысты куыст: хæслæвæрдтæ баххæст кæнын.
10. Рефлекси.
–Ногæйцыбазыдтатабоныурочы.Уæлдайцымыдисагуæмкæцыхæслæвæрдтæфæкастысты?
–Урочы райдайæны цы æмбисондимæ базонгæ стут, уый ма иу хатт зæгъут?
– Уæдæ зонд фæндагамонæг цæмæн у?
– Нæ кæцы къæпхæнмæ схæццæ стæм Ахуыры асиныл. (32-æм)
– Нæ абоны Абеты урок ууыл фæцис.
– Уæхæдæг-ма уæхицæн бæрæггæнæнтæ сæвæрут.
43-æм урок
Урочы темæ: Æмхъæлæсон мыр [ч]. Дамгъæ Чч.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
- сывæллæттæ базонгæ уыдзысты мыр æмæ дамгъæ [ч]-имæ;
- характеристикæ дæттын ын сахуыр уыдзысты;
- кæсыны навыктæ рæздзысты;
- проблемон хæслæвæрд æххæст кæнынмæ арæхсдзысты;
- ног куысты хуызтæ æххæст кæнын ахуыр кæндзысты.
Урочы цыд:
1. Зонындзинæдты актуализаци.
- Сывæллæттæ, бакæсут-ма фæйнæгмæ æмæ зæгъут, цы дзы уынут? (Фæйнæгыл дзырд «цъиу»
æмæ дамгъæтæ – ц, р, ф, х, з, чъ, н, т цæджындзæй фыст).
- Ахъуыды-ма кæнут æмæ зæгъут, цымæ сæ цæмæн ныффыстон афтæ. (Сывæллæтты
дзуæппытæм байхъусын. Куынæ йæ бамбарой, уæд сын æй бæлвырд бамбарын кæнын).
80

- Ацы дамгъæтæ-ма цъ-йы бæсты æвæрут дзырд «цъиу»-ы æмæ бакæсут цы ног дзырдтæ нæм
рауад, уыдон. (Циу, риу, фиу, хиу, чиу, чъиу, ниу, тиу). Ацы дзырдтæй кæцыты нысаниуæг не
'мбарут? (Цы дзырдты нысаниуæг не 'мбарынц, уыдон сын бамбарын кæнын. Фиу-жир; хиушироко раставленные ноги; зиу-коллективная помощь; чиу-спотыкайся, чъиу-смола,
засаленный, жевачка; ниу-вой; тиу-деверь, брат мужа). Сывæллæттæн бацамонын хъæуы,
ацы дзырдæй-ма ноджы æндæр дзырдтæ дæр кæй ис саразæн, уый. Ныр дзырды райдианы
æмхъæлæсон аивтам, фæлæ ма ис кæроны æмхъæлæсон дæр аивæн . (Цъил, цъир).
- Зæгъæм-ма дзырдтæ «цъил» æмæ «цъир» иумæ. Фыццаг мыр-ма рахицæн кæнут æмæ йæ
хибарæй зæгъут ([цъ]).
- Цы радзуриккат ацы мыры тыххæй? (æмхъæлæсон, дыууæнысанон, фæлæууы дзырдæн йæ
райдианы, астæуæй æмæ кæроны). Уæдæ ацы мыримæ мах зонгæ стæм. Нæ абоны урочы дæр
та ног мыр базондзыстæм
2. Мотиваци.
- Байхъусут-ма æмдзæвгæмæ:
Чиныг
Царды хордзинæдтæ – бирæ.
Чиныгæн æмбал дзы нæй.
Цæр, нæ зонды къæбиц, Иры
Дзыллæтæн рæстæй, фæрнæй!
Зонд дæр чингуытимæ рæзы.
Кæс дæ чингуыты фæрнæй!
Чиныг кæсын чи нæ уарзы,
Уымæн фендджын уæвæн нæй.
3. Ног æрмæгыл куыст.
-Цавæр мырæй райдыдта дзырд «чиныг»? ([ч]-йæ). Уæдæ, куыд бамбæрстат, афтæмæй нæ
абоны урочы темæ у «Æмхъæлæсон мыр [ч]. Дамгъæ Чч».
-Схемæмæ гæсгæдзырд чиныг-æн мырон-дамгъон анализ скæнæм,адих æй кæнæм уæнгтыл.
- Мыр [ч] рахицæн кæнæм æмæ сбæрæг кæнæм, дзырды кæцы бынат ахсы, уый. (Фыццаг).
- Хъæлæсон у æви æмхъæлæсон? (Æмхъæлæсон).
- Кæсæм уæнгтæ æмæ дзырдтæ уæнгтыл дихгондæй; бирæон нымæц цы дзырдтæй арæзт
æрцыд, уыдон дæр кæсæм.
- Талицæйы лæвæрд уæнгтæ кæм æмбæлой, ахæм дзырдтæ-мабафæлварæм саразын: (Чабæхан,
дачæ,чызг, чиныг, чепена, чем-настроение, чучыл…)
4.Чиныджы куыст.
-Бакæсæм-ма Уырымты Петяйы æмдзæвгæ «Чиныг» æмæ йæ абарæм, æз уын цы æмдзæвгæ
бакастæн, уыимæ. Цы дзы ис иухуызонæй. (Дыууæ æмдзæвгæйы дæр чиныг баст у зондимæ,
чингуытæ кæсын кæй хъæуы, уый дыууæ раны дæр амынд цæуы).
- Чиныг-æй уæлдай ма дзы цавæр дзырд ис ч-имæ? (Чи).
- Ныр та ма бакæсæм текст «Чылауитæ».
- Бафæлварæм–ма йæ хи ныхæстæй радзурын.
- Мæ фæрстытæн-ма дзуæппытæ раттут:
- Сымахæй искæйы цæхæрадоны зайы чылауитæ?
- Цавæр дыргъ у чылауи? (Адджын).
- Чи базилы бæлæстæм. (Мæ фыд).
- Уалдзæджы бæлæстæ сæхи куыд фæдарынц ? (Дидинæг фæкалынц).
- 89-æм фарсыл-ма æркæсут нывтæм. Цы дзы уынут? (Арс бæласы цур лæууы æмæ кæдæмдæр
кæсы. Иннæ нывы та мыдыбындзытæ сæ чыргъæды алыварс ратæх-батæх кæнынц.
Чыргъæды фарсмæ зайы дидинæг.)
81

- Уæдæ ма ныр та байхъусут Уырымты Петяйы æмдзæвгæмæ.
- Цæуыл у ацы æмдзæвгæ? (Бындзытæн сæ мыд чидæр давы æмæ мæсты кæнынц).
- Сымахмæ куыд кæсы, чи уыдзæн уый? (Æвæццæгæн, арс - уый мыд бирæ уарзы).
- Цæмæй бæрæг у арс у, уый? (Йæ кастæй. Бæласы фæстæйæ цыдæр хинæйдзаг каст кæны).
- Куыд æм æртхъирæн кæнынц бындзытæ? (Нæ уыдзæн æвыд).
- Æмæ цы сæ бон у бындзытæн? (Ныццæвдзысты йæ). Уæдæ, сывæллæттæ, бæласы фæстæйæ
дæр хин каст уымæн кæны æмæ сæ тæрсгæ кæны. мыдыбындзыты цæф тынг риссаг у.
- Текст «Чермен» кæсын. Ахуыргæнæг фыццаг йæхæдæг кæсы радзырд, уый фæстæ та
сывæллæттæ.
- Кæсут-ма , сывæллæттæ ам дæр та чиныджы тыххæй цы хъусæм? (Чиныгæй бирæ
зонындзинæдтæ райсæн кæй ис, суанг-ма уæлæрвты дæр чиныджы фæрцы тæхын базонынц
адæм æмæ денджызон наутæ дæр уый руаджы тæрынц).
5. Хибарæй куыст.
- Ныр та ма уæнгтæй дзырдтæ саразут фатæгты æххуысæй. (Исты, истытæ; исчи; тырыса;
тæхы.)
6. Æмбисондыл куыст. «Чиныг – зонды суадон».
- Сывæллæттæ, бамбæрстат чиныг зонды суадон цæмæн у, уый?
- Урочы цы æрмæгæй пайда кодтам, уый хъуыды ацы гыццыл æмбисонды бацыд, æви нæ?
- Нæ урочы кæрон цавæр хатдзæг скæндзыстæм?
- Абон мах базыдтам ног мыр [ч] æмæ дамгъæ Чч. Цыдæрриддæр æрмæгыл бакуыстам, уый
баст уыдис чиныгимæ æмæ æвæрд уыдис æмбисонды.
- Уæдæ æмбисæндтæ кæд цыбыр вæййынц, уæддæр сæ хъуыды вæййы стыр.
7. Къухфысты куыст.Дамгъæ Чч фыссыны æгъдæуттæ.Нывтæ хуызджын кърандæстæй
сахорын.
4. Рефлекси.
- Разы стут æмбисонды хъуыдыимæ? Цæмæн?
- Цавæр мыримæ базонгæ стæм абоны урочы?
- Цы базыдтат чиныджы тыххæй та æмдзæвгæмæ гæсгæ? (Зонд чиныджы фæрцы кæй рæзы,
уый).
- Нæ абоны урочы æрмæг иууылдæр баст уыдис чиныгимæ. Куыд хъуыды кæнут, цæмæн?
(Чиныджы фæрцы мах базыдтам дамгъæтæ, дамгъæты фæрцы та - кæсын æмæ фыссын).
- Уæдæ, сабитæ, бамбæрстат, чиныг ахуыры сæйраг мадзал кæй у, уый?
- Тынг хорз бакуыстат абоны урочы æмæ уын бузныг зæгъын. Уæ зæрдыл бадарут, чиныг
зонды суадон кæй, уый.
44-æм урок
Урочы темæ: Дамгъæ Чъчъ
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
- сывæллæтæбазонгæуыдзыстыæмæбахъуыдыкæндзыстыногдамгъææмæмыр;
- раст мырон-уæнгон анализ ын кæндзысты;
йæразмæцыдамгъæрацыдысты(ч),уыимæйынцыиудзинадæмæхицæндзинадис,
бамбардзысты;
- радзырдæн кæрон хъуыды кæнын базондзысты;
- тексты фарстæн дзуапп агурынмæ арæхсдзысты.
Урочы цыд
1. Зонындзинæдты актуализаци.
- Амæй размæ урочы цавæр дамгъæ базыдтам? (Чч)
- Цавæр мыр дæтты? [ч]
- Цытексттæбакастыстæм,уыдонманæзæрдылæрлæууынкæнæм.
- Цавæр ирон номимæ дзы базонгæ стæм? (Чермен.)
2. Мотиваци.
82

уый

-Зæгъут-ма,сывæллæттæ,хæдзарыуæм,бæрæгбонырæстæг,фынгыл(стъолыл)æппæты разæй цы
æрæвæрынц? (Чъиритæ).
3. Ног æрмæг.
Нывтæмгæсгæ куыст.
- Мыронсхемæтæм гæсгæ чи бакæсдзæн дзырдтæ. (Чъири, æрчъитæ, сычъи.)
- Æрчъитæ уæ исчи фехъуыста? (Æрчъитæ сты нæ рагон фыдæлты къахыдарæс.)
- «Чъ» цавæр мыр у? (Æмхъæлæсон.)
- Цавæр нысантæй арæзт у?
- Таблицæйы кæсæм дзырдтæ æмæ кæрæдзиуыл барæм мыртæ [ч]æмæ[чъ]
- Нывтæм гæсгæ-ма дзырдтæ базонæм. (Чъерами, къомси, фæткъуы, кæрдо).
- Куыд сæ схонæн ис иумæйагæй? (Дыргътæ).
4. Улæфты рæстæг.
- Сыфтæрты цыдзырдтæ бамбæхст, уыдонмæлæмбынæг æркæсут, фатæгтæ
кæцырдæмамонынц,уыцырдæмсæбакæсут.(Æрчъи,сычъи,чъиу,чъири,чъизи,бызычъи).
Ахуыргæнæгкæсытекст«Сычъи».Уыйфæстæта–сывæллæттæ.(Раздæр
цæггай– иугай хъуыдыйадгай, уыйфæстæ та – абзацгай).
- Сывæллæттæ, радзырдæн-ма хорз кæрон æрхъуыды кæнæм!
-Нымайæн иумæ бакæсæм.
-Текст «Бечыр» рольтæм гæсгæ бакæсæм. (Автор, нана æмæ Бечыр.)
-Æмбисонд бакæсæм æмæ йæ зæрдыл бадарæм.
5. Къухфысты куыст. Ахуыргæнæджы 'взæрстхæслæвæрдтæ сæххæст кæнын.
4. Рефлекси.
- Цавæр дамгъæимæ базонгæ стæм абон? (чъ)
- Цæмæй хицæн кæны ч-йæ? (ъ нысанæй)
- Цавæр мыр дæтты? ([чъ])
- Цавæр ирон нæмттимæ та базонгæ стæм радзырдты фæрцы? (Батрадз, Бечыр.)
- Куыд хуындис нæ рагон фыдæлты къахыдарæс? (Æрчъитæ).
- Цавæр хæххон цæрæгойы ном базыдтат? (Сычъи).
- Абон дæр хорз бакуыстам. Бузныг!
- Цавæр иумæйаг бæрæггæнæн сæвæриккат уæхицæн?
- Алчи йæхицæн та?
45-æм урок. Урочы темæ: Дамгъæ Пп.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
- сывæлæттæ базонгæ уыдзысты мыр æмæ дамгъæ [п]-имæ;
- мырæн характеристикæ дæттын базондзысты;
- кæсыны арæхстдзинад рæздзæн;
- лæвæрд дамгъæты нымæц, æмхъæлæсонтæ æмæ нывтæм гæсгæ дзырдтæ æххæст кæнын
арæхсдзысты;
- æндæр бæстæты цæрæг цæрæгойты тыххæй информаци райсдзысты;
- хæрынæн бæзгæ зайæгойтимæ зонгæ кæндзысты.
Урочы цыд
1.Зонындзинæдты актуализаци:
- Цавæр дамгъæ базыдтат амæй размæ урочы?
- Иумæ дзурæм нымайæн:
Дычъе-дычъе,
Дунал-дычъе,
Кæфтыры кæфой

83

Рахау-бахау,
Хъентæ-ментæ.
-Чи радзурдзæн Бечыры бызычъийы тыххæй?
2.Мотиваци.
- Байхъусут уыци-уыцимæ æмæ йын бафæлварут дзуапп раттын:
Йæ фындзæй фæкæны кусгæ,
Залмысыфы йас ын – хъустæ. (Пыл.)
Сабитæ уыци-уыци куы базоной, уæд сын радзурын кæнын цæрæгойы тыххæй цы зонынц,
уый. Гæнæн куы уа, уæд бакæсæн ис цыбыр кинонывмæ пылы тыххæй.
- Сывæллæтæ кæсæм æмдзæвгæ «Пыл».
- Цавæр цæрæгой у пыл?
- Цавæр мыр хъуысы дзырды райдайæны?
- Ахуыды-ма кæнут æмæ зæгъут цавæр дзырдтæ ма зонут п-имæ?
- Чиныгмæ æркæсут æмæ зæгъут[п] хъæлæсон у æви æмхъæлæсон.
Саразын æмæ бакæсын уæнгтæ, дарддæр – дзырдтæ. Дзырдтæ цыппар æмæ цыппор-мæхъус
æрдарын.
Мырон-дамгъон анализ скæнын дзырд пысыра-йæн.
- Цавæр зайæгой у пысыра?
3.Дзырдуатон куыст: хæмпус, хæмпæл, пыхс, пысыра. (Дзырдты нысаниуæг сын бамбарын
кæнын).
4. Текстыл куыст. «Пыл»
- Цавæр цæрæгой у пыл?
- Иннæ цæрæгойтæй цæмæй хицæн кæны пыл текстмæ гæсгæ?
- Тексты ссарут æмæ бакæсут пылы фындз, сæр æмæ хъусты тыххæй кæм фыст ис, уыцы
бынат.
Æмдзæвгæ «Пыл» раттæн ис иу скъоладзауæн хибарæй хинымæры кæсынмæ æмæ йæм уый фæстæ
байхъусын.
5. Улæфты рæстæг.
6. Къордты куыст.Ам бакæнæн ис къордты куыст дæр. Ахуырдзаутæ кæсынц лæвæрд
тексттæ. Уыйфæстæ алы командæ дæр хъуамæ радзура, сæ радзырд цæй тыххæй у, цы ногдзинад
базыдтой, уый.
7. Къухфысты куыст.
-Дамгъæ Пп фыссыны æгъдæуттæ.
-Нывтæ хуызджын кърандæстæй сахорын.
8.Рефлекси.
- Цы ногдзинæдтæ базыдтат абоны урочы?
- Уæ зæрдыл тынгдæр цы бадардтат?
- Уæхимæ уæ цы фæндид радзурын?
- Кæм фæзынд пырындз æппæты фыццаг?
- Кæцæй æрбафтыд Уæрæсемæ та?
- Хорз дзуæппытæ лæвæрдтой …
- Иннæтæй алчидæр йæхицæн бæрæггæнæн нывæрæд.
46-æм урок. Урочы темæ: Дамгъæ Пъ пъ
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
- сывæллæттæ базондзысты ног дамгъæ Пъ, пъ æмæ мыр [пъ];
- уæнгтæй дзырдтæ аразын ахуыр кæндзысты;
- ахуыр кæндзысты ребустæ кæсын;
- сахуыр уыдзысты пъ-имæ дзырдтæ кæсын æмæ раст дзурын;
84

- сфæлдыстадонхæслæвæрдтыфæрцыахуыркæндзысты дзырдтæ аразын, ребустимæ кусын,
схемæтæм гæсгæ дзырдтæ аразын.
Урочы цыд:
1. Зонындзинæдты актуализаци.
Амæйразмæурочыцыдамгъæимæбазонгæстæм,уыйтыххæйцыбахъуыды
кодтат,уыймарадзурут.(Æмхъæлæсон,хъæлæсонимæаразыуæнг,арæзтуиунысанæй.)
- Пылы тыххæй цавæр уыци-уыци базыдтам?
- Цымабазыдтатноджыдæрпылытыххæй?(Зæххылцæуæгцæрæгойтæйу æппæты стырдæр, йæ
къахы бынтæ сты фæлмæн, гæпп кæнын нæ зоны).
2. Мотиваци.
п

ы

аырыс

п

л

т р

п

о

и

«П» йæ фæдыл къопп фæласы,
«П», кæдæм? Мах зонæм дæу:
- «Пъ» ис ног дамгъæ уæ разы,
«Пъ» бынтон мæн хуызæн нæу.
2. Ног æрмæг.
–Æркæсутнывтæм. Схемæтæм гæсгæ дзырдтæ бакæсутæмæ æмхæст уæнгтæ бацамонут.
3. Таблицæйы куыст.
- Уæнгтæ æмæ дзырдтæ кæсæм. П æмæ Пъ барæм.
-Кæсæм дзырдтæ(сæ нысаниуæг сын æмбарын кæнæм, афтæмæй).
-Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй ахуыр кæнæм. Уый фæстæ сæм фæрстытæ дæттын:
- Цал цъиуы бадтис бæласыл?
- Зæгъут-ма, сабитæ, цы фесты цъиутæ?
- Цæмæн апæррæст кодтой?
4. Текстыл куыст.
- Æмдзæвгæйы разæй текст «Скъоладзау» кæсæм цæггай.
- Куыд уæм кæсы, цæмæн хуыйны текст «Скъоладзау»?
- Цæуыл дзы цæуы дзырд?
- Сывæллæттæ, зæгъут-ма, сымахæй та кæмæн цы урок тынгдæр цæуы йæ зæрдæмæ. Цæмæн?
5. Улæфты рæстæг.
- Дамгъæтæй ма, нывтæм гæсгæ, дзырдтæсаразæм. (Пъæмидор, пысыра)
6. Текстыл куыст.Текст бакæсын æмæ сывæллæттæм фæрстытæ радæттын:
- Чи æхсы пъол?
- Цæмæн фæкалд Фидар пъолыл?
- Чи бахуыдта Фидары пъалто?
- «Бампъызта» цы нысан кæны, чи йæ зоны?
-Фатæгты амындмæ гæсгæ бакæсут дзырдтæ. (Пъæлицæ, пъæра, лирæ, цæмæ, пъеро, розæ,
Зæринæ).
7. Ребусыхæслæвæрдсæххæсткæнын:кард–кад.(Дзырдынысаниуæгбамбарын кæнын).
8. Къухфысты куыст.Ахуыргæнæджы æвзæрст хæслæвæрдтæ сæххæст кæнын. – 9. Рефлекси.
- Цавæр ног дамгъæимæ базонгæ стæм?
-Абоны урочы уæм цымыдисагдæр цы фæкаст?
85

-Куысты хуызтæй уæ зæрдæмæ тынгдæр кæцы фæцыд?
- Уæхицæн-ма бæрæггæнæн равзарут.
47-æм урок. Урочы темæ. Æмхъæлæсон мыр [тъ]. Дамгъæ Тъ тъ.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
- сывæллæттæ базонгæ уыдзысты мыр æмæ дамгъæ [тъ]-имæ;
- мырæн характеристикæ дæттыныл дарддæр архайдзысты;
-кæсыны арæхстдзинад рæздзæн;
- мыртæ [т] æмæ [тъ]кæрæдзийæхицæн кæнын базондзысты.
Урочы цыд
1. Зонындзинæдты актуализаци.
- Байхъусут æмдзæвгæмæ:
Пъырыпъыф ныссырх и
Пъæмидорау раст.
Пъæртт, зæгъгæ, ныппырх и
Пъырыпъыф æваст.
- Цавæр мыр нæ зæрдыл æрлæууын кодтам? [пъ]
- Куыд арæзт у? (Дыууæ нысанæй).
- Иууылдæр-ма иумæ зæгъæм[пъ]-æ чи райдайы, ахæм дзырдтæ. (Пъæра, пъеро, пъартфел,
пъырыпъыф).
2. Мотиваци: æмдзæвгæ радзурын æмæ саразын чысыл беседæ.
Уарзын æз нанайы,
Стыр бузныг дзы дæн,
Уымæн æмæ алыбон
Барæвдауы мæн.
3. Ног æрмæг.
Мыр [тъ] рахицæн кæнын дзырд тъæпæнæг-ы.Дзырдæн мырон-дамгъон анализ скæнын.
Уæнгтыл æй адих кæнын.
Уæнгтæ бакæсын æмæ абарын мыр [т] æмæ [тъ].
Тагъддзуринаг сахуыр кæнын.
4. Дзырдуатон куыст.
Бакæсын дзырдтæ чиныджы 96 фарсыл.
5. Ныхасы рæзт.
Лæвæрд дзырдтимæ хъуыдыйæдтæ æрхъуыды кæнын. Саразын сын схемæтæ.
Бакæсын чиныджы 96 фарсыл хъуыдыйæдтæ. Хъуыдыйæдтæм гæсгæ нывтæ равзарын.
6. Улæфты рæстæг.
Нывмæ гæсгæ куыст.
– Кæй уынут нывы?
– Цы ми кæнынц?
–Бакæсæм-ма уæдæ текст, цымæ дзы цæуыл цæуы ныхас?(Ахуырдзаутæ кæсынц радзырд.)
Базон-базон.
– Цавæр дзырды ис нæ ног мыр? Дзырдæнмырон-дамгъон анализ скæнын.
Хуыздæр цы ахуырдзаутæ кæсынц, уыдонæн раттын хибарæй кæсынмæ радзырд «Бæрæгбон».
7. Къухфысты куыст.
–Дамгъæ Тътъ фыссыны æгъдæуттæ.
–Нывтæ хуызджын кърандæстæй сахорын.

86

8. Урочы хатдзæгтæ:
–Абоны урокæй уæ зæрдыл цы бадардзыстут?
– Цавæриууæнгондзырдтæ уæ зæрдыл бадардтатабоны урокæй (сындз,дыргъ, ном, урс...).
– Цавæр ирон сылгоймаджы ном базыдтат абон? (Фатъимæт.)
– Цы у армытъæпæн?
– Чи куыд бамбæрста абоны урок, уый-ма равдисут.
– Иннæ урокмæ бацæттæ кæнут уæ нанаты тыххæй цыбыр радзырд.

48-æм урок
Урочы темæ: Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дамгъæтæ. Æ æ, Ю ю, Я я, Ё ё.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
- Сывæллæттæ базондзысты, ирон дамгъуаты иу хай уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дамгъæтæ
кæй ис, уый.
- Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ хъæлæсон мыртæ ирон æвзаджы æрмæст уырыссаг æвзагæй
æрбайсгæ дзырдты кæй æмбæлынц, уый бамбардзысты.
- Уырыссагæвзаджысæкуыддзурæмæмæфыссæм,афтæсæдзурæмæмæфыссæм
Урочы цыд:
1.Зонындзинæдты актуализаци.
- Сывæллæттæ, мах дзырдтам, зæгъгæ, ирон дамгъуаты ис бирæ сусæгдзинæдтæ.
- Æрхъуыды-масæкæнæм (фыссæмз,с,ц,дз-дзурæмж,ш,с,з; дыууæнысанæй арæзт дамгъæтæ
æмæ а.д.).
1. Мотиваци.
Фæйнæгыл – уырыссаг æмæ ирон æвзаджы алфавиттæ. Ахуырдзаутæ агурынц, цы
дамгъæтимæ базонгæ сты, уыдон. Уырыссаг алфавиты сæ нымæцмæ гæсгæ къаддæр сты, ирон
алфавиты та – фылдæр. Ахуыргæнæг сын бацамондзæн, афтæ цæмæн у, уый.
2. Ног æрмæг.
- Уæдæ та абон дæр ног сусæгдзинад раргом кæндзыстæм.
- Бакæнут-ма уæ чингуытæ (98 фарс)
- Нырмæ иугай дамгъæтимæ зонгæ кодтам, ацы фарсыл та цал дамгъæйы ис? (4)
- Цымæ, афтæ цæмæн у? Куыд хъуыды кæнут?(Уыдон сты уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ
дамгъæтææмæ æрмæст уырыссаг дзырдты æмбæлынц. Уымæ гæсгæ сæ иумæ ахуыр
кæндзыстæм.)
- Цавæр дамгъæтæ сты? (Хъæлæсонтæ.)
- Хъæлæсонтæ кæй сты, уый цæмæй базыдтам? (Уыдон зонынц «зарын», сырх хуызæй фыст
сты.)
- Уæдæ та раргом кодтам ног сусæгдзинад.
- Æмæ сæ нæ дамгъæты асиныл куыд сæвæрдзыстæм? (Иумæ.)
3.Дзырдтимæ куыст. Семæ æрхъуыды кæнын хъуыдыйæдтæ.
4. Кæсæм текст «Экскурси». Агурæм дзы нæ ног дамгъæтæ.
- Зæгъут-ма,сывæллæттæ,текстынæногдамгъæтæйкæцыйылнæсæмбæлдыстут? (ё)
- Куыд хъуыды кæнут, цымæ, цæмæн? (Сывæллæттæм байхъусын.)
Уымæнæмæиронæвзаджыæрмæстиунæгдзырдис,ёйæчирайдайы,ахæм(ёлкæ).Уыцыдзырдтекстынæй,уымæнæмæ,æвæццæгæн,сывæллæттæэкскурс
ийы кæм уыдысты, уым ёлкæ нæ задис.
- Нывмæ-ма æркæсут, ёлкæ дзы искуы уынут?
- Уæдæ нывы кæй уынут? (Эммæ Юрьевнæ, Эдик, Юля, Валя æмæ Янæ.)
- Сывæллæттæ хъæдæй цавæр зæрдæйы уагимæ рацæуынц? (Хъæлдзæг.)
- Цæмæй бæрæг у? (Сæ цæсгæмттæ сты худæндзаст.)

