Рабочая программа учебного предмета осетинский язык - 3 класс -

Ирон авзаг
Æмбарынгæнæн фыстæг
Æртыккаг къласæн «Ирон æвзаджы чиныг» аразгæйæ, нæ размæ сæвæрдтам æрмæст
æвзаджы æрмæг бацамоныны хæс нæ, фæлæ скъоладзауты ныхасы хъæд, се
сфæлдыстадон хъуыдыкæнынад, сæ дзырдуатон сконд хъæздыг кæныны хæс дæр.
Уымæ гæсгæ ахуыргæнæн чиныджы æрмæг арæзт у афтæ, цæмæй скъоладзаутæн
феххуыс уа сæ дзургæ ныхас дæр æмæ сæ фысгæ ныхас дæр рæзын кæнынæн.
Æртыккаг къласы ахуырадон æрмæг фæвазыг-джындæр вæййы, дыккаг къласимæ
абаргæйæ. Уыцы зындзинæдтæ хынцгæйæ, скъоладзаутæн цы æрмæг амынд цæуы, уый
хъуамæ æмбæрстгонд цæуа бæстонæй æмæ дзуапп дæтта ахæм фæрстытæн – Цæмæн
хъæуы ацы æрмæг? Цæй тыххæй йæ ахуыр кæнæм?
Цæмæй ацы фæрстытæн дзуапп раттын къухы æнцонæй бафта, уый тыххæй
грамматикон æрмæг хъуамæ амынд цæуа лексикон æрмæгимæ æнгом бастæй.
Чиныджы æрмæг лæвæрд цæуы тематикон прин-ципмæ гæсгæ. Ныхасы темæ æмæ
æвзаджы æрмæджы темæ кæрæдзиуыл сты æнгом баст, ома скъоладзаутæн грам-матикон
æрмæг амынд цæуы бæлвырд ныхасы темæимæ сæ зонгæ кæнгæйæ, зæгъæм: «Миногон»
амынд цæуы цæрæгойты цардимæ баст цаутæ, радзырдтæ, æмбисæндтæ, уыци-уыциты
бындурыл.
Фæлтæрæнты хæслæвæрдты фæрцы скъоладзаутæн æрмæг цæттæйæ лæвæрд нæ цæуы –
фæрстытæ афтæ лæвæрд сты, æмæ скъоладзаутæ сæхæдæг хъуыды кæндзысты æмæ
арæхсдзысты хатдзæгтæ кæнынмæ, ома базондзысты термин кæнæ раиртæст; хæслæвæрдтæ
сты афтæ арæзт, цæмæй скъоладзаутæ алы уавæрты дæр арæхсой дзурынмæ.
Чиныджы цы тексттæ лæвæрд цæуы, уыдон скъола-дзауты зонгæ кæнынц сæ
алыварс царды æцæгдзинадимæ.
Сывæллæттæ базонгæ уыдзысты афæдзы афонтимæ, сæ алыхуызон миниуджытимæ, сæ
хицæндзинæдтимæ; скъолайы цардимæ; базондзысты, куыстæн, фæллойæн царды цы стыр
ахадындзинад ис, уый; базондзысты, адæймаджы хорз миниуджытæ йе ’гъдауимæ баст
кæй сты, уый; базонгæ уыдзысты хъæуккаг æмæ горæтаг цардимæ, сæ хицæндзинæдтимæ,
нæ республикæ æмæ нæ бæстæйы зынгæ бынæттимæ, цыртдзæвæнтимæ; сæвзæрдзæн сæм
уарзондзинад сæ Райгуырæн бæстæмæ; сахуыр уыдзысты хистæртæн кад æмæ æххуыс
кæнын, æмбалæн аргъ кæныныл; базондзысты бирæ æмбисæндтæ æмæ уыци-уыцитæ.
Ныхасы рæзтыл куыстæн цы уацмыстæ лæвæрд цæуы, уыдонмæ лæвæрд хæстæ
æххæстгæнгæйæ, скъоладзаутæ базонгæ уыдзысты диалогон æмæ монологон ныхасимæ.
Уыдонæн сæ ахадындзинад стыр у, уымæн æмæ кæрæдзиимæ ныхасгæнгæйæ, кæнæ хи
хъуыдытæ дзургæйæ, скъоладзаутæ тагъддæр фæцалх вæййынц дзурыныл, баст ныхасы
архайыныл.
Æрмæг амынд цæуы бæстон, лæмбынæг, фæлæ къæпхæнгай, урочы алы этап дæр
хицæнæй æвзаргæйæ.
Ирон æвзаджы урочы размæ цы нысантæ æвæрд цæуы, уыдон хынцгæйæ
ахуыргæнæн чиныджы æрмæг дзуапп дæтты ахæм хæстæн: «Куыд арæзт у не ’взаг? «Растфыссынад», «Ныхасы рæзтыл куыст».
Скъоладзаутæ
базонгæ
уыдзысты
хъæлæсонтæ
æмæ
æмхъæлæсонты
хицæндзинæдтимæ; дзырдты арæзт æмæ сæ хæйттимæ; арфдæр æмæ уæрæхдæрæй
базондзысты ны-хасы хæйттæ æмæ сæ грамматикон æууæлтæ; хъуыдыйады арæзт;
базондзысты растфыссынады æгъдæуттæ, сæ бахъуыды кæныны мадзæлттæ.
Чиныг арæзт у афтæ, æмæ уыцы иу урочы скъоладзаутæ, бæлвырд кæцыдæр
грамматикон темæ ахуыргæнгæйæ, сæ зæрдыл лæууын кæнынц æндæр æрмæг дæр, ома хъус
дард цæуы фонетикон, лексикон, дзырдарæзтон, морфологион, синтаксисон фæзындтæм:

дзырдтæн скæнын мырон-дамгъон анализ; сбæрæг кæнын дæргъвæтин æмхъæлæсонты
растфыссынад; сбæрæг кæнын хъуыдыйæдтæ сæ загъды нысанмæ гæсгæ, сæ арæзтмæ гæсгæ;
фæбæрæг кæнын дзырды хæйттæ; дзырдтæн ссарын сæ хъуыдымæ гæсгæ хæстæг кæнæ
ныхмæвæрд дзырдтæ.
Æртыккаг къласы ахуыргæнæн чиныджы æппæт уроктæ дæр райдайынц ныхасы рæзтыл
бакусынæн лæвæрд фæлтæрæнæй. Дарддæр, уыцы фæлтæрæны æрмæгыл æнцойгæнгæйæ,
лæвæрд цæуы грамматикон æрмæг.
Методикон амындтытæ лæвæрд цæуынц алы урокмæ дæр. Амынд дзы цæуы, алы
фæлтæрæны дæр хъус цæмæ æрдарын хъæуы, уый.
Скъоладзауты цæттæдзинад хынцгæйæ, фæлтæ-рæнтæм лæвæрд хæслæвæрдтæ ис
баивæн (кæнæ бынтон фæуадзæн).
Кæцыдæр фæлтæрæнтæм лæвæрд цæуы уæлæмхасæн хæслæвæрдтæ æмæ фæрстытæ.
Уыдонимæ куыст цæуы ахуыргæнæджы цæстæнгасмæ гæсгæ (хыгъд цæуы урочы рæстæг,
скъоладзауты цæттæдзинад).
Алы урокмæ дæр лæвæрд цæуы дзырдуатон æрмæг, дзырдты нысаниуджытæ
æмбæрстгонд цæ-уынц, ахуыргæнæн чиныджы фæстаг фæрстыл цы «Æм-барынгæнæн
дзырдуат» ис, уым.
Ацы методикон амындтытæ лæвæрд цæуынц 3-аг къласы ахуыргæнæн чиныджы
æрмæг æнцонæй æмæ методикон æгъдауæй раст бацамоныны тыххæй.
Алы ахуыргæнæгæн дæр йæ бон у йæхи хъуыдымæ æмæ фæндонмæ гæсгæ уроктæм
ивддзинæдтæ бахæссын.


Наверх
На сайте используются файлы cookie. Продолжая использование сайта, вы соглашаетесь на обработку своих персональных данных. Подробности об обработке ваших данных — в политике конфиденциальности.

Функционал «Мастер заполнения» недоступен с мобильных устройств.
Пожалуйста, воспользуйтесь персональным компьютером для редактирования информации в «Мастере заполнения».