87

5. Улæфты рæстæг.
6. Дзырдуатон куыст.
– Дзырд«этажеркæ»-йыцыæндæрдзырдтæбамбæхст,уыдонссарæм.(Терк, ракетæ, картæ.)
– 99-æм фарсыл кæсæм текст: «Дыууæ Юрийы».
– Ацы дыууæ зындгонд адæймаджы нæмттæ уæ искуы исчи фехъуыста? (сывæллæттæм
байхъусын) Нывтыл бакусын. Текст цæггай бакæсын.
7. Къухфысты дыккаг хайы хæслæвæрдтæ баххæст кæнын.
8.Рефлекси.
- Цымыдисагæй уæм цы фæкаст ацы урочы?
- Цавæр сусæгдзинад та базыдтам ирон дамгъуатæй.
- Цавæр дыууæ къордыл дих кæнынц дамгъæтæ? (Хъæлæсонтæ, æмхъæлæсонтæ.)
- Алчидæр-ма уæ йæхицæн бæрæггæнæн сæвæрæд.
49-æм урок
Урочы темæ: Дамгъæтæ Ж ж, Ш ш, Щ щ.
Рагацау загъд фæстиуджытæ.
-Сывæллæттæдарддæрзонгæкæндзыстыуырыссагæвзагæйæрбайсгæдамгъæтимæ.
- Фидар кæндзæнис сæ арæхстдзинад кæсынæй ног дамгъæйы фæрцы.
-Иронмыртæ[с]æмæ[з]-имæабаргæйæ,[ш]æмæ[ж]цæмæйхицæнкæнынц,уыйбазондзысты.
Урочы цыд:
1. Зонындзинæдты актуализаци.
- Амæйразмæурочыбазонгæстæмуырыссагæвзагæйæрбайсгæдамгъæтимæ (хъæлæсонтимæ).
- Текст«ДыууæЮрийы»фæрц ы базонгæстæмдыууæхъуыстгондадæймагимæ.Чисын зæгъдзæн
сæ мыггæгтæ?
- Дзæуджыхъæуысæномылистыбынатзонут?(Гагариныуынг,КучитыЮрийы номыл 27-æм
скъола, Терчы был йæ цыртдзæвæн).
2. Мотиваци.
Фæйнæгыл уæнгтæ:та - тя, то - тё, мæ - мю, рæ – рё.
- Чи сæ бакæсдзæн?
- Цы бафиппайдтат?
- Ирон æвзаджыæмхъæлæсонтæфæлмæн вæййынц? (Нæ,æрмæстуырыссаг æвзагæй æрбайсгæ
дзырдты.)
3. Ног æрмæг:
- Ранымайут, цы дамгъæтæ базыдтам, уыдон. (39 дамгъæйы.)
- Æдæппæтæй цал дамгъæйы ис ирон алфавиты? (43)
- Уæдæтаабондæрбазонгæуыдзыстæмуырыссагæвзагæйæрбайсгæдамгъæтимæ (ж, ш, щ).
- Æркæсут-ма чиныгмæ, цавæр дамгъæтæ сты? (Æмхъæлæсонтæ.)
- Цæмæй сæ базыдтам? (1)æрвхуыз ахорæнæй ахуырст сты, 2) «зарын нæ зонынц»).
- Кæсæм дзырдтæ уæнггай, æмхæст уæнгтæ хицæнгæнгæйæ.
Текст
«Машинæтæ»
кæсæм
æмæ
йæ
хиныхæстæйдзурынфæлварæм.Текстыагурæм,уырыссагæвзагæйæрбайсгæ дамгъæтæ цы дзырдты
сты, уыдон. Хицæнæй кæсæм, дамгъæйы бынатамонгæйæ.
- Цыбафиппайдтат?(Æрмæстдæрдзыисдзырдтæ:машинæтææмæкомпьютер).
5. Улæфты рæстæг.
- 101-æм фарсыл нывтæм æркæсут æмæ зæгъут, цытæ дзы уынут.
- Текст «Сапон æмæ щёткæ» бакæсут æмæ зæгъутцæуыл у сæ быцæу?
-Дзырдтæ къæйттæй бакæсут. Цы бафиппайдтат?
-Нымæцты бæсты дамгъæтæ сæвæрут æмæ ног дзырд бакæсут.
-Проблемон хæслæвæрд: дзырдтæ абарын.
6.Къухфысты куыст.
7. Рефлекси.

88

- Ногæйцыбазыдтатабоныурочы.(Уырыссагæвзагæйæрбайсгææмхъæлæсонтæ.)
- Цыбафиппайдтат,мыртæжæмæшдзургæйæ?(Иронзæмæс-йыхуызæнкæй хъуысынц, уый.)
- Нæ Дамгъæты асиныл та сæ иумæ æрæвæрдзыстæм?
- Нæ асиныл ма бынат ис? (Иу бынат.)
- Уæхицæн-ма бæрæггæнæнтæ сæвæрут.
50-æм урок
Урочы темæ: Фæлмæны нысан Ь.
Рагацау загъд фæстиуджытæ.
- Сывæллæттæ базонгæ уыдзысты ног дамгъæ-нысанимæ Ь-фæлмæны нысанимæ.
- Ацынысанæйæрмæстуырыссагæвзагæйæрбайсгæдзырдтыпайдакæнæм,уый базондзысты.
 Базондзысты, фæлмæны нысан мыр кæй нæ дæтты, уый.
 Базонгæ уыдзысты афæдзы мæйтимæ æмæ дзы чи кæцы афоны мæй у, уыимæ.
Урочы цыд
1.Зонындзинæдты актуализаци.
- Ныр фæд-фæдыл æртæ урочы дзурæм уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дамгъæтыл.
-Ранымайæм-маиумæхъæлæсонтæ(э,ю,я,ё),ныртаæмхъæлæсонтæ(ж,ш,щ).
-Лæмбынæг чи хъуыста, уыдон, æвæццæгæн, бафиппайдтой,æмхъæлæсон дамгъæтæй
кæцыдæры 2 хатты ахуыр кодтам. Цымæ йæ чи бахъуыды кодта? (ж)
- «Ж»  ахуыр кодтам Дж-йы размæ, уымæн æмæ ма у «дж»-йы иу хай.
- «Дж»æмбæлыæрмæстирондзырдты,«ж»уырыссагæвзагæйæрбайсгæдзырдты.
- «Дж»-имæдзырдтæхъуыдыкæнæм.(Джитъри,Джызæл,картофджын,Джимара...)
- Ныр та «ж»-имæ... (жираф, морж, журнал).
2.Мотиваци.
Байхъусут æмæ базонут, уыци-уыциты цавæр афæдзы афонты кой цæуы:
Уазал мигъ комы æрбады ныллæг,
Бафснайынц гонты бæркадджын тыллæг,
Сыфтæртæ фезгъæлынц зæхмæ. (Фæззæг)
Ранымайæм-ма фæззæджы мæйтæ. (Сентябрь, октябрь, ноябрь.)
Базон-базон, зæхх
Урс дарæс кæд дары. (Зымæг)
Нымайæм зымæджы мæйтæ. (Декабрь, январь, февраль.)
Базон-базон, сыфтæр
Бæлæстæ кæд калынц? (Уалдзæг)
Нымайæм уалдзæджы мæйтæ. (Март, апрель, май.)
Зæххы йæ хъарм тынтæй бафсады хур,
Хосдзау йæ цæвæгæй ракæрды хуым. (Сæрд)
Сæрды мæйтæ нымайæм. (Июнь, июль, август).
3. Ног æрмæг.
102-æмфарс.Цыуынутнывты?(Къæлиндар,зымæг,уалдзæг,сæрдæмæфæззæджы нывтæ.)
Уыци-уыцитæмгæсгæафæдзыафонтæйцавæрминиуджытæбазыдтам?(Фæззыгон
æрбадымигъ,гонтыбæркадджынтыллæгныккæнынц,сыфтæртæзæхмæфезгъæлынц;Сæрдыгон хур
зæххы хъарм тынтæй бафсады, хосдзаутæ хос фæкæрдынц.)
 Ноджыдæр-ма цы бафтауиккат алы афæдзы афонмæ дæр? (Фæззæг  мæргътæ
атæхынц,уарынтæрайдайынц...;Зымæгонвæййыуазал,адæмхъармдзаумæттæскæнынц,
дæттæ
ныйих вæййынц...; Уалдзæг  кæрдæг фæцъæх вæййы, цъиутæ хъарм бæстæй æртæхынц...; Сæрд 
дыргътæ фæзынынц, хуымтæ дидинджытæй цæхæр фæкалынц, сывæллæттæ сæхи найынмæ
фæцæуынц, уымæн æмæ дон дæр схъарм вæййы.)
4. Къордты куыст.
4къордæнкарточкæтыл,кæнææндæрхуызыхæслæвæрдтæсцæттæкæнын:
Зæгъæм,1къорд

89

Зымæджы ныв стъолыл æвæрд, иннæ ныв карстæй, къорд æй хъуамæ сæмбырд кæна æмæ
нывмæ гæсгæ зымæджы тыххæй радзурой. Афтæ иннæ къордтæ дæр алчи йæхи афоны тыххæй.
Рæвдздæр æмæ растдæр чи сæххæст кæна йæ хæс, уыдонæн 1-аг бынат æмæ исты лæвар.
5. Нывтæ æмæ дзырдтимæ куыст: бакæсæм иумæ дзырдтæ. Ныр та ма бафæлварæм семæ
хъуыдыйæдтææрхъуыды кæнын.
6. Текстыл куыст. 103-фарсыл текст «Пальмæ» кæсын æмæ æвзарын.
7.Къухфысты куыст.
8. Рефлекси.
- Ногæй цы базыдтат абоны урочы? (Фæлмæны нысан ь.)
- Цавæр дамгъæ у ь? (Мыр нæ дæтты, амоны æрмæст фæлмæндзинад уырыссаг æвзагæй
æрбайсгæ дзырдты æмхъæлæсонтæн.)
- Абон нæ Дамгъæты асинæн йæ тæккæ цъупмæ схæццæ стæм æмæ йыл æрæвæрдзыстæм нæ
фæстаг дамгъæ ь.
- Бафæлварут æмæ уæхæдæг хатдзæгтæ скæнут.
- Уæхицæн бæрæггæнæнтæ сæвæрут.
5152-æм уроктæ
Урочы темæ: Дамгъæтæ[а, æ, ы].
Ирон æвзаджы дамгъуаты зындæрдзурæн мыртæ бæстондæр ахуыр кæнæм.
Рагацау загъд фæстиуджытæ.
- Сывæллæттæ фæлхат кæндзысты зындæрдзурæн хъæлæсон мыртæ; кæрæдзийæ сæ
иртасдзысты дзургæйæ.
- Ахуыр кæндзысты зындзурæн мыртæ раст кæсын æмæ дзурын.
- Аив кæсыныл фæлтæрдзысты.
- Алыхуызон текстты фæрцы базонгæ уыдзысты хидарыны æгъдæуттимæ, æрдзы
фæзындтимæ. Ирыстоны рæсугъддæр бынæттæй иуимæ – Цъæимæ, базонгæ уыдзысты.
- Нывтæм æмæ схемæтæм гæсгæ ахуыр кæндзысты хъуыдыйæдтæ аразын.
- Лæвæрд дамгъæтæм гæсгæ дзырдтæ æххæст кæнын фæлвардзысты.
Урочы цыд:
1. Зонындзинæдты актуализаци.
- Амæй размæ урочы нæ Дамгъæты асиныл фæстаг къæпхæнмæ схæццæ стæм æмæ йыл
фæлмæны нысан æрæвæрдтам.
- Куыдуæмкæсы,дарддæртацыкусдзыстæм?(Кæсынбазыдтамæмæкæсдзыстæм...)
- Сывæллæттæ,мах дарддæр дæр кусдзыстæм дамгъæтæ æмæ мыртимæ.
- Нæ зæрдыл-ма æрлæууын кæнæм хъæлæсон мыртæ.
- Иронæвзаджыцалхъæлæсонмырыис?(7,4 тауырыссагæвзагæйæрбайсгæ, æдæппæтæй 11.)
- Ранымайæм-ма сæ (а, æ, и, у, ы, о, е, ё, э, ю, я).
2. Мотиваци.
Фæйнæгыл нывтæ: бæх, хæрæг, гæды (хæдзарон цæрæгойтæ); бæлон, зæрватыкк, халон
(тæхгæ цъиутæ); уырыдзы, картоф, цæхæра (халсартæ).
 Нывтæм гæсгæ дзурæм дзырдтæ.
 «Зæрватыкк» æмæ «цæхæра»-йæн кæнæм схемæтæ.
Зæрватыкк

Цæхæра

3. Ног æрмæг.
 104 фарсыл нывтæм кæсæм æмæ сын сæ нæмттæ дзурæм: хæ-дзар,ха-лон,хæ-дон,ха-ла-мæрзæн,хæс-гард,хар-быз.(Растчинæдзуры, уыдон ногæй фæлхат кæнынц.)
4. Схемæтыл куыст. Æмбæхст дзырдтæ нывтæм гæсгæ æргом кæнæм.
5. Æмдзæвгæтыл куыст.105-æм фарсыл æмдзæвгæ «Уарын» аив бакæсын.
- Схемæты, æмдзæвгæйы кæцы рæнхъытæ ныффыссиккат? (1 æмæ 2-аг)
90

- Æмдзæвгæ «Уæд ды та?» рольтæм гæсгæ бакæсæм.
-Лæппуйыныхæстæдзыкæцытæуыдзысты?(Сывæллæттæнсæхидзуаппы-тæм байхъусын.)
6. Къухфысты куыст. 67 фарсыл цы хæслæвæрдтæ ис, уыдон сæххæст кæнæм.
7. Мыртæ расткæсыныл куыст:106-æм фарсыл мыртæ æмæ уæнгтæ хъæрæй кæсæм æмæ
дзырдтæ аразæм(цæ…уа, кæ…уа æмæ а. д.).
8. Ныхасы рæзтыл куыст.Нымайæн æмæ тагъддзуринагтæ бакæсæм æмæ сæ зæрдыл бадарæм.
-Дыу-уа-дæс иууылдæр иумæ уæнггай дзурæм.
9.
Мыр
[а]-йыл
куыст.
Цы
зонут
ацы
мыры
тыххæй?
(Хъæлæсонмыр,зараг,дзурæмæйæрмæстхъæлæсы фæрцы, у уæнгаразæг. Схемæйы йæ хуыз у сырх).
Дзырд дыууадæсыта йæ бынат кæм ис? (Дзырды астæу.)
10. Мыр [æ]-йыл куыст. Ацымырытыххæйтацызонут?(Уыйдæрафтæ,æрмæст«а»дзургæйæ
дзыхтынгдæрсхæлиукæнæм,«æ»дзургæйæтайæиугыццылæрæхгæнæм.Дзырд«дыууадæс»-ы
ис
дзырды кæрон.)
11. Мыр [ы]-йыл куыст. Ныр та ма ацымырытыххæйрадзурут.(Уый та у[а]-йæ дæр æмæ [æ]йæ дæр цыбырдæр æмæ хъæлæсæй иннæтæй арфдæр ранæй цыма ссæуы. Дзырд «дыууадæс»-ы ис
райдианы.)
- Иухаттмадзурæмдзырд«дыу-уа-дæс»уæнггай æмæмыртæ[а],[æ],[ы]барæм.
12. Текстыл куыст. Текст«Цъæй»-кæсæм æмæ йæ æвзарæм.
- Нывтæм гæсгæ хъуыдыйæдтæ хъуыды кæнæм.
- Тексты кæцы хъуыдыйæдтæ баст сты нывтимæ?
13. Раст дзурыныл фæлтæрын: Уæнгтæкæсæм æмæ барæм мыртæ (107 фарс).
14. Текстыл куыст.
- Радзырд «Хъæды» цæггай кæсæм æмæ йæ хи ныхæстæй дзурын фæлварæм.
- Æркæсут нывмæ æмæ зæгъут кæцы лæппуйы номæй фыст цæуы? (Йæ къухы дидинджыты
баст кæмæн ис, уый номæй).
- Цæмæн уæм афтæ кæсы? (Уымæн æмæ уый загъта: «Иу æрдузы æртыдтон рæсугъд
дидинджытæ»).
15. Къухфысты куыст.
16. Рефлекси.
- Цавæр мыртæ æмæ дамгъæтæ фæлхат кодтам (хъæлæсонтæ: [а], [æ], [ы])
- Æмхæст уæнгты куыд хъуысынц? Иумæ сæ дзурæм: (къа, рæ, сы; а, æ, ы)
- Цавæрцымыдисагногхабарбазыдтайабоныурочы?(зæгъæм, радзырд«Цъæйы»)
- Зæгъут-ма,сывæллæттæ, уæ ныййарджытимæ искуы хъæды уыдыстут?
- Æмæ дзы хи куыд дарын хъæуы уый дæр зонут?
- Ранымайут-ма, æрдзы уæвгæйæ, хи куыд дарын хъæуы, уыцы æгъдæуттæй иу-дыууæ.
- Нымайæн æмæ тагъддзуринæгтæ чи бахъуыды кодта, уыдон ма сæ радзурæнт.
- Уæхицæн абоны куысты тыххæй цавæр бæрæггæнæнтæ сæвæриккат?
53  55-æм уроктæ
Урочы темæ. Мыртæ [з]-[с].
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
- сабитæ мыртæ [з]-[с] раст дзурыныл хуыздæр фæцалх уыдзысты;
- бæлвырд хæслæвæрдимæ фæлтæрæн куыстытæ æххæст кæнынмæ арæхсдзысты;
- аив æмæ æмбаргæ каст кæныныл дарддæр ахуыр кæндзысты;
- фæрстытæн дзуапп дæттыныл фæлтæрдзысты;
- æрдзы рæсугъддзинæдтæ æнкъарынæмæ йыл узæлын ахуыр кæндзысты;
- къордты кусынмæ арæхсдзысты;
Урочы цыд:
1. Зонындзинæдты актуализаци:

91

- хъæлæсон мыртæ [а], [æ], [ы] кæрæдзийæ иртасгæйæ дзурæм, фæйнæгыл фыст дзырдтæ
кæсæм (харбыз-хабар, хæрæг-хæраг, хызын-хыссæ, хылгæнаг),æртæ дзырды дзы тетрады
фыссæм;
- къордгайакусæм:афæдзы алы афонтæ фыст кæм ис, ахæм 4 карточкæйы 4къордæн райуарын
æмæсын хæс раттын: алчи йæхи афæдзы афоны мæйтæ ранымайæд æмæ йæхи цæстыл куыдæй
уайы, афтæ йæ сныв кæнæд. Рæвдздæр чи фæуа, уый амбылдта.
2. Мотиваци.
Фонетикон зарядкæ: бакæсын таблицæйы уæнгтæ, абарын мыртæ [з] æмæ [с].
3. Ног æрмæг.
- Дзырдтæбакæсæм æмæ сæ абарæм. (Хъус дарын мыртæ [з]-[с] раст дзурынмæ).
- Фатæгтæм гæсгæ дзырдтæ кæсæм. (Ахуыргæнæг хæс дæтты, цал дзырды сты, уал сабийæн
хъуыдыйæдтæ æрхъуыды кæнын).
4. Проблемон хæслæвæрд.
- Таблицæты дзырдтæ баххæст кæнут цухгонд дамгъæтæй.
- Дыккаг таблицæйы цы бафиппайдтат? (З æмæ С цъæхæй фыст кæй сты, уый).
- Куыд хъуыды кæнут, цæмæн. (Уыдон сты уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдтæ æмæ сæ
иутæ фæдзурынц уырыссагау куыд дзурæм,афтæ, иннæтæ таирон З æмæ С-имæ).
5. Таурæгъыл куыст.
- Сывæллæттæ, байхъусут-ма, æз уын ныртæккæ радзурдзынæнарсы тыххæй таурæгъ.
- Алчи дæр ма уæ хибарæй бакæсæд текст.
- Ссарут-ма тексты з æмæ с-имæ дзырдтæ, бакæсут-ма сæ.
- Хи ныхæстæй радзурын ма йæ бафæлварæм.
- Ныр та 109-æм фарсыл дзырдтæ бакæсут.
- Цы дзы бафиппайдтат?(алы дзырдæн дæр йæ фыццаг мыр ивд æрцыд æмæ дзырдтæн сæ
нысаниуæг фендæрхуызон ис).
- Бафæлварæм-ма иу-цалдæр дзырдимæ хъуыдыйæдтæ æрхъуыды кæнын (Ме 'фсымæр мын
кубиктæй хæдзар саразын кодта. Æз хорз ахуыр кæнын).
6. Текстыл куыст.Бакæсын текст «Сæрд» цæггай. Беседæ саразын:
- Зæгъут-ма, сабитæ, сæрды уæ улæфт кæм фæуадзут.
- Искуы уæ исчи Турчы уыдис? (Кæд уыдис, уæд дзы йæ зæрдыл цы бадардта).
- Нæхи хæхбæсты та чи фæулæфы? (Кæцы ран? Радзурут-ма, уæ зæрдæмæ дзы цы фæцыд).
8. Улæфты рæстæг.
- 110-æм фарсыл дзырдты къæйттæ бакæсут æмæ зæгъут цы бафиппайдтат, уый. (Рифмæ. Цы
у, уый сын бамбарын кæнын æмæ дзы кæм пайдагонд цæуы).
- Тагъддзуринаг бакæсын æмæ йæ бахъуыды кæнын.
- Дыууæ тексты бакæсын(поэтикон æмæ прозаикон. Кæрæдзийыл сæ абарын).
- Уыци-уыцитæн дзуæппытæ ссарын.
9. Къæйттæй куыст.Радзырд «Æхсæрсæттæг». Скъоладзаутæ къæйттæй кæсынц текст, уый
фæстæ кæрæдзимæ фæрстытæ дæттынц.
Нывтæм гæсгæ хæслæвæрдтæ баххæст кæнын. Дзырдтæ чысыл – стыр, уазал – тæвд, быры –
тæхы сæ нысаниуæгмæ гæсгæ ныхмæвæрд кæй сты, уый сывæллæттæн бамбарын кæнын.
10. Хъуыдыйæдтæ бакæсын.112 фарс.
 Цæмæй хицæн кæнынц дыууæ цæджындзы хъуыдыйæдтæ? (Дыккаг цæджындзы
хъуыдыйæдтæм æфтыд æрцыд дзырдтæ:уазал, рæсугъд, фырцинæй. Уыдоны фæрцы
хъуыдыйæдтæ фæрæсугъддæр сты.)
11. Беседæ. Хетæгкаты Къостайы тыххæй беседæ саразын. Зæрдыл æрлæууын кæнын,
ахуырдзаутæ раздæр поэты цард æмæ сфæлдыстады тыххæй, цы базыдтой, уый. Бакæсын æмдзæвгæ
«Балцы зарæг». Бацамон сын æмдзæвгæйы мидис (иудзинад æмæ рæстдзинадмæ тырнын).
- Æмбисæндты мидис равзарæм.
- Текст «Ирон хъазт»бакæсæм. Дзырдтææгъдау æмæ уæздан- ыллæмбынæг дæр æрлæууæм
(ирон æгъдæуттыл аныхас кæнын).
12. Къухфысты куыст.
92

15. Рефлекси.
- Цы уæм фæкаст цымыдисаг ацы урочы?
- Уæ зæрдыл уæ чи цы бадардта, уый радзурут?
- Къостайы тыххæй ногæй цы базыдтат?
- Æмдзæвгæ «Балцы зарæг» уæ зæрдæмæ фæцыд?
- Куыд бамбæрстат, цы у ирон æгъдау?
- Зæгъут-ма, сымах æгъдауджын сывæллæттæ стут?
- Алчидæр уæ йе 'гъдау кæм равдыста, уый-ма радзурæд.
- Уæхицæн ма бæрæггæнæнтæ сæвæрут.
5657-æм уроктæ
Урочы темæ: Мыртæ [х]-[хъ]
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
- мыртæ [х]-[хъ] раст дзурыныл дарддæр фæлтæрдзысты;
- бæлвырд хæслæвæрдтимæфæлтæрæн куыстытæ æххæст кæныныныл фæцалх уыдзысты;
- аив æмæ æмбаргæ каст кæнын ахуыр кæндзысты;
- фæрстытæн дзуапп дæттынмæ арæхсдзысты;
- хибарæй текст кæсдзысты æмæ йæ æмбардзысты.
Урочы цыд:
1. Зонындзинæдты актуализаци.
- Æгъдауы тыххæй æмбисæндтæ чи бахъуыды кодта? Дзурæм сæ.
-Æмдзæвгæ «Балцы зарæг» аив кæсæм.
2. Мотиваци.Фонетикон зарядкæ:
Хъæуæй хъазты хъæр хъуысы,
Хъæдхой хъæндилмæ хъуызы.
- Цавæр мыр уæм хъуысы арæхдæр ацы дыууæрæнхъоны?
- Абон ногæй дзурдзыстæм мыр [хъ]-йыл, цæмæй йæ растдæр дзурын базонæм, уый тыххæй.
Нæ хъус дарæм мыртæ [х]-[хъ] раст дзурынмæ.
- Кæсæм дзырдтæ(сæ лексикон нысаниуæг сын æмбарын кæнæм, афтæмæй;
[хъ] дзурынмæ хуыздæр чи арæхсы, уыдонæн æмдзæвгæ«Хъæдхой» бакæсын кæнын).
- Зæрдывæрдæй ахуыр кæнæм дыууæрæнхъоны хъæдхойы тыххæй.
3. Къордты куыст.
Фыццаг къорды хæс: текст «Æмбæлттæ»бакæсын æмæ дзы ссарын х-имæ дзырдтæ, тетрадмæ
сæ рафыссын;
Дыккаг къорды хæс: текст «Хъæлæрдзы»бакæсын æмæ дзы хъ-имæ дзырдтæ ссарын, тетрадмæ
сæ рафыссын. (Рæвдздæр чи фæуа, уый рамбылдта).
4. Фæрстытæн дзуаппытæ раттын:
- Цы ми кодтой Хасан æмæ Хетæг?
- Цавæр хъазæнтæ уыд лæппутæм?
- Цæмæн сбадтис Сослан бандоныл?
- Чи фæдзырдта Сосланмæ?
- Цавæр лæппутæ рахонæн ис Хетæг æмæ Хасанæн?
5. Дзырдуатон куыст: хил-хъил, хом-хъом, херы-хъеллау.(Дзырдтæ раст кæсын, [хъ]
хъæлæсы уагæй хицæн кæнын, дзырдты лексикон нысаниуæг æмбарын кæнын).
6. Текстыл куыст. Текст «Хъæлæрдзы» кæсын, фæрстытæн дзуæппытæ дæттын:
- Цы у хъæлæрдзы?
- Куыд зайы хъæлæрдзы?
- Куыд тонын хъæуы хъæлæрдзы?
- Цы пайда у хъæлæрдзы адæймагæн?
7.Уыци-уыцийæн дзуапп ссарын. Цавæр цæрæгой у тæрхъус?
- Кæсæм схемæты дзырдтæ(сæ лексикон нысаниуджытæ сын бамбарын кæнын),

93

-Аразæм дзырдбæстытæ: зæгъæм: маст хостæ, фæззыгон хортæ, бæрзонд хæхтæ, тæрхъусы
хъустæ, сыхæгты хъазтæ, тар хъæдтæ.
8. Æмдзæвгæтыл куыст.
Тæрхъусы тыххæй æмдзæвгæ бакæсын æмæ дзы хъ-имæ цал дзырды ис, уый банымайын. Йæ
мидисыл ын æрдзурын. Цæмæн ис тæрхъусæн иунæг хъус.
Æмдзæвгæ «Уасæг» кæсын æмæ мыр [хъ]-йыл дарддæр кусын.
9. Къæйттæй куыст.Партæйыл иумæ цы дыууæ скъоладзауы бадынц, уыдонæй иу лæвæрд
уæнгтæй дзырдтæ аразы, иннæ та уæлдæр лæвæрд дыууæ схемæйы фатæгтæм гæсгæ аразы дзырдтæ
æмæ сæ фарсмæ, фарсты нысан кæм ис, уым хъæугæ дамгъæтæ æвæры. Афтæ бакусæн ис
æмдзæвгæтимæ дæр. (Чи сæ аивдæр бакæса, кæнæ та дзы фылдæр дзырдтæ йæ зæрдыл чи
бадара).Мыртæ раст дзурыныл куыст: [х]-[хъ] хъæлæсы уагæй хицæн кæнын. Æмдзæвгæтæй иу
зæрдывæрдæй сахуыр кæнын.
10. Къухфысты куыст.Къухфысты бакусæн ис:кæнæ ам (дыууæ урочы æрмæг уыцы иумæ
сæххæст кæнын), кæнæ алы урокæн дæр йæхи æрмæг хицæнтæй(ахуыргæнæджы фæндонмæ
гæсгæ).
11. Рефлекси.
- Цы тексттимæ базонгæ стæм, уыдоны æрмæгæй уæ зæрдыл цы бадардтат?
- Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын кодтой?
- Цавæр ног дзырдтимæ базонгæ стут?
- Цы нысан кæнынц, уый бахъуыды кодтат?
- Абоны урочы тыххæй уæ уæ ныййарджытæн цы фæнды радзурын?
- Цымыдисагдæр уæм дзы кæцы куысты хуызтæ фæкастысты?
- Алчи уæ йæхицæн цавæр бæрæггæнæн сæвæрид?
5859-æм уроктæ
Урочы темæ:Мыртæ [г]-[гъ].
Рагацау загъд фæстиуджытæ.
- мыртæ [г]-[гъ] раст дзурыныл дарддæр фæлтæрдзысты;
- фæлтæрæн куыстытæ æххæст кæнмæ арæхсдзысты;
- аив æмæ æмбаргæ каст кæнын ахуыр кæндзысты;
- фæрстытæн дзуæппытæ дæттынмæ арæхсдзысты;
- проблемон хæслæвæрдтæ æххæст кæнынмæ арæхсдзысты;
- æрдзы рæсугъддзинæдтæ æнкъарын æмæ йыл узæлын ахуыр кæндзысты;
Урочы цыд:
1. Зонындзинæдты актуализаци.
 Цавæр мыртæ базыдтам кæрæдзийæ иртасын айразмæ урочы?
 Цавæр дзырдтæ зонут,х æмæ хъ-йæ чи райдайы, ахæмтæ?
 Радзурын æмдзæвгæ, тагъддзуринаг кæнæ радзырд хи ныхæстæй.
2. Мотиваци.
Фонетикон зарядкæ:
Мигътæ, мигътæ,
Рæгътыл, тигътыл
Ма нымбæхсут…
- Кæсæм таблицæйы уæнгтæ, нæ хъус дарæм мыртæ [г]-[гъ] раст дзурынмæ.
3. Къæйттæй куыст: лæвæрд дзырдтæ бирæон нымæцы æвæрын.Семæ хъуыдыйæдтæ
æрхъуыды кæнын.
4. Кинонывмæ бакæсын.
Зыгъарæджыцардытыххæйуæ
чицызоны.Радзурæд-майæ.(Ахуырдзаутæ
дзурынцсе'нкъарæнтæ, сæ хъуыдытæ цæрæгойытыххæй).
https://www.youtube.com/watch?v=nDqFpXl7fqI
https://www.youtube.com/watch?v=-4Djqp-gWX4

94

5. Текстылкуыст.Фæрстытæндзуæппытæ
раттын.Дзырдтæ
зыгъарæг,
сыфтæртæ,
кæрдæджыбакæсынуæнггай, стæй æнæхъæнæй.
- Кæмцæрызыгъарæг?
- Куыдцæры? Текстыссарын æмæ бакæсынуыцыбынæттæ.
- Аргъæуттыцавæррольтыархайы?
- Уæдæ ма, сабитæ, аныхаскæнæмæгъдау æмæ æнæгъдауцынысанкæныц, уыйтыххæй.
- Куыдуæмкæсы, æгъдауджынцавæрсабитысхонæнис.
- Æнæгъдаута?
- Ныртамауыци-уыцибакæсæм æмæ йындзуаппссарæм.
6. Текстыл куыст.Текст «Чысыл Элинæ» бакæсын.(Ахуырдзаутæн бахæс кæнын сæхицæй чи
цæмæ арæхсы, уый тыххæй радзурын).
7. Æмдзæвгæйыл куыст.Баситы Мысосты æмдзæвгæ «Тагъд-тагъд иумæ адзурæм». аив
бакæсын.
8. Таурæгъыл куыст.Таурæгъ «Сæрджын саг» бакæсын æмæ хи ныхæстæй радзурын.
- Сывæллæттæ, таурæгъ уæ зæрдæмæ фæцыд?
- Цæмæн хæлæф кодтой сырдтæ?
- Цавæр хъуыдытæ уыд сагмæ?
- Куыд хъуыды кæнут сымах та?
9. Къухфысты куыст.
Баххæст кæнын хæслæвæрдтæ.
10. Рефлекси.
- Абоны урок уæ зæрдæмæ фæцыд?
- Цæмæй?
- Исты ногдзинад дзы фехъуыстат? (Сывæллæтты дзуæппытæм байхъусын)
- Уæдæ, цавæр цæрæгой у зыгъарæг?
- Абон урок чи нæ бамбæста, ахæмтæ нæм ис?
- Сæвæрут-ма уæдæ уæхицæн бæрæггæнæнтæ
- Уæхимæ зыгъарæджы ныв скæнут.
60-æм урок
Урочы темæ:Мыртæ [дз] - [з]
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
- мыртæ [дз] æмæ [з] раст дзурыны фæлтæрæнтæ дарддæр кæндзысты ;
- фæлтæрæн куыстытæ бæлвырд хæслæвæрдимæ æххæст кæнындзысты;
- аив æмæ æмбаргæ каст кæндзысты;
- фæрстытæн дзуапп дæттынмæ арæхсыдзысты;
- æрдзы рæсугъддзинæдтæ æнкъарын æмæ йыл узæлын дарддæр ахуыр кæндзысты;
- чысыл уацмыстæ зæрдывæрдæй дзурын фæлтæрдзысты.
Урочы цыд:
1. Зонындзинæдты актуализаци:
- Амæй размæ урочы раст дзурын цавæр мыртæ ахуыр кодтам, уый фæстæ та сæ
кæрæдзийыл барстам?
- Уæ зæрдæмæ тынгдæр цавæр куысты хуызтæ æххæст кæнын фæцыд?
2. Мотиваци.
Фонетикон зарядкæ:
Дзедз æмæ дзедз
Дзедз æмæ дзедз!
95

 Уæлæ халон фæтæхы.
Дзедз æмæ дзедз!
 Йæ дзыхыта цы хæссы?
Дзедз æмæ дзедз!
 Йæ дзыхы та  хъæмпыхал.
Дзедз æмæ дзедз!
 Хъæмпыхалæй цы кæны?
Дзедз æмæ дзедз!
 Ахстон дзы ыскæна.
Дзедз æмæ дзедз!
 Ахстонæй та цы кæны?
Дзедз æмæ дзедз!
 Æйчытæ дзы æфтауа.
Дзедз æмæ дзедз!
 Æйчытæй та цы кæны?
Дзедз æмæ дзедз!
 Лæппынтæ дзы рауадза.
Дзедз æмæ дзедз!
 Лæппынтæй та цы кæны?
Дзедз æмæ дзедз!
 Хуымæллæг ын æрхæссой.
Дзедз æмæ дзедз!
 Хуымæллæгæй цы кæны?
Дзедз æмæ дзедз!
 Бæгæны дзы ыскæна.
Дзедз æмæ дзедз!
 Бæгæныйæ цы кæны?
Дзедз æмæ дзедз!
 Йæ хæлæртты фæхынца.
Дзедз æмæ дзедз!
 Хæлæрттæй та цы кæны?
Дзедз æмæ дзедз!
 Йе знæгты сæ фæхынца.
Дзедз æмæ дзедз!
3. Уæнгтæ æмæ дзырдтимæ куыст.
- Сывæллæттæ, бакæсæм-ма уæнгтæ, уæ хъус мырты растдзурынадмæ дарут, афтæмæй.
- Дзырдтыфыццаг мыртæ [дз]-[з] абарут. Ныр та сын сæ нысаниуæг нæ зæрдыл æрлæууын
кæнæм.
- Лæвæрд дзырдтимæ ма æрхъуыды кæнæм хъуыдыйæдтæ.
4. Тагъддзуринагыл куыст. [дз]-[ цы дзырдты ис, уыдон раст дзурын.
5. Æмдзæвгæйыл куыст. Æмдзæвгæ «Дзывылдар» бакæсын.
- Зæгъут-ма, сывæллæттæ, цæмæн кастысты сывæллæттæ рудзынгæй?
- Цымæ сæмдзывылдар та цæмæн æрбатахт?
- Куыд ыл баузæлыдысты сывæллæттæ та?
- Ахъуыды ма кæнут æмæ радзырдæн æндæр кæрон скæнут.
6. Архайдæвдисæг дзырдтыл куыст схемæтæм гæсгæ. Саразын хъуыдыйæдтæ лæвæрд
дзырдтимæ: Æз тынг рæсугъд зонын зарын. Ды дæр зоныс зарын? Уый дæр зары иронау.
8. Æмдзæвгæ «Уалдзæг» наизусть сахуыр кæнын.
9. Къухфысты куыст.
Баххæст кæнын хæслæвæрдтæ.
10. Урочы кæронбæттæн:
96

 Цавæр æмдзæвæгæтæ базыдтат?
 Хуыздæр чи радзырдта æмдзæвгæ зæрдывæрдæй, уыдонæн бæрæггæнæтæ сæвæрын.
61-æм урок
Урочы темæ:Мыр [дж].
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 раст дзурын мыр [дж];
 фæлтæрæн куыстытæ æххæст кæнын бæлвырд хæслæвæрдимæ;
 аив æмæ æмбаргæ каст кæнын;
 фæрстытæн дзуапп дæттынмæ арæхсын;
 æрдзы рæсугъддзинæдтæ æнкъарын æмæ йыл узæлын;
 Ирыстоны хъæуты нæмттæ зонын.
Урочы цыд:
Зонындзинæдты актуализаци:
 Мах нæ Дамгъæты асинтыл кæронмæ фæхæццæ кæнæм, æмæ ныридæгæн базыдтам ирон
æвзаджы алфавиты сусæгдзинæдтæ. Æндæр æвзæгты цы дамгъæтæ нæй, уыдон иртасын арæхсæм.
 Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут мыртæ къ, гъ, хъ, чъ, цъ -имæ дзырдтæ.
1. Мотиваци.
Фонетикон зарядкæ:
Джитъримæ ныккасти хур,
Джихæй аззади, фæбур.
2. Бакæсын таблицæйы уæнгтæ. Раст дзурын мыр [дж].
3. Фæлæтæрæн куысты фæрцы ахуырдзаутæн бацамонын иуæй-иу дзырдты г дж-йæ кæй
раивы. Бахъуыды кæнын уыцы дзырдтæ. Семæ æрхъуыды кæнын хъуыдыйæдтæ. Зæгъæм: Урочы
абон ахуыр кодтам ног зарæг. – Радиойæ хъуысынц ирон зарджытæ.
4. Нывтыл куыст. Ахуырдзаутæн бацамонын дзырд цыртдзæвæн-ы нысаниуæг. Саразын
беседæ Фыдыбæстæйы хъæбатырты тыххæй.
5. Бакæсын текст «Джызæл». Дзырдтæ фæллойуарзаг, хæларзæрдæ, цæрджытæ, уырдыгæй,
цыртдзæвæн – бакæсын фыццаг уæнггай, стæй æнæхъæнæй.
 Цавæр хъæу у Джызæл?
 Цавæр адæм дзы цæры?
 Куыд цæрынц хъæуы цæрджытæ?
 Хъæумæ хæстæг кæмæн æвæрд ис цыртдзæвæн?
6. Саразын беседæ хæххон цæрæнбынæттæ æмæ хъæуты тыххæй.
Литературæ спайда кæнынæн: Коста Хетагуров. «Особа» - «Ир», 2007;Магометов А.
Культура и быт осетинского народа.  «Ир», 2011 г.
7. Бакæсын текст «Джимара».
 Цы ран ис Джимара?
 Цæмæн хонынц аргъæутты бæстæ, Джимара цы ран ис, уый?
 Цæмæй цымыдисаг сты Джимарайы хæдзæрттæ?

8. Къухфысты куыст.
Баххæст кæнын хæслæвæрдтæ.
9. Урочы хатдзæгтæ:
 Ирыстоны цавæр хъæуты нæмттæ зыдтат?
 Хъæуты цавæр нæмттæ базыдтат абоны урочы?
62-æм урок
97

Урочы темæ:Мыртæ к къ.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 раст дзурын мыртæ [к]-[къ];
 фæлтæрæн куыстытæ æххæст кæнын бæлвырд хæслæвæрдимæ аив æмæ æмбаргæ каст
кæнын;
 фæрстытæн дзуапп дæттынмæ арæхсын;
 æрдзы рæсугъддзинæдтæ æнкъарын æмæ йыл узæлын.
Урочы цыд:
1. Зонындзинæдты актуализаци:
 Ирыстоны цал горæты ис? Цавæртæ?
 Хъæутæй та цавæртæ бахъуыды кодтат?
2. Мотиваци.
Фонетикон зарядкæ:
Къаппа- къоппа –
Къæбæлдзыг.
Къаппа – къоппа –
Хæтæлдзыд.
Къаппа – къоппа –
Уæлвæзы.
Къаппа – къоппа –
Дæлвæзы.
3. Бакæсын уæнгтæ таблицæйы. Абарын мыртæ [к]-[къ].
4. Бакæсын дзырдтæ. Бацамонын, цал уæнджы ис алы дзырды дæр, бацамонын сын сæ
нысаниуджытæ.
5. Проблемон хæслæвæрд.
Чыргъæдмæ æрæмбырд кæнын дыргътæ. Уæнгтæй саразын дзырдтæ – дыргъты нæмттæ æмæ
сæ чыргъды «æвæрын».
6. Бакæсын текст «Гыццыл ахуыргæнæг». Текстæн анализ скæнын.
7. Дзырдтæй хъазт. Ног дзырдтæ аразын, иу мыр дзы баивгæйæ, бацамонын дзырдтæн сæ
нысаниуджытæ.
8. Бакæсын дзырдтæ уæнггай, саразын семæ хъуыдыйæдтæ.
9. Къухфысты куыст.
Баххæст кæнын хæслæвæрдтæ.
10.
Рефлекси.
 Радвисут хуызджын ахорæнтæй уæ уавæр?
 Цæмæн афтæ æнкъарут уæхи? (Ахуырдзаутæй алчи дзуры йæ хъуыдытæ.)
6364-æм уроктæ
Урочы темæ: Дамгъæтæ ц цъ.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 раст дзурын мыртæ [ц]-[цъ];
 фæлтæрæн куыстытæ æххæст кæнын бæлвырд хæслæвæрдимæ;
 аив æмæ æмбаргæ каст кæнын;
 фæрстытæн дзуапп дæттынмæ арæхсын;
 Ирыстоны хъæуты нæмттæ зæрдыл дарын.
Урочы цыд
1. Зонындзинæдты актуализаци:
Хибарæй кæсын чысыл уацмыстæ.

98

 Зонын фæрстытæн дзуаппытæ дæттын.
 Зæрдывæрдæй æмдзæвгæ радзурын.
2. Мотиваци:Фонетикон зарядкæ:
 Цъиу, цъиу, цъиу!
Кæдæм тæхыс?
 Циу,циу, циу!
Цы мæ фæрсыс?
 Цъиу, цъиу, цъиу!
Цы ахæрис?
 Циу, циу, циу?
Цы мын дæттыс?
3. Чиныджы æрмæгыл куыст. Бакæсын дзырдтæ, сæ мидисыл сын бакусын.
4. Бакæсын текст «Цъиу». Текстæн анализ скæнын. – Цавæр лæппу у Цæра? – Куыд зылдис
цæф цъиумæ?
5. Уыци-уыцитæ.
6. Проблемон хæслæвæрд.
Къорды куыст: «Ссар уæлдай дзырд» 128 фарсыл; уæнгтæй саразын дзырдтæ таблицæмæ
гæсгæ 129 фарсыл.
7. Бакæсын æмдзæвгæ «Мыст æмæ цъиутæ».
8. Зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæг халсарты тыххæй. Радзурын предметон нывтæм
гæсгæ сæ миниуджытæ. Уыци-уыцитæй спайда кæнын.
9. Бакæсын текст. Радзурын æй хи ныхæстæй.
10.
Беседæ «Рагон хæххон хъæутæ».
11. Бакæсын текст. «Цъамад».
– Цавæр хъæу у Цъамад?
– Цы ран ис?
– Куыд цардысты адæм раджы заман Цъамады?
Бакæсын уыцы бынæттæ. Нывмæ гæсгæ ныхас кæнын. Сывæллæтты фæрстытæн дзуаппытæ
дæттын.
12. Къухфысты куыст.
Баххæст кæнын хæслæвæрдтæ.
13. Урочы хатдзæгтæ:
 Куыд уæм кæсы къордты куыст?
 Къордты кусгæйæ хъуамæ куыд архайа алы скъоладзау дæр?
 Иунæгæй кусгæйæ æнтысы фылдæр æви иумæйагæй?
6566-æм уроктæ
Урочы темæ: Дамгъæтæ ч чъ.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 раст дзурын мыртæ [ч]-[чъ]; фæлтæрæн куыстытæ æххæст кæнын бæлвырд хæслæвæрдимæ
аив æмæ æмбаргæ каст кæнын;
 фæрстытæн дзуапп дæттынмæ арæхсын;
 хистæртæн æххуыс кæнын хæдзары, хидарыны æгъдæуттæ æххæст кæнын;
 Ирыстоны хъæуты нæмттæ зæрдыл дарын.
Зонындзинæдты актуализаци:
 Цавæр æмхъæлæсон дамгъæтимæ зонгæ стут?
 Цавæр дыууæ къордыл сæ адих кæниккат? (Иу нысанæй арæзт æмæ дыууæ нысанæй
арæзт.)
Урочы цыд
99

1. Мотиваци.
Фонеткион зарядкæ:
Чъиллон-миллон – худинаг,
Чъизи саби – дзуринаг.
2. Ног темæ.
Бакæсын уæнгтæ таблицæмæ гæсгæ. Дарддæр бакæсын дзырдтæ, адих сæ кæнын уæнгтыл.
Бамбарын алы дзырдæн дæр йæнысаниуæг.
3. Зæрдыл æрлæууын кæнын, дыргъты тыххæй цы æрмæг ахуыр кодтой, уый. Кæм æмæ куыд
зайы алы дыргъ дæр, уый радзурын. Ахуыргæнæг пайда кæны предметон нывтæй.
4. Бакæсын текст «Дадайы дыргъдон». Текстæн анализ скæнын. Текст у монологон.
– Цæуыл цæуы ныхас тексты?
– Цавæр дыргътæ зайы дадайы цæхæрадоны?
– Куыд зилы дада бæлæстæм?
– Цæмæн хъæуы бæлæстæм зилын?
– Куыд æмбæрст цæуы дзырд бæркадджын?
5. Бакæсын æмдзæвгæ «Ичъи».
– Цæуыл худы автор?
–Цæмæн хоны Заремæйы ичъи?
– Куыд уæм кæсы, чызг йæхи куыд дары, уый?
 Абарын дыууæ тексты архайджыты, куыд уæм кæсы, кæцы кæстæр у фæзминаг?
6. Къухфысты куыст.
Баххæст кæнын хæслæвæрд. Ахуыргæнæджы фæндонмæ гæсгæ хæслæвæрд раттæн ис
чиныгæй дзырдтæ рафыссын.
Дзырдбыды цы дзырдтæ базоной, уыдон къухфысты ныффыссын.
7. Къухфысты куыст.
Баххæст кæнын хæслæвæрдтæ.
8. Урочы куыд куыстай, уымæн аргъ скæн. Равзар хъуыдыйад:
 Мæхицæй тынг разы дæн.
 Хуыздæр кусын мæ бон у.
 Бирæ мын нæ бантыст абон.
 Ницы бамбæрстон абоны урокæй.
67-æм урок
Урочы темæ:Дамгъæтæ п пъ.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
раст дзурын мыртæ [п]-[пъ];
фæлтæрæн куыстытæ æххæст кæнын бæлвырд хæслæвæрдимæ;
 аив æмæ æмбаргæ каст кæнын;
фæрстытæн дзуапп дæттынмæ арæхсын;
 цæрæгойты миниуджыты тыххæй радзурын арæхсын.
Урочы цыд:
1. Зонындзинæдты актуализаци:
Сымах уарзут аргъæуттæм хъусын? Уæдæ ныр æдæрсгæйæ кæсын зонут, æмæ уæ бон у
аргъæуттæ хибарæй кæсын, арæхсут ынхи ныхæстæй радзурын йæ мидис дæр.
Абон нæ урочы дзурæм п æмæ пъ кæрæдзийæ иртасыныл, бакæсдзыстæм цыбыр уацмыстæ,
100

уыдонимæ цымыдисаг аргъау. Базондзыстæм аргъау хи ныхæстæй радзурын.
2. Мотиваци.
Фонетикон зарядкæ:
Пъырыпъыфау пурти –
Пъæртт, æмæ фæпъуртт и!
3. Таблицæйы уæнгтæ бакæсын, абарын мыртæ [п]  [пъ].
4.
5. Æмдзæвгæ сахуыр кæнын зæрдывæрдæй дзурын:
Лæппу сныв кодта тæрхъус,
Тæрхъусæн нæ уыди хъус.
Хъус та хъусынæн хъæуы.
Тæрхъус бады 'мæ кæуы:
 Иу хъус йеддæмæ мын нæй,
Уæд цæй тæрхъус ис мæнæй?!
6. Тæрхъусы миниуджытыл беседæ саразын. Æркæсын ын йæ нывмæ.
Бакæсæн ис цыбыр документалон кинонывмæ тæрхъусы царды тыххæй.
(https://youtu.be/hnWopCyK0cw)
7. Дзырд тæппуд-æн мырон-дамгъон анализ скæнын.
–Интонацийæ рахицæн кæнын мыр [п].
– Цы нысан кæны дзырд тæппуд?
8. Беседæ тæрхъусы тæппуддзинады тыххæй. Бакæсын текст «Тæппуд тæрхъус».
– Цæмæн куыдта тæрхъус?
– Цы сфæнд кодта?
– Ссарын тексты, тæрхъус доны был цы федта; бакæсын уыцы хай.
9. Бакæсын нымайæн хъазты хуызы. Сахуыр æй кæнын зæрдывæрдæй дзурын.
8. Къухфысты куыст.
Хæслæвæрдтæ баххæст кæнын.
6869-æм уроктæ
Урочы темæ:Дамгъæтæ т тъ.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
раст дзурын мыртæ [т]-[тъ];
фæлтæрæн куыстытæ æххæст кæнын бæлвырд хæслæвæрдимæ;
 аив æмæ æмбаргæ каст кæнын;
фæрстытæн дзуапп дæттынмæ арæхсын;
æрдзы фæзындтыл дзурын;
Зонындзинæдты актуализаци:
 Нæ урокты тынг бирæ цымыдисаг куыстытæ аразæм. Бирæ ногдзинæдтæ базыдтам. Зонæм
дзырдтæ уæнгтæй аразын, дзырдтæй та – хъуыдыйæдтæ. Сахуыр стæм схемæтæ кæсын дæр.
Иртасæм хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мыртæ. Арæхсæм ребустæ кæсын, дзырдты цухгонд
бынæтты хъæугæ дамгъæтæ бавæрын, алыхуызон куысты хуызты архайын къæйттæй æмæ къордты.
Нæ абоны урочы уæлдай цымыдисгæй ницы ис, фæлæ та уæм æнхъæлмæ кæсынц
ногдзинæдтæ.Тагъддзуринæгтæ дзурдзыстæм, уыци-уыцитæн дзуапп дæтдзыстæм, æмбисæндты
хъуыдырайхалдзыстæм.
Урочы цыд

101

1. Мотиваци.
Фонетикон зарядкæ:
Тути тоны тутайы,
Тыргъты тауы тутаты.
 Тæргæ, Таму, тутийы!
Таучел тырын,
Таму та:
 Туаг тутатæ – тауинаг.
Тонгæ, тути,
Табуафси!
Тъæпп, тъæпп, куы тъæбæртт –
«Тъ» нын фемæхст, «тъ» фæкъæртт:
Тъангæй-тъунгæй дæн уæцуры,
Тъурийау лæмæгъ мæ дзурæн.
2. Таблицæйыл куыст.(бакæсын уæнгтæ, мыртæ [т] - [тъ] абарын).
3. Дзырдтыл куыст: цухгонд дамгъæтæй сæ æххæст кæнын. Мырты растдзурынадмæ хъус
дарын.
4. Рацыд æрмæг зæрдыл лæууын кæнын. Фæрстытæчи? цы?
5. Хъуыдыйæдтæ æмæ сæ схемæты æвзарст.
6. Текстыл куыст. «Гæлæбу». Радзырд кæсын.
- Уæ зæрдæмæ фæцыд радзырд?
- Хи ныхæстæй ма йæ радзурæм.
- Тексты бынмæ цы ныв ис, уым,тексты цы бакастыстут, уымæй цы ссардтат?
- Зæгъут-ма, нывгæнæг раст равдыста тексты мидис?
- Сымахæй ма йæм исчи исты бафтыдтаид?
7. Дзырдуатон куыст: тъæпæнсæр, цъитиджын, армытъæпæн, æууæнкджын.
8. Æвзаргæ каст:
 Цы ран ис тъæпæнсæр хæдзар?
 Цы загъд цæуы гæлæбуйы тыххæй?
 Нывы цы 'вдыст цæуы? Тексты хъуыдыйæдтæ ссарын æмæ сæ акæсын.
 Радзурын, чи уæ цавæр гæлæбу федта?
9. Æмдзæвгæ бакæсын, сахуыр æй кæнын зæрдывæрдæй дзурын.
10. Бакæсын текст «Къæвда». – Цавæр æрдзон фæзынд æвдыст æрцыд радзырды? – Цавæр
нывтæ ауад уæ цæстытыл текстмæ хъусгæйæ? – Бакæсын, уарын куыд райдыдта, уый цы
хъуыдыйæдтæй æвдыст æрцыд, уыдон. – Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæры, уарын куы вæййы,
уæд?
11. Къухфысты куыст.
 баххæст кæнын хæслæвæрдтæ;
 æмбисонды мидис равзарын;
уыци-уыцийæн дзуапп ссарын.
12. Урочы хатдзæгтæ.
 Равдисын хуызджын ахорæнты фæрцы уæ уавæр?
70-æм урок
Урочы темæ: Дывæргонд дамгъæтæ дзырдты.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
102

дзырдты мидæг дывæргонд æмхъæлæсонтæ кæй фембæлы, уый зонын;
 раст кæсын, дывæргонд æмхъæлæсонтæ цы дзырдты ис, уыдон;
 къуырийы бонтæ зонын æмæ сæ пайда кæнын;
 уыци-уыцитæн дзуапп ссарын;
 æмбисонды мидис æмбарын;
 бирæон нымæцы формæ аразгæйæ, хатгай дыууæ т-йы кæй фæзыны дзырдты, уый зонын;
 цыбыр радзырд хибарæй кæсын æмæ æмбарын.
Зонындзинæдты актуализаци:
- зæрдывæрдæй æмдзæвгæ радзурын;
- ахуыргæнæджы фарстæн чиныджы дзуапп ссарын.
Урочы цыд
1. Мотиваци.
Партæ - уый хуыссынæн нæу,
Ма йыл 'вæр дæ сæр.
Бад-иу урокты рæсугъд,
Хистæр, амонæгмæ хъус!
2. Ног æрмæг.
Хъуыдыйæдтæ кæронмæ ахæццæ кæнын: Скъолайы кæрты хъазынц… (лæппутæ). Нæ
гæдыйæн ис …(лæппынтæ). Фаризæт нырма у …(гыццыл).
Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ цы дзырдты ис, уыдон фæйнæгыл ныффыссын. Раст сæ бакæсын.
Зæрдыл бадарын сæ растфыссынад.
3. Чиныджы æрмæг. Бакæсын дзырдтæ æмæ семæ саразын дзырдбæстытæ: фыццаг хатт,
абон у дыццæг, аргъæутты диссаг, даргъ дзыкку, рæсугъд зæрватыкк, гæдыйы лæппын.
4. Зæрдыл æрлæууын кæнын къуырийы бонтæ. Бакæсын дзырдтæ. Боныгмæ гæсгæ бахъуыды
кæнын къуырийы нæмттæ.
5. Къордтыкуыст.
Уыци-уыцитæндзуæппытæ ссарын. Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ цыдзырдтыис, уыдонмæ
хъусдарын.
6. Бакæсын æмæ зæрдывæрдæйсахуыркæнынтагъддзуринаг.
7. Кухфыстыкуыст:
Баххæст кæнын хæслæвæрд.
Хъуыдыйæдтæ цухгонд дзырдтæй баххæст кæнын, æмдзæвгæмæ гæсгæ.
- Уæлæ æхсæрæг, цыкæныс
Бæласылгæппытæ?
- Зымæгмæ æмбырдкæнын
Тæрсытыæппытæ.
8. Урочы хатдзæгтæ:
Цы базыдтат урочы?
Цы фæцыд уæ зæрдæмæ?
Цы уæм фæкаст цымыдисаг?
71-æм урок
103

Урочы темæ:Фæлхат кæныны урок.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
- активон интеллектуалон архайдмæ разæнгард кæнын;
- алыхуызон хæслæвæрдтæ æххæст кæнын, цы зонындзинæдтæ райстой, уыдонæй пайда
кæнгæйæ;
- æмдзæвгæ зæрдывæрдæй ахуыр кæнын.
Зонындзинæдты актуализаци:
 æмдзæвгæ аив кæсын;
 ребустæ райхалын;
 схемæтæ кæсын.
Урочы цыд
1. Мотиваци.
Ахуыргæнæджы ныхас: Мах базонгæ стæм ирон æвзаджы дамгъæтимæ, базыдтам уæнгтæ иу
кæнын æмæ сæ аразын дзырдтæ, кæсын хъуыдыйæдтæ, рæсугъд тексттæ хъуыды кæнын нывтæм
гæсгæ. Нæ абоны урочы нæ зонындзинæдтæй спайда кæндзыстæм æмæ сараздзыстæм хъæлдзæг
урок. Хъæлдзæг уымæн, æмæ æххæст кæндзыстæм цымыдисаг фæлтæрæнтæ, райхалдзыстæм
дзырдбыдтæ, ребустæ, бакæсдзыстæм æмæ сахуыр кæндзыстæм хъæлдзæг æмдзæвгæтæ. Уæдæ, уæ
хорзæхæй, рæсугъд абадут æмæ лæмбынæг хъусут.
2. Ног æрмæг.
Бакæсын Хозиты Макары æмдзæвгæ «Ирхæфсæн». Дзуапп раттын фарстæн.
3. Къордты куыст.
I-аг къорд:ребустæ райхалын.
II -агкъорд: лæвæрд дамгъæтæй дзырдсаразын: БÆТЕА.
- Цы у АБЕТÆ?
- Цавæр дамгъæтимæ базонг та?
- Цавæр дыууæ къордыл дих кæнынц мыртæ? (дамгъæты лентæимæкуыст).
Нывты бынмæ дамгътæ байгом кæнын:хæдзар, дæгъæл, асин, рудзынг, цъиу, саг, тæрхъус,
рувас, фондз, чиныг, партæ, тырыса, кæрдо, чылауи, хъæдур, нас.
5. Дамгъæ ныффысс кæронмæ (печатные буквы, дописать части).
6. Хъазт«Ссар дамгъæ»:крошка р кошка, беда б еда, …
7. Чиныджы 143 фарсыл дзырдбыд райхалын: арс, бирæгъ, теуа, сæгуыт, тæрхъус – АБЕТÆ.
– Дзырдæн мырон-дамгъон анализ скæнын.
8. Хъазт «Сырддонмæ балц». Сахор цæрæгойтæйчырæгты кæцыты нæмттæ ссардтай, уыдон:
р

м
ж

а
и

щ п

й
р

ы л

м у
а ф

л
ц

и
р

с
л

х

г

е

у

а

г

й

р

ц

ы з

р

с

г
ф

г

т

æ

б

и

р

р

Х

æ
хъ
у с

ё

æ

л

а
а

д

а

104

к

з

Сæгуыт, жираф, домбай, теуа, бирæгъ, тæрхъус, арс.
9. Бакæсын схемæтæ æмæ алы дзырды нысаниуæг дæр бамбарын кæнын.
10. Бакæсын æмдзæвгæ «Чи цæмæн?»
11. Рефлекси:
 Уæ куыстæн аргъ скæнут уæхæдæг. Куыд бакуыстат абон?
 Цы бадардзыстут уæ зæрдыл абоны урокæй?
КÆСЫНЫ УРОКТÆ
1-аг урок
Урочы темæ: Къоста.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
Хетæгкаты Къостайы номимæ базонгæ уæвын;
сывæллæттæн поэт цы 'мдзæвгæтæ ныффыста, уыдон зонын;
раст кæсыны навыктæ рæзын кæнын;
ирон литературæйы уроктæм цымыдисдзинад рæзын кæнын.
Урочы цыд
1. Мотиваци.
Беседæ:  Мах базонгæ стæм ирон æвзаджы дамгъæтимæ æмæ базыдтам кæсын ирон æвзагыл.
Уый тынг хорз у, уымæн æмæ, дунейыл цы адæмтæ цæрынц, уыдонæй алчидæр зоны æмæ æмбары
йæ мадæлон æвзаг. Сымах дæр абонæй фæстæмæ ахуыр кæндзыстут ирон æвзагыл уацмыстæ кæсын
æмæ сæ æвзарын, фæрстытæ раст аразын æмæ сын дзуаппытæ дæттын….
 Чи уæ хъуыды кæны, нæ Абетæ-йы фыццаг темæ цавæр уыд? Нæ ныхас цæмæй райдыдтам
фыццаг урочы? (Скъола.) Раст дзурут, фыццаг урочы ныхас кодтам скъолайы тыххæй. Алы сабийæн
дæр йæ бæллиц у скъолайы къæсæрæй бахизын æмæ ахуыр кæнын. Уымæ бæллыд Хетæгкаты
Къоста. Уый тынг зæрдиагæй архайдта, цæмæй хæхбæсты цæрæг адæмæн сæ сывæллæттæ ахуыр
кæной скъолаты. Уæдæ чи уыд Къоста? Цæмæн афтæ арæх хъусæм Къостайы ном?
Сывæллæттæн сæ зæрдыл æрлæууын кæнын æмбæлы, рæвдауæндоны цы æмдзæвгæтæ ахуыр
кодтой, уыдон радзурынц сæ.
2. Дарддæр ахуыргæнæг дзуры зындгонд поэт Хетæгкаты Къостайы царды хабæрттæ.
Сæрмагондæй радзурын Къостайы сабийы бонты цаутæ: «Мыды аскъæфт», «Мысты æвæрæнтæ»
(Уалыты Т. Уæлæмхасæн æрмæг ирон литературон кæсынады æмæ ирон литературæйы уроктæм.
1 хай. Дзæуджыхъæу.2011. 5355 ф.)
Ныхас хуызджындæр æмæ аивдæр уыдзæн, презентацийæ куы спайда кæна ахуыргæнæг, уæд.
Ахуырдзауты зæрдæмæ тынгдæр бахъардзысты поэты царды хабæрттæ, хуыздæр бадардзысты сæ
зæрдыл, сабитæн цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдон .
3.
105

4. Бакæсынтекст.
Хъусдарынахуырдзаутырасткæсынадмæ,
интонацимæ
хъуыдыйадырайдайæны, йæ кæрон.
 Кæуыл у ацы радзырд? (Къостайыл.)
 Цæмæн уарзынц ирон адæм Къостайы? (Ахуыргæнæджы æххуысæй сывæллæттæ тексты
агурынц дзуапп лæвæрд фарстæн æмæ кæсынц хъуыдыйæдтæ).
 Цы фæдзæхста Къоста сабитæн?
Цæттæ дæ хызын дар,
Тагъд де скъоламæ уай!
Æнæзивæг куы уай, 
Хуыздæр бынат дæ бар!
(Ацы цыппар рæнхъы сахуыр кæнын наизусть).
 Цæмæн у дзырд «Къоста» стыр дамгъæйæ фыст? (Уый ном у.)
 Бамбарын кæнын, дзырдтæ «Гино», «Кæмæн цы?», «Скъолайы лæппу» дыкъæдзыгты
æвæрд цæмæн сты, уый.
5. Бакæсын æмбисæндтæ æмæ сын сæ мидис бамбарын кæнын.
 Хивæндмæ дæ уайдзæф худæгау кæсдзæн.
 Алы куыстæн – рад, дзидзидайæн – мад.
 Æнæзивæг куы уай, хуыздæр бынат дæ бар.
Къостайы уацмыстæй ист кæй сты, уый зонын.
6. Урочы кæронбæттæн.
 Цы базыдтат Хетæгкаты Къостайы тыххæй?
– Цы фæцыд уæ зæрдæмæ абоны урокæй?
2-аг урок
Урочы темæ:Ныстуантæ. Дзасохты Музафер
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
ирон æвзаг ахуыр кæнынмæ цымыдисдзинад рæзын кæнын;
зонгæ кæнын æмбарынæдтæ «автор», «æмдзæвгæ»-имæ;
раст, аив æмæ æмбаргæ каст кæнын зонын; ныхасы рæзт;
фæрстытæн дзуаппытæ дæттын зонын;
дзырдуат хъæздыг кæнын.
Урочы цыд
1. Мотиваци.
Дзасохты Музаферы цард æмæ сфæлдыстады хабæрттæй хæрз цыбырæй. Иумæйаг
æмбарынæдтæ: автор;æмдзæвгæ.
1. Ног æрмæг.
Бакæсын æмдзæвгæ «Ныстуантæ».
Дзырдуат: ныстуан.
2. Мах бакастыстæм æмдзæвгæ «Ныстуантæ». Цæмæн афтæ хуыйны? Равзарын, æмдзæвгæйы
сæргонд цы нысан кæны, уый.
3. Æмдзæвгæ бакæсын. равзарын ын йæ мидис.
– Цы фæдзæхсы автор кæстæрæн?
– Цæуылнæ дæтты кæстæр хистæрмæ фыццаг къух?
– Куыд æмбæлы кæстæр хистæры æрбацыдыл?
– Цæмæн хъуамæ дара кæстæр йæхи афтæ?
106

– Цæмæн хъæуы ирон æвзагыл аив дзурын, зонын æмæ йæ æмбарын?
4. Къорды куыст: ахуырдзаутæ кæсынц строфатæ æмæ дзурынц сæ хъуыдытæ.
5. Аулæфты рæстæг: физминуткæ.
6. Æмбисæндты мидисыл куыст:
 Кæстæр хистæры фæзмаг вæййы.
 Хистæр – зондамонæг, кæстæр – æгъдаухæссæг.

7. Урочы кæронбæттæн:
Цы базыдтат урочы?
 Чи ныффыста æмдзæвгæ «Ныстуантæ»?
– Цæуыл нæ ахуыр кæны æмдзæвгæйы автор?
3-аг урок
Урочы темæ:Дидинæг. Дзугаты Геор
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
ирон æвзаг ахуыр кæнынмæ тырнындзинад рæзын кæнын;
хъуыдкæнынад æмæ ныхасы рæзтыл кусын;
раст, аив æмæ æмбаргæ каст кæныны навыктыл кусын;
интонацийы фæрцы уацмысы архайджыты æнкъарæнтæ æвдисын ахуыр кæнын;
аивадон текстæн анализ кæныныл ахуыр кæнын;
æрдзы рæсугъдзинад уынын, узæлын ыл.
Урочы цыд
1. Мотиваци.
Равдисын презентаци, кæнæ киноныв Ирыстоны æрдзы тыххæй. Спайда кæнæн ис
телеравдыст «В мире животных»-æй скъуыддзаг. Саразын беседæ æрдзы рæсугъддзинадыл,
адæймаг æмæ æрдзы тыххæй.
1. Фыссæг Дзугаты Георгийы царды хабæрттæ цыбырæй.
2. Текст кæсы ахуыргæнæг.
– Куыд райдыдта Дидинæгæн йæ райсом?
– Куыд фæзынд Мыдыбындз?
3. Текст кæсынц, кæсынмæ хуыздæр чи арæхсы, уыцы ахуырдзаутæ.
Ахуыргæнæг йæ хъус дары ахуырдзауты интонацимæ, сæ аив кастмæ.
– Куыд цин кæны Дидинæг Мыдыбындзыл æмæ цæмæн?
- Царды алцы æмæ алчи цæры иннæты цинæн.
4. Бакæсын Баситы Мысосты æмдзæвгæ «Арфæ сабитæн».
– Сабиты фидæн куыд уыны поэт?
– Цæимæ бары автор сабиты?
– Цавæр иу хъуыды ис дыууæ уацмысæн?
6. Урочы кæронбæттæн:
– Уæ зæрдæмæ тынгдæр цы фæцыд абоны урочы?
4-æм урок
Урочы темæ:А-ло-лай. Р.Д.Кипплинг
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
107

æмдзæвгæ раст кæсын ахуыр кæнын;
ныхасы рæзт; дзырдуат хъæздыг кæнын;
фарстæн дзуапп дæттын ахуыр кæнын.
Урочы цыд
1. Мотиваци.
Редьярд Киплингы уацмыс «Маугли» æрымысын. Фыссæджы цард æмæ сфæлдыстады
хабæрттæй хæрз чысыл.
1. Байхъусын уырыссаг фольклорæй Алолайы зарæгмæ.
– Цæмæн зарыд мад сабийæн?
– Цавæр мелоди у?
– Цы фæдзæхсы мад йæ хъæбулæн?
2. Ахуыргæнæг кæсы æмдзæвгæ.
– Цавæр нывтимæ баст у æмдзæвгæ? (Денджызы нывтимæ.)
– Цавæрдзырдтыфæрцыйæ сбæлвырдкодтат? (Денджыз, нау, уылæн, фурд, акулæ.)
– Цавæрзарæгкодтадæуæндæ мад?
3. Нывыл бакусын.
4. Ахуырдзаутæ радыгай кæсынц æмдзæвгæ.
5. Хæдзармæ куыст: æмдзæвгæ аив кæсын зонын.
6. Урочы кæронбæттæн:
 Цавæр уацмысимæ базонгæ стут?
– Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын кодта абоны урок?
5-æм урок
Урочы темæ:Аланы сæгуыт. Цгъойты Хазби
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
литературон кæсынады уроктæм цымыдисдзинад гуырын кæнын;
раст, аив æмæ æмбаргæ каст кæныны навыктыл кусын;
дзырдуат хъæздыг кæнын;
текстыл æнцойгæнгæйæ фарстæн дзуапп дæттын;
цæрæгойтыл узæлын.
Урочы цыд
1. Мотиваци.
Радзурын сæгуыты царды тыххæй. Кинонывмæ бакæсын.
1. Ног æрмæг. Ахуыргæнæгкæсы текст.
– Цæй тыххæй у ацы радзырд?
– Цæмæй фæцыд уæ зæрдæмæ?
2. Радзырдхибарæй кæсын. Тексты кæрон фæрстытæн дзуаппытæ дæттын.
Дзырдуат: сæгуыты лæппын, къæппæг, æнæвдæлон, йæ къах æй хъæдмæ нал хаста.
3. Æвзаргæ каст:
Цæмæн æрбафтыдхъæдыцæрæгойхæдзармæ?
– Куыд дары йæхи чысыл Алан?
– Цы загъта дада Аланæн?
– Куыд зылдис лæппу сæгуыты лæппынмæ?
– Цы баци сæгуыты лæппын?
108

4. Фæйнæгыл фыст хъуыдыйæдтæн сæ фыццаг хæйттæ, ссарын сæ тексты æмæ сæ бакæсын:
Иу бон дада…., Алан ыл…., Нананйæн зæгъ, æмæ…, Йæ хъус дардта…., Арæх сæм….
5. Æмбисæндты мидисыл куыст.
Хорздзинад
Фæлмæн дзырд

зæрдæйы дуар у.
рох нæ кæны.

6. Урочыкæронбæттæн:
Цавæррадзырдбакастыстут?
– Цæй тыххæй у? – Цы фæцыд уæ зæрдæмæ? – Ногæйцыбазыдтат?
6-æмурок
Урочытемæ:Æрфæныфæд. Таурæгъ
Рагацаузагъдфæстиуджытæ:
аивлитературонуацмыстæ кæсынмæ цымыдисдзинадгуырынкæнын;
раст, аив æмæ æмбаргæ кæсынынавыктæ рæзынкæнын;
ныхасырæзт;
дзырдуатхъæздыгкæнын, дзырдуатæйпайдакæнын.
Урочыцыд
1. Мотиваци.
Иронадæмондзургæ сфæлдыстадыхуызтимæ базонгæ кæнынахуырдзауты(таурæгъ, аргъау,
кадæг, уыци-уыци, æмбисонд, тагъддзуринаг). Сæ ахадындзинад æмæ
нысаниуæг сабиты
хъомылады.
1. Беседæ «Уæларвон тыгъдад. Стъалыты дуне. Стъалыты гуппартæ. Сæ нæмттæ».
– Куыд æвдисыадæймагйæ сæнттыстъалытыдуне? (Аргъæутты, таурæгъты, уыци-уыциты
æмæ æнд.)
2. Бакæсынтаурæгъ.
– Цавæр лæг уыд Æрфæн?
– Цысфæндкодта Æрфæн?
– Цырцыдфæндагылголлагыл?
– Куыд уæм кæсы, давын хорз у?
 Давын æвзæр кæй у, уыйы æвдисæн у Æрфæны фæд.
3. Уыци-уыцитыл куыст.
4. Урочы хатдзæг.
7-æм урок
Урочы темæ:Аргъау
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
адæмон дзургæ сфæлдыстады сæйраг хуызтæ зонын;
аив æмæ æмбаргæ кæсыны навыктæ рæзын кæнын; ныхасы рæзт;
фарстæн дзуапп дæттын зонын, текстыл æнцойгæнгæйæ;
æмдзæвгæ зæрдывæрдæй дзурын;
дзырдуат хъæздыг кæнын.

109

Урочы цыд
1. Мотиваци.
Зонгæ кæнын адæмон дзургæ сфæлдыстады хуызтимæ.
– Цы у аргъау?
– Цавæр аргъæуттæ вæййы?
– Аргъауæн цавæр мидис вæййы? (Рæстдзинад уæлахиз кæны хиндзинадыл.)
– Цавæр аргъæуттæ вæййы? (Цæрæгойты тыххæй алæмæты диссæгтæ æмæ адæймаджы
цардыл аргъæуттæ.)
1. Ног æрмæг.
Проблемон фарст:
 Сбæрæг кæнын аргъауы хуыз.Бакæсын аргъау.
– Цы хуызæн уыд раджы кæддæр уасæг?
– Цæмæн аивтой сæ хуыз йæ боцъо æмæ йæ къоппа?
– Куыд уæм кæсы уасæджы ми?
Уасæг арæх вæййы уацмысты персонаж. Чи зоны æмæ, рæсугъд, ирд маргъ кæй у, чи зоны
æмæ, рагæй адæмæн рæстæг кæй амоны, уымæ гæсгæ.
2. Бакæсын Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Уасæг».
3. Арс, рувас æмæ бирæгъы аргъау. (Ацы аргъау бакæсынмæ раттæн ис, хуыздæр чи кæсы,
уыцы ахуырдзаутæн.)
– Сбæрæг кæнын аргъауы хуыз.
–Чи сты архайджытæ?
– Цæуыл быцæу кæнынц сырдтæ?
– Хæлæрттæ сæ ис хонæн?
– Цæуылнæ?
4. Аргъау рольтæм гæсгæ дзурын.
5. Æмбисæндты мидис равзарын.
6. Урочы хатдзæгтæ:
 Цавæр уацмыстæ бакастытут?
 Цы фæцыд уæ зæрдæмæ?
Æрхъуыды кæнын аргъау.
8-æм урок
Урочы темæ:Сырддонцъиу æмæ зæрватыкк. Л. Н. Толстоймæ гæсгæ
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
раст, аив æмæ æмбаргæ кæсыны навыктæ рæзын кæнын; ныхасы рæзт;
фарстæн дзуапп дæттын;
дзырдуат хъæздыг кæнын;
æмбисонды мидис æмбарын, бæлвырд цауимæ йæ бæттын.
Урочы цыд
1. Мотиваци.
Фыссæг Л.Н.Толстойы царды хабæрттимæ базонгæ кæнын.
1. Тæлмац. Тæлмацгонд текст. Йæ ахадындзинад æвзаджы.
2. Зæрватыччыты царды тыххæй беседæ саразын. Ирон адæмы уарзон маргъыл нымад цæмæн
у? Таурæгъ радзурын.
3. Аулæфты рæстæг. Интеллектуалон хæслæвæрд: дзырдбыд равзарын.

110

б

х

æ

а

л

л

о

о

н

н

т

ы

к

к

л

о

л

и

4. Бакæсынрадзырд.
– Куыдбафтыдзæрватыччытыахстонмæ сырддонцъиу?
– Куыдуæмкæсыйæ ми?
– Куыдасырдтойзæрватыччытæ æнæхуындуазæджы?
5. Æмбисæндтыл куыст.
6. Урочы хатдзæгтæ:
 Цы базыдтат абоны урочы?
– Цы фæцыд уæ зæрдæмæ?
9-æм урок
Урочы темæ:Милá. Ж. «Ногдзау»-мæ гæсгæ
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
раст, аив æмæ æмбаргæ кæсыны навыктæ рæзын кæнын;
фарстæн раст дзуапп дæттын, текстæй пайда кæнгæйæ;
сфæлдыстадон куыст æххæст кæныны навыктæ рæзын кæнын.
Урочы цыд
1. Мотиваци.
Саразын беседæ цæрæгойты тыххæй. Хæдзармæ куыстæн сын бацæттæ кæнын сæ уарзон
цæрæгойы ныв саразын дæр. Ахуырдзаутæ дзурынц сæ чысыл хæлæртты тыххæй. Ахуыргæнæг йæ
хъус дары ахуырдзауты ныхасы рæзтмæ. Сабитæ ахуыр кæнынц кæрæдзимæ хъусын, фæрстытæ
æмæ сын дзуаппытæ дæттын.
1. Ног æрмæг.
1. Бакæсынрадзырд.
– Чиууацмысыдзурæг?
– Куыд æм æрбафтыд къæбыла?
– Цыхуызæн уыд?
– Цæмæн ыл сæвæрдта ном Мила?
– Куыд рæзыд къæбыла?
– Цы пайда сты адæймаджы царды цæрæгойтæ?
Дзырдуат: цæрдæг, хион, æддагон.
2. Æвзаргæ каст: бакæсын, гæлæбуимæ куыд хъазыд Мила?
3. Æмбисæндтыл куыст. Равзарын сын сæ мидис. Куыд баст сты радзырдимæ.
Баиу кæнын æмбисонды райдайæн йæ кæронимæ:
111

Хорз куыдз
Фыййауæн куыдз куы уа,

уæд бирæгъæй æдас у.
лæгæн æмбал у.

Кæцы æмбисонд ис радзырды сæргондæн райсæн йæ хъуыдымæ гæсгæ?
4. Журнал «Ногдзау»-ы тыххæй зæрдыл æрлæууын кæнын. Ахуырдзаутимæ аккаг куыст
бацæттæ кæнын æмæ йæ журналы редкацимæ арвитын: ныв, радзырд йæ уарзон цæрæгойы тыххæй.
5. Урочы хатдзæгтæ.
10-æм урок
Урочы темæ:Уызын. Г. Цыферов
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
раст, аив æмæ æмбаргæ кæсыны навыктæ рæзын кæнын;
тæлмацгонд уацмыс хицæн кæынын;
фæрстытæн дзуаппытæ дæттын зонын;
хи хъуыдытæ дзурынмæ арæхсын;
дзырдуат хъæздыг кæнын, ныв тексты мидисимæ бабæттын.
Урочы цыд
1. Мотиваци.
Радзурын Г.Цыферовы тыххæй.
1. Тæлмацгонд уацмыс цы у, уый зæрдыл æрлæууын кæнын.
2. Бакæсын радзырд.
 Цафон рабалц кодта уызын æмæ цæмæн?
– Цы куыста уызын, хъæды зилгæйæ?
 Цæуылнæ йын рауад стъалы йæ судзинтыл акæнын?
 Цæмæн худтис уызын?
3. Карточкæтæм гæсгæ куыст:
 - Цавæр у Уызын? Баиу кæнын Уызыны миниуджытæ бæрæггæнæг дзырдтæ:
цымыдис
хъæлдзæг
кусаг
лæмбынæг

УЫЗЫН

бирæзонаг
цингæнаг
хæдзардзин
бæстон

 Аив бакæсын нывмæ гæсгæ скъуыддзаг.
 Баххæст кæнын хъуыдыйæдтæ:
Иу æхсæв уызын _________ хъæдмæ йæхи _______. Мæнæ ауыдта сырх ____ æмæ йæ йæ
_______. Дарддæр кæсы, æмæ зæххыл бур сыфтæртæ сæ_____.
4. Улæфты рæстæг.
Интеллектуалон хъазт. Базон-базонтæн ирон æвзагыл дзуаппытæ раттын:
Сердитый недотрога
Живёт в глуши лесной.

112

Иголок очень много,
А нитки ни одной. (Уызын)
На овчарку он похож.
Что не зуб – то острый нож!
Он бежит, оскалив пасть,
На овцу готов напасть. (Бирæгъ)
Не барашек и не кот,
Носит шубу круглый год.
Шуба серая – для лета,
Для зимы – другого цвета. (Тæрхъус)
5. Урочы кæронбæттæн:
 Цавæр радзырдимæ базонгæ стут?
– Цæмæй фæцыд уæ зæрдæмæ?
11-æм урок
Урочы темæ:Суадон. Таурæгъ
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
раст, аив æмæ æмбаргæ кæсыны навыктæ рæзын кæнын;
ныхасы рæзтыл куыст;
фарстæн раст дзуапп дæттын арæхсын;
хи ныхæстæй текст дзурынмæ арæхсын;
адæмон сфæлдыстады хуызтæ хицæн кæнын кæрæдзийæ;
æрдз уарзын æмæ йыл узæлын.
Урочы цыд
1. Мотиваци.
 Цавæр уацмыстæ уарзут кæсын?
– Бакæсут-ма, цы фыстис, уый: ратгъæу? (Таурæгъ.) Зæрдыл æрлæууын кæнын адæмон
дзургæ сфæлдыстады хуызтæ.
1. Ахуыргæнæг кæсы таурæгъ:
–Фæцыдис уæ зæрдæмæ?
– Чи сты таурæгъы архайджытæ? (Дидинæг, цъиу, суадон.)
– Цы загъд æрцыд суадоны тыххæй? (Суадон – цинхæссæг, суадон – царды хос.)
– Куыд æмбарут уыцы хъуыдыйады мидис? (Æнæ донæй цард нæй.)
2. Къордты куыст:
I къорд  Куыд райдыдта таурæгъ? Бакæсын уыцы хай.
II къорд – Бакæсын, дидинæг цæмæн æрæнкъард?
IIIкъорд – Цъиуы фæзынд кæм æвдыст цæуы, уыцы хай бакæсын.
IVкъорд – Куыд райгуырд суадон?
3. Фæрстытæн дзуаппытæ дæттын:
 Куыд цардис дидинæг?
– Цæмæн æрæнкъард дидинæг?
– Цавæр ныхæстæ кодта цъиу дидинæгæн?
– Куыд равзæрд суадон?

113

4. Урочы кæронбæттæн:
 Цы базыдтат урочы?
– Цæмæй фæцыд уæ зæрдæмæ таурæгъ?
– Цавæр хорздзинадыл цæуы ныхас?
12-æм урок
Урочы темæ:Нæртон адæм.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
аив кæсыны навыктæ рæзын кæнын;
дзырдуат хъæздыг кæнын;
Нарты кадджытимæ зонгæ кæнын;
ныхасы рæзт.
Урочы цыд
1. Мотиваци.
Нарты кадджытæм иллюстрацитæ æвдисын (нывгæнджытæ Тугъанты М., Дзанайты А.).
Беседæ саразын Нарты адæмы цард æмæ æгъдæутты тыххæй. Сразæнгард кæнын ахуырдзауты
кадджытæ базонынмæ.
1. Бакæсын текст. Дзырдуатон куыст: ныхас, уынаффæ кæнын, æгъдау.
2. Тексты анализ.
 Æвзаргæ каст:
 Цавæр адæмы сфæлдыста хуыцау?
 Цы у Нарты Ныхас?
 Куыд ирхæфстой Нарт сæхи?
 Цавæр хорз æгъдæуттæ уыд Нарты адæммæ?
 Равдис «Нæртон лæджы».
 Ахуыргæнæг дзуры нарты миниуджытæ, ахуырдзау та йæ хъуамæ архайды хуызы равдиса.
Музыкæ уыдзæн æххуысгæнæг.
(«Нарт дæсны уыдысты кафынмæ»  ахуырдзау æвдисы кафт; «фатæй æхсынмæ», «бæхыл
бадынмæ», «уыдон уыдысты тыхджын»…).
3. Æмбисæндты мидисыл куыст:
Нарт сæ дзырд нæ сайдтой (сайын лæгдзинад нæу, сайын дæ сæрмæ ма хæсс, ныхас загътай,
уæд æй баххæст кæн,…).
Нартау æмвæнд – уæларвмæ фæд (иумæйаг тых дур халы, иумæ цыфæнды куыст дæр къухы
бафтдзæн, иунæджы тых нæй,…).
Ацæмæз
1. Бакæсынкадæг. Беседæ саразынНартыхъæбатыртæйиуАцæмæзыл.
Йæ дæсны цагъдæй йæхимæ æрхъусын кæны æрдз; музыкæйы зæлтæн стыр тых æмæ хъару
кæй ис, ууыл æрдзурын. Рæсугъд музыкæмæ рæсугъд хъуыдытæ æмæ фæндиæгтæ гуыры.
2. Дзырдуатонкуыст: диссаджыуадындз, цымыдисæй, хъырнын, кадкæнын.
3. Текстыссарын æмæ бакæсын,мæргътæ æмæ сырдтæ куыдхъуыстойАцæмæзыцагъдмæ.
4. Фæрстытæн дзуаппытæ раттын:
 Цæмæй балхæдта Ацæмæз адæмы зæрдæтæ? (Уадындзæй рæсугъд цагъта.)
 Радзурын, куыд дардта æрдз йæхи уадындзы зæлтæм? (Æмбырд кодтой сырдтæ æмæ
мæргътæ, хъуыстой йæм цымыдисæй, хæхтæ хъырныдтой, цæугæдæттæ æмдзæгъд кодтой.)
5. Байхъусын кадæгмæ аудиофыстæй.
6. Урочы кæронбæттæн:
114

 Цавæр уацмы бакастыстут?
– Кæцæй ист у ацы таурæгъ? (Нарты кадджытæй.)
13-æм урок
Урочы темæ:Райгуырæн бæстæ. Туаты Сергеймæ гæсгæ
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 аив æмæ æмбаргæ кæсыны навыктыл куыст; ныхасы рæзт;
дзырдуат хъæздыг кæнын;
фарстæн дзуапп дæттын, текстыл æнцойгæнгæйæ;
зонын Ирыстоны герб æмæ тырысайы ныв æмæ хуыз.
Урочы цыд
1. Мотиваци.
Саразын беседæ райгуырæн бæстæйыл. Бакæсын æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ». Кочысаты М.
1. Бакæсын радзырд.
–
Цавæр
æнкъарæнтæ
æвдисыфыссæгйæ
радзырдæй?
(Цин,
уарзондзинадРайгуырæнбæстæмæ).
– Цæмæнуарзыйæ райгуырæнИрыстон? (Адджынынстыйæ рæсугъднывтæ.)
– Куыдмысыйæ бæстæ? (Фыныйæ уыны, зарджытæ йынкæны.)
2. Æмбисæндты мидисыл куыст.
Ирыстоны герб æмæ тырыса
1. Беседæ
ахæццæ
кæнын,
алыбæстæйæн,
алыадæмтæндæрсæхигерб
æмæ
тырысайыхуызкæйис. Байхъусынгимнызарæгмæ, равдисынИрыстонытырыса æмæ гербыхуыз.
2. Бакæсынтекст. Дзырдуатонкуыст: рагфыдæлтæ, сыгъдæгдзинад, лæгдзинад, фарн,
иудзинад, сæрыстыр, фыранк, хъæбатырдзинад.
3. Фæрстытæн дзуаппытæ раттын.
4. Къæйттæй куыст.
 Баиу кæн дзырдбæстытæ сæ мидисмæ гæсгæ:
Ирыстон у
æртæ хуызæй
Ирыстоны тырыса у
уды сыгъдæгдзинад
Урс у
хъæбатырдзинады нысан
Сырх нысан кæны
фарны нысан
Бур хуыз та
лæгдзинад
Фыранк у
нæ райгуырæн бæстæ
 Бакæсын дзырдтæ фыццаг уæнггай, стæй æнæхъæн дзырд:
Раг-фы-дæл-тæ
рагфыдæлтæ
Сыгъ-дæг-дзи-над
сыгъдæгдзинад
Лæг-дзи –над
лæгдзинад
Хъæ-ба-тыр-дзи-над
хъæбатырдзинад
5. Урочы кæронбæттæн:
 Цы базыдтат урочы?
 Цы нысан кæны тырыса?
 Цавæр хуызтæ йын ис?
– Ирыстоны гербыл цавæр нывтæ ис?

115

ИРОН ÆВЗАДЖЫ УРОКТÆ
1-аг урок.
Темæ: Ныхас. Хъуыдыйад. Дзырд.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 Сывæллæттæ сæ зæрдыл æрлæууын кæндзысты ныхас æмæ текст цы сты, хъуыдыйæдтыл
куыд дих кæнынц, уый.
 Ахуыр кæндзысты кæрæдзимæ хъусын, къордтæй æмæ къæйттæй кусын æмæ хи хъуыдытæ
дзурын.
 Ныхасгæнгæйæ аив дзырдтæй пайда кæнынмæ тырндзысты.
1. Организацион хай.
Скъоладзаутæн «дæ бон хорз» зæгъын æмæ сыл бацин кæнын, ацы урок дæр та нын циндзинад
кæй æрхæсдзæн, уымæй сын зæрдæ бавæрын.
2. Зонындзинæдты актуализаци.
 Цыдæриддæр дзурæм, уый у – цы? (Ныхас.)
 Ныхас цавæр вæййы? (Дзургæ æмæ фысгæ.)
 Цæмæн хъæуы ныхас? (Хи хъуыдытæ дзурынмæ, кæрæдзиимæ ныхас кæнынмæ…)
 Цавæр ныхасы хуызтæ зонут (Дзурын, хъусын, кæсын, фыссын.)
 Ныхас цæмæй арæзт у? (Хъуыдыйæдтæй.)
 Къæйттæй акусæм.
 Уæ разы æвæрд къонверттæ, сæ хуылфы сыфтæ. Сыфтыл фыст дзырдтæ: зæгъæм,
бæрзонд, хур, арвыл, æрттивы. Ацы дзырдтæ ма бæлвырд фæткыл равæрут.
 Цы нæм рауад? (Хъуыдыйад.)
3.Чиныгимæ куыст.163 фарс, 1-æм фæлтæрæн.
 Бакæсут хъуыдыйæдтæ æмæ зæгъут, текст схонæн сын ис? (Ис.)
 Рафыссут 1-аг, 3-аг, 4-æм æмæ фæстаг хъуыдыйад уæ тетрæдтæм.
 Бакæсут, сырх зиллаччы хъæры нысанимæ цы сау фыстытæ ис, уыдон, æмæ, кæд разы стут
семæ, уæд уæ къухтæ сдарут.
 Сывæллæттæ, зæгъут-ма, абоны урочы ныхас æмæ тексты тыххæй ногæй исты базыдтат?
Æви сæ уæ зæрдыл æрлæууын кодтат? (
 Зæгъут-ма, цавæр ныхасы хуызтæ зонут? (Дзургæ æмæ фысгæ.)
 Уæдæ, цæмæй арæзт вæййы ныхас? (Хъуыдыйæдтæй.)
 Текст та? – Уый дæр хъуыдыйæдтæй.
4.Проблемон фарст: Сывæллæттæ, куыд хъуыды кæнут, дарддæр цæуыл дзурдзыстæм?
(Хъуыдыйадыл.)
 Цы хонæм хъуыдыйад? Нырмæ цы базыдтам хъуыдыйады тыххæй? (Сывæллæтты
дзуаппытæм байхъусын.)
5. Улæфты рæстæг.
Дарддæр сывæллæтты зæрдыл æрлæууын кæнын: 1) раст бадын; 2) дыууæ рæмбынкъæдзы дæр
партæйыл æмхуызон æвæрын.
3-аг фæлтæрæн бакæсын æмæ дзуапп раттын фарстæн:
 Ацы хъуыдыйадæн текст схонæн ис? (О.) Цæмæй йæ базыдтат? (Ис ын сæргонд, автор,
хъуыдыйæдтæ кæрæдзийыл баст сты.)
 Ацы текст хи ныхæстæй куы дзурис, уæд ныхасы кæцы хуызæй спайда кæнис? (Дзургæ.)
116

 Цæмæн афтæ хъуыды кæныс? (Уымæн æмæ дзургæ ныхас дзурын хъæуы.)
4-æм фæлтæрæны лæвæрд дзырдтæй хъуыдыйад саразæн ис, куыд сты, афтæмæй. (Нæ, сæ
формæ сын аивын хъæуы.)
 Аивут сын сæ формæ æмæ дзы хъуыдыйад саразут.
 Дзырд «æмбал»-имæ хъуыдыйад æрхъуыды кæнут æмæ йæ тетрæдты ныффыссут.
Зæгъут-ма, кæй хонæм æмбал?Байхъусут-ма ацы текстмæ:
Ирбег æмæ Зауыр цæугæдоны сæхи надтой. Зауыр йæ къах дурыл скъуырдта. Йæ бон ленк
кæнын нал уыд æмæ йæ уылæн аласта. Ирбег æй ауыдта. Тынг фæтарст. Йæ фæдыл азгъордта. Дон
тæнæгдæр кæм уыд, уым æрлæууыд æмæ Зауыры къух ацахста. Раласта Ирбег йе 'мбалы
цæугæдонæй. Фервæзын æй кодта. Уæдæй фæстæмæ Ирбег æмæ Зауыр ноджы тынгдæр бахæлар
сты.
 Зæгъут-ма, сывæллæттæ, цы уын бакастæн. (Текст.)
 Ацы текст фысгæ куы кæниккат, уæд фыццаг хъуыдыйады фыццаг дзырд цавæр дамгъæйæ
ныффыссиккат? (Стыр.)
 Æмæ ацы дзырд хъуыдыйады астæу куы уаид, уæд та йæ цавæр дамгъæйæ ныффыссиккат.
(Уæд дæр стырæй.)
 Цæмæн? (Уымæн æмæ ном у.)
 Уæдæ-ма хатдзæг скæнæм: кæй хонæм æмбал? (Зын сахат чи баххуыс кæны, уый.)
 Ирбег æмæ Зауыр æцæг æмбæлттæ сты? (О.)
Урочы темæ куыд бамбæрстой, уый бæрæггæнæн хъазт: «Кæронмæ ахæццæ кæн».
Кæрæдзийыл баст дыууæ кæнæ фылдæр хъуыдыйады ————————— (хонæм текст).
Ныхас арæзт у ——————— (хъуыдыйæдтæй).
Хъуыдыйад арæзт у ————— (дзырдтæй).
6.Рефлекси.
2-аг урок
Темæ: Хъуыдыйад. Æрхæцæн нысæнттæ хъуыдыйады кæрон.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 УАА раст аразыныл фæлтæрын.
Удгоймагон. Хорз ахуыр кæнынмæ тырнын. Ирон æвзаджы уроктæм цымыдисдзинад рæзын
кæнын.
Регулятивон. Урочы нысан æвæрыны рæстæг ахуыргæнæгимæ æмархайд кæнын, къласы
куыстæн эмоционалон æгъдауæй аргъ кæнын зонын.
Коммуникативон. Хи хъуыдытæ раст дзурыныл архайын. Искæй ныхасмæ хъусын зонын æмæ
йæ æмбарыныл архайын.
Зонындзинæдтæ райсыны архайд. Хи зонындзинæдтæй пайда кæнын зонын; рацыд æрмæг ног
æрмæгæй иртасын; чиныгимæ кусын арæхсын; хатдзæгтæ кæныныл архайын.
1. Организацион хай.
 Сывæллæттæ, ирон æвзаджы урок райдыдта!
 Иууылдæр цæттæ стут? (О.)
 Тынг хорз! Æз дæр цæттæ дæн.
 Зæгъут-ма мын уæдæ, цæуыл ахуыр кæнæм ирон æвзаджы урокты? (Иронау дзурын, кæсын,
раст фыссын, ног дзырдтæ зонын.)
2. Сыгъдæгфыссыны минут.
Æнгуылдзты разминкæ.

117

Байгом кæнут уæ тетрæдтæ, раст сæ æрæвæрут уæ разы. Ныффыссæм абоны нымæц. (Раст
бадынмæ хъус дарын.)
Сыгъдæгфыссынæн дамгъæ æвзарын.
- Сывæллæттæ, зæгъут-ма, ныртæккæ цавæр афæдзы афон у? (Уалдзæг.)
- Уалдзæг цы дамгъæтæй арæзт у, уыдонæн-ма сæ мыртæ зæгъæм (уы, а, л, дз, æ, г)–
ахуыргæнæг сæ фæйнæгыл фыссы.
- Æвзарæм дзы хъæлæсонтæ (æ, æмæ а)
- Иу рæнхъыл фыссæм кæрæй-кæронмæ а, иннæйыл – æ.
3. Зонындзинæдты актуализаци.
 Амæй размæ урочы цæуыл дзырдтам? (Цы у ныхас, текст, хъуыдыйад, дзырд.)
 Зæгъут-ма, цавæр ныхасы хуызтæ зонут. (Дзургæ, фысгæ.)
 Ныхас цæмæй арæзт у? (Хъуыдыйæдтæй.)
 Цы хонæм текст? (Кæрæдзийыл баст дыууæ кæнæ фылдæр хъуыдыйады.)
 Байхъусут-ма æмдзæвгæмæ:
Дыууæ дзæгъæлдзых сыхаджы
Ныхас кодтой бæласыл.
Къалиутæй уыдысты аууоны,
Уымæ гæсгæ фаудтой халоны.
 Текст схонæн ын ис? (Ис. Дыууæ хъуыдыйадæй арæзт. Кæрæдзийыл баст.)
 Цавæр текст у? (Поэтикон.)
 Уæдæ-ма чингуытæ 166 фарсыл байгом кæнут æмæ 5-æм фæлтæрæн бакæсут.
 Æнцонтæй йæ бакастыстут? Цæуылнæ? Уæдæ-ма йæ раст зæгъут:
Гино, гино, гис!
Иу гæды нæм ис.
(Ахуыргæнæг сæм æвдисы æмдзæвгæ карточкæйыл фыстæй кæнæ йæ фæйнæгыл фыссы.)
 Иннæ хъуыдыйад: «Чиныг – зонды суадон» (Æмбисонд.)
4. Ног æрмæгыл куыст.
 Цы нæ хъыгдæрдта Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Гино»-йæ скъуыддзаг æмæ æмбисонд
бакæсынмæ. (Хъуыдыйæдтæ кæрæдзийæ хицæнгонд кæй нæ уыдысты, уый.)
 Уæдæ нын цы нæ фаг кодта? (Къæдзыг, ! æмæ стъæлф.)
 Æмæ стъæлф, къæдзыг, хъæры нысан цы сты? (Сывæллæттæм байхъусын.)
 Уæдæ, сывæллæттæ, нæ абоны урочы темæ у «Æрхæцæн нысæнттæ хъуыдыйады кæрон».
Базондзыстæм ма, диалог цы у, уый дæр.
 Сывæллæттæ, куыд хъуыды кæнут, нæ абоны урочы нысан цы у? (Хъуыдыйады кæрон
æрхæцæн нысæнттæ æвæрын: хъæры æмæ фарсты нысантæ, стъæлф.)
 Нæ зæрдыл цы хъуамæ дарæм? (Хъуыдыйад фыссæм стыр дамгъæйæ, йæ кæрон та йын
æвæрæм стъæлф, хъæры кæнæ фарсты нысан.)
(Ам бакусæн ис къæйттæй. Сывæллæттæн карточкæтыл хъуыдыйæдтæ байуарын, алы
хуызы æрхæцæн нысæнттæ сæвæрын кæм хъæуы, ахæмтæ. Гæнæн кæмæн ис, уый та сæ экраныл
бæрæг кæнæд.)
5. Чиныгмæ гæсгæ куыст.
 6-æм фæлтæрæны фæрстытæн дзуаппытæ раттын.
 7-æм фæлтæрæнмæ æркæсут æмæ зæгъут, цал хъуыдыйады дзы ис?
 Куыд æвзардзынæ хъуыдыйады кæрон æрхæцæн нысан?
- Бакæсæм ма раиртæст чиныджы. Цæмæй бæрæггæнгæ у хъуыдыйады кæроны æрхæцæн
нысаны æвæрд. (Интонацийæ.)
 Уæдæ ныр та акусæм интонацийыл.
118

 8-æм æмæ 9-æм фæлтæрæнты тексттæ лæвæрд цæуынц цалдæр къордæн, уыдон сæ цæттæ
кæнынц. (Фæрстытæ сын ахуыргæнæг йæхæдæг дæтты.)
Уыйфæстæ къæйттæй кæсынц диалогтæ æмæ хатдзæгтæ кæнынц.
 Цы у диалог? (Дыууæ адæймаджы æхсæн ныхас.)
 Куыд фыст вæййы диалогон ныхас? (Алы архайæджы ныхæстæ дæр хицæнæй.)
 «Бирæгъ æмæ зыгъарæг»-æй фыццаг 2 хъуыдыйады тетрадмæ рафыссын æмæ 167 фарсыл
«Сбæрæг кæн дæ зонындзинæдтæ»-йæн дзуаппытæ раттын.
5. Рефлекси.
 Ногæй цы базыдтат урочы?
 Нæ урочы нысан сæххæст кодтам?
 Алчидæр йæ архайдæн, смайликты руаджы, бæрæггæнæн сæвæрæд.
3-аг урок
Темæ: Дзырдтæ.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 Сывæллæттæ базондзысты, алы дзырдæн дæр цыдæр нысаниуæг кæй ис, уый (ном, миниуæг,
архайд).
 Сывæллæтты ныхас хъæздыгдæр кæндзæн, логикон æгъдауæй хъуыды кæнын ахуыр
кæндзысты.
 Хъуыдыйæдты мидæг дзырдты нымæц бæрæг кæнын сахуыр уыдзысты.
Урочы цыд
1. Организацион хай.
Цæй, мæ хæлар, сбæрæг кæнæм
Урокмæ дæ цæттæдзинад.
Равдис-ма, кæм и дæ чиныг,
Ручкæ, кърандас æмæ тетрад?
 Раст бадæм?
 Лæмбынæг хъусæм?
 Ахуыргæнæджы уынæм?
 Уæдæ райдайæм нæ урок?
2. Зонындзинæдты актуализаци.
Фæйнæгыл схемæтæ.
1.
4.

!

2.

?

3.

5.

Бакæсут-мафæйнæгмæ, цыдзыуынут? (Схемæтæ.)
Цæйсхемæтæ сты? (Хъуыдыйæдты.)
Лæмбынæг-масæмбакæсут æмæ зæгъут, иууылдæррастсты? (Несты, 3 æмæ 5 райдайæн æмæ
кæроннæй.)
Цæмæйсæ
срасткæнæм,
уыйтыххæйцыбакæнынхъæуы?
(Хъуыдыйадырайдайæнстырдамгъæйæравдисын æмæ кæроны æрхæцæннысансæвæрын.)

119

3. Ног æрмæгылкуыст.
1) Ахуыргæнæгфæйнæгмæ хоны 3 скъоладзауы æмæ сæмдæттынывтæ: хурыныв,
лæппуйыныв, чызджыныв.
Ацынывтæмгæсгæ-масаразæмхъуыдыйæдтæ.
1) Абон хур тынг тавы.
2) Сæрмæт у скъоладзау.
3) Мæ хомæ ис кæрдо.
Цæуыл дзырд цæуы фыццаг хъуыдыйады? (Хурыл.)
 Хур цы ми кæны. (Тавы.)
 Кæд тавы хур. (Абон.)
 Куыд тавы хур. (Тынг.)
Сабитæ, уæдæ-ма бафæлварæм æмæ алы фарстæн дæр дзуапп раттыны фæстæ фæйнæгыл
стъæлфытæ æвæрæм.
 Цæттæ стут?
 Цæуыл у хъуыдыйад? (Хурыл.)
 Æвæрæм стъæлф.
 Цы ми кæны хур? (Тавы.) Æвæрæм та стъæлф.
 Кæд тавы хур? (Абон.) Ногæй та æвæрæм стъæлф.
 Куыд тавы хур? (Тынг.) Æвæрæм та стъæлф.
 Цал стъæлфы сæвæрдтам? (4)
 Уæдæ нæ хъуыдыйад цал хайæ арæзт у? (4)
 Хъуыдыйæдтæ хæйттæй арæзт вæййынц?
 Хæйттæ та сты дзырдтæ.
 Нæ хъуыдыйады ис 4 дзырды.
 Схемæ-ма йын скæнæм.
.
 Ацы схемæмæ гæсгæ базонæн ис дзырдты нымæц хъуыдыйады? (Нæй.)
 Раст у, нæй.
Фæйнæгыл ахуыргæнæг æндæр схемæ амоны
. æмæ æмбарын кæны
, дзырды схемæ
кæй у.
Ахуыргæнæг амоны, хъуыдыйад схемæтæй куыд равдисæн ис, уый. Фыццаг схемæмæ гæсгæ
хъуыдыйад саразæн ис, цал дзырды дæ фæнды, уалæй. Дыккаг та – 4 дзырдæй.
4. 169-æм фарсыл чиныджы куыст.
 Цы уынут нывты? (Чингуытæ.)
Ахуыргæнæг: 1-аг нывы ис «Ирон литературæ сывæллæттæн», 2-аг нывы – дзырдуат. (Гæнæн
кæмæн ис, уый йæ æвдисы æмæ дзуры, цы у, уый, 3-аг нывы дæр ис дзырдуат, дзырдты
растфыссынадимæ. Шамилы ныхæстæ сын бакæсын, хуртæ йын цæмæн сты, уый сын радзурын.)
10-æм фæлтæрæн. 1-аг хай бакæсын æмæ дзы нывтæ кæцытæм скæниккой уымæй бафæрсын.
(Хур, мæй.)
2-аг рæнхъы дзырдтæ кæсын.
 Уæ бон сæ у бакæсын? (Нæ.)
 Цымæ, цæуылнæ?
 Иумæ-ма 1-аг раиртæст бакæсæм.
 Уæдæ 2-аг рæнхъы дзырдтæн бæлвырд нысаниуæг кæй нæй, уый тыххæй сæ нæ бон
бакæсын нæу.
11-æм фæлтæрæны нывты цы предметтæ уынут, уыдон ранымайут. (Хызын, уырыдзы,
джитъри, пъæмидор, æхсыр, дзул, фæткъуытæ, рыгцъирæн, чызг æмæ лæппу.)
Радзырд æрхъуыды кæнын «Хо æмæ æфсымæр».

120

 Радзырд цæй фæрцы арæзт æрцыд? (Хъуыдыйæдты.)
 Хъуыдыйæдтæ та? (Дзырдты.)
 Уæдæ, сабитæ, цыдæриддæр нæ алыварс предметтæ ис, уыдонæн ис нæмттæ æмæ
миниуджытæ, ноджы ма предметтæ кæнынц архайгæ дæр.
 12-æм фæлтæрæны дзырдтæ кæсæм. Нывты дзы кæцыты уынæм?
 Лæмбынæг-ма æркæсут æмæ зæгъут, нывты фылдæр хай афæдзы кæцы афонимæ баст сты?
(Уалдзæгимæ.)
 Цæмæн афтæ хъуыды кæнут? (Уымæн æмæ зæрватыкк уалдзæджы æртæхы, арвæрдын дæр
уалдзыгон къæвдайы фæстæ вæййы, зокъотæ дæр уæд фæзынынц æмæ хур дæр уалдзæг тавын
райдайы.)Ацы куыстытæ кæнгæ сты дзыхæй-дзургæйæ (устно). Рафыссын дзы хъæуы æрмæст 3
дзырды (зæгъæм: хур, арвæрдын, малусæг).
 Раиртæст иумæ кæсæм.
 Ныр та ахъазæм ахæм хъазтæй: æз кæсын хъуыдыйæдтæ, сымах дзурут, цал хайæ арæзт сты,
уый:
1) Ленæ сæхимæ цæуы? (3)
2) Абон у хур бон. (4)
3) Мах цæуæм хохмæ. (3)
4) Алан чиныг кæсы. (3)
 Уæдæ-ма мын ноджыдæр иу хатт мæ зæрдыл æрлæууын кæнут, кæрæдзиимæ цы
хъуыдыйæдты фæрцы фæныхас кæнæм, уыдон цæмæй арæзт сты? (Дзырдтæй.)
 13-æм фæлтæрæны схемæмæ æркæсут æмæ зæгъут, дзырдты фæрцы нæмттæ цæмæн ис
раттæн. (Предметтæн, предметты миниуджытæн æмæ предметты архæйдтытæн.)
 Предметтæ цавæр фæрстытæн дзуапп дæттынц? (чи? цы?)
 Фарст чи? домы æрмæст адæймаг. (Раст у æви нæ?)Цы? – та?
 Предметты миниуджытæ цавæр фарст домынц? (цавæр? цыхуызæн?)
 Предметты архæйдтытæ та? (цы ми кæны? цы кæны?)
 Лæвæрд дзырдтæй фæйнæ хъуыдыйады кæнынц 1-аг цæджындзы дзырдтимæ хъуыдыйæдтæ
æмæ алы хъуыдыйады дæр бæрæг кæнынц хæйтты (дзырдты) нымæц.
2-аг къорд – дыккаг цæджындзы æмæ 3-аг – æртыккаг цæджындзы дзырдимæ кæнынц уыцы
куыст.
Рефлекси.
 Уæдæ абоны урочы ногæй цы базыдтам? (Дзырдтæ хъуыдыйады хæйттæ кæй сты.)
 Чиныджы 173 фарсыл дзыхæй дзургæйæ баххæст кæнут хъуыдыйæдтæ.
 Уæхицæн бæрæггæнæнтæ сæвæрут.
4-æм урок
Дзырд æмæ уæнг. Дзырдтæ уæнгтыл дих кæнын.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 Сывæллæттæ базондзысты, дзырдтæ хæйттыл кæй дих кæнынц æмæ уыцы хæйттæ уæнгтæ
кæй хуыйнынц, уый.
 Дзырдты цал хъæлæсон мыры ис, уал дзы уæнгтæ дæр кæй ис, уый бамбардзысты.
 Уæрæхдæр кæндзысты сæ зонындзинæдтæ дзырд æмæ дзырды хæйтты тыххæй.
Организацион хай.
Мæнæ дзæнгæрæг ныццагъта!
Тагъд нæ бынæтты æрбадæм!
Рæвдз нæ кусæнгарзмæ ркæсæм!
Чиныгам ис, тетрадам, кърандас – мæнæ,
Ручкæ, фыстхалæн дæр ам сты.
 Уæдæ нæ урок райдайæм?
121

 Раст абадæм.
 Лæмбынæг хъусæм.
 Фыссæм абоны нымæц.
2. Сыгъдæгфыссынады минут.
 Байгом кодтам тетрæдтæ æмæ фыссæм. (Ахуыргæнæг фæйнæгыл амоны дамгъæтæ: Бб, Вв.)
(Æнгуылдзты разминкæйы фæстæ.)
Иу рæнхъыл кæрæй-кæронмæ дамгъæ Бб фыссын, иннæ рæнхъыл та – Вв.
3. Зонындзинæдты актуализаци.
Фæйнæгыл:«Рувас цæры хъæды».
 Сывæллæттæ, зæгъут-ма, цы уынут фæйнæгыл? (Хъуыдыйад.)
 Цæмæй арæзт у хъуыдыйад? (Хæйттæй-дзырдтæй.)
 Зæгъæм-ма алы хай дæр хицæнæй – рувас, цæры, хъæды.
 Уæдæ-ма зæгъут, дзырдтæ дæр хæйттыл дих кæнынц? (Кæнынц.)
 Адих-ма кæнæм рувас хæйттыл – ру-вас. (Цæ-ры, хъæ-ды.)
 Куыд загътам, афтæмæй дзырдтæ дæр дих кæнынц хæйттыл. Уыцы хæйттæ та куыд
хуыйнынц? (Уæнгтæ.)
 Уæдæ чи бамбæрста, нæ абоны урочы темæ куыд уыдзæн? (Дзырд æмæ уæнг.)
4. Ног æрмæгыл куыст.
 Чиныг 173-æм фарсыл байгом кæнут æмæ зæгъут, дзырды цал уæнджы ис? (Хъæлæсонтæ
дзы цал ис, уыйбæрц.)
 Адих-ма кæнæм лæвæрд дзырдтæ хæйттыл: бон, быдыр, харбыз, æфсарм, дидинæг (бон, быдыр, хар-быз, æф-сарм, ди-ди-нæг).
 Цалгай хæйттæй арæзт сты? (1-1, 2-2, 3-4, 4-4, 5-3-йæ.)
 Раиртæстытæ-ма иумæ бакæсæм.
 15-æм фæлтæрæны дзырдтæ хæйттыл дихгæнгæйæ кæсæм.
 Дзырдтæ цæ-хæ-ра æмæ пы-сы-ра уæнгтыл дихæй тетрæдтæм рафыссут æмæ дзуапп раттут
мæ фарстæн: «Куыд арæзт сты уæнгтæ?» (Хъæлæсон æмæ æмхъæлæсонæй.)
 Дзырд «бон» цæуылнæ ис дихгæнæн? (Уымæн æмæ дзы 1 хъæлæсон йеддæмæ нæй.)
 Дзырд «иту» уæнгтыл куыд дих кæнæм? (и-ту), афтæ «æ-ри» дæр) (Ахуыргæнæг æмбарын
кæны, хъæлæсон йæхæдæг уæнгаразæг кæй у, уый.)
 16-æм фæлтæрæны нывтæм æркæсут. Зæгъут предметты нæмттæ (уызын, уырыдзы, уыры).
Ахуыргæнæг сæ фæйнæгыл фыссы.
 Алы дзырды дæр чи æмбæлы, уыцы уæнг бахахх кæнут (уы), уы-зын (уæнгтæ абарын).
 Цы бафиппайдтат? (Фыццаг уæнг «уы» арæзт у 1 хъæлæсон æмæ 1 æмхъæлæсонæй, дыккаг
уæнг «зын» арæзт у иу хъæлæсон æмæ дыууæ æмхъæлæсонæй.)
 Сывæллæттæ уæнг «зын» хуыйны æхгæд уæнг. (Уымæн æмæ хъæлæсоны фæйнæ фарс ис
æмхъæлæсонтæ.)
 Иу хатт-ма æркæсæм нывтæм.
 Уыры цавæр цæрæгой у? Кæм цæры? (Быдырты, пъадвалты.)
 Уызын цы у, уый дæр уæ алчидæр зоны?
 Уæдæ-ма байхъусут, уызын йæхæдæг йæхицæй куыд зæгъы, уымæ: «Æз дæн уызын,
гыццыл рæсугъд цæрæгой. Сабитæ, æз дæр сымах хуызæн уарзын халсартæ æмæ дыргътæ. Цæрын
фылдæр хъæды, фæлæ уарзын сымахимæ цæрын дæр. Мæ царм у судзинтæй, фæлæ никæйы
хъыгдарын. Искæмæй куы фæтæрсын, уæд мæхи атухын. Сывæллæттæ, мæн фæнды сымахимæ
хæларæй цæрын».
 Цы дзуапп раттæм мах та уызынæн?

122

 Фæнды нæ йемæ хæларæй цæрын?
 Уæдæ-ма дзырд «уызын»-имæ хъуыдыйад æрхъуыды кæнæм. (Зæгъæм: уызын цæры
хъæды.)
 Хъуыдыйад адих кæнут хæйттыл. (уызын, цæры, хъæды)
 Цы сты уыцы хæйттæ? (Дзырдтæ.)
 Ныр та дзырдтæ адих кæнут хæйттыл (уы-зын, цæ-ры, хъæ-ды).
 Куыд хуыйнынц ацы хæйттæ та? (Уæнгтæ.)
 Бакæсæм-ма ныр та раиртæст. (Хуыздæр чи кæсы, ахæм скъоладзау кæсы раиртæст.)
 17-æм фæлтæрæны Саламты Варяйы æмдзæвгæ бакæсæм иумæ.
 Фыццаг дыууæ хъуыдыйады фыссæм тетрæдты.
 Саудæрæй фыст дзырдтæн аразæм схемæтæ.
 Дзырд «ныффасыс» уæнгтыл адих кæнут: ныф-фа-сыс.
 Дзырдтæ: «хæдон», «дон», «хæрæндон» ныффысс ахæм фæткмæ гæсгæ: иууæнгон –
дыууæуæнгон – æртæуæнгон (дон, хæдон, хæрæндон) æмæ сын сæ иумæйаг уæнг бахахх кæнут.
4. Рефлекси.
 Цы базыдтам ацы урочы?
 Цæмæй раппæлис дæхицæй?
 Де 'мбалæй та?
 Ахуыргæнæгæй цæмæй раппæлис?
Ахуыргæнæг: Уæдæ, сабитæ, мæнæн урок мæ зæрдæмæ фæцыдис, сымахæй дæн тынг разы!
 Стыр бузныг уын, уæхи хорз кæй бацæттæ кодтат урокмæ, уый тыххæй!
 Мæ зæрдæ дарын, алыхатт дæр афтæ кæй уыдзæн!
5-æм урок
Дзырдтæ иу рæнхъæй иннæмæ хæссыны æгъдæуттæ.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
Сывæллæттæ базондзысты:
дзырдтæ иу рæнхъæй иннæмæ хæссын;
дыууæнысанон дамгъæтæ цы дзырдты ис, уыдон раст хæссын;
дывæргонд дамгъæтимæ дзырдтæ иу рæнхъæй иннæмæ хæссыны æгъдæуттæ.
1. Организацион хай.
Ахуыргæнæг:
Æз мæ тетрад байгом кодтон,
Зулаив æй æрæвæрдтон.
Ручкæ раст мæ къухмæ райстон (æвдисы йæ),
Раст æрбадтæн, м' астæу сраст и.
Дæн цæттæ фыссынмæ æз.
(Се 'ппæты дæр хъахъхъæны æмæ сæ раст бадын кæны.)
2. Сыгъдæгфыссыны минут.
 Иу рæнхъыл кæрæй-кæронмæ фыссæм дамгъæ Гг, иннæйыл Гъ гъ. (Фысгæ кæнынц
ахуыргæнæджы хæслæвæрдтæ.)
3. Зонындзинæдты актуализаци.
Фæйнæгыл: Æмбисонд «Райгуырæн бæстæ мады ад кæны».
123

Гæ-ды, би-рæгъ, уы-ры-дзы.
Сывæллæттæ, æмбисонды хъуыды бамбæрстат? (Зæххыл адæймагмæ мадæй хæстæгдæр ничи
у. Райгуырæн бæстæ дæр мадимæ уымæн барынц, æмæ, мад кæм райгуырдис, уый у æппæты
хæстæгдæр æмæ уарзондæр бынат.)
 Бакæсæм-ма дзырдтæ иумæ. Цы бафиппайдтат? (Дзырдтæ сты уæнгтыл дихгонд).
 Зæгъут-ма мын, амæй размæ урочы цæуыл дзырдтам? (Дзырдтæ æмæ уæнгтыл).Темæйæ
сæм фæрстытæ дæттын.
 Æмбисонды дзырдтæ-ма адих кæнæм уæнгтыл: (рай-гуы-рæн, бæс-тæ, ма-ды, ад, кæ-ны. (Ад
– дзырд дæр у, уæнг дæр у.)
4. Ног æрмæг амонын.
18-æм фæлтæрæны текст кæсæм æмæ йын сæргонд хъуыды кæнæм («Чысыл Инал», «Бабайы
таурæгътæ»)
 Дыккаг хъуыдыйад-ма ногæй бакæсут. Цы бафиппайдтат? (Рæнхъыл æнæхъæнæй нæ бацыд?)
- Фыццаг дзырды фыццаг хай раззаг рæнхъы баззад, иннæ хай иннæ рæнхъмæ хаст æрцыд.
- Куыд уæм кæсы, иннæ рæнхъмæ уæнггай хаст æрцыд? (О.)
- Æндæр хуызы ма йын уыд ахæссæн? (Сывæллæттæм байхъусын.)
- Уæдæ мæнмæ æрбайхъусут, дзырд бабайы арæзт у 3 уæнгæй ба-ба-йы, æмæ ма ацы дзырдæн
ахæссæн уыд афтæ баба-йы. (Уый аразгæ вæййы, рæнхъы бынат цас вæййы, уымæй.)
 20-æм фæлтæрæны нывтæм æркæсут æмæ бацамонут предметты нæмттæ, тетрæдтæм сæ
рафыссут æмæ сæ уæнгтыл адих кæнут иу рæнхъæй иннæмæ рахæссынæн.
 Кæсæм раиртæстытæ. Цы дзы бахъуыды кодтат? (Сывæллæтты дзуæппытæм байхъусын.)
 21-æм фæлтæрæн кæнæм варианттæй. Фыццаг вариант фыссынц, иу рæнхъæй иннæмæ
рахæссæн цы дзырдтæн нæй, уыдон (Илас, идон, исы, арæх, обау), уæнгтыл сæ дих кæнынц (И-лас,
и-дон, и-сы, а-рæх, о-бау), афтæмæй 2-аг вариант фыссынц, иу рæнхъæй иннæмæ рахæссæн кæмæн
ис, уыцы дзырдтæ (хæдон, тæрхъус, бирæгъ, ахуыргæнæг, хæрын, адæймаг).
Дыууæ скъоладзауы (иу – фыццаг вариантæй, иу – дыккагæй) фæйнæгыл кусынц, алчидæр
дзы йæхи вариантæй фыццаг дзырд æвзары.
 Æвзарæм, фæйнæджы цур чиис, уыдоны куыст.
Ахуыргæнæг бæрæг кæны вариантты куыст дæр.
 22-æм фæлтæрæны текст кæсæм. Сæргонд ын хъуыды кæнæм («Куыстуарзаг
мæлдзыджытæ», «Мæлдзыджыты губакк», «Бæлæсты хъахъхъæнджытæ», «Бинонтæ»).
 Уæдæ ацы гыццыл текстæн цал сæргонды скæнæн ис!
 Ссарут-ма тексты 5 уæнгæй арæзт дзырд (мыдыбындзытау)
 Фæйнæгыл-ма йæ адих кæнæм хæйттыл-уæнгтыл (мы-ды-бын-дзы-тау).
 Мæлдзыджы тыххæй-ма иумæ аргъау æрхъуыды кæнæм. (Зæгъæм, «Царди æмæ уыди иу
мæлдзыг. Уый уыд куыстуарзаг. Иухатт хъæдмæ ацыд. Сугтæ дзы æрласта. Йæхицæн хæдзар
скодта».)
Хорз, сывæллæттæ, абон дæр та уæ мæ зæрдæ барухс. Тынг дзæбæх бакуыстат. Стыр бузныг
уын зæгъын!
 Зæгъут-ма, ногæй ацы урочы исты базыдтат? (Дзырдтæ иу рæнхъæй иннæмæ хæссыны
æгъдæуттæ).
 Мæлдзыджыты тыххæй та цы зæгъдзыстут? (Бинонтæй цæрынц, сты мыдыбындзытау
куыстуарзаг. Аргъæутты та зонынц хъæдæй сугтæ ласын æмæ дзы хæдзæрттæ кæнын.)
 Уæхицæн-ма бæрæггæнæнтæ сæвæрут.
6-æм урок
Мыртæ æмæ дамгъæтæ. Цæмæй хицæн кæны мыр дамгъæйæ?
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 Ахуырдзаутæ сахуыр уыдзысты мырты нысантæй - дамгъæтæй пайда кæнын, тексты сæ
124

æнцонæй агурын сахуыр уыдзысты.
 Ахуыргæнæджы хæслæвæрдтæ æххæстгæнгæйæ сæ хибарæй пайда кæнын сæ бон уыдзæн.
 Мыр æмæ дамгъæйы бындурон хицæндзинæдтæ иртасын сахуыр уыдзысты.
 Дывæргонд дамгъæтæ раст дзурын æмæ фыссын ахуыр кæндзысты.
1. Организацион хай.
Ног та дзæнгæрæг ныццагъта!
Рæвдз нæ бынæттæ ыссардтам.
Тагъд нæ кусæнгарзмæ 'ркæсæм –
Чиныг ам и, тетрад ам, кърандас – мæнæ!
Ручкæ, фыстхалæн дæр ам сты?
 Цы урок нæмис ныртæккæ? (Абетæ – ирон æвзаг.)
- Нæ зæрдыл-ма æрлæууын кæнæм, цæмæн нæ хъæуы ирон æвзаг ахуыр кæнын? (Цæмæй
иронаураст æмæ аив дзурæм, кæрæдзийы æмбарæм, иронау чингуытæ, газеттæ кæсæм.)
2. Сыгъдæгфыссынад.
 Уæдæ, куыд загътам, афтæмæй ахуыргонд адæймаг хъуамæ зона рæсугъд æмæ раст фыссын.
 Фыссæм тетрæдты абоны нымæц, къласы куыст.
 Байхъусут-ма мæм æмæ зæгъут, цавæр дамгъæ фысдзыстæм:
«Диссагдæр æппæтæй циу?» 
Абетæй дын фарста иу.
 Дон,  фæцарæхсти йæм чидæр.
 Дур… Дымгæ…
 Нæу раст сæ иудæр, – бадзырдта дын дардæй Д:
 Дуне – диссæгтæн сæ хистæр.
 Цавæр дамгъæ хъуыстис арæхдæр, ацы текст кæсгæйæ? (Д)
 Уæдæ нæ тетрæдты фыссæм Д д – иу рæнхъыл кæрæй-кæронмæ. Иннæйыл дзырдтæ: дур,
дон, дымгæ (кæрæдзийы ивгæйæ дзы цал бацæуа, уал.)
3. Ног темæ амонын.
Ахуыргæнæг: «Уалдзæг. Уынгмæ рацыдыстæм. Алырдыгæй хъуысы алыхуызон зæлтæ: цъиуты
зарын, мыдыбындзыты гуыв-гуыв, машинæты дыв-дыв, сывæллæтты худын». (Ам байхъусæн ис
аудио-фыстмæ – уалдзыгон зæлтæ.)
 Сывæллæттæ, зæгъут-ма, нæ алыварс цы алыхуызон мыртæ-зæлтæ хъусæм, уыдонæн куыд
адихгæнæн ис? (Адæймаджы загъд мыртæ æмæ, æрдзы чи ис, уыцы мыртæ.)
Мах дамгъæтæ не стæм, мыртæ стæм.
3.Улæфты рæстæг.
Рагзаманты нæ ничи никуы федта,æрмæстдæр нæм хъусгæ кодтой.
Цавæр мыртæн ис азарæн? (Хъæлæсон.)
Хъæлæс æмæ æндæр дзурæн оргæнты фæрцы цавæр мыртæ дзурæм? (Æмхъæлæсон.)
Чи бамбæрста, нæ абоны урочы дарддæр цæуыл цæудзæн ныхас?
 Уæдæ бакæнут уæ чингуытæ 178-æм фарсыл æмæ бакæсæм нæ урочы темæ: «Мыртæ æмæ
дамгъæтæ».
Цæмæй хицæн кæны мыр дамгъæйæ. Абон цы ахуыр кæндзыстæм, уый кæсы скъоладзаутæй
иу.
 Сывæллæттæ, уæхи хъусынмæ æрцæттæ кæнут. Ныртæккæ уын æз уæ зæрдыл æрлæууын
кæндзынæн аргъау мыртæ æмæ дамгъæты тыххæй.
 Иу алæмæттаг бæстæйы цардысты æмæ уыдысты мыртæ (ахуыргæнæг фæйнæгыл кæны
карточкæ дзырд «МЫРТÆ»).
 Уыцы бæстæ уыд хæрз чысыл, цæрджытæ дæр дзы бирæ нæ уыд. Никуы сæ ничи федта,
125

уымæн æмæ æнæзынгæ уыдысты. Фæлæ сæ хъусгæ кодтой. Уыдонæй дæс уыдысты
зарæггæнджытæ. Сæ цъæхснаг æмæ аив хъæлæстæ дардмæ хъуыстысты. Уый тыххæй сæ схуыдтой
хъæлæсонтæ.
 Зæгъæм ма сæ: а, æ, о, ы, у, и, е, ё, э, ю, я (ахуыргæнæг фæйнæгыл кæны дзырд
«ХЪÆЛÆСОНТÆ»).
 Азарæм-ма сæ мах дæр…
 Иннæ мыртæ дæр уыдысты зæрдæхæлар, хорз мыртæ, фæлæ зарын нæ зыдтой. Хæларæй
цардысты хъæлæсонтимæ, сæ фарсмæ лæууын тынг уарзтой. Æмæ хуындысты æмхъæлæсонтæ
(Ахуыргæнæг фæйнæгыл кæны дзырд «ÆМХЪÆЛÆСОНТÆ»).
 Мыртæ абоны онг дæр хæларæй цæрынц. Мах бон сæ у фенын дæр. Уымæн æмæ уыцы
бæстæмæ иухатт æрцыд диссаджы адæймаг. Йæ зæрдæмæ дзы тынг фæцыд æмæ цæрджытæн
балхæдта дзаумæттæ. Дзаума-иу йæ уæлæ чи скодта, уый-иу дамгъæ фестад.
 Зæгъут-ма, сывæллæттæ, мыртæ мах цы кæнæм? (Дзургæ, хъусгæ.)
 Дамгъæтæ та? (Фысгæ, уынгæ.)
 23-æм фæлтæрæны кæсæм Астемыраты Изеты æмдзæвгæ «Диссæгтæ-тæмæссæгтæ».
 Цæмæн хуыйны æмдзæвгæ афтæ? Цы дзы ис диссагæй? (Арс уæлæрвты нæ фæтæхы, дзæргъ
дæр къуыртты нæ фæбады.)
 Æмдзæвгæйæ дзырд «дзæргъ» рафыссут уæ тетрæдтæм æмæ дзы мыртæ бахахх кæнут
(хъæлæсонтæ – сырхæй, æмхъæлæсонтæ – цъæхæй), банымайут 24-æм фæлтæрæны хъæлæсонтæ,
баххæст кæнут æмæ сæ тетрæдтæм рафыссут.
25-æм фæлтæрæны дзырдты фыццаг мырты æххуысæй банымайут ирон дамгъуаты
хъæлæсонты нымæц.
4. Рацыд æрмæг фидар кæнын.
26-æм фæлтæрæны фыццаг цæджындзы бавæрын хъæуы «а», дыккаджы «æ», æртыккаджы
«о».
Фæлæ уал ахуыргæнæг раздæр фæрсы сывæллæттæн сæхи, уымæн æмæ алы цæджындзы дæр
æндæр хъæлæсон дæр ис бавæрæн. Сывæллæттæ сæхи варианттæ куы зæгъой, уæд сын ахуыргæнæг
дæтты уæлдæр лæвæрд хæс.
 Алы цæджындзы дæр æмхуызонæй цы ис? (Фыццаг цæджындзы – хъæлæсон «а», дзырдтæ
иууылдæр арæзт сты 3 дамгъæйæ, ис сын иу схемæ, æмæ афтæ иннæ цæджындзтæ дæр.)
 Дзырдтæн се 'ппæтæн дæр иу схемæ скæнæн ис? (Ис).
Схемæйы амонынц æмхæст уæнг.
Хъæлæсон мыр йæхæдæг уæнгаразæг кæй у, уый ма иу хатт фæлхат кæнын, фæлæ йæ иу
рæнхъæй иннæмæ хæссæн кæй нæй, уый дæр зæрдыл æрлæууын кæнын.
Фæйнæгыл фыст хæслæвæрдтæй раст дзуаппытæ равзарут:
1.
Ныхасы мыртæ сты: арвы нæрын, гуыпп, хъуыдатт, мяу;
Ныхасы мыртæ сты: хъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсонтæ.
2.
Мырæн ис фехъусæн æмæ зæгъæн.
Дамгъæйæн ис фехъусæн æмæ зæгъæн.
3.
Фысгæйæ мыртæ нысан кæнæм дамгъæтæй.
Фысгæйæ мыртæ нысан кæнæм мыртæй.
5. Рефлекси.
 Уæдæ, сывæллæттæ, нæ ныхасы бындур цæмæй арæзт у кæнæ ныхас цæмæй арæзт у?
(Мыртæй.)
 Мыр, уæнг, дзырд, хъуыдыйад, ныхас… (Адон иууылдæр сты кæрæдзийыл фидар баст.
Мыртæ раст дзурын куы сахуыр уат, уæд сахуыр уыдзыстут аив æмæ раст дзурын, уæхи

126

хъуыдытæ раст равæрын. Фæстагмæ та – раст фыссын).
 Абон цæуыл куыстам? (Мыртæ раст дзурыныл.)
 Урок уæ зæрдæмæ фæцыд?
 Уæлдай тынгдæр кæмæн цы фæцыд?
 Зын та уын цы уыдис?
 Уæдæ та уæ æз дæр разы дæн. (Кæнæ нæ дæн. Цæмæй?)
Хорз куыстат. (Кæнæ нæ куыстат – раст цы нæ кодтой, уый сын зæгъын.)

7-æм урок
Темæ: Æмхъæлæсон мыртæ. Дывæргонд дамгъæтæ.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 скъоладзаутæ базондзысты æмхъæлæсон мырты арæзт;
 сæ зонындзинæдтæ фидар кæндзысты: æмхъæлæсон мыр уæнг æрмæст хъæлæсонимæ кæй
аразы, ууыл дарддæр кусдзысты;
 дарддæр зонгæ кæндзысты дывæргонд дамгъæты растфыссынадимæ;
 базондзысты дзырдтæ дывæргонд æмхъæлæсонтимæ иу рæнхъæй иннæмæ хæссыны
æгъдæуттæ.
1. Организацион хай.
 Иууылдæр раст бадут?
 Лæмбынæг хъусут?
 Кæй уæ фæнды иттæг хорз бæрæггæнæн райсын?
 Уæдæ нæ урок райдайæм?
2. Мотиваци.
 Чи зæгъдзæн, цæмæн хонæм ирон æвзаг мадæлон? (Мад цы æвзагыл фæдзуры, уыцы
æвзагыл фæдзуры сывæллон дæр æмæ уымæ гæсгæ мадау адджын у).
 Ацы æмбисонд уæ искуы исчи фехъуыста? «Райгуырæн бæстæ мады ад кæны».
 Зæгъут-ма, куыд æй æмбарут? (Беседæ саразын).
3. Сыгъдæгфыссынад.
 Байгом-ма кæнут уæ тетрæдтæ æмæ абоны нымæц æмæ къласы куыст ныффыссут.
(Ахуыргæнæг йæ цæст дары, цæмæй сывæллæттæ сæ тетрæдтæ зулаив æрæвæрой æмæ раст
сбадой).
 Æркæсут-ма уæ партæтыл цы къонверттæ ис, уыдонмæ. (Сæ хуылфы карточкæтыл фыст
дзырдты хæйттæ).
 Куыд уæм кæсы цы кусдзыстæм ныртæккæ?
 Раст мæ бамбæрстат, дзырдты хæйттæй араздзыстæм дзырдтæ. (дис, саг; фыс, сын; ин, нæ;
ныф, фыс, сын; хæс, сын; лæу, уын).
 Ацы хæс-ма къæйттæй сæххæст кæнæм.
 Сбæрæг-ма кæнæм, цавæр дзырдтæ нæм рауад. (диссаг, фыссын, иннæ, ныффыссын, хæссын,
лæууын).
 Исты бафиппайдтат дзырдтæ дзургæйæ? Цы? (Алы дзырды дæр ис дывæргонд дамгъæтæ; иу
дзырдæй фæстæмæ иууылдæр сты дыууæуæнгон дзырдтæ).
 Уæ тетрæдты фыссынмæ уæхи æрцæттæ кæнут. Цы дзырдтæ сарæзтам, уыдонæй фыццаг
æртæ дзырды фыссæм. (Фыццаг дзырд стыр дамгъæйæ ахуыргæнæг йæхæдæг фыссы фæйнæгыл
комментаритимæ: хинымæры рæнхъ дих кæнæм дыууæ раст хайыл æмæ фыссын райдыдтам

127

рæнхъы уæллаг хайæ. Дзырд «диссаг» дих кæнæм уæнгтыл; фыццаг уæнг дис-ы æмхъæлæсонтæ сты
«д» æмæ «с», хъæлæсон «и». Сæ растфыссынад сын амоны. Иннæ уæнг дæр афтæ).
 Чи базыдта, нæ абоны урочы цæуыл дзурдзыстæм? (Дывæргонд дамгъæтæ æмæ æмхъæлæсон
мыртыл). Ам сывæллæттæ раст дзуапп раттынмæ куы нæ сарæхсой, уæд сæ ахуыргæнæг фæрстыты
фæрцы хъуамæ æркæна раст хъуыдымæ, цæттæйæ сын æй ма зæгъа фæлæ.
4. Ног æрмæгыл куыст.
 Байгом кæнут чингуытæ 180-æм фарсыл æмæ 27-м фæлтæрæны бакæсæм тагъддзуринаг.
 Цавæр мыр дзурын нæ ахуыр кæны тагъддзуринаг? (Мыр «хъ»).
 Зæрдылдаринаг-ма бакæсæм. (Скъоладзаутæй кæсынхуыздæр чи зоны, ахæм кæсы. Уый
фæстæ йæ иннæ сывæллæттæ хинымæры кæсынц æмæ йæ сæ зæрдыл дарыныл архайынц). Ацы
хæсы фæстæ 28-æм фæлтæрæны дзырдтæ уæнгтыл дих кæнын æмæ æмхъæлæсон мыртæ хицæнæй
дзурын. Дывæргонд æмхъæлæсон мыртæм хъус лæмбынæг æрдарын.
 Сывæллæттæ, дзырдтæ «сывæллон» æмæ «фæззæг»-имæ хъуыдыйæдтæ æрхъуыды кæнут
æмæ сæ зæгъут. Дзырд «фыссын»-имæ дæр æрхъуыды кæнут æмæ йæ уæ тетрæдты ныффыссут.
 29-æм фæлтæрæны та уæнгтæй аразæм дзырдтæ æмæ сæ дзурæм. (Фæрстытæндзуæппытæ
раттын).
 30-æм фæлтæрæны нывты цы предметтæ уынут, уыдон ранымайут. (Хъаз, хуы, гæлæбу,
хъæдур, къæбыла, къабуска, къаба). Æмхъæлæсон (кавказаг) мырты растдзурынадыл бакусын.
 Сывæллæттæ, зæрдылдаринæгтæ иумæ бакæсæм æмæ сæ бахъуыды кæнæм.
5. Ног æрмæг фидар кæнын
 Текст «Дыгоппон» кæсæм. (Раздæр - цæггай, уый фæстæ ставддæрæй фыст дзырдтæ хицæнæй).
 Куыд хъуыды кæнут, иуæй-иу дзырдтæ дзы ставддæрæй фыст цæмæн сты? (Уыдоны ис,
абон цы орфограммæ ахуыр кодтам, уый).
 Æркæсут-ма æмæ зæгъут, кæцы дзырдæн дзы нæй иу рæнхъæй иннæмæ рахæссæн?
(Къуыртт).
 Цæуылнæ? (Уымæн æмæ дзы ис æрмæст иу хъæлæсон).
 Дывæргонд дамгъæтæ орфограммæ сты? (О).
 Цæмæн? (Уымæн æмæ сæ бахъуыды кæнын хъæуы).
6. Рефлекси.
 Сывæллæттæ, куыд уæм кæсы, абон нæ размæ цы хæс æвæрд уыдис, уый сæххæст кодтам?
(0).
 Æмæ цавæр хæс сæвæрдтам? (Дывæргонд æмхъæлæсонтæ раст дзурын æмæ фыссын, иу
рæнхъæй сæ иннæмæ раст хæссын).
 Уæдæ сæ бахъуыды кодтат? («О», кæд «нæ» зæгъой, уæд ма сæ иу хатт сфæлхат кæнын).
 Ноджыдæр-ма цæуыл дзырдтам? (Æмхъæлæсон мырты арæзтыл).
 Уæдæ-ма зæгъут, куыд арæзт æрцæуынц æмхъæлæсон мыртæ? (Хъæлæс æмæ сыбырттæй).
 Зæгъут-ма, сывæллæттæ, уæ абоны архайд уæхи зæрдæмæ фæцыд?
 Мæн зæрдæмæ дæр фæцыдыстут.
 Уæхицæн бæрæггæнæнтæ сæвæрут.
8-æм урок
Темæ: Ирон дамгъуат.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 сывæллæттæ базондзысты дамгъæты рæнхъæвæрд кæрæдзийы фæдыл, сæ нымæц æмæ сæ
хуызтæ;
128

 дамгъуаты дыууæ дамгъæйы мыр кæй нæ дæттынц, фæлæ æнæ уыдонæй ирон дамгъуат
æххæст кæй нæ уыдзæн уый, бамбардзысты.
 хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мырты растдзурынадыл дарддар кусдзысты.
 базондзысты æндæр адæмыхæттыты дамгъуæтты дамгъæты нымæц.
1. Организацион хай.
 Ног та дзæнгæрæг ныццагъта!
 Рæвдз нæ бынæттæ ыссардтам.
 Тагъд нæ кусæнгарзмæ 'ркæсæм:
 Чиныг ам и, тетрад ам, кърандас мæнæ!
 Ручкæ, фыстхалæн дæр ам сты?
 Уæдæ ныр нæ урок райдайæм?
2. Зонындзинæдты актуализаци.
 Амæй размæ урочы цæуыл дзырдтам?
 Цавæр мыртæ хонæм æмхъæлæсонтæ?
 Дæргъвæтин цы æмхъæлæсонтæ хъуысы, уыдон фысгæйæ куыд нысан кæнæм? (Дывæргонд
дамгъæтæй).
 Цы тагъддзуринаг ахуыр кодтам, уый ма иумæ радзурæм. (Хъулон хъыбыл хъæмпыл хъазыд,
хъæмпыл хъуыстис хъыбылы хъыллист).
3.Мотиваци.
 Цавæр урок нæм ис? (Ирон æвзаг).
 Уарзæм ирон æвзаг?(Дæлдæр цы æмдзæвгæ лæвæрд цæуы, уый рагацау сахуыр кæнын ,
кæнæ та урочы).
Зонын, ахуыр хорз цæмæй кæнон,
Уый тыххæй мæхиуыл хъуамæ кусон,
Мæ зонындзинæдты къæбицмæ
Æрвылбон æз æвæрæнтæ хæссон.
 Иу æвæрæн абон дæр та бахæсдзыстæм.
 Исчи уæ зоны, дамгъуат цы у, уый? (Сывæллæтты дзуæппытæм байхъусын)
 Цалынмæ ирон æвзагмæ нæ рахызтыстæм, уæдмæ цы ахуыр кодтам? (Дамгъæтæ).
 Æмæ цæмæ хъæуынц дамгъæтæ? (Дзырдтæ аразынмæ).
 Дзырдтæй та цы аразæм? (Хъуыдыйæдтæ).
 Хъуыдыйадæй та кæм пайда кæнæм? (Нæ ныхасы).
 Æмæ уæм куыд кæсы, дамгъæты тыххæй алцыдæр базыдтæм?
 Сывæллæттæ, уæдæ дамгъæты рæнхъæвæрд бæлвырд фæткыл хонæм дамгъуат
 Равзарæм-ма дзырд «Дамгъуат».
 Иумæ-ма йæ зæгъæм æмæ дзы банымайæм мыртææмæ уæнгты нымæц. (7мыры, 2уæнджы).
 Дзырдæн мырон анализ скæнæм. Д а м гъ у а т – 5 æмхъ.,2 хъæл.
д – æмхъ. цъæхæй.
а – хъæл. сырхæй
м – æмхъ. цъæхæй
гъ – æмхъ. 2 нысанæй арæзт, цъæхæй
у – æмхъ. цъæхæй
а – хъæл. сырхæй
т - æмхъ. цъæхæй. (Ацы хæс у дзыхæй дзургæйæ æххæстгæнинаг. Фыссынмæ та
ахæм хæс: хъæлæсонты бынмæ сырх кърандасæй стъæлф сæвæрын, æмхъæлæсонты бынмæ та –
цъæхæй, дыууæнысанон дамгъæты алыварс хуымæтæг кърандасæй æрхахх кæнын, уæнгтæ дæр
вертикалон хаххæй хуымæтæг кърандасæй рахицæн кæнын).
Сывæллæттæ, зæгъут-ма, ацы дзырды рæдыд кæм æруадзæн ис? (Дамгъуат).
129

 Бахахх кæнут орфограммæ æмæ йæ бахъуыды кæнут.
4. Тексттимæ куыст.
 Къонверттæ кæй разы æрæвæрдтон, уыдон-ма сæ райсæнт, тексттæ бакæсæнт æмæ сæхи
радзурынмæ æрцæттæ кæнæнт.(Алы рæнхъыл дæр иу текст. Хуыздæр чи кæсы æмæ дзуры, ахæмты
раз сæ æрæвæрын).
1-аг текст. Цæмæн рахуыдтой дамгъуат афтæ?
Дамгъуат у æппæт дамгъæты æмбырдгонд. Фæтк æмæ æгъдау кæй уарзынц, уый тыххæй
дзы алкæмæн дæр ис йæхи бæлвырд бынат. Фысгæйæ вæййынц:стыртæ æмæ гыццылтæ, мыхуыр
кæныны æмæ фыссыны дамгъæтæ. Алы дамгъæйæн дæр ис йæхи ном. Вазыгджын дзырд
«дамгъуат» арæзт у дыууæ хуымæтæг дзырдæй: дамгъæ+уат-æй, ома дамгъæйы уат. Уырыссагау
та у «букварь». Уырыссаг æвзагмæ ацы дзырд æрбацыд грекъаг æвзагæй æмæ арæзт у
«альфа»+витæ»-йæ. Уыдон сты грекъаг алфавиты фыццаг дыууæ дамгъæйы.
Уæдæ куыд зæгъдзыстæм, цы у дамгъуат? Дамгъуат у дамгъæты рæнхъæвæрд бæлвырд
фæткыл.
2-аг текст. Цæмæн хъæуы дамгъуат?
Дамгъæты нæмттæ зонын хъæуы тынг хорз. Ахуыргонд адæм уымæй бæрæг сты æмæ раст
дзурынц дамгъæты нæмттæ. Дамгъуаты фæтк у фидаргонд æмæ никуы фæивы, уый мидæг ис йæ
æнцойдзинад. Дамгъуаты уагмæ гæсгæ фыст сты нæ къласы журналы уæ мыггæгтæ. Ахæм
фæткмæ гæсгæ арæзт сты дзырдуæттæ, уæ медицинон картæтæ поликлиникæты, чингуытæ
библиотекæты æмæ а .д.
3-аг текст. Цымыдисаг зонинæгтæ.
Дунейы æппæты даргъдæр дамгъуат ис абазинæгтæм (Кавказы – Дагестаны цæрæг
адæмммæ) – 71 дамгъæйы. Европæйы та æппæты цыбырдæр дамгъуæттæ ис финтæ æмæ
италиæгтæм – фæйнæ 21 дамгъæйы. Казахæгты алфавиты ис 42 дамгъæйы, англисаджы та – 26.
Адыгъейаг æвзаджы ис 64 дамгъæйы, уыдонæй æрмæст 6 сты хъæлæсонтæ, иннæ 57 –
æмхъæлæсонтæ.
5. Чиныгимæ куыст
 Байгом кодтам 183 фарс. Уæ разы ис нырыккон ирон æвзаджы дамгъуат.
 Иууылдæр-ма йæ иумæ бакæсæм.Ахуыргæнæг алы дамгъæ дæр раст дзуры æмæ сæ
сывæллæттæн дæр раст дзурын кæны.
 Чи зоны ирон æмæ уырыссаг алфавит кæрæй-кæронмæ?
 Зæгъут-ма дамгъуаты фыццаг æмæ фæстаг дæмгъæтæ.
 Дамгъуаты 6,7,9 – æм дамгъæтæ зæгъут.
 Дамгъæ «В»-йы разæй цавæр дамгъæ ис? «Т»-йы фæстæ та?
 «Къ» æмæ «Л»-йы астæу цавæр дамгъæ ис?
 33-æм фæлтæрæны фæрстытæн дзуæппытæ раттут. (Алчи йæхæдæг кæсы æмæ дзуæппытæ
цæттæ кæны). 34-æм фæлтæрæны дамгъæтæхицæн къордтæй фыст цæмæн сты, уый сын æмбарын
кæны æмæ сæ зæрдыл бадарын кæнын домы.

6. Ног æрмæг ныффидар кæнын:
35-æм фæлтæрæнæй – 38-æм фæлтæрæны онг цы хæслæвæрдтæ ис, уыдон сты æрмæг фидар
кæнынæн. Ахуыргæнæг йæхимæ гæсгæ æвзары æрмæг.
7.Рефлекси.
 Уæдæ ногæй цы базыдтат абоны урочы?
 Цы хонæм дамгъуат?

130






Цæмæн нæ хъæуы дамгъуат зонын?
Кæм пайда кæнынц дамгъуатæй
Абоны уроккæй зæрдæмæ фæцыд, уыдон сæ тетрæдты хур сныв кæнæнт?
Цавæр бæрæггæнæнтæ сæвæриккат уæхицæн?

9-æм урок
Темæ: Фæрстытæ чи? æмæ цы?-йæн дзуапп цы дзырдтæ дæттынц, уыдон кæрæдзийæ
иртасын.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 сывæллæттæ базондзысты, фарст чи? æмæ цы? цы предметтæм дæттæм, уыдоны
хицæндзинæдтæ;
 ахуырдзаутæ æнувыддæрæй архайдзысты дзырдты нысаниуджытæ иртасы-ныл,
хъæздыгдæр кæндзæн сæ активон дзырдуат;
 текстыл кусыны æгъдæуттæ бæстондæр базондзысты;
 предметты бирæон нымæц фæлхат кæндзысты.
1. Организацион хай.
Зонын, ахуыр хорз цæмæй кæнон,
Уый тыххæй мæхиуыл хъуамæ кусон,
Мæ зонындзинæдты къæбицмæ
Æрвылбон æз æвæрæнтæ хæссон.
2. Зонындзинæдты актуализаци.
 Амæй размæ урочы базонгæ стæм дамгъуатимæ.
 Чи зæгъдзæн, цал дамгъæйы ис ирон дамгъуаты?
 Иууылдæр сæ иумæ дзурæм.
 Цавæр къордтыл дих кæнынц?
 Бахъуыды йæ кæнут.
3. Мотиваци.
Æркæсут-ма дзырдтæм,
Байхъусут сæм…
Сæ сусæг хъуыдытæ сын
Раргом кæнæм.
 Нæ абоны урочы дæр та иу ног сусæгдзинад раргом кæндзыстæм. Нæ алыварс цы дзырдтæ
ис, пайда кæмæй кæнæм, уыдоны ис бирæ æмбæхст хъуыдытæ, цымыдисаг информаци. Æппæты
цымыдисагдæр дзы у дзырды равзæрд.
4. Хъазт «Дзырд сараз».
знæгу
аетæб

хдотыр

удгакинсæ

 Сывæллæттæ, ацы дзырдты дамгъæтæ раст равæрын хъæуы, цæмæй нæм дзырдтæ рауайа.
(æнгуз, абетæ, дохтыр, дуканигæс).
 Ацы дзырдтæй ма æндæр дзырдтæ саразæн дæр ис.
æнгуз – зæнг, уз, узгæ, гæн;
абетæ – тебæ;
дохтыр – хор, рох, тых;
дуканигæс – кусæг, гидус, нас, сæг, гæс.

131

 Дзырдтæй дыууæ сты адæймаджы куысты бынат чи æвдисы, ахæм дзырдтæ, дыууæ та –
æнæуд предметты нæмттæ. Фæлæ ма ис æндæр дзырдтæ дæр, ацы къордтæй иумæ дæр чи нæ хауы,
ахæмтæ. Зæгъæм, калм. Ацы дзырдæй дæр ис саразæн æндæр дзырдтæ – мал, мак, ам, лак.
 Зæгъут-ма, сывæллæттæ, калмæн уд ис? (Ис).
 Уырыссагау куыд зæгъдзыстут - одушевлённый предмет? (О), æмæ уырыссаг æвзаджы
удджын (одушевленный) предметтæм дæттæм фарст чи? æнæ удтæм та - (неодушевлённый) фарст
цы? Фæлæ иронау афтæ нæу. (Чи ма йæ хъуыды кæны, иронау кæмæ дæттæм фарст чи?).
 Иронау æрмæст адæймагмæ æмæ адæймаджы нысангæнæг дзырдтæм дæттæм фарст чи?
Иннæ предметтæм (удджынæй – æнæ удæй) сеппæтмæ дæр дæттæм фарст цы?
Цы? - карк, уасæг, гæды æмæ а. д.
 Ууыл дамгъæтæ ахуыр кæнгæйæ дзырдтам, фæлæ йыл абон бæстондæр æрныхас
кæндзыстæм.
5. Чиныгимæ куыст.
 185-æм фарсыл текст райгом кæнут æмæ йæ хинымæры бакæсут. Сæргонд ын æрхъуыды
кæнут. («Чызджытæ», «Лерæ æмæ Заремæ»).
 Фарстæн дзуапп раттут æмæ дзырдтæ цы фæрстытæ домынц, уыдонимæ сæ тетрадмæ
рафыссут.
 Зæрдылдаринаг бакæсут æмæ йæ бахъуыды кæнут.
 Макуы уæ рох кæнæд, ирон æвзаджы фарст чи? дæттæм æрмæст адæймагмæ. Дарддæр
чиныджы лæвæрд æрмæгæй, рæстæгмæ гæсгæ, цæуыл аххæсæн ис, уыдон сæххæст кæнын.

6. Ног æрмæг фидар кæнын.
- Сывæллæттæ ,уæ зæрдыл æрлæууын кæнут урочы темæ. (Фæрстытæ чи? æмæ цы?...).
 Хъуыдыйад кæронмæ ахæццæ кæн: Мæскуы у тынг стыр… . (Горæт).
 Фарст чи?-йæн дзуапп дæтты… (æрмæст адæймаг).
 Фарст цы?-йæн дзуапп дæттынц... (иннæ предметтæ: удджынæй - æнæудæй).
 Фарст раттыны размæ цы базонын хъæуы? (Предмет цы нысан кæны, уый).
 Ацы дзырдтæм-ма фæрстытæ раттут: скъола, лæппу, нас, хо, фыс, карк. Уæ дзуæппытæ
бамбарын кæнут.
 Ацы дзырдтæ-ма бирæон нымæцы зæгъут: сæр, лæппу, бæх, хор.
 Сывæллæттæ, мæн тынг фæнды, урок цы æмдзæвгæйæ райдыдтам, уымæй йæ куы
фæуиккам, уый. Зæгъут-ма йæ иумæ, æмæ йæ æз фæйнæгыл ныффыссон.
7. Рефлекси.
 Абоны урок йæ зæрдæмæ кæмæн фæцыд?
 Цавæр сусæгдзинад та раргом кæдтам?
 Уæ партæтыл цы сыгъдæг сыфтæ ис, уым уæ зæрдæйы уаг равдисут.
 Бæрæггæнæнтæ дæр уæхицæн уыцы сыфты сæвæрут æмæ сæ уæ кæрæдзимæ равдисут.
10-æм урок
Стыр дамгъæ дзырдты
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 сабитæ базондзысты, дзырдты стыр дæмгъæ фыссын кæд хъæуы, уый;
 ахуырдзаутæ иртасдзысты тексты мидæг дзырд стыр дамгъæйæ кæй кæнæ цæй номы фыст
æрцыдис, уый;
 орфографион рæдыдтæ ма 'руадзыныл архайдзысты;
 фысгæ ныхасы рæзтыл куыст дарддæр цæудзæн;
 сывæллæттæм рæздзысты мадæлон æвзаг уарзыны æмæ йæ базонынмæ цымыдисдзинады
æнкъарæнтæ.
132

1. Организацион хай
Ног та дзæнгæрæг ныццагъта!
Рæвдз нæ бынæттæ ыссардтам.
Тагъд нæ кусæнгарзмæ 'ркæсæм –
Чиныг ам и, тетрад ам, кърандас – мæнæ!
Ручкæ, фыстхалæн дæр ам сты?
 Урок райдайæм? (Райдайæм!)
 Уæ размæ 'вæрд смайликтæй ма уæ зæрдæйы уаг равдисут.
 Урочы кæронмæ дæр уын афтæмæй куыд баззайа, уый уын мæ зæрдæ зæгъы.
 Уæдæ нæ абоны урочы девиз уыдзæн: КÆСЫН, УЫНЫН, ХЪУЫДЫ КÆНЫН,
ХАТДЗÆГТÆ КÆНЫН! (Девиз фæйнæгыл дæр ис ныффыссæн).
2. Сыгъдæгфыссынад.
Къ, Дз, Мм, Чч.
Къоста, Дзæуджыхъæу, Мæскуы, Чермен.
 Ацы дзырдты иумæйагæй цы ис? (Сты нæмттæ æмæ фыст сты стыр дамгъæйæ). Цæмæн
хъæуы стыр дамгъæ?. (Хъуыдыйады райдайæн æмæ сæрмагонд нæмттæ бæрæг кæнынмæ).
 Дзырдтæ къордтыл адих кæнут. (Адæймæгты æмæ горæтты нæмттæ).
 Рæсугъд сæ рафыссут тетрæдтæм (Дамгъæ æмæ дамгъæйæ цы дзырд райдыдта, уыдон
иумæ).
3. Зонындзинæдты актуализаци. Фæйнæгыл куыст.
 Фæйнæгыл фыст дамгъæтæмлæмбынæг бакæсут æмæ дзы ссарут уæлдай дамгъæ (х, п, л, Т,
з, дз). (Т). (Бамбарын кæнут уæ дзуапп).
 Чи рацæудзæн фæйнæгмæ æмæ йæ чи бахæхх кæндзæн?
 Цæмæн бафарстон афтæ: чи рацæудзæн? (Фарст чи? дæттæм адæймагмæ).
 Байхъусут æмдзæвгæмæ æмæ зæгъут нæ абоны урочы темæ та куыд уыдзæн?.
4. Мотиваци
Ацы дамгъæ уыд хуымæтæг.
Иннæтæй нæ кодта хицæн.
Фæлæ иу хатт тынг ныйивæзт,
Сеппæтæй фæци бæрзонддæр.
Фарст æм радтой: «Уый цы кодтай?»
Дзуапп уыд ахæм: «Мæ фæнд нæ уыд!» Радтой мын бæрнон хæс:
«Разæй слæуу, бæрзæндты кæс!»
Ноджы мын мæ бæрны скодтой
Ном, мыггаг æмæ фыды ном.
Стыр дамгъæйæ фыст кæй ысты,
Уымæй тынг сæ сæртæ систой.
Сабитæ, уæ зæрдыл дарут,
Стыр дамгъæ хуымæтæг нæу!
Уый у горæт, скъола, хъæу.
Уый у Райгуырæн бæстæ!
У цæугæдон, цад, къæбыла.
У журнал, газет, фæрсаг хъæу…
Чи зæгъдзæн, абон цæуыл дзурдзыстæм, нæ урочы темæ цы у… (Стыр дамгъæ…).
133

5. Ног æрмæгыл куыст.
 Уæдæ абон мах базондзыстæм стыр дамгъæ цæвæр дзырдты æмæ кæд фæфыссæм, уый.
 Иу хатт ма бакæсæм, æмдзæвгæйы фæстаг строфа æмæ байгом кæнæм нæ чингуытæ 188
фарсыл.
 44-æм фæлтæрæны кæсæм дзырдбæстытæ.
 Абарут-ма æмдзæвгæйы фæстаг строфа æмæ фæлтæрæны нымад дзырдтæ.
 Æмдзæвгæйы нымад цы дзырдтæ не 'рцыдысты, уыдон ма бакæсæм. (Уынг, проспект, фæз,
род, цæугæдон, денджыз, рæвдауæндон).
 Уæдæ-ма ныр ахъуыды кæнæм æмæ зæгъæм, æмдзæвгæйы кæрон бирæ стъæлфытæ æвæрд
цæмæн ис? (Нæмттæ бирæ предметтæн ис, фæлæ æмдзæвгæйы сеппæт нымад не 'рцыдысты).
 Уæдæ, ацы урочы нæ размæ цавæр хæс æвæрæм? (Стыр дамгъæ кæм хъæуы уым æй раст
фыссын сахуыр кæнын).
 Урочы ацы хайæн хатдзæг та цавæр скæндзыстæм? (Стыр дамгъæйæ фыссæм адæймæгты
нæмттæ, мыггæгтæ; цæрæгойты, хъæуты, горæтты нæмттæ æмæ а. д.).
 44-м фæлтæрæны дзырдты къордтæй иу тетрадмæ рафыссут. (Кæй кæцы фæнды, уый).
 Зæрдылдаринаг бакæсут æмæ йæ бахъуыды кæнут.
 45-æм фæлтæрæны домæнмæ гæсгæ алчи йæ ном æмæ мыггаг иронау раст фыссы.
(Ахуыргæнæг сæ бæрæг кæны).
 46-æм фæлтæрæн у дзыхæй-дзургæйæ æххæстгæнинаг. Фæрстытæн дзуæппытæ раттын.
(Ахуыргæнæгæн йæ бон у беседæ саразын журнал «Ногдзау»-ы тыххæй).
 Ацы хæслæвæрдмæ (47-æм фæлтæрæн) лæмбынæг æркæсут æмæ йæ раст сæххæст кæнут.
(Рагацау æй фæйнæгыл æрцæттæ кæнын æмæ сывæллæттæ радыгай уæгъд бынæтты дамгъæтæ
æвæрдзысты).
Лерæ цæры (Кк) …æрдзыны хъæуы. Зарæ уарзы нартхоры (Кк) …æрдзын æхсыримæ. Нæ
цуры хъæды ис (Хх) …æрисджын бынат. Мæ нана цæры (Хх) …æрисджыны. Улæфынмæ
уыдыстæм (Къкъ) …одахджыны. Быдыры ис (Къкъ) …одахджын бынат. Абон (Нн) …огдзау йæ
галстук ферох кодта. Мæ хо (Нн) …огдзауы бакаст æмдзæвгæ.
 Сывæллæттæ, бамбæрстат къæйттæй фыст дзырдты хицæндзинадтæ? Уæдæ дзы иуимæ
хъуыдыйад æрхъуыды кæнут æмæ йæ уæ тæтрæдты ныффыссут.
Фæстаг фæлтæрæны хæслæвæрды стыр дамгъæйæ иу дзырд дæр нæ хъæуы фыссын.
Скъоладзаутæн раст бамбарын кæнын хъæуы мæнæ ацы хæслæвæрд: «Кæцы дзырд дзы ныффыссис
стыр дамгъæйæ? Цæмæн?».
6.Ног æрмæг фидар кæнын.
Алкæмæн дæр йæ ном ныффысс чиныджы фæлтæрæнмæ гæсгæ (ацы хæс у интерактивон
фæйнæгыл, кæнæ æнæуи фæйнæгыл æххæстгæнинаг):
Цæугæдон
Цад
Горæт
Хъæу
Къæбыла
Гæдыйы лæппын
Газет
7.Рефлекси.
 Уæдæ абоны урочы сæйраг нысан сæххæст кодтам?
 Стыр дамгъæйæ кæд фæфыссæм дзырдтæ, уый бахъуыды кодтат?Ранымайут-ма сæ.
 Хатдзæг ма скæнæм.
 Зындæр бамбарæн уын цы уыдис урокæй?
 Абоны урочы темæ æппындæр чи нæ бамбæрста, уый ма йæ смайликæй равдисæд.
134

 Стыр бузныг уын! Мæнмæ гæсгæ, иууылдæр хорз архайдтат.
11-æм урок
Фæрстытæ цавæр? цыхуызæн?- æн дзуапп цы дзырдтæ дæттынц, уыдон иртасын.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 сывæллæттæ базондзысты, фарст цавæр? æмæ цыхуызæн? цы предметтæм дæттæм, уыдоны
хицæндзинæдтæ;
 ахуырдзаутæ сахуыр уыдзысты предметты миниуæгæвдисæг дзырдтæм раст фæрстытæ
æвæрын;
 поэтикон текстыл куыст бæстондæр базондзысты;
 сывæллæттæ дзырды орфограммæ уынын ахуыр кæндзысты;
 анализ æмæ хатдзæгтæ кæнын ахуыр кæндзысты.
1. Организацион хай.
Зонын, ахуыр хорз цæмæй кæнон,
Уый тыххæй мæхиуыл хъуамæ кусон,
Мæ зонындзинæдты къæбицмæ
Æрвылбон æз æвæрæнтæ хæссон.
 Кæрæдзимæ бакæсут æмæ мидбылты фæлмæн бахудут. Мæнæн дæр æхсызгон у уæ
мидбылты бахудт. Фæнды мæ, цæмæй уын абоны урок дæр та ног зæнындзинæдтæм дуар бакæна,
æмæ дзы райгондæй баззайат.
2. Зонындзинæдты актуализаци.
 Амæй размæ урочы базонгæ стæм фæрстытæ чи? æмæ цы?- йæн дзуапп цы дзырдтæ
дæттынц, уыдонимæ.
 Чи зæгъдзæн, цавæр дзырдтæ дæттынц дзуапп фарст чи?-йæн? Цы?-йæн та?
 Фыссæм абоны нымæц æмæ къласы куыст.
 Бакæсут æмбисонд æмæ йæ баххæст кæнут: «Цъиутæ зарын куы райдайынц, … уæд
ралæууы».
 Цъиуты зарынимæ цавæр афæдзы афон ралæууы?(Уалдзæг).
 Дзырд «уалдзæг»-мæ цавæр фарст ратдзыстæм? (Цы?).
 Цавæр мырæй райдыдта уалдзæг?
 Чи зæгъдзæн, ацы дзырды «У» хъæлæсон у æви æмхъæлæсон? (Æмхъæлæсон).
 Ацы æмбисонды-ма кæцы дзырдмæ раттæн ис фарст цы? (Цъиутæ).
 Бакæсут-ма иу хатт æмбисонд æмæ зæгъут, кæцы дзырдты ма ис орфограммæтæ, бахъуыды
кæнын кæй хъæуы, ахæмтæ? (Цъиутæ – цъ (дыууæнысанон); ралæууы – уу (дывæргонд).
3. Мотиваци.
Базон-базон, уый кæд вæййы?
Зæхх та урс дарæс кæд дары? (Зымæг).
Æрдз кæд ыскæны хæдон
Ног цъæх дарийæ? (Уалдзæг).
Гъе та ирд æртæх
Кæрдæгыл кæд бады? (Сæрд).
Уазал мигъ комы æрбады ныллæг,
135

Бафснайынц комы бæркадджын тыллæг. (Фæззæг)
Ахуыргæнæг базон-базонтæ кæнæ фæйнæгыл фыссы, кæнæ интерактивон фæйнæгыл æвдисы,
кæнæ карточкæтыл фыссы æмæ сывæллæттæн хæс дæтты: бæрæггонд дзырдтæм раст фæрстытæ
сæвæрын. (Цавæр?).
Афтæмæй ног æрмæгмæ рахизын.
4.Ног æрмæгыл куыст.
 Сывæллæттæ, бæрæггонд цы дзырдтæ сты, уыдонмæ цæвæр фарст радтат? (Цавæр?). Ныр
мæнмæ æрбайхъусут: алы предметæн дæр ис йæхи миниуæг. Мах цы базон-базонтимæ кусæм
ныртæккæ, уыдоны цæй кой цæуы? (Афæдзы афонты).
 Уæдæ-ма сæ иу хатт бакæсут æмæ зæгъут: 1) Зымæджы сæйраг хуыз цавæр у? (урс); 2)
сæрды миниуæг та – (ирд, рæсугъд); 3) уалдзæджы хуыз та цавæр у? (цъæх); 4) куыд рахонæм
фæззæджы та? (бур, уазал, бæркадджын).
 Ныр та байгом кæнут уæ чингуытæ 190-æм фарсыл æмæ 49-æм фæлтæрæн терæдты
сæххæст кæнут.
 50-æм фæлтæрæнæй та рафыссут æрмæст фæрстытæ цавæр? æмæ цыхуызæн?-æн дзуапп цы
дзырдтæ дæттынц, уыдон.
 Зæрдылдаринаг бакæсут æмæ йæ бахъуыды кæнут.
5. Дзырдуатон куыст. Цæхджын, рæсугъд, адджын, урсхъуыр.
Ацы дзырдтæ-ма иууылдæр иумæ бакæсæм æмæ сын сæ растфыссынадыл аныхас кæнæм.
цæхджын – равзæрд дзырд цæхх- æй, æндæр дзырд дзы куы рауад, уæд дзы иу х нал фыссæм;
рæсугъд – ацы дзырд дзургæ-дзурын хъуысы дыууæ сс-имæ, фæлæ йæ фысгæ кæнæм иуимæ;
адджын – рауад ад+джын-æй;
урсхъуыр – вазыгджын дзырд, рауад дыууæ дзырдæй урс+хъуыр.
Ацы дзырдты растфыссынад хъæуы бахъуыды кæнын. Цæмæй сæ раст фыссат, уый тыххæй
та сæ хъæуы раст дзурын. (иу цалдæр хатты ма сын сæ уæнггай зæгъын кæнын).
 Сывæллæттæ, зæгъут-ма цæхджын цы вæййы? (Къабуска, дзидза æмæ а. д. Цæхджын
дзидза
 Раттут-ма цæхджын-мæ фарст. (Цавæр?)
 Иннæ дзырдтимæ дæр-ма æрхъуыды кæнут дзырдбæстытæ æмæ сæм фæрстытæ раттут.
(Рæсугъд къаба, адджын хæринаг, урсхъуыр дзывылдар).
 Иууылдæр цавæр фарстæн дæттынц дзуапп? (Цавæр?).
 Уæдæ цавæр хатдзæг скæндзыстæм? Цавæр дзырдтæ дæттынц дзуапп фæрстытæ цавæр?
æмæ цыхуызæн?- æн. Предметтæн цы æвдисынц? (Сæ миниуджытæ).
 52-æм фæлтæрæн у чиныджы æххæстгæнинаг. (Хуымæтæг кърандасæй, лыстæг хаххæй,
уый фæстæ сæ æнцонæй фехалæн куыд уа, афтæмæй дзырдтæ баиу кæнын; дывæргонд
æмхъæлæсонтæ сбæрæг кæнын).
 Уæдæ-ма уын ноджыдæр иу зæрдылдаринаг – миниуæгæвдисæг дзырдтæ фысгæйæ
фæбæрæг кæнæм уылæнтæ хаххæй.
6. Рефлекси.
 Цы базыдтам абоны урочы? (Фæрстытæ цавæр? цыхуызæн?-æн дзуапп цы дзырдтæ
дæттынц, уыдон кæрæдзийæ иртасын.Базыдтам ног дзырдты растфыссынад, ног æмдзæвгæ
бакастыстæм, миниуæгæвдисæг дзырдтæ фысгæйæ уылæнтæ хаххæй бæрæггæнгæ кæй сты, уый).
 Урок уæ зæрдæмæ фæцыд? Цæмæй? (Иумæ зæрдиагæй куыстам).
 Абоны куыстæн иумæ хатдзæг скæнæм. (Кæмæн цы йæ къухы бафтыд, чи цы нæ
бамбæрста, хуыздæр чи бакуыста?)
 Æз тынг разыйæ баззадтæн, сывæллæттæ, сымах куыстæй!
 Уæхицæн бæрæггæнæнтæ сæвæрут.
136

12-æм урок
Фæрстытæ цы ми кæны? цы кæны?-йæн дзуапп цы дзырдтæ дæттынц, уыдон иртасын.
Рагацау загъд фæстиуджытæ:
 сывæллæттæ базондзысты, фæрстытæ цы ми кæны? æмæ цы кæны? цы предметтæм
дæттæм, уыдоны хицæндзинæдтæ;
 ахуырдзаутæ сахуыр уыдзысты предметты архайдæвдисæг дзырдтæм раст фæрстытæ
æвæрын;
 поэтикон æмæ прозаикон текстты хицæндзинæдтыл дарддæр кусдзысты;
 сывæллæттæ дзырды орфограммæ уынын ахуыр кæндзысты;
 анализ æмæ хатдзæгтæ кæнын ахуыр кæндзысты.
1. Организацион хай. (Кæрæдзийæн салам раттыны фæстæ ахуыргæнæг дзуры)
 «Æгас цу!», сывæллæттæ, у арфæ. Кæрæдзийæн раарфæ кодтам æмæ нæ урок райдайæм.
 Абоны урочы нæ бахъæудзæн тетрæдтæ, кърандæстæ, ручкæтæ, чингуытæ, лæмбынæг чи
кæсы, ахæм цæстытæ, къæрцхъустæ, арæхстджын къухтæ, æмбаргæ сæртæ æмæ, сæйрагдæр та –
хорз зæрдæйы уаг. Бахудут-ма мæм, ныр та – кæрæдзимæ.
 Цæттæ стæм? Уæдæ райдайæм!
2. Сыгъдæгфыссынад.
 Фыссæм абоны нымæц æмæ къласы куыст.
 Дамгъæ Хъхъ фыссæм, дарддæр - дзырд хъазын. (Сыгъдæгфыссынады тетрады фыссын
хъæуы, ахуыргæнæг растдæрыл кæй нымайы, уыцы æрмæг).
3. Зонындзинæдты актуализаци.
 Амæй размæ урочы базонгæ стæм фæрстытæ цавæр? æмæ цыхуызæн?- æн дзуапп цы
дзырдтæ дæттынц, уыдонимæ.
 Чи зæгъдзæн, цавæр дзырдтæ дæттынц дзуапп фарст цавæр? æмæ цыхуызæн?- æн?
 Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм æмæ радзурæм уалдзæджы миниуджытæй иу-цалдæр. (Цъæх,
хъарм, ирд).
4. Мотиваци. (Æмдзæвгæ кæнæ фæйнæгыл ныффыссын, кæнæ интерактивон фæйнæгæй
æвдисын, кæнæ йæ ахуыргæнæг йæхæдæг кæсы).
Сабитæ, ацы æмдзæвгæмæ бакæсут, (кæнæ йæм байхъусут) æмæ бæрæггонд дзырдтæм иумæ
фæрстытæ раттæм:
Не скъолайы сабитæ
Ахуыр кæнын уарзынц.
Предметты фылдæр хай
Уыдон тынг хорз зонынц.
Уымæй уæлдай – кафынц,
Ныв кæнынц, фæзарынц.
Иу дзырдæй, æппындæр
Æнцад бадын нæ уарзынц.
Ахуыргæнæг хицæнæй дзырдбæстытæ дзуры, кæнæ æвдисы (сабитæ уарзынц, кафынц, ныв
кæнынц, фæзарынц, нæ уарзынц).
- Æмдзæвгæйы мидис бамбæрстат? Уый мах скъоламæ дæр, цымæ, хауы? Ацы скъолайы
сывæллæттæ цытæ уарзынц, уый махонтæ дæр уарзынц? Зæгъæм, сымах цытæ уарзут?

137

(Æмдзæвгæйы ранымад архæйдтытæй уæлдай ма ногæй исты куы зæгъой, уæд уыдонмæ дæр
фæрстытæ сæвæрын).
- Бæрæггонд дзырдтæ цавæр фæрстытæн дæттынц дзуапп? (Цы ми кæны? Цы кæны?).
- Уæдæ, сывæллæттæ, нæ абоны урочы темæ дæр у афтæ « Фæрстытæ цы ми кæны? цы
кæны?-йæн дзуапп цы дзырдтæ дæтты, уыдон иртасын ».
- Куыд уæм кæсы, абон цы базондзыстæм? (Фæрстытæ цы ми кæны? цы кæны?-йæн дзуапп
цы дзырдтæ дæтты, уыдон текстты агурын).
5. Чиныгимæ куыст.
- Байгом кæнут чингуытæ 192-æм фарсыл æмæ 53-æм фæлтæрæн æххæст кæнæм. Текст уал
кæсæм æмæ фæрстытæн дзуæппытæ дæттыныл хъуыды кæнæм.
- Текстмæ гæсгæ нымайæм уæлдзæджы миниуджытæ. (Хур кæсы, æрдз базмæлыд, бæлæстæ
къуыбыр æфтауынц …).
- Ссарут, фæрстытæ цавæр? цыхуызæн?-æн дзуапп цы дзырдтæ дæттынц, уыдон. (Хъарм,
уалдзыгон). Цы нысан кæнынц? (Предметты миниуджытæ).
- Ныр та ссарут фæрстытæ чи? æмæ цы?-йæн дзуапп цы дзырдтæ дæттынц, уыдон. (Уалдзæг,
хур, балæстæ, цъиутæ, адæм). Цы нысан кæнынц? (Предметтæ).
- Фæстаг дыууæ хъуыдыйады рафыссут æмæ фæрстытæ чи? æмæ цы?-йæн дзуапп цы
дзырдтæ дæттынц, уыдоны бын иугай хæххытæ бакæнут, фæрстытæ цавæр? цыхуызæн?-æн
дзуапп цы дзырдтæ дæттынц, уыдоны бын та – уылæнтæ хæххытæ.
- Ацы текстмæ гæсгæ 54-æм фæлтæрæны фæрстытæн дзуæппытæ раттут.
- 55-æм фæлтæрæны стъæлфыты бæсты хъæугæ дзырдтæ бавæрут æмæ зæгъут цавæр
фæрстытæн дæттынц дзуæппытæ, уый.
 Æмдзæвгæ «Мигъы лæппын» зæрдывæрдæй сахуыр кæнын. Фæрстытæн дзуæппытæ
раттын.
- Зæрдылдаринаг æрмæг бахъуыды кæнын.
- Уый адыл «Абетæ»-йы чиныгимæ нæ куыст фæци. Ацы урок нын уыд кæронбæттæн урок.
Абон нæ куыстæн хъуамæ хатдзæгтæ скæнæм.
6. Хатдзæгтæ:
- Зæгъут-ма, исты зонд уын бацамыдта «Абетæ»-йы чиныг?
- Ранымайут-ма, цытæ базыдтат «Абетæ»-йы фæрцы? (хæдзарон фос æмæ хъæддаг
цæрæгойты нæмттæ; уæлæдарæс æмæ къахыдарæс; ирон дамгъуат, кæсын, фыссын; ирон
поэтты æмдзæвгæтæ зæрдывæрдæй дзурын; схемæтимæ кусын, дзырдтæй хъуыдыйæдтæ
аразын, хъуыдыйæдтæй – дзырдтæ; хи дарыны æгъдæуттæ; Ирыстоны горæттæ æмæ
хъæуты нæмттæй бирæтæ; ирон грамматикæйы æгъдæуттæ æмæ а. д.)
- Нæ абоны куыстæн аргъ цæмæй скæнæм, уый тыххæй цы бакæнын хъæуы? (Зæрдыл
æрлæууын кæнын хъæуы нæ урочы сæйраг нысан).
- Æмæ цы уыд нæ сæйраг нысан? (Фæрстытæ цы ми кæны? æмæ цы кæны? цы предметтæм
дæттæм, уыдоны хицæндзинæдтæ базонын).
- Уæдæ-ма мæнæ ацы дзырдты 'хсæн ссарут фæрстытæ цы ми кæны? æмæ цы кæны?-йæн
дзуапп чи дæтты, ахæмтæ. (Ахуыргæнæг сывæллæттæн уары карточкæтæ дзырдтимæ - алы
рæнхъæн дæр хицæнæй. Зæгъæм: бæрзонд, рæсугъд, цæуы, лæппу, къуыбыр, хæры, тæхы,
уалдзæг – 1-аг рæнхъæн; куыст, адæм, хъарм, хус, бады, зары ныллæг, худы – 2-аг рæнхъæн;
кæуы, уасæг, гыццыл, цæры, стъол, лæууы, къаба, кусы, хорз – 3-аг рæнхъæн).
7. Рефлекси:
Абон мах цæуыл дзырдтам? (ног темæйыл)
Абон мах цы базыдтам? (фæрстытæ цы ми кæны? æмæ цы кæны?-йæн дзуапп чи дæтты,
ахæм дзырдтæ).
Абон мах цæм фыстам? (тетрæдты, дзырдуæтты æмæ а. д.).
Абон мах кæмæ хъуыстам? (ахуыргæнæгмæ, нæ кæрæдзимæ).
138

Абон мах дзуапп лæвæрдтам кæй фæрстытæн? (ахуыргæнæджы фæрстытæн).
- Зæгъут-ма, сабитæ, «АБЕТÆ»-йы чиныг зондамонæг рахонæн ис?

139


Наверх
На сайте используются файлы cookie. Продолжая использование сайта, вы соглашаетесь на обработку своих персональных данных. Подробности об обработке ваших данных — в политике конфиденциальности.

Функционал «Мастер заполнения» недоступен с мобильных устройств.
Пожалуйста, воспользуйтесь персональным компьютером для редактирования информации в «Мастере заполнения